23-æм августы уагъд æрцыдис ахуыргæнджыты æрвылазон республикон конференци, кæцы сорганизаци кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрад. Конференцийы сæйраджыдæр дзырд цыдис нæ республикæйы ног ахуыры азы ахуырады системæйы сæйрагдæр фæдыздæтытыл, ахуырады æмвæзад фæбæрзонддæр кæныныл.

Конференцимæ æрбацыдысты нæ республикæйы ахуырады къабазы кусджытæ, РХИ-йы Хицауады бæрнон кусджытæ, Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады кус-джытæ, республикæйы скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæн уагдæтты директортæ æмæ æндæртæ. Республикон конференцийы куысты хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан.

Конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса. Уый æппæтæн дæр арфæ ракодта ног ахуыры азы æрбалæуды тыххæй æмæ банысан кодта пандемийы уæззау уавæр ахуырадыл дæр кæй æндавы, нæ республикæйы коронавирусы аххосагæн бирæтæ сæ цардæй кæй ахицæн сты æмæ уый фæстæ бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссарой æппæт уыцы адæймæгты рухс нæмттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали йæ раныхасы банысан кодта министрады раз ног ахуыры аз цы фарстытæ лæууы уыдон æмæ хатдзæгтæ сарæзта ивгъуыд ахуыры азæн. Гасситы чызг развæлгъау раарфæ кодта ахуырады къабазы æппæт кусджытæн æмæ ахуырдзау фæсивæдæн зонындзинæдты  боны цытæн, кæцы нысан кæндзысты рæхджы. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ахуырады фадыг у нæ царды ахсджиагдæр къабæзтæй сæ иу æмæ нæ сæйрагдæр хæстæ та сты, цæмæй ахуыры процесс цæуа дуджы домæнтæм гæсгæ. «Ивгъуыд ахуыры аз нын коронавирусы пандеми нæ разы цы ныхдуртæ сæвæрдта, уый уыдис ахуыргæнæг æмæ ахуыргæнинæгтæ скъолайы кæй нал æмбæлдысты æмæ дистанцион ахуырмæ кæй рахызтысты, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, дистанцион ахуырад уыдис иунæг фæрæз нæ ахуыры хъуыддаджы. Нæ ахуыргæнджытæн сæ фылдæр бафæрæзтой дистанцион ахуырæн, кæцы æнцонвадат нæ уыд. Æндæр æмæ æндæр сæвзæргæ аххосæгтæм гæсгæ ахуыргæнинæгтæн сæ фылдæр дистанцион ахуыры процессы активонæй нæ райстой хайад æмæ уый та фæзындис сæ ахуыры фæстиуджытыл», – загъта Гасситы Натали. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй ног ахуыры аз дæр æвыдæй нæ зайы эпидемийæ æмæ хъæуы кæрæдзиæмбарынад, цæмæй ахуыры программæ æмæ плæнттæ æххæстæй реализацигонд цæуой.

Куыд рабæрæг, афтæмæй ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæн дæр дистанцион ахуыр хуымæтæджы нæ уыд æмæ сты ахæм ахуыры ныхмæ. «Дистанцион ахуыр сбæрæг кодта къорд зындзинæдтæ, куыд ахуыргæнинæгтæн, афтæ ахуыргæнджытæн дæр. Фыццаг уал уый æмæ нæ республикæйы бирæ скъолаты кæй нæ уыд интернет æмæ компьютертæ, планшеттæ, афтæ ма сæ хæдзæртты дæр уыцы уавæртæ кæй нæ уыд алкæмæн. Онлайн-ахуырты методикæйыл кæй никуы архайдтам, уый бандæвта куыстыл. Ахæм проблемæ кæй уыдис, уый аххосагæн бирæ ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæн сæ бон нæ уыдис онлайн бастдзинадмæ рахизын. Зæгъæм, бирæ ахуыргæнджытæ ахуыргæнæн æрмæджытæ æвæрдтой социа-лон хызæгты æмæ ууыл ахуыргæнинæгтæ æмæ сæ ныййарджытæ нæ уыдысты разы. Мах хъуамæ бацархайæм ууыл, цæмæй цæттæ уæм карантины уавæртæм æмæ зын уавæртæй рахизын фæразæм æмæ зонæм. Ахуырады къабазы алы кусæгæн дæр йæ сæйраг хæс у, цæмæй архайа ахуырады гъæд фæбæрзонддæр кæныныл. Ахсджиаг у, цæмæй ахуырхъомылады процесс цæуа нысанмæздæхтæй», – загъта министр. Уый ма йæ раныхасы банысан кодта, нырма дæр карзæй кæй лæууы æвзонг педагогты ахуырады къабазмæ æрбахоныны фарст. Министры хъуыдымæ гæсгæ ацы фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй профориентацион куыст цæуа скъолаты хистæркъласонтимæ, цæмæй сын агитаци кæнæм æмæ æвзарой педагогон дæсныйæдтæ. «Хъыгагæн, ацы фарстмæ æмбæлон хъусдард здæхт нæ цæуы æмæ йыл фаг нæ кусæм. Цæмæй нæм æвзонг кадртæ цæуой, уый тыххæй хъæуы схæцын педагогы социалон статусыл. Ацы нысан къухы бафтын кæнынæн ахъаз кæнынц ахуырады министрады профессионалон дæсныйады конкурстæ. Нæй гæнæн æмæ æнæ исты аххосæгтæм гæсгæ педагог хайад ма иса ахæм мадзæлтты. Мæнмæ гæсгæ ахæм ахаст сæ цæстмæ бадарын хъæуы ахуырадон организациты къухдариуæггæнджытæн», – загъта министр.

СÆЙРАГ У РÆЗГÆ ФÆЛТÆРÆН ЗОНЫНДЗИНÆДТÆ РАТТЫН

Гасситы Натали куыд банысан кодта, афтæмæй ахуырадон уагдæтты ифтонггæрзты фарст нырма дæр у ахсджиаг. «Ахуыргæнджыты, уæлдайдæр та æвзæнгты фæнды, цæмæй кусой хорз ифтонггонд кълæсты нымæцон технологитæй пайдагæнгæйæ. Ацы фарсты нын стыр æхсызгондзинад æмæ цины æнкъарæнтæ æвзæрын кæны, Инвестпрограммæйы фæлгæтты чи сырæзт, уыцы 3-æм астæуккаг скъолайы арæзтад. Ам æппæт дæр арæзт æрцыд ахуыргæнинæгтæн. Æрмæст скъолайы раз лæууы ахæм фарст, цæмæй кæддæры хорз скъолайы кад æмæ ном сног кæной æмæ дзы ахуыр цæуа бæрзонд, æмбæлон æмвæзадыл», – банысан кодта уый. Министр куыд фехъусын кодта, афтæмæй Президент Бибылты Анатолийы бахæсмæ гæсгæ 3-æм астæуккаг скъола йæ дуæрттæ хъуамæ байгом кæна ног ахуыры азмæ ацы аз, ома, эксплуатацимæ лæвæрд цæуы æмгъуыдæй раздæр. Ацы аз сывæллæтты улæфæн лагеры арæзтадмæ кæй æрæвнæлдтой, уыцы хæрзиуæгон хъуыддаг дæр министр банымадта стыр æнтыстыл æмæ ахсджиаг хъуыддагыл. Улæфæн лаге-ры арæзтад ахъаз уыдзæн нæ республикæйы рæзгæ фæлтæрæн, уый фæдыл бузныджы ныхæстæ загъдгонд æрцыд Стыр Уæрæсейæн.

Министр ма йæ раныхасы рæстæджы хыгъд радта, ивгъуыд ахуыры азы йæ дæл-баруæвæг министрад цы мадзæлттæ ауагъта, уый тыххæй. Уый фæстæ конференцийы раныхас кодтой горæты æмæ районты ахуырадты хайæдты гæстæ дзырдтой сæ бакæнгæ куыстыты фæдыл кæнæ, куыд цæттæ сты ног ахуыры азмæ. Ахуыргæнджыты æрвылазон конференцийы раныхас кодта Президент Бибылты Анатоли. Уый дæр республикæйы æппæт ахуыргæнджытæн арфæ ракодта ног ахуыры азы æрбалæуды тыххæй æмæ сын бузныджы ныхæстæ загъта сæ куыст æмæ архайды тыххæй рæзгæ фæлтæры ахуырхъомылады хъуыддаджы. Уый ма банысан кодта, кæй хъæуы бæрзонддæр кæнын сывæллæтты ахуырады æмвæзад, загъта ма зæгъгæ, ахуыргæнинæгтæм хъуамæ тырнындзинад уа сæ ахуырмæ æмæ кæддæриддæр аргъ кæной, бирæ азты дæргъы сæ рухс фæндæгтæм чи кæны, сæ уыцы ахуыргæнджытæн. «Ахуыргæнæг у иууыл хуыздæр æмæ хæрзиуæгон дæсны-йæдтæй сæ иу. Ахуыргæнджыты руаджы сы-вæллæттæ базонынцдуне, сахуыр кæнынц хъуыды кæнын æмæ анализ кæнын. Хъæуы ма бакусын ууыл, цæмæй сомбон сывæл-лæттæ æвзарой уыцы професситы, кæцытæ сын хæссой пайда æмæ дзы сæхи дарой. Сæйраг диплом райсын нæу, фæлæ – зонындзинæдтæ», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг. Уый ма йæ раныхасы ахс-джиагыл банымадта мадæлон æвзаджы райрæзты проблемæ аскъуыддзаг кæнын. Президент куыд банысан кодта, афтæмæй ирон æвзаг сахуыр кæныны хъуыддаг æр-мæст ахуыргæнæгыл ма хъуамæ æнцой кæна, фæлæ ма ныййарджыты æххуысæй сывæллæттæ хъуамæ ахуыр кæной сæ мадæлон æвзаг. «Æвзаг фесафын у адæмæн се стырдæр трагеди. Ацы проблемæ иунæгæй ахуыргæнæг нæ аскъуыддзаг кæндзæн, мах, ныййарджытæ йæ фарсмæ куы нæ рбалæууæм, уæд», – загъта Президент Бибылты Анатоли.

Сæрмагондæй ма конференцийы доклад сарæзта нæ республикæйы Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæ. Уый сæйраджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, нæ республикæйы се ‘нæниздзинад-мæ гæсгæ сæ фадæттæ къуындæг кæмæн сты, уыцы сывæллæттæн  хъæуы саразын ахуырады æдзухон системæ. «Цæмæй мах аскъуыддзаг кæнæм ахæм проблемæтæ, уый тыххæй нæ æнæмæнг хъæуынц ахæм æм-бæлон специалисттæ, куыд психиатртæ, неврологтæ, логопедтæ, дефектологтæ æмæ коррекцион психологтæ. Махмæ, куыд ра-бæрæг, афтæмæй не сты уыцы хъæуæг спе-циалисттæ. Уыцы фарстимæ зонгæ сты нæ республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæ-нын æмæ социалон рæзты æмæ Ахуырад æмæ зонады министрадтæ. Ацы пробле-мæтæм хъæуы стыр хъусдард аздахын æмæ сæ аскъуыддзаг кæнын», – банысан кодта Цхуырбаты Татьянæ.

Цхуырбаты Ларисæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.