2-æм февралы Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйæн уыд рауæрæхгонд коллеги, цыран ведомствойы сæргълæууæг Дзæгъиаты Уырызмæг хыгъд сарæзта, йæ дæлбар ведомство 2020 азы цы бакуыста, уымæн. Мадзалы хайад райста Президент Бибылты Анатоли.

Генералон прокурор куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы стабилон уавæрыл бандæвтой, куыд æддагон, афтæ мидæггагон фактортæ дæр. Æддагон фактортыл банымадта коронавирусы пандеми, кæцы генпрокуратурæйы куыстмæ дæр бахаста ивындзинæдтæ. Мидæггагон фактортыл та – æфхæрдтæ æххæст кæныны управленийы протесттæ, Мидхъуыддæгты министрады сæргълæууæг Наниты Игоры амарынмæ бафæлварын æмæ Дзабиты Иналы амæлæт, кæцы расайдта æнæсанкцион митингтæ, хицауады отставкæйы ацыд, Парламенты депутатты иу къорды бойкот.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æппæт уыдæттæм нæ кæсгæйæ, барадхъахъхъæнæг структурæты æмæ барвæткы органтæ сæ куыст кодтой штатон режимы.

Сæйраг закъон æмæ барвæтк хъуамæ уа

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, республикæйы къухдариуæгады фидар позици, йæ алыварс уæвæг æхсæнады æмæ барадхъахъхъæнæг органты æнæниз тыхты консолидацийы руаджы Хуссар Ирыстоны уавæр нæ фæцудыдта, нæ ахызт контролкæнынадæй.

Дзæгъиаты Уырызмæг куыд банысан кодта, афтæмæй 2019 азимæ абаргæйæ, 2020 аз фыдракæндты нымæц фæкъаддæр 26 иуæджы. Уæззау фыдракæндты нымæц та – 22 иуæджы. Хыгъдон рæстæджы цы 135  фыдракæнды æр-цыд арæзт, уыдонæй æргом æрцыд 109.

Генпрокуроры ныхæстæм гæсгæ 2020 азы, наркотикон буарадтæй чи пайда кæны, уыцы адæймæгты нымæц фæфылдæр 33,6 проценты. Хыгъдон рæстæджы цы фыдракæндтæ æрцыд арæзт, уыдонæн сæ 70 проценты сарæзтой наркотиктæй расыг адæймæгтæ.

«Хуымæтæг уавæр нæй наркотикон буарадты æнæзакъонон æрзылды фадыджы. Æнæзакъонæй наркотиктæ парахат кæныны фæдыл уголовон хъуыддæгты нымæц кæд фæкъаддæр 2020 азы, уæддæр наркотикон буарадтæй пайдагæнджыты нымæц та фылдæр фæцис.  Ивгъуыд аз уыцы цифрæ  79-æй схызт 119-мæ», – загъта генпрокурор.

Дарддæр куыд радзырдта, афтæмæй 2020 азы цы фыдракæндтæ арæзт æрцыд, уыдонæн сæ 90 проценты сарæзтой æвзæнгтæ, 22 азæй 30 азмæ кæуыл цæуы, ахæмтæ. Уыимæ иумæ банысан кодта, зæгъгæ, хыгъдон рæстæджы иунæг æнахъомы дæр не ‘рцахстæуыд наркотиктæй расыгæй.

Мидхъуыддæгты министрады дæлхæйттæ æмæ æндæр оперативон службæты минæвæрттæн бахæс кодта, цæмæй сæ хъус дарой, республикæйы территорийыл наркотикон буарадтæ чи парахат кæны, уыдон сбæрæг кæнынмæ. Уый ныфс бавæрдта, зæгъгæ,  ацы аз генпрокуратурæ æппæт тыхтæй дæр бацархайдзæн, цæмæй наркотикон буарадтæ парахат ма цæуой, Хуссар Ирыстоны территоримæ сæ æнæ закъонæй мауал хæссой, мауал сæ культиваци кæной æмæ куынæг æрцæуой, наркотикон буарадтæ кæм ис, уыцы зайæгойтæ», – банысан кодта Дзæгъиаты Уырызмæг.

Хыгъдон рæстæджы  æдзух куыст цыд, хуыздæр кодта æмæ реализаци æрцыд мадзæлтты комплекс, кæцы здæхт уыд, куыд фæдысгæрсты, афтæ алкæцы фæдысгарæджы куысты гъæд æмæ эффективондзинад фæбæрзонддæр кæнынмæ дæр.

Дарддæр куыд радзырдта, афтæмæй ивгъуыд аз дыууæ уголовон хъуыддаджы бакондæуыд хицауиуæгады структурæты минæвæрттыл хахуыртæ парахат кæныны тыххæй.

«Хахуыртæ соцхызæджы парахат кодтой, республикæйы чи нæ цæры, кæнæ та республикæйы æддейæ чи ис, ахæм адæймæгтæ. Уыдон фыдракæнд арæзтой гоймаджы сæрибардзинад, кад æмæ намысы ныхмæ», – банысан кодта уый.

Генпрокуроры ныхæстæм гæсгæ, цы хахуыртæ парахат цыдысты, уыдонæй 17 лæвæрд æрцыд, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейæн цы иумиаг информацион координацион центр ис, уырдæр лингвистикон экспертизæ ауадзыны тыххæй. Экспертизæ куыд сбæрæг кодта, афтæмæй уыцы 17-æй 13 уыдысты иу адæймаджы фыст.

Дарддæр банысан кодта, æнахъомты фыдракæндты фæдыл цы куыст цæуы, уый. Æдæппæт республикæйы профилактикон хыгъды лæууынц 16 æнахъомы æмæ 47  æнæрæстмæ бинонтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Генпрокуратурæ йæ хайбавæрд хæссы æнахъомты ‘хсæн бархалынадтæ аиуварс кæнынмæ. Ныфс бавæрдта, йæ дæлбар ведомство дардæр дæр мадзæлттæ кæй исдзæн æндæр паддзахадон органтæ æмæ æхсæнадон организацитимæ æппæт барадхъахъхъæнæг органты координаци фæтыхджындæр кæныны тыххæй æнахъомты ‘хсæн фыдракæндтæ аиуварс кæныны, æнæхъусдард сывæллæтты ‘хсæн профилактикæйы фæдыл.  Уыимæ ма банысан кодта, регуляронæй ведомствомæ кæй фæхонынц горæт æмæ районты администрациты цур æнахъомты хъуыддæгты фæдыл къамисы уæнгты, æдзух бæрæг кæнынц æнахъомты инспекцийы архайды закъондзинад.

Дзæгъиаты Уырызмæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй Генпрокуратурæйы æмæ прокуратурæйы органты куысты ахадæн бынат ахсы æхсæнадæмон-барадон æмгуысткæнынад.

«Хыгъдон рæстæджы Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæ Уæрæсейы Федерацийы Генпрокуратурæмæ арвыста 30 куырдиаты барадон æххуыс райсыны тыххæй. Уыдонæй 19 уыдысты уголовон хъуыддæгты фæдыл, 11 та – фæдагуырды æрмæджыты бæрæггæнæн куысты тыххæй, уыцы нымæцы 6 – медицинон экспертизæ ауадзын æмæ 4 та – медицинон иртасæнты тыххæй», – загъта Дзæгъиаты Уырызмæг.

Генпрокурор хыгъд сарæзта, республикæйы районты йæ дæлбар ведомство цы куыст бакодта, уый тыххæй дæр.

Мадзалы раныхас кодта Президент Бибылты Анатоли.

Уый банысан кодта, республикæйы цы æхсæнадон-политикон уавæр сæвзæрд, уым прокуратурæйæн цы роль ис, уыцы уавæрæй куыд рахизын хъæуы, æппæт уыдæтты. Президент куыд загъта, афтæмæй Дзабиты Иналы амæлæты хъуыддаджы фæдыл Генпрокуратурæ нæ кусы, зæгъгæ, ахæм азымтæ сты æнæ бындур.

«Фыдракæнд арæзт æрцыд Мидхъуыддæгты министрады бæстыхайы. Уыцы хъуыддаг æнæ хъусдард баззад? Уый тыххæй баконд не ‘рцыд уголовон хъуыддаг? Уыцы фыдракæнды Мидхъуыддæгты министрады кусджытæй  аххосджынтæ чи сты, уыдон ахст не ‘рцыдысты?

Генпрокуратурæ депутатты раз куы æрæвæры уголовон хъуыддаджы 18 томы, кæцыйы алы томы дæр ис 150 фарсæй фылдæр, уый тыххæй нæй дзурæн, ома, прокуратурæ нæ кусы», – загъта Бибылты Анатоли æмæ банысан кодта, зæгъгæ, оппозицийы уæвæг адæймæгтæ архайынц, цæмæй æхсæнадæн фенын кæной, цыма прокуратурæйы кусджытæ нæ хъахъхъæнынц закъон æмæ сæ нæ фæнды, фыдракæнд чи сарæзта, уыдон баф-хæрын, ома, «уыдон архайынц адæмы ныхмæ, не сты патриоттæ æмæ профессионалтæ. Хъуамæ йæ æмбариккой, уыцы прокурортæ, милиционертæ, кæцытæ æхсæвæй-бонæй кусынц æмæ сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынц, уыдон сæхæдæг дæр адæмæй сты. Президентæй хуымæтæг æмбæстагмæ  мах иууылдæр адæмы минæвæрттæ стæм. Оппозици сæхи чи хоны, уыдон ницы конструктивон фæндæттæ хæссынц паддзахады, æхсæнады, экономикæйы, хъæууон хæдзарады размæцыды тыххæй, фæлæ дихтæ кæнынц хицауад æмæ æхсæнады. Æхсæнады дих кæнын та хъæуы уыцы адæймæгты, кæцыты фæнды республикæйы къухдариуæгадмæ бахауын. Уыдонæн æз зæгъдзынæн: багæдзæ кæнут, цалынмæ æвзæрстытæ æрцæуой æмæ уын адæм куы схъæлæс кæной, уæдмæ», – банысан кодта Президент.

«Диссаг уый у, æмæ оппоненттæ афтæ карзæй сæ хъус цæмæннæ æрдардтой æндæр уæззау фыдракæндтæм? Цæмæннæ исты дзырдтой, Мидхъуыддæгты министры амарынмæ бахъавд куы уыдис, уæд? Æвæццæгæн афтæ хъуыды кæнынц, æмæ барадхъахъхъæнæг органты кусджытæн нæй хиуæттæ æмæ хæстæджытæ. Оппонентты ахæм хъуыдыимæ рæстдзинад къухы нæ бафтдзæн», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

 «Гæнæн ис, хицауиуæгад уа алыгъуызон дæр, фæлæ лæмæгъ ма хъуамæ уа. Мах хицауиуæгады иу къабаз æндзыг кæнын куы бауадзæм, уæд уый суыдзæн паддзахады ныппырх кæныны фыццаг къахдзæф. Уый алчи дæр хъуамæ æмбара», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Дарддæр куыд радзырдта, афтæмæй оппозиционертæ хайад нæ райстой бюджет дыууæ хатты фæфылдæр кæныны, куыстмыздтæ, пособитæ, пенситæ фæфылдæр кæныны хъуыддаджы.

Паддзахады сæргълæууæг куыд банысан кодта, «афтæмæй соцхызæджы дезинформаци чи парахат кæны, уыдонæй 80 проценты сты республикæйæн æддагæттæ, кæцытæ архайынц æхсæнады уавæр æндыгъд кæныныл. Уыдон не ‘ндавы Дзабиты бинонты трагеди, фæлæ архайынц уыцы трагедийæ политикон дивидендтæ райсыныл. Уый та у фыдракæнд. Фæлæ æз зæгъдзынæн уый, нæ адæм зындæр æвзарæнтæ бавзæрстой æмæ та ныр дæр бафæраздзыстæм».

Генпрокуратурæйы тыххæй та банысан кодта, зæгъгæ, райгонд у сæ куыстæй.

«Сымах æцæг профессионалтæ стут, æд хæцæнгарз бахъахъхъæдтат республикæйы,  хъахъхъæнут закъон æмæ барвæтк. Уый тыххæй уын стыр бузныг», – загъта Президент.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, «сæ куыстæн адæм кæй нæ аргъ кæнынц, уый æмбарынц барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ дæр æмæ прокуратурæйы кусджытæ дæр. Фæлæ уый у фыдракæндты ныхмæ тох кæныны иунæг фронт, цыран ма хъуамæ уа згъуыдтæ, цæмæй республикæ бахъахъхъæна, дæргъвæтин азты дæргъы адæм цæуыл тох кодтой, уый».

Кæронбæттæны Бибылты Анатоли генпрокуроры хæдивæг Багаты Магомедæн радта «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт юрист»-ы кадджын ном.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.