ЗЫН АРГЪ

Алцæмæн дæр саргъгæнæн ис. Æрмæст алцæмæн йæ аргъы ныхмæ – æхца, сыгъзæрин кæнæ æндæр исты бафидæн нæй. Ис ахæм уæййæгтæ, кæцыты ныхмæ уæйгæнæг æлхæнæгæй исы, цы æмбæлы, уымæй фылдæр æхца. Уæд æлхæнæгæн фæзын вæййы ахæм аргъæй йæ балхæнын æмæ хъуыдытыл фæвæййы, балхæна йæ æви  нæ. Иу ныхасæй, зын ын вæййы ахæм аргъæй йæ балхæнын æмæ йæ рахоны зынаргъ.

Адæймагæй адæймаджы ‘хсæн ахастыты «æхца-товары» закъон нæ кусы. Адæймаг цагъар нал у æмæ йæ товары хуызы нæ ауæй кæндзынæ. Уæды дуджы дæр цагъартæн иугъуызон аргъ нæ уыд – иутæ асламдæр уыдысты, æндæртæ та – зынаргъдæр, тыхджындæр, куыстхъомдæр чи уыд, уымæн йæ аргъ фылдæр уыд.

Цагъарады дуг куыд фæзынд, афтæ сæфгæ дæр фæкодта æмæ йемæ фесæфтысты ахæм æмбарынæдтæ, куыд «аслам цагъар», «зынаргъ цагъар» дæр. Фæлæ  адæймагмæ ахасты, иумæйагæй сисгæйæ, «зынаргъæн» ахсджиаг бынат ис нæ царды. Уый уæвыд цагъарады агъоммæ, цагъарады дуджы æмæ ныртæккæ дæр. Уый бæрæг кæны адæймагæй адæймаджы ‘хсæн бæрзонд æмвæзад, иу адæймаг иннæмæ йæ ныхасæй, йæ архайдæй, йæ уагахастæй, зæрдæйы хъармæй æввахс куы лæууа, йæ цин æмæ йын йæ зын куы дих кæна, йе ‘нцой куы лæууа. Ахæмы мах нæхицæн рахонæм зынаргъ адæймаг, ома, йæ лæггæдтæ зын бафидæн кæмæн сты, ахæм.

Махæн иууыл зынаргъдæр чи у а-царды, уый – мад. Махæй алчи дæр сæвзæрыд уымæн йæ гуырдзы, аудыдта ныл гуыбынмæ, фенын нын кодта ацы рухс дунейы. Саби, мады хъæбысы уæвгæйæ, амондджынæй фенкъары йæхи. Саби æнкъары мадимæ йæ бастдзинад, æнкъары йын йæ хъарм буар, йæ рæвдыд, фæлмæн ныхас. Йæ мады ‘хсырæй бафсæдгæйæ, йæхицæн æрфынæй вæййы…

Æгæрон у мады уарзт йæ сабимæ. Уыцы стыр уарзты бын уый фæхæссы рæз. Нæ циныл стыр цин чи фæкæны, нæ ракæнд, нæ рæдыдыл тынгдæр чи фæриссы, уый мад у. Нæй бафидæн йæ лæггæдтæн. Зын, тынг зын у уыдонæн саргъгæнæн. Уымæн нын у зынаргъ, иттæг зынаргъ.

…Æрыгон лæппу бауарзы æрыгон чызджы æмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ сæ зæрдæты пиллон арт суадзынц. Æгæрон дуне сын æрбауынгæг вæййы æмæ ма фæуынынц сæ кæрæдзийы æрмæстдæр, æрмæстдæр сæ кæрæдзийыл вæййынц сæ хъуыдытæ, сæ фидæны цард æнæ сæ кæрæдзи нæ фæуынынц. Æмæ баиу кæнынц сæ цард. Иу дзы иннæмæн йæ царды свæййы иууыл сæйрагдæр адæймаг æмæ… иууыл зынаргъдæр адæймаг. О, зын у саргъгæнæн, царды æмбалæн кæй равзæрстай, царды уаргъ демæ чи хæссы, уыцы адæймагæн.

…Мадызæнæг! Ныййарæг мад йе стыр уарзт ныддихтæ кодта йæ зæнæгыл æмæ сын се ‘хсæн уарзондзинад байтыдта. Цалфæнды ма уой уыдон – уæлдайаг дзы ничи ис. Иу дзы царды чысыл фæцудыдта – йæ фарсмæ иннæтæ æрбалæууынц. Кæрæдзийæн ныфс сты æмæ ма сæ ныфсытæ дæр уымæн хонынц. Фæзæгъынц, зæгъгæ, ныфс хæларæй дæр авæрæн ис. О, ис, фæлæ мадызæнæджы ныфс уæддæр æнæхиндæр, æнæнхъæлдæр, æнæзæр-дæхуддæр у. Адæймаг йæ царды нал сæм-бæлдзæнис, чи йын ис, уыцы мадызæ-нæгтæй дарддæр æндæртыл. Æмæ кæм-фæнды ма уой, сæ цард кæмфæнды ма аразой, адæймаг фæбæллы сæ уындмæ, фылдæр хабæрттæ сæ базонынмæ. Уымæн æмæ иу мады гуыбынæй рацыдысты, иу мады æхсыр даттой, иу хæдзары къуымты хъомыл кодтой, иу хæдзары къæсæрæй ахызтысты æмæ ныллæууыдысты царды фæндагыл. Уымæн сты зынаргъ кæрæдзи-йæн.

Зын у саргъгæнæн мадызæнæгæн, афтæ хъæбултæн, кæстæртæн дæр…

Зынаргъ нын сты нæ хиуæттæ, нæ къа-бæзтæ, нæ хæлæрттæ, куысты – не ‘мбæлт-тæ. Чи – къаддæр зынаргъ, чи – зынаргъ, чи та – тынг зынаргъ. Æгæрыстæмæй, фæсау-уонмæ кæй зоны адæймаг, уыдонæй дæр æй бирæты фæфæнды зынаргъ рахонын…

 

АПП ÆМÆ ЦЪАР

Аппы радты зайæгой, алы зайæгойæн дæр – хицæн хуыз. Куы сцæттæ вæййы, уæд æй зайæгой аппары йæхицæй, уый æрхауы сау мæрмæ, билцъ дзы ауадзы, рæз райдайы хæссын æмæ дзы рауайы, цы бæласæй æрхауд, уый хуызæн. Раст у, алы аппмæ не ‘рхауы ахæм амонд, фæлæ чи сзайынц, уыдон фаг вæййынц, цæмæй зайæгойы ацы хуызы иу фæлтæр ива æндæр фæлтæры æмæ йæ мыггаг ма сыскъуыйа.

Апп хъахъхъæнинаг у, аудын ыл хъæуы, уæлдайдæр та йæ рæзыныл куы вæййы, уæд. Уый бахынцыдта сфæлдисæг æрдз æмæ развæлгъау батыхсы йæ сæвзæрын æмæ рæзын кæныныл. Уалдзæджы бæлæстæ дидин акалынц æмæ сæ рæсугъдæй адæймагæн æхцондзинад æнкъарын кæ-нынц. Фæлæ æрдз – сфæлдисæг бæлæсты дидинæг уый тыххæй нæ ракалын кæны, цæмæй нын æхцондзинад хæссой. Уым, алы дидинæджы хъарм, фæлмæн æмæ адджын хъæбысы сæвзæры апп – тауинаг. Дидинæджы адджын хъæбысæн ам ахæсгæ нысаниуæг нæй. Уый у  æцæгæйдæр  ахæм æмæ йæ адджын нектарæй фæхай кæны мыдыбындзытæн дæр. Гъе, ахæм бынаты апп райдайы рæз хæссын. Уыцыиу рæстæджы йæ алыгъуызон зиангæнджытæй бахизыны охыл батухы цъары. Æмæ иугæйттæ уой, дæсгæйттæ æви сæдæгæйттæ – сæхи уыцы цъары фæхатынц хорз. Уый нæ, фæлæ ма дзы бирæ æппытæн иу цъар дæр фаг нæ  вæййы.  Цæвиттон,  æнгуз. Йæ тонынафонмæ куыд фæцæйхæццæ кæны, афтæ йе ‘дтаг цъар фæлмæн кæнын райдайы, стæй аскъуыдтæ вæййы æмæ йæ мидæгæй разыны æндæр, хъæбæр цъар. Цæмæй йын йæ аппмæ баххæссæм, уый тыххæй нæ бахъæуы уыцы хъæбæр цъары дзæбугæй асæттын. Ахæм фидар æмæ æдас ран вæййы æмбæхст йæ апп. Фæлæ ма æркæсæм аппæн йæхимæ дæр. Уымæн дæр йæхи цъар нæй? Иууыл æввахсдæр æм чи у, ахæм цъар. Йæ сæйраг цъар цахæмфæнды фидар, хъæбæр ма уа, уæддæр зæхмæ куы æрхауы, мæры бын куы фæвæййы, уæд йе ‘мбисыл афæды æмæ дзы разыны аппы билцъ, уый мæры йæхи ауадзы, æрфидар дзы вæййы æмæ афтæмæй райгуыры ног æнгузбæласы тала.

Æнгузы апп иунæгæй цæрын уарзы. Фæлæ ма бакæсæм уæртæ, иу нартхоры нæмыг кæй радта, уыцы нартхоры бынмæ. Цалдæр нартхор-къуыдыры сæ сыфты æнгом тыхтæй лæууынц йæ зæнгыл. Сæ цъар-сыфтæ æввахс никæй уадзынц мидæмæ. Мæнæ дзы иуы «райгом» кодтай æмæ кæрæдзийы фарсмæ рæнхъытæй хуыссынц, гъе та лæууынц нартхоры нæмгуытæ. Цалдæр сæдæйы бæрц! Сæ иумæйаг цъар-хъæдонæй дарддæр алчи дæр ис йæхи цъары мидæг. Уый уæлдай тынгдæр разыны, куы сæ сфыцæм, уæд.

Алы зайæгой дæр йæхирдыгонау схъомыл кæны йæ апп-тауинаджы. Фæткъуыйæн цæмæй йæ æппытæм баххæссай, уый тыххæй йæ хъуамæ бахæрай, гъе та йæ алыгтæ кæнай æмæ йын сæ рахицæн кæнай. Æмæ цал цъары мидæг ис! Уый дын фæткъуыйæн йæхи цъар, фæткъуыйæн йæ фыд – уый цъар нал рахондзынæ, фæлæ уæддæр йæ мидæг ис æппытæн хъæбæр цъарæй æх-гæд бынат æмæ, æппынфæстаг, алкæмæн –  йæхи цъар.

Къуркъаджын дыргъты æппытæ дæр – афтæ, æрмæст уыдон æнгом ныхæст сты дыргътæн сæ фыдтыл, стæй æнгузæй – хъæбæрдæр.

Уыдæттæ дзурæг сты, алы зайæгой дæр цæй руаджы бирæ кæны, уыцы апп-тауинаджы кæй фæхъомыл кæны иууыл хуыздæр, хъармдæр, æдасдæр бынаты йæ буарыл.

Цы зæгъæн ис цæрæгойтæй та? Уыдон дæр нæ хицæн кæнынц зайæгойтæй. Æмæ кæд хицæн кæнынц, уæддæр уымæй, æмæ зайæгой кæмæй фылдæр кæны, уыдоны йæ буарыл фæхъомыл кæны, цæрæгой та – йæ буары мидæг. Гуыбынмæ йæм фæкæсы, фæхъомыл æй кæны, стæй йæ цардмæ ракæны, йæ хъус æм фæдары, цалынмæ уый йæхи дарынхъом фæвæййы, уæдмæ.

Цæрæгойты ахæм фæтк нæ халы адæймаг дæр.

 

АДÆЙМАГ ÆМÆ ТЕЛЦÆДЖЫНДЗТÆ

Машинæ асфальт фæндагыл уайы размæ. Фæндаджы иувæрсты сагъд телцæджындзтæ та фæстæмæ кæрæдзийы фæстæ лидзынц. Шофыр хатт дардмæ акæсы, фæлæ уым телцæджындзты не суыны. Æввахсæй æввахсдæр дæрддзæгмæ уыдон хуыздæр æмæ ирддæрæй разынынц. Æппæт сæ асæй та слæууынц, машинæмæ куы æрбаввахс вæййынц, уæд, стæй фæс-тейæ аззайынц иугай…

Мах дæр машинæйау размæ згъорæм, згъорæм тыгъдады æмæ нæ иувæрсты та фæстæмæ згъорынц… телцæджындзтæ нæ, фæлæ уысмтæ, минуттæ, сахаттæ, бонтæ, къуыритæ, мæйтæ, азтæ… рæс-тæджы барæнтæ. Иууыл чысылдæр барæн – уысм. Дæ цæст æрныкъуылдтай, æмæ дæ цард уысм фæкъаддæр. Æхсай уысмы æрнымайæм æмæ рауайынц минут. Уал минуты та – сахат. Сахат фæкъахыр вæййы нæ цард. Афтæ – дарддæр.

Арæх фæхъаст кæнæм мах, зæгъгæ, цæй тагъд лидзы рæстæг. Æмæ афтæ дæр у. Уый æмбаргæйæ, мах хъуамæ тагъд кæниккам нæ уæлион хъуыддæгтæ бакæныныл. Фæлæ уый стæмтæй дарддæр никæй  къухы æфты. Хатт нæ фæзонæм, æввахс рæстæджы нæ цы бакæнын хъæуы, ахсджиагдæр нын цы у, хатт та йæ фæзонæм, фæлæ фæзивæг кæнæм йæ сæххæст кæнынмæ. Афтæмæй та ахсджиаг у, æв-вахсдæр рæстæджы дæ цы аразын хъæуы, уый сбæлвырд кæнын. Адæймаджы тынг нæ цымыдис кæны, уартæ зæры бонты цы кусдзæн, цы архайдзæн, куыд цæрдзæн, уый.

Æнæхъуаджы не скодтон телцæджындзты кой. Уыдон шофырмæ дардмæ зынгæ дæр нæ кæнынц, фæлæ йæм куыд хæстæг кæнынц, афтæ цæстыты раз хуыздæр уайынц æмæ бæрæгдæрæй зынынц. Æввахсдæр рæстæгмæ адæймаг йæ разы цы хæстæ сæвæры, уыдон æм хъуамæ ирдæй, бæрæгæй зыной æмæ йæхи разæнгард кæна сæ сæххæст кæнынмæ.

Ис адæмы ‘хсæн ахæм хъуыды, зæгъгæ, сом цы уыдзæн, уый ничи зоны. Раст у, ничи йæ зоны, фæлæ нæ сомбоныл ма хъуыды кæнæм, уый бар дæр нын нæй. Уыцы сомы нал фæцардысты Хахеты хъæуы цæрджытæ, æндæр бирæ – зæххæнкъуыстыты, цунамиты, донивылдтыты æмæ æндæр фыдбæллæхты амæттæгтæ. Уыцы фыд-бæллæхты ныхмæ адæймаг, хъыгагæн, æдых у. Уыдон уыдысты, сты æмæ уыдзысты. Фыдбæллæхтыл, æнамонд цаутыл хъуыды кæнын æдæймагæн æрдзон нæу. Цард та æнæскъуыйгæ у рæхысау æмæ архайын хъæуы, цæмæй йæ фæстаг цæгыл бафтауæм æввахсдæр рæстæджы бакæнинаг рухс хъуыддæгтæй арæзт ног цæг.

 

ДИПЛОМДЖЫН,  ÆНÆДИПЛОМДЖЫН

Диплом – ахуырдзинад бæрæггæнæг гæххæтт, бæлвырдгæнæг документ, хъæбæр цъар ын кæй ис, уый тыххæй дæр ма йæ чысыл чиныг дæр рахонæм. Хорз у диплом, астæуккаг ахуыры фæстæ дæ зæрдæмæ æввахсдæр чи лæууа, ахæм дæсныйад куы равзарай – уæлдай нæу, астæуккаг – специалон уа æви уæлдæр ахуырад. Ноджы ма дын дæ зæрдæргъæвддзинад къорд азты дæргъы куы цырын кæной дæ ахуыргæнджытæ-лектортæ! Цы ис уымæй хуыздæр, амондджындæр хъуыддаг æмæ ахуыргæнæндоны цы зонындзинæдтæм бæллыдтæ, уыдонæй дæ фидæны фæллойадон архайды æнтысгæйæ куы пайда кæнай!

Цард зонындзинæдты æнæбын къæбиц у. Æмæ нæ уыцы зонындзинæдтæм фæкæнынц скъолайы нæ ахуыргæнджытæ.

О, хорз у, астæуккаг-специалон, уæлдæр ахуырады диплом.

Гъе, фæлæ нæ царды цытæ нæ бавзары нæ æнамонд диплом! Дипломмæ фæндаг алкæмæн иугъуызон нæ рауайы. Кæмæн – æнцон, кæмæн та – зындæр. Æнцондæр рауайы, йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ чи тырны, ахуыргæнæн чингуытимæ æнæзивæгæй чи архайы, йæ лекторты лекцитæм зæрдæбынæй чи хъусы, ахæм ахуыргæнинæгтæ-студенттæн. Фæлæ уый æнцон фæндаг рахонæн ис? Нæй! Æнтысгæ царды  æнцонвæндæгтæ нæ вæййы. Æмæ ахæм фæндаг чи равзары, уымæн дæр,  куыдфæнды йæ ма зæгъæм, зын рауайы. Ахуыр кæнын дæ куынæ фæнда, зонындзинæдтæм куынæ тырнай, уæд зын у астæуккаг скъолайы фæстæ ахуыр адардæр кæнын, фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, бирæтæ сæ гæрзтæ рабæттынц дарддæр ахуыр кæнынмæ. Æмæ сын бантысы, кæм – хиуæтты, зонгæты фæрцы, кæм та – æхцайы фæрцы. Æмæ рабадынц, кæй лекцимæ сæ нæ фæнды хъусын, уыцы лекторы раз  кæнæ та лекцимæ æппындæр не ‘рбацæуынц. Нæ сæ фæфæнды лекцитæм, практикон ахуыртæм сæхи цæттæ кæнын. Уымæн æмæ уый æнцон куыст нæу.

Афтæ уа æви уфтæ, алкæмæ дæр сæ разæй æнхъæлмæ кæсы диплом. Уыцы диплом, кæцыйы алчи дæр бавдисы кæцыдæр куыстуатмæ, уагдонмæ, организацимæ, цæмæй йæ куыстмæ айсой æмæ йæ царды фæллойадон фæндагыл ныллæууа.

Диплом сæ царды ахæм фæндагыл слæууын кæны.

Фæлæ алкæмæн ном не скæны. Уæддæр ма хорз у, æмæ дипломты фæхицæн кодтой æмæ иттæг хорз чи ахуыр кодтой, уыдонæн дæттынц сырх дипломтæ. Фæлæ иннæтæ иууыл дипломты аккаг вæййынц? Куы ма загътам, вæййы дзы ахæмтæ, ахуыр кæнын кæй нæ фæфæнды, фæлæ уæддæр диплом чи райсы. Æмæ ахæмты, диплом райсгæйæ, бафæнддзæнис кусын? Нæ, нæ сæ бафæнддзæн, уымæн æмæ сæ зонындзинæдтæ нæ амонынц, уымæн æмæ нæ тасынц куыстмæ. Ахæмтæ та цъус не сты æмæ нæ иумæйаг цард цуды. Æрмæст махмæ нæ…

Æмæ ма ноджы. Цас æрыгон адæймæгтæн нæ бантысы скъолайы фæстæ сæ ахуыр адарддæр кæнын æмæ аккаг диплом райсын… Æнæдипломджын уæвгæйæ, дипломджынтæй царды нымаддæр, æнтыстджындæр рауайынц…

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.