Коммуналон службæтæ куыд цæттæ сты зымæджы уазæлттæм? Цы арæзт цæуы республикæйы фæндæгты нормалон архайды тыххæй? Цас мобилон у аварион-ирвæзынгæнæн техникæ? Ацы фарстытæй райдыдта министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ æрвылкъуырион рауæрæхгонд æмбырд Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментийы сæрдариуæгадæй.

«Боныгъæдтæ домынц æххæст цæттæдзинад æппæт æмбæлон службæтæй, цæмæй ифтонг æрцæуой скъолаты, сывæллæтты цæ-хæрадæтты, хъæутæм æмæ столицæмæ фæндæгты, электроифтонгады, районты фельдшерон-акушерон пунктты архайд æмæ бирæ æндæр фарстытæ», – банысан кодта уый.

Афтæ ма Хицауады Сæрдар цымыдис кодта Ленингор æмæ Дзауы районты электрохæххыты аваритæ аиуварс кæныны фæдыл куыстытæ куыд цæуынц, уымæ.

Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Дзассеты Васили куыд радзырдта, афтæмæй аварион куыстытæ æххæст цæуынц республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон» æмæ Уæлвæткон уавæрты министрады минæвæрттимæ иумæ. Ленингоры здæхты электроадæттæн хаххыл иу ран тел аскъуыд, фæлæ авари куы аиуварс кодтой, уæд рабæрæг, электрохаххыл ма ноджы кæмдæр тел кæй аскъуыд, фæлæ уый нырма не сбæрæг кодтой. Дзауы электроадæттæн хаххыл дзургæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, уый баиу æрцыд энергиадæттæн рæстæгмæ схемæмæ æмæ электроифтонгад æндидзыд æрцыд.

«Мах æппæт дæр аразæм, цæмæй Ленингоры здæхты электроадæттæн хаххыл аваритæ ссарæм, æмæ нын куыддæр бантыса аварион фадгуытæм бацæуын, афтæ иуварс æрцæудзысты. Электроадæттæн хæххытæм фæндæгтæ асыгъдæг кæнынæн, уыдон та сты бæрзонд æфцæг Орбозалайы зонæйы, пайда цæуы сæрмагонд техникæйæ. Аварион фад-гуыты бынæттæм ацыдысты митыцæуæг техникæ», – загъта Дзассеты Васили.

Æмбырды рæстæджы ма дзырд цыд, горæты цæрджыты чи тыхсын кæны, ахæм проб-лемæтыл, кæцы баст у, газнымайæнтæ раст кæй нæ кусынц, уыимæ. Банысангонд комитеты сæрдары информацимæ гæсгæ хæлд кæй сты, уымæн йæ аххосаг прибортæн сæхи мидæг нæй, фæлæ сæ æвæргæйæ техникон фæткойтæ хъахъхъæд кæй нæ цыдысты, уый мидæг. Ныртæккæ ивд цæуынц газнымайæнтæ.

Æмбырды дзырд кæуыл цыдис, уыцы сæйраг фарстытæй иу уыд экономикæйы реалон секторы проекттæ куыд реализаци цæуынц, уый, кæцыйы тыххæй хыгъд радта Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Тъехты Алан.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй планон режимы цæуынц куыстытæ дзидзакуыстгæнæн куыстуат «Растдон»-ы арæзтады. «Ирыстоны дыргъдæттæ»-йы проект реализаци кæныны ис бæрæг фæстæзаддзинад, фæлæ аразджытæ куыд ныфс æвæрынц, афтæ-мæй сæ куыстытæ фæрæвдздæр кæндзысты.

Тъехты Алан куыд фехъусын кодта, афтæмæй Мæскуыйы, Инвестицион агентады, кæцы æххуыс кæны РХИ-йы экономикæйы реалон секторы инвестицион проекттæ æххæст кæнынæн, уыдис директорты советы æмбырд, кæцыйы скъуыддзаг цыд Ленины уынджы базарадон-хиирхæфсæн центры арæзтад фæуынæн фæрæзтæ рахицæн кæныны тыххæй фарст. Къуырийы фæстæ та скъуыддзаг æрцæудзæн зæхкусæгон-фермерон хæдзарад «Фарн» (маргъдарды фермæ) æмæ Знауыры районы хъæрмуатон хæдзарадтæ организаци кæныны фæдыл проекттæ финанскæнынады фарст. Хъуылымбегты Доменти йе ‘нæразыдзинад равдыста, уартæ ма ноябры бангтæ ныфс кæй бавæрдтой ацы фарстытæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй, æмæ бахæс кодта йæ хæдивæгæн, цæмæй активондæрæй баныхæстæ уадзой хъуыддагон партнертимæ, æмæ сæ къухты æфта фарст рæстæгыл скъуыддзаг кæнын.

Уымæй дарддæр ма æруынаффæ кодтой инвестпроекттыл Уæрæсейы регионтæ æмæ æндæр бæстæтимæ æмгуысткæнынады фæлгæтты. Фидæн азы марты мæйы кусын райдайдзæн ног хахх Бæгъиаты суары заводы минералон дон уадзыны фæдыл (арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Владмирский стандарт») æмæ ма уыцы рæстæджы китайаг компани «Усю-Имплекс Лимитед» райдайдзæн уадзын фæсарæйнаг маркæты маши-нæтæн ивæн хæйттæ завод «Эмальпровод»-ы базæйыл.

Уымæй дарддæр ма Хицауады экономикон блокæн хæсгонд уыд, цæмæй сараза цыбыр «паспорттæ» экономикæйы реалон секторы реализацицæуæг инвестпроекттæн, цæмæй уæрæх æхсæнадæн цæстуынгæйæ æвдыст цæуой, кæй ратдзысты, уыцы экономикон æмæ социалон хорздзинæдтæ.

«Республикæйы æмбæстæгтæ хъуамæ зоной бæлвырдæй, хуыздæрыл кæцы проект  нымад æрцыд æмæ цæмæн, афтæ ма адæмы цардыгъæд фæбæрзонддæр кæныны планы цы ратдзæн, уыдæттæ», – банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

Æмбырды рæстæджы ма уынаффæ цыд республикæйы столицæйы территорийыл æнæзакъонæй арæзтæдтыл. Паддзахадон исады æмæ зæххы фæдыл ахастыты комитеты сæргълæууæг Пæррæстаты Сергей куыд банысан кодта, афтæмæй ацы проблемæ скъуыддзаг кæнын хъæуы фыццаджыдæр, арæзтадæн бар раттыны фарстмæ иу ахаст сифтонг кæнгæйæ, ома, барадон базæ саразгæйæ.

Æрæмбырдуæвджытæ ма  æркастысты паддзахадон унитарон куыстуæтты дарддæры архайды фарстмæ. Хицауады сæргълæууæг бацамыдта, ахæм куыстуæттæ кæй къухдариуæгады бын сты, æмæ сæ архайд æруромын кæмæн хъæуы, уыцы структурæты къухдариуæггæнджытæн, цæмæй фæтагъддæр кæной ликвидацион мадзæлттæ, республикæйы закъондæттынадон органы Хицауады официалон минæварæн та – цæмæй активондæрæй бакуса Парламенты æмбæлон комитетимæ паддзахадон исады приватизацийы тыххæй закъоны проектмæ æркæсыныл.

Хицауады Сæрдары ныхæстæм гæсгæ æнæ æмбæлон закъондæдтынадон базæ райсгæйæ нæй скъуыддзаггæнæн паддзахадон унитарон куыстуæтты дарддæры æнтысгæ архайды фарст, афтæ ма паддзахадон зæххытæ æмæ исадæй пайда кæныны къабазы арендон ахастытæ æрнывыл кæныны фарст.

Хъуылымбегты Доменти сæрмагондæй банысан кодта, зæгъгæ, хъæууон хæдзарады нысаниуæджы зæххытæй эффективонæй пайда кæныны фæдыл хæс хъуамæ уа приоритетон республикæйы районты къухдариуæггæнджытæн.

«Районон æмæ хъæууон администрациты сæргълæуджыты куысты гъæдæн мах аргъ кæндзыстæм бирæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæлæ сæйраг уыдзæн пайдайы зæххытæй куыд пайда кæнынц, уый», – банысан кодта уый.

Кæронбæттæны Хицауады Сæрдар районон администрациты сæргълæуджытæн бахæс кодта, цæмæй сæрмагонд хъусдард здахой æххуысхъуаг иунæг æмбæстæгтæм, æмæ сын баххуыс кæной, зымæгон рæстæджы сæ æртагæй сифтонг кæной.

РХИ-йы Хицауады официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.