10-æм декабры уагъд æрцыдис 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл штабы радон рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид. Рабадты хайад истой профилон министрадтæ æмæ ведомствоты разамонджытæ, подрядон организациты къухдариуæггæнджытæ.

Рабадты дзырд цыд, Инвестпрограммæмæ хаст объектты куыстытæ куыд æххæст цæуынц, цы проблемæтæ лæууы æмæ ивгъуыд рабадты цы хæстæ лæвæрд æрцыдысты, уыдон куыд аиуварс æрцыдысты, уыдæттыл.

Рабадты райдианы Президент банысан кодта, зæгъгæ, Инвестпрограммæ реализаци кæныны хъуыддаджы ацы аз нæ республикæйæн уыд æнтысгæ.

Бюджетон къабазы кусджытæн куыстмыздтæ фæфылдæр кæныныл дзургæйæ, уый банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы разамынад агуры æппæт фадæттæ дæр, цæмæй адæмы æнцой лæууа æмæ сын сæ царды æмвæзад бæрзонддæр кæна. Кæд æмæ ацы фарстыты фæдыл алыгъуызон хъуыдытæ ис, уæддæр мах стæм фæндвидар æмæ цæудзыстæм размæ», – загъта уый.

Рабадты Президент фехъусын кодта, зæгъгæ, 16 декабры уыдзæнис Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуысткæнынады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы рабадт.

Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы разамынады æрвылбон контролы бын сты, Инвестицион программæйы фæлгæтты реализаци чи цæуынц, уыцы мадзæлттæ иууылдæр. Æмæ рабадты хайадисджыты хъусдард аздæхта уыцы объекттæм, кæцытæ эксплуатацимæ лæвæрд   хъуамæ æрцæуой азы кæронмæ.

Дарддæр министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, подрядон организациты минæвæрттæ радзырдтой, штабы ивгъуыд рабадты сын цы хæслæвæрттæ радтæуыд, уыдон куыд сæххæст кодтой, уый тыххæй.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрадæн хæсгонд уыд, цæмæй горæты Тельманы уынджы арæзтцæуæг дæсфатерон цæрæн хæдзар хъахъхъæныны фæдыл мадзæлттæ сифтонг кæна, цалынмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуа æмæ горæты администрацийы балансмæ лæвæрд æрцæуа, уæдмæ, цæмæй дзы æнæзакъонæй мачи æрцæра. Ацы фарсты фæдыл Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард куыд фехъусын кодта, афтæмæй ист цæуынц мадзæлттæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы объект эксплуатацимæ хъуамæ лæвæрд æрцæуа декабры кæронмæ.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Григори Кулиджановæн арæзтадон фирмæ арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «СТМ-Юг»-ы къухдариуæггæнæг Коцты Олегимæ хæсгонд уыд, цæмæй информаци бавдыстаиккой хирургион корпусæн гемодиалезы хайад æмæ централон стерилизацион хайадимæ ацы аз кæй хъуамæ балхæной, уыцы ифтонггæрзты номхыгъд Уæрæсейы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадимæ куыд æмразы цæуы, уый тыххæй. Григори Кулиджанов куыд фехъусын кодта, афтæмæй уый тыххæй бавдыст æрцыд документты номхыгъд. Йæ рады Коцты Олег дæр фехъусын кодта, зæгъгæ, сывæллæтты республикон рынчындоны бæс-тыхай цæттæ у æмæ гæнæн ис эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуа.

Рабадты дзырд цыд Инвестпрограммæйы фæлгæтты 2016 азы эксплуатацимæ лæвæрд чи хъуамæ æрцæуой, уыцы объекттæ дарынæн 2017 азы уæлæмхас бюджетон хæрдзтæ Уæрæсейы Федерацийы æххæсткæнынадон хицауиуæгады федералон органтимæ æмразыгонд куыд цæуы, уый тыххæй фарстыл дæр. Уый фæдыл Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй куыст цæуы.

«Æппæт нæ фæндæттæ бавдыст æрцыдысты Уæрæсейы æмбæлон министрадтæ æмæ ведомствотæм, афтæ ма бавдыст æрцыдысты Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министрадмæ дæр. Фæстаг информаци у ахæм æмæ Æхсæнхицауадон къамисы уæрæсейаг хайы рабадты æппæт уæрæсейаг министрадтæ æмæ ведомствотæн æмгъуыд лæвæрд æрцыд 15 декабрмæ, цæмæй æркæсой æппæт нæ фæндæттæм æмæ бюджетмæ бахæссæм æмбæлон ивындзинæдтæ», – загъта Хицауады Сæрдар.

Рабадты арæзтадон компани арæнгонд бæрндзинады ‘хсæнад «Эверест»-ы минæвар ныфс бавæрдта, горæты Театралон фæзуаты территори хæрзарæзт кæй фæуыдзæн 25 декабрмæ. Уымæ гæсгæ республикæйы Президент горæты администрацийы сæргълæууæг Æлборты Аланæн бахæс кодта, цæ-мæй Театралон фæзуаты æвæрд æрцæуа хъæдæй æрласгæ Ногазон назбæлас.

Рабадты ма хъусдард здæхт æрцыд Ленингоры арæзтцæуæг объекттæм дæр. Паддзахады сæргълæууæг æрдомдта лæмбынæг информаци, ацы объектты арæзтадон процесс куыд цæуы, уый тыххæй.

Арæзтадон организаци «СоюзСтройПроект»-ы минæвар Алексей Шишлов куыд загъта, афтæмæй базары арæзтады фæдыл куыстытæ фесты. Сывæллæтты цæхæрадон дæр арæзт фæуыдзæн декабры кæронмæ. Уый ма куыд загъта, афтæмæй куыстытæ активонæй цæуынц астæуккаг скъолайы бæстыхайы арæзтады дæр.

Афтæ ма рабадты уынаффæ цыдис Паддзахадон университеты, медицинон кластеры, Синагур-Карзманы фæндаджы, Дзулфыцæн комбинаты, Октябры уынджы бирæфатерон цæрæн хæдзæртты, Хъайтарты уынджы цæ-рæн микрорайоны арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уыдæтты æмæ æндæр арæз-тадон фарстытыл дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.