Фæстаг азты РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты куысты ныббиноныг пресс-туртæ уадзын. Республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ ацæуынц хицæн районтæм æмæ базонгæ вæййынц, бынæттон цæрджыты царды хорзæрдæм цы ивындзинæдтæ цæуынц, уыдонимæ. Ахæм ивындзинæдтæ та, æнæдызæрдыгæй, цæуынц алы районты дæр.

Ацы аз бынæттон журналисттæ сæ пресс-туртæ райдыдтой Дзауы районæй. Райдианы уал уыдон бацыдысты æмæ федтой, райцентрæй Уыцыфарсмæ Леуахийы доны сæрты хиды арæзтад. Уыцыфарс æдæппæт ис 9 хъæуы. Сæ цæрджытæн цæмæй районмæ æнцондæр цæуæн уа Леуахийы сæрты, уый тыххæй районы администраци аскъуыддзаг кодта уырдæм хид саразын. Уый арæзт куы æрцæуа, уæд куыд райцентры, афтæ ацы хъæуты цæрджыты дæр, кæрæдзимæ цæугæйæ дардыл æрзилыны сæр нал хъæудзæн. Хидæн йæ дæргъ уыдзæнис 38 метры, йæ уæрх та 6 метры. Моготы бынæттæ бынмæ къахт æрцыдысты 8 метры бæрц. Уый фæстæ дзы æрæвнæлдтой бетонгæнæн куыстытæм. Хид арæзт цæуы æппæт арæзтадон нормæтæм гæсгæ. Хиды арæзтады фæудмæ зæрдиагæй кæй æнхъæлмæ кæсынц цæрджытæ, уый æнæхъуаджы нæу, уымæн æмæ ууылты центрмæ æрбахизгæйæ фæндаг цыбырдæр кæны 3 километры бæрц. Сæ фæндаг фæцыбырдæр кæныны тыххæй иу раздæр советон ду-джы дæр цæрджытæ сæхæдæг ам сарæзтой хид, фæлæ-иу дон куы раивылд, уæд та-иу сын æй аласта æмæ-иу сæ фыдæбон дзæгъæлы фæцис.

– Бирæ куыст дзы ис, æнцон нæу йæ аразын, фæлæ йæ кусджытæ се ‘ппæт дæр бынæттон цæрджытæ кæй сты, уымæ гæсгæ йæ аразынц тынг зæрдæйæ, æмбарынц сæхицæн æй кæй аразынц, стæй дæр ын ис стратегион нысаниуæг. Ныр уал куыстытæ рæстæгмæ æрурæдтам, уæхæдæг æвдисæн стут æрдзы хивæнд митæн. Æдзух тæрккъæвдатæ кæй уарынц, уымæ гæсгæ нын нæ хъæутæм фæндæгтæ фехæлдта æмæ нæ техникæ архайынц фæндæгтæ ба-дзæбæхæ кæныныл. Æмæ куыддæр уыцы куыстытæй фервæзæм, афтæ та æрæвналдзыстæм хид аразынмæ. Уый арæзт æрцæудзæн рæстæгыл, кæд нæ боныгъæдтæ бауадзой, уæд.  Кусджытæ сæ бакæнгæ куыстæн мызд исынц рæстæгыл, уый сын сæ уæнгты уадзы ныфс æмæ фæкусынц улæфт бонты дæр. Æнæуый дæр тындзæм йæ арæзтадыл, уымæн æмæ, ныртæккæ цы хиды сæрты хизынц цæрджытæ, уый рагон у, ис аварион уавæры æмæ йыл афтæмæй та уæз бирæ цæуы. Уыцы хиды сæрты хизынц канд 9 хъæуы цæрджытæ нæ, фæлæ ма уым цы æфсæддон заставæ æрбынат кодтой, уый æфсæддон службæгæнджытæ дæр, – загъта районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимир.

Уый фæстæ журналисттæ ацыдысты, Дзауы суары алыварс территорийыл цы хæрзарæзтадон куыстытæ æххæст цæуынц, уыдон сæхи цæстæй фенынмæ. Ацы суарæн йæ хосгæнæн миниуджытæм гæсгæ стыр нысаниуæг кæй уыдис советон дуджы дæр, уый хорз хъуыды кæнынц хистæр фæлтæр. Ацы дон ахъаз кæй у ахсæны туагад ныллæг кæмæн уыд, уыдонæн, уымæ гæсгæ-иу ардæм хос кæнынмæ цыдысты Уæрæсейæ алы рæттæй дæр. Уыцыиу рæстæджы улæфыдысы, ам цы курорт уыдис, уым. Куыд зонæм, афтæмæй ам уыд ацы минералон дон уадзæн завод дæр æмæ уый уагъта æрдæг литруат æвгты суары дон. Зæрдиагæй йæ æлхæдтой цæрджытæ. Фæлæ советон дуджы фехæлдæй хъусдард нал уыдис ацы заводмæ дæр. Бынтондæр та ныппырх 1992 азы зæххæнкъуысты. Уæдæй фæстæмæ бынтон раууатмæ æрцыд, зæгъæн ис, цы бынаты уыдис – уый кæй ссис брондон. Ныр ам бынтон æндæр ныв фендзысты адæймаджы цæстытæ. Бакæс æм æмæ дæ уырнгæ дæр нæ кæны, ацы брондонæй чысыл рæстæгмæ арæзт кæй æрцыдис чысыл улæфæн парк, уый. Ам суар зæххы бынæй цæуы дыууæ ранæй æмæ сын арæзт æрцыдис сæрмагонд агъуыстытæ. Суары территорийы алыварс æмбонд æрцыд. Ардæм дон нуазынмæ чи цæуа, уый дзы цæмæй йæ улæфт суадза, уый тыххæй дзы арæзт цæуы æппæт фадæттæ дæр. Куыд ма загътам, афтæмæй ам арæзт æрцыд чысыл улæфæн парк. Чысыл фалдæр дзы арæзт цæуы мини пляж. Ам Леуахийы цæугæдоны фарсмæ къахт æрцыд хуыдым æмæ дзы фадат ис хи ныннайынæн, арæзт дзы цæуынц агъуысты бын стъолтæ æд бандæттæ. Иудзырдæй, дæхи ныннайыны фæстæ ам стъолты фарсмæ дæ бон уыдзæн культурон æгъдауæй ацаходынæн, дæ рæстæг арвитынæн. Ам æвæрд уыдзæнис бронкалæн асыччытæ дæр, ахæм хъуыдыимæ, цæ-мæй ам улæфджытæ хæрзæфснайдæй ныууадзой. Сæ фæнд ма у, цæмæй дзы бакæной электроцырæгътæ æмæ территори рухс уа æхсæвыгон дæр.

Ардæм чи цæуа, уыдонæн хæрзвадат уавæртæ аразгæйæ, бацархайдтой, цæмæй сосæ фæндагæй суармæ уа æнцон ныххизæн. Уый тыххæй йæм арæзт æрцыдысты рæсугъд, аив арæзт асинтæ. Иудзырдæй, ныр цæст рæвдауы ацы бынат, зæрдæ та исы æхцондзинад.

Нæ ферох сты администрацийы сæргълæууæгæй ахуыргæнинæгтæ æмæ бæлцæттæ дæр. Скъоладзаутæ скъоламæ цæугæйæ транспортмæ æнхъæлмæ кæсын кæй фæхъæуы, уымæ гæсгæ иу къæвда, зымæгон уазал бонты дæр лæууыдысты фæндаггæрон, гом бынаты. Уый бахынцыдта Чилæхсайы фырт æмæ ам арæзт æрцыдис æнхъæлмæкæсæн чысыл агъуыст. Уым арæзт ис æппæт уавæртæ дæр, æвæрд дзы æрцыдис нуазыны дон, агъуысты фæстæ та капиталон арæзт æрцыдысты къахбынæттæ. Ныр бæлццæттæн фадат ис хæрзвадат уавæрты транспортмæ банхъæлмæ кæсынæн.

Администрацийы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй ма райцентры арæзт æрцæудзæнис фитнесцентр æмæ театралон зал дæр. Уый та стыр ахъаз уыдзæнис фæсивæдæн сæ сæ-рибар рæстæг æмбæлон æгъдауæй арвитыны хъуыддаджы.

Фæсивæд нæ республикæйы сомбон кæй сты, уый хорз æмбары Чилæхсаты Владимир æмæ, цæмæй, уыдонæн æппæт уавæртæ дæр арæзт цæуа сæ сæрибар рæстæг хъæлдзæг æмæ сæрибарæй æрвитынæн, уый тыххæй, æгæрыстæмæй, æрдзы хъæбысы дæр Чъимасы хъæуы бын цы цæугæдон ис, уый былтыл аразы улæфæн бынæттæ. Ардæм уæлдай фылдæр адæм цæуынц сæрдыгон бонты сæ рæстæг æрвитынмæ. Уый хынцгæйæ, ам хицæн рæтты арæзт æрцыдысты 4 хуыдымы хи найынæн. Сырæздзæн дзы баскетболон фæзуат. Æвæрд дзы æрцæудзысты стъолтæ, бандæттæ, бронкалæн асыччытæ.

– Нæ æрдз иннæ районтæм абаргæйæ уæлдай рæсугъд у, æмæ йын мах хъуамæ пайда кæнæм йæ рæсугъддзинадæй, нæ бон куыд цæуа, афтæ дзы хъуамæ аразæм фылдæр улæфæн бынæттæ, уымæн æмæ экологион æгъдауæй Дзауы комы уæлдæф у сыгъдæг æмæ æвдадзы хос у адæймагæн. Уымæ гæсгæ нæ архайддæр уыцы нысанæн у, алкæмæн æндæр рæттæм ацæуыны фа-дат нæй, æмæ уадз, ам нæхимæ улæфой, сæ сæрибар рæстæг æрвитой хорз уавæрты, – зæгъы администрацийы сæргълæууæг.

Стыр хæрзиуæгон хъуыддаг сæмбæлд Уæллаг Фæзыхъæуы цæрджытыл дæр, уыдон нуазыны дон хастой цалдæр километр æддæдæрæй. Ныр сæ бæллиц сæххæст Чилæхсаты Владимиры хъæппæрисджын архайды руаджы. Ардæм уагъд æрцыд нуазыны дон. Уый тыххæй дзы цæрджытæ фесты æгæрон бузныг æмæ йын фæкодтой цæст-уарзон арфæтæ æнæхъусдард кæй нæ баззайынц, уый тых-хæй.

Чилæхсаты Владимир ма хорз æмбары, нæ республикæйы астæумагъз йæ хъæутæ кæй сты, уый. Уымæ гæсгæ районы хъæутæ сты æдзухон хъусдарды бын. Уый æдзух нæ бады йæ хъарм бандоныл, фæлæ азилы хъæутыл, бæрæг кæны кæм цы цух сты адæм, цæмæй сын гæ-нæн ис сæ къух фæрог кæнæн. Æмæ, кæд, алцы уайтагъд йæ къухты нæ бафты саразын, уæд-дæр сын ныфс бавæры æмæ йæ фæстæдæр сæххæст кæны. Бирæтау йæ ныхæстæ уæлдæ-фы нæ баззайынц, фæлæ сæ равдисы хъуыддагæй.

Бирæ хъæутæм арæзт æр-цыдысты фæндæгтæ, уадзынц сæм нуазыны дон. Ныр дæр ын æнцой нæ лæвæрдта Къусджыты хъæуы ма цы бæрцыл цæр-джытæ ис, уыдонмæ фæндаг æдзæллаг уавæры кæй ис. Ныртæккæ ам фæндаг аразыныл кусджытæ кусынц. Фæндаг ныфс бауагъта канд бынæттон цæрджыты нæ, фæлæ ма дзы чи фæлыгъдысты, уыдоны дæр. Зынаргъ у райгуырæн уæзæг, уымæ гæсгæ ардæм сæрдыгон бонты сæ улæфт суадзынмæ æрцæуынц, æндæр рæттæм дзы чи фæлыгъдысты цæрынмæ, уыдон дæр. Уымæ гæсгæ фæндаг арæзт кæй цæуы хъæумæ, уый сын уыд тынг æхсызгон.

Амондджын у ахæм адæймаг, йæ адæмы хæрзиуæгæн чи архайы æмæ уыцы хъуыддагæй та йæхæдæг дæр æхцондзинад чи исы. Ахæм у Чилæхсайы фырты архайд, æмæ йæ йæ адæмы хорзæх уæд. Уый та у иууыл стыр хорзæх.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.