Ӕрбалæууыд сæрд æмæ уыимæ сæрдыгон улæфтыты рæстæг дæр. Сæрд улæфтыты рæстæг у! Алчидæр фæтырны, кæм хуыздæр баулæфа, уымæ. Фæлæ, хъыгагæн, бирæты сæ фадæттæ  нæ амонынц нæ республикæйæн æддæмæ ацæуа æмæ йæ зæрдæйы фæндиаг баулæфа. Ис баулæфæн нæ республикæйы рæсугъд æрдзы хъæбысы дæр æмæ бирæтæ афтæ дæр кæнынц.

Сæрдыгон улæфт организаци кæ-ныны хъуыддаг хуыздæр æвæрд у   ахуырдзау фæсивæды хсæн. Ахуырады министрад фæстаг цалдæр азы бацархайдта, цæмæй сæрды мæйты сабитæн организаци цæуой лагертæ. Ивгъуыд аз нæ республикæйы скъолаты хуыздæр æнтыстытæ ахуырæй кæмæн уыд, уыдон æй иу къорд баулæфыдысты Хъырымы, «Артекы». Иу къорды та йæхи хардзæй баулæфын кодта нæ ‘мбæстаг зынгæ амалиуæггæнæг Алуштайы. Организаци æрцыд улæфæн лагертæ Абхаз, Дзау, Къуайса æмæ Гуфтайы. Фæлæ, уæд-дæр ахуыргæнинæгтæн се ‘ппæтыл нæ аххæссынц æмæ арæх фæцæуынц нæ горæты цадмæ. Стæй канд сабитæ нæ, фæлæ ацы цад уарзон бынат у алы кары адæмæн дæр.

Саби саби у æмæ йæ кæдфæнды дæр фæфæнды йæхи найын. Кæд сæ ныййарджытæ бафæдзæхсынц, ома, гæнæн нæй цады найынæн, уæддæр сæ кæнон акæнынц.

Æрвылаз дæр Санэпидстанцы кусджытæ фæфæдзæхсынц цæрджыты цады дон бынтон æдас кæй нæу хинайынæн. Дон кæй иу кæны канализацион хаххмæ æмæ тæссаг кæй у хи найынæн. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ дзы хъуамæ уаид фæдзæхсæн табличкæтæ.

Фæстаг рæстæджы цады былыл фæзынд бадæнтæ, тезгъогæнæн фæн-даг ис цады алыварс дæр, раздæрау броны бын нал ис, фæлæ уæддæр нырма фаг хъусдард нæй нæ горæты адæм удæнцой цы цады былыл арынц, уымæ. Кæд дзы уыдзæн зæрдæйы дзæбæхæн найæн бынæттæ, катамарантæ, чысыл киосктæ, цыран балхæнынæн уа уазал дон, сывæллæттæн алыгъуызон спортивон хъазæн бынæттæ æмæ а.д.

Ацы фарсты фæдыл бахатыдыстæм горæты администрацимæ. Уым куыд зæгъынц, афтæмæй цад цалдæр азы размæ лæвæрд æрцыд дыууæ амалиуæггæнæгмæ. Уыдон хъавыдысты цады алыварс территори схæрзарæзт кæнын, саразын дзы алыгъуызон аттракционтæ. Цады алфæмблай бæргæ ныссыгъдæг кодтой. Бауагътой йæм электроны рухсытæ, ивгъуыд аз цады дон раивтой, ауагътой дзы катамарантæ дæр, цадмæ хæстæг фæзынд чысыл бассейн æртæ чысыл науимæ, иууыл чысылтæн хъазæн мотоциклеттæ æндæр æмæ æндæр хиирхæфсæнтæ дæр. Катамарантыл чи ленк кодта, уыдонмæ, уыд сæрмагонд хъусдарджытæ дæр. Баххуырстой сæрмагондæй цады алыварс сыгъдæгдзинадмæ йæ хъус чи хъуамæ дардтаид, ахæм адæймаг дæр.

«Ныры дуджы ахæм улæфæн зонæнтæм стыр хъусдард хъуамæ цæуа. Ифтонг хъуамæ уой цæстдарæн камерæтæ æмæ ирвæзынгæнджытæй. Аттракционтæ хъуамæ дзуапп дæттой æдасдзинады æппæт нормæтæн. Цады алфæмблай хъуамæ уа бирæ бæлæстæ æмæ цъæхдарæнтæ. Цæмæй хурбонты адæймаг йæхи кæм бааууон кæна, уый йын уа. Æппынæдзух цады донæй  хъуамæ ист цæуой анализтæ, цæмæй уырдæм найынмæ чи бахизы, уыдон æнæниздзинадæн æдас уа. Цады былыл æнæмæнг арæзт хъуамæ уа чысыл кафе дæр, цыран балхæнæн уа адджинæгтæ, сæлдæг, адджын дæттæ æмæ а.д.», – зæгъы амалиуæггæнджытæй сæ иу.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.