Цхинвалы районы Дменисы хъæу нæ республикæйы егъаудæр хъæутæй сæ иу у – цæры дзы 700 адæймагæй фылдæр. Цы коронавирус нæм апарахат, уымæй рынчынтæ ам нырма нæй. Уый æхсызгон хабар у. Ацы низы ныхмæ цахæм мадзæлттæ исынц, уый тыххæй нын радзырдта хъæуы администрацийы сæргълæууæг Къусраты Анатоли.

– Раст зæгъгæйæ, низ ахæм æгъатыр разындзæнис, уый райдианæй бирæты нæ уырныдта æмæ алыгъуызон информацитæм кастысты уæлæнгай æмæ æнæмæты цæстæй, зæгъгæ, хæцгæнизтæ æрвылаз дæр вæййы æмæ куыд фæзынынц, афтæ сæфгæ дæр фæкæнынц. Фæлæ уыдон дæр бамбæрстой низæн йæ тæссагдзинад æмæ сæхи хъахъхъæнын райдыдтой хуыздæр.  Администраци йæ кусджытимæ ауагъта æмбырд, цы бакæнын хъæуы, уый фæдыл. Хъæуы астæуккаг скъолайы, стæй сывæллæтты рæвдауæндоны кусджытæй дæр æрдомдтам, цæмæй æххæст цæуой, коронавирусы ныхмæ тохы специалисттæ цы амонынц æмæ домынц, уыдон. Уыдысты нæм районы администрацийы минæвæрттæ дæр æмæ нын  ныфс бавæрдтой, зæгъгæ, кæд истæуыл фæтыхсæм, уæд нын кæй баххуыс кæндзысты, уымæй. Уыимæ ма нæ уыдон дæр бафæдзæхстой, цæмæй æххæст кæнæм æппæт домæнтæ дæр. Ныр хъæууынгты адæм цæуынц маскæты, пайда кæнынц дезинфекцигæнæн æрмæджытæй. Сæхи фæурæдтой кæрæдзимæ цæуынæй, æнæхъуаджы фембæлдтытæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.