Фельетон

 

Кæд æмæ цы бон фæзынд Хуссар Ирыстоны интернет бастдзинад, уый мæ бон зæгъын нæу, фæлæ дзы цас фылдæр пайда кæнын, уыйбæрц мæ тынгдæр дисы æфтауы. Фыццаджыдæр, диссаг куыднæ у, ды ам Цхинвалы бадыс, æмæ дард Америчы чидæр демæ ныхас кæны. Кæддæр фыццаг трактортæ куы фæзынд, уæд, дам, æй чидæр бæх фæхуыдта, æмæ йын йæ разы хосы бындзыг авæрдта. Чидæр та йæ зин фæхуыдта, æмæ «Тобæ, тобæ!», – зæгъгæ, хъæр кодта. Афтæ сты Мегафоны хабæрттæ дæр. Нæ мæгуыр адæмæй бирæтæ цы зонынц опцитæ, трафиктæ, гигабайттæ æмæ æндæртæн. Уыдон куы фехъусынц уыдæттæ, уæд тасы бахауынц, цы сты уыдон, дæлимонтæ сты, зæгъгæ.

Раст зæгъгæйæ, мæхæдæг дæр схæццæ вæййын. Цы у уый, куыдз дзы йæ хицауы нал ссардзæн. Æмæ йæ ныхъхъуытты кæнын æз дæр. Мæ зонд ахицæн кæнын, æмæ афтæмæй Мегафоны офисмæ бацæуын. Уыдон дын, сæ тæригъæд мæ нæ хъæуы, лæмбынæг радзурдзысты, цы у гигабайт, трафик ын цы бавæййы, æмæ опци цы архайæг у. Фæлæ мæ уыцы тæккæ æрбайрох вæййынц уæддæр. Мегафоны хицæуттæ та мах не ‘мбарынц, диссаг сæм кæсы, нæ телефонты æхца куы ‘рбатары вæййы, уæд цæуыл мæсты кæнæм. Афтæмæй, куырм æмæ къуырма кæрæдзи куыднæ ‘мбарынц, афтæ стæм мах дæр.

Зæгъæм, фæстаг хатт ма сæм куы бацыдтæн, уæд тынг фæтыхстæн. Æцæг мæм ацы хатт хабæрттæ иу чысыл бахъардтой. Ацы Мегафонæн та, хуымæтæг æвзагыл дзургæйæ, йæ хъуыддаг афтæ у: Хуссар Ирыстоны æндæр бастдзинады фæрæз нæй. Цы бакæнæм, куыд бакæнæм, кæмæ бахъаст кæнæм. Хъаст æмæ хъыллистæй дæр куы ницы уайы. Цæвиттон, интернеты бастдзинады тыххæй бафид иу минмæ хæстæг. Рацæудзæн къуыри, æмæ дæ иу минæн йæ кой дæр нал уыдзæн. Раст цыма йæм Æлдараты рувас фæмидæг вæййы, æмæ йыл уый быныстъæрд сывæры, уыйау. Бацыдтæн бæрæггæнæг Мегафоны офисмæ, æмæ, саг уызынмæ куыд фæкæсы, афтæ мæм кæсынц, æмæ мын зæгъынц: «Цæмæй дæм интернет ногæй фæзына, уый тыххæй та бафид иу уыйбæрц». Æз сæ фæрсын: «Æмæ раздæр мæйваг куы кодта уыцы иу мин?». Уыдоны дзуапп мын уыд: «20 сентябрæй фæстæмæ ахæм фæтк рацыд, æмæ дæ хыгъдыл цы гигабайттæ сæвæрай, уыдон куы бахардз уой, уæд та хъуамæ ногæй бафидай дæ трафикæн». Исты сын бамбæрстат? Æз æй афтæ бамбæрстон, цыма мæм бирæ æхца æнхъæл сты, æмæ мын барджын ныхас кæнынц. Уыдон амындмæ гæсгæ æз мæйы дæргъы хъуамæ иууыл къаддæрæй хардз кæнон æртæ минмæ хæстæг. Æмæ æнæхайыр фæуæд уыцы америчы цæрæг, фæлтау æм фыстæг гæххæттыл ныффысдзынæн. Уым цы ныффыссон, уый мын кæсгæ уæддæр ничи бакæндзæн. Уæд та мæ цы зæгъын фæнды!

Хъазын дæр хорз у, фæлæ уыцы ныхæстæй æз ахæм ныхкъуырд фæдæн, цыма мыл мæгуыры бон æркодта. Рацыдтæн сагъæсгæнгæйæ: цымæ ныр цы кæнон? Рагон фыййæуттæ хохæй хохмæ дæр бæргæ хъæр кодтой, фæлæ-иу уæддæр алцы нæ фехъуыстой. Саби ма куы уыдтæн, уæд-иу мæхæдæг дæр хъæр кодтон рагъæй рагъмæ. Мæ бон, цы рæстæджытæ-иу уыди! Уыцы хъæры тыххæй дæ, мыййаг, исты фидын хъуыди!? Хъæр кæн сыхаг Габемæ, цасдæриддæр дæ фæнды, æмæ дын мур дæр ницы нымайы. Фæлæ ныр та? Иу дзырд акæн, æмæ та дæ дзыппытæ æрцæгъд.

Ноджы ма ис бастдзинады иу рагон амал: фыстæг ныффысс, авджы йæ нывæр, йæ сæр ын сæхгæн, æмæ йæ доны ауадз. Фæлæ нæ Леуахи дæр зыгъуымæрдæм цæуы, гуырдзыйы ‘рдæм, æмæ мæ уыдонмæ ницы фыссинаг ис. Æниу нæ республикæ хæдбар кæй сси, уый нæма фехъуыстой, æмæ сæм уый уæддæр афыссин… Науæд та бæлæттæ дæр дардтой раздæры дуджы, посты бæлæттæ, фæлæ мын уыдон дæр чи ныууадздзæн – æвиппайды мын сæ цуангæнджытæ æрбамардзысты.

Уæдæ ма цы бакæнæм, куыд цæрæм æнæ бастдзинадæй? Цы уын зæгъон, фæразынæй дарддæр дзы ницы амал ис. Ахæм ныхæстæ та фæзæгъынц, хъуыддагæн сраст кæныны амал куынал вæййы, уæд. Цал æмæ цал хатты февæрдтой зæрдæтæ Мегафоны хицæуттæ адæмæн, фæлæ сæ митыл ныффысс, æмæ сыл хуры ныв акæн!

Уæдæ ауæрдут уæ гигабайттыл æмæ сæйраджыдæр та – уæхиуыл. Стæй бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Сæйраг у, нæ зæрдæты бастдзинад, æмæ уый куы бавæрæм, куы йæ бахъахъхъæнæм, уæд иннæ хъуыддæгтæ дæр никæдæм ирвæзынц.

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.