Ивгъуыд къуыри  Экологи, технологи æмæ арæзтады цæстдарды комитеты къухдариуæггæнæг Къуылыхты Таймураз радта хыгъд аивгъуыйгæ 2017 азы бакæнгæ куыстытæн. Таймураз куыд загъта, афтæмæй, ивгъуыд азы дæргъы баконд æрцыд бирæ ахсджиаг куыстытæ.

«Цæстдарды комитет æххæст кæны ахсджиаг куыст, кæцы ахъаз у æхсæнады æдасдзинад ифтонг кæнынæн. Мах аразæм æппæт дæр, цæмæй нæ разы æвæрд хæстæ нысанмæздæхтæй æххæст цæуой», – загъта Къуылыхы фырт.

Комитет уæлдай хъусдард здахы Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтадон объекттæм. Цæстдарды комитеты кусджытæ аразынц басгæрстытæ арæзтадон объектты бакæнгæ куыстыты гъæдыл, афтæ ма сæ проектон сметæйон документацимæ гæсгæ куыстытæ куыд æххæст цæуынц, уыдоны фæдыл. Уый фæстæ сырæзгæ объектты куыстыты фæдыл комитет саразы хатдзæгон документ, проектон документаци æмæ техникон регламенты домæнтæм гæсгæ. Объект эксплуатацимæ цæмæй лæвæрд æрцæуа, уый тыххæй  ацы документæн ис стыр нысаниуæг.

Бæлвырд куыд у, афтæмæй 2017 азы комитеты экологион хайады  цæстдарды бын уыд капиталон арæзтады 5 объекты, уагъд æрцыд 24 цæстдарæн мадзалы, арæзт æрцыд 20 басгæрсты фæдыл акттæ, лæвæрд æрцыд 25 фæткхæлды  аиуварс кæныны тыххæй бæлвырдгæнæны.

Цæстдарæн мадзæлттæ уадзыны рæстæджы ма хъусдард здæхт цæуы, арæзтадон объектты алыварс цъæхдарæнтæм дæр. Цхинвалы горæты администраци арæх райсы фыстæджытæ, рагон бæлæсты дендрологион экспертизæ ауадзыны тыххæй домæнтимæ.

Комитеты экологион хайад ивгъуыд азы дæргъы ауагъта 13 рейдон мадзалы цардуагон æмæ арæзтадон брæтты æнæмбæлон  бынæтты калыны фæдыл. Ацы проблемæ аиуварс кæныны фæдыл горæты æмæ районты администрацитæм  æрвыст æрцыдысты фыстæджытæ.

Комитеты  технологион  хайад та дардта йæ хъус Инвестпрограммæйы фæлгæтты уагъдцæуæг куыстытæм.  18 хъуыддаджы фæдыл бар лæвæрд æрцыд æрдзон газы хызæгтæ баиу кæныны тыххæй, афтæ ма 3 та электроифтонгады эксплуатацимæ радтыны тыххæй.

Æхсæнведомствæйон къамисы хæсмæ гæсгæ, уагъд цыдысты техникон басгæрстытæ, афтæ ма басгæрстой, Цхинвалы районы Ногхъæу æмæ Тъбеты цы трансформаторон станцтæ лæууы, уыдоны.

Арæзтадон хайад стыр куыст бакодта, Инвестпрограммæйы фæлгæтты 2015-2017 азты цы объекттæ арæзт æрцыд, уыдоны фæдыл. Цæстдарды хатдзæгтæм гæсгæ лæвæрд æрцыд 47 официалон гæххæтты.

Комитеты инспектортæ куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ, азæй азмæ арæзтады куыстыты гъæд кæны хуыздæр. Уыцы хъуыддаджы стыр хайбавæрд ис цæстдарды органтæн дæр.

Æвæрццаг характеристикæ лæвæрд цæуы бынæттон арæзтадон фир-мæтæн, кæцытæн фæстаг рæстæджы лæвæрд цæуы, Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт цæуы, уыдоны зынгæ хай. «Раздæр азты фылдæр объекттæ лæвæрд цыдысты æрцæуæггаг компанитæн. Абон та фылдæр æууæнкдзинад лæвæрд цæуы бынæттон фирмæтæн æмæ аразджытæн. Уый та уымæн афтæ у, æмæ сæ фæстиуджытæ хуыздæр кæй вæййынц», – зæгъы Къуылыхты Таймураз.

Экологи, технологи æмæ арæзтады цæстдарды комитеты къухдариуæггæнæг ма дзырдта, зæгъгæ, кæд æмæ раздæр арæзтадон фирмæты хистæртæ хыгъдон документаци аразынмæ зивæг кодтой, уæд ныр уыцы хъуыддагмæ дарынц серьезон ахаст æмæ афоныл æрбавдисынц æппæт хъæугæ гæххæттытæ.

Фæлæ уæддæр, дзырдæуыд хыгъдон æмбырды, нырма бирæ ис бакусинаг фарстатæ. Цæмæй комитеты куыст ахадгæдæр уа, уый тыххæй хъæуы уыдонæн сæ бартæ фæуæрæхдæр кæнын. Ведомствæйы Уагæвæрдмæ бахæссын хъæуы ивындзинæдтæ. Уыдоныл ныридæгæн кусы комитет.

Комитеты юридикон хайад бакуыста æмæ бацæттæ кодта Закъоны проект «Административон бæрндзинад арæзтады реконструкци æмæ капиталон арæзтадты фадыджы». Ныртæккæ  ацы Закъоны проект æрвыст æрцыд Юстицийы министрадмæ æмæ йыл цæуы биноныггæнæн куыст.

Хыгъдон æмбырды ма куыд дзырдтой, афтæмæй комитет архайы йæ кусджыты Уæрæсейы Федерацимæ арвитыныл сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны сæраппонд.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.