ÆНДÆР ЦЫ ГÆНÆН ИС!

Алы уæвæгой дæр уынгæ æмæ æнæ уынгæ тæгтæй баст у нæ алфæмблай æрдзимæ, дунескондимæ. Фыццаджыдæр, мах, Зæххыл цæрджытæ уæвгæйæ, Зæхх йæхицæй никуыдæр уадзы. Алчи дæр нæ цас уæз кæны, уыцы уæзæй нæ æлхъивы йæхимæ æмæ нын тас нæу уæлдæфмæ стæхынæй, æндæр планетæтæм атæхынæй. Æгæрыстæмæй, нæ иу къах  Зæххæй куы фæиппæрд кæнæм æмæ йæ уæлдæфы куы сисæм, уæддæр нын нæ иннæ къахыл ноджы фидардæрæй «ныххæцы», йæхимæ нылхъивы. Сур зæхх хъæбæр у æмæ йыл нæ фæдтæ уадиссаг нæ зынынц, фæлæ куы сфæлмæн, куы сцъыф вæййы, уæд дзы хъæбæры онг ныгъуылæм, цъыфдзасты, доны бынтондæр аныгъуылæм – зæхх нæ йæ æрфæнтæм æнцондæрæй æрбалхъивы.

Зæххы уæлцъарыл цæргæйæ, мах æнæсцухæй нæ буарæн æдтейæ, нæ алыварс æрдзæй улæфæм уæлдæф, цæмæй нæ организм цæрдхъом уа æмæ сæрæгасæй уæвæм а-дунейы.

Цæмæй уæвæм, уый тыххæй та æрмæст уæлдæф фаг нæу. Мах рæстæгæй рæстæгмæ хъæуы хæлц, хъæуы нæ дон æмæ уыдон дæр нæ алфæмблай æрдзы сты. Хæлцæй нын-иу хуызты цæттæйæ дæтты, æндæртыл нæ афыдæбон кæнын бахъæуы, цæмæй сæ райсæм. Дон дæр кæм нæ фарсмæ фæабузы суадæтты хуызы, кæм та йæ рауадзын бахъæуы хæтæлты. Фæлæ куыдфæнды ма уа – махæн фаг кæны хæлц дæр æмæ нуазыны дон дæр – Зæххæн нырма нæ дарын йæ бон у.

Уæдæ куыд уæлдæф, афтæ хæлц æмæ дон дæр сты, нæ организмæн алфæмблай æрдзимæ фидар, æнæаскъуыйгæ баст-дзинæдтæ кæй руаджы ис, уыдон.

Нæ организмыл æндавы Зæххы магнитон тыгъдад, «магнитное поле» кæй хонынц, уый  æмæ уымæй зæгъæн ис, бастдзинад сын кæй ис. Адæймаджы организмæн хæд-хуыз бастдзинад ис Хуримæ дæр. Рæс-тæгæй рæстæгмæ йæ активондзинады сытынгы руаджы йæ  афтæхуыйнæг дымгæ æрбахæццæ вæййы зæхмæ æмæ расайы магнитон тымыгътæ. Уыдон та мæгуырауæрдæм бандавынц адæймаджы æнæниздзинадыл, уыимæ ма техникæйы хицæн хуызты куыстыл дæр.

Афтæ у радиацийы хъуыддаг дæр, кæцы ис Зæххæн йæхиуыл æмæ йæ исæм Хурæй дæр. Æмбæлон бæрцæй уый хъæуæг у организмæн, фæлæ куы фегæр вæййы, уæд расайы æндæр æмæ æндæр серьезон низтæ.

Уæдæ мах «сæрибар», «хæдбар» не стæм а-дунейы. Нæ цард цæуы æрдзы бæрæг закъæттæм гæсгæ, æрдзы уæвæг тыхты æндæвдады бын  семæ æмбастæй.

Æндæр нын цы гæнæн ис! Бафæлвар-ма æмæ æрдзы фыдæнæн уæлдæф иу чысыл рæстæджы дæр ма сулæф, ма йын бахæр йæ ратгæ хæринæгтæй, гъе та Зæххæй искуыдæм фæлидз. Фæлæуу-ма фидар стыр радиацийы, магнитон тымыгъты, гъе та  – арвы цæфы, донивылды, зæххæнкъуысты, цунамийы ныхмæ?

 

ХИСТÆРЫ БЫНАТ

Цæхгæр ивындзинæдты дуджы цæрæм. Уыцы ивындзинæдтæй иутæ хорзæрдæм сты – зонадон-техникон прогресс адæймаджы цард æнцондæр кæны, иннæтæ та мæгуырауæрдæм – бирæ цыдæртæ фæзынд нæ царды, кæцытæ нын райсинаг нæ уыдысты æмæ уый фæстиуæгæн цуды нæ адæмы удварн. Стæй æрмæст нæ адæмы нæ. Катайдзинад æвзæрын кæны, куыд хауы дæлæмæ сæ моралон-хæрзæгъдауон æмвæзад. Знон аргъ цæмæн кодтам, уыдонæй бирæтæм абон былысчъилæй акастыстæм, нал сын аргъ кæнæм.

Мæ ныхасы сæр ныртæккæ, хистæрæн раздæр нæ æхсæнады цы бынат уыдис æмæ абон цы бынат ахсы, ууыл у. Раздæр дзырд «хистæр»-æн æрмæстдæр иу нысаниуæг уыдис æмæ амыдта азтæй хистæр адæймагмæ. Ныр хистæр хонынц, куысты мидæг уæлдæр бынат чи ахсы, уый дæр – æрыгон у æви ацæргæ, уымæ нæ кæсгæйæ.

Ивгъуыд дуджы хистæр адæймаг кæддæриддæр кады аккаг уыд. Хæдзары бинонты хистæр уæвгæйæ, уый уыд хъуыддæгтæ аразæг, разæнгардгæнæг, амонæг, уыдис æм æгъдау дæттыны фылдæр фæлтæрддзинад æмæ сыл цайдагъ кодта кæстæрты. Уыимæ бинонты раз уый æнкъардта фылдæр бæрндзинад æмæ архайдта хъуыддагæй дæр æмæ ныхасæй дæр, цæмæй рæвдздæр цæуа бинонты цард. Æмæ-иу кæд хæдзары куыстытæ йе ‘нæниздзинадмæ, гъе та йæ кармæ гæсгæ æххæст кæнын йæ бон нал уыд, иуварс-иу алæууыд, уæддæр бинонтæн кæддæриддæр фарсты бынаты уыдис. Уымæн æмæ хистæр цы фæллойадон царды фæндагыл рацыд, ахæм æнгæс фæндагыл хъуамæ цыдаиккой кæстæртæ дæр. Хистæр йæ фыдæлтæй цы æгъдæут-тæ райста æмæ æххæст кодта, уыдоныл хæст хъуамæ уыдаиккой кæстæртæ дæр. Æмæ кæм цы нæ зыдтой, не ‘мбæрстой, уымæй фарстой хистæры. Иу ныхасæй, хæдзары фарн уыдис æнæфæцудгæ æмæ йæ сæйраг хъахъхъæнæг та уыд бинонты хистæр.

Бинонтæ та – хъæубæсты мидæг, кæй зæгъын æй хъæуы, иугъуызон нæ уыдысты. Хицæн сæ кодтой, сæ хæдзæртты хъуыддæгтæ скъуыддзаг кæнынмæ хуыздæр чи арæхст, кæстæрты хуыздæр чи хъомыл кодта, ахæмтыл. Æмæ хуыздæр бинонты хистæртæ ныхасы хайад истой хъæубæсты иумæйаг хъуыддæгтæ скъуыддзаг кæныны. Уыдис ахæм дзырддзæугæ, нымад хистæртæ æмæ сæ хуыдтой комбæсты хъуыддæгтыл уынаффæ кæнынмæ дæр.

Ахæм уагыл цыд цард фæлтæрæй фæлтæрмæ æнусты дæргъы, ницы уадиссаг ивындзинæдтæ йæм хæсгæйæ.

Фæлæ æрбалæууыд дыууынæм æнус æмæ нæ хъæуты амыты-уымыты зынын райдыдтой скъолатæ, мадæлон æвзагыл газеттæ, чингуытæ. Фæсивæдæй иугæйттæ æфтын райдыдтой æндæр æмæ æндæр рæттæм, ныллæууыдысты-иу ахуыры фæндагыл. Рæстæг куыд цыдис, афтæ алы хъæуы дæр байгом скъола æмæ хъæууон сывæллæтты цардмæ баивæрзт чиныг. Чиныг сæ разæнгард кодта скъолайы фæстæ дарддæр сахуыр кæнынмæ, исты дæсныйад райсынмæ. Æмæ цыдысты чиныджы фæдыл. Истой дæсныйæдтæ, кæцытæй спайдагæнæн нæ уыд хæххон хъæуы. Æмæ сæ фыдыуæзгуытæм уæззау, саугуыст кæнынмæ нал здæхтысты. Чиныджы фæдыл чи нæ ацыд, уыдон дæр цыдысты æндæр рæттæм æмæ зæхкуыст, фосдарды куыст ивтой фабрикты, заводты, арæзтæдты куыстæй. Афтæ, хъæубæсты хистæртæн сæ цард кæронмæ хæццæ кодта æмæ се ‘нусон бынатмæ цыдысты, кæс-тæртæ та – цардагур æндæр æмæ æндæр рæттæм æмæ йæ фæстиуæг – бирæ хъæуттæ федзæрæг сты, бирæты та цард нымæг кæны. Ахæм уавæр æнæбандавгæ нæ фæцис нæ адæмы удварныл. Хъыгагæн, мæгуырауæрдæм. Раздæр аргъ, табу цæ-мæн кодтой, уыдон нæм абон тынг нымады нал сты. Фыдæлтæй нæм цы æгъдæуттæ æрхæццæ сты, уыдоны куыд æмбæлы, афтæ нал æххæст кæнæм. Нæ ныхас, сæйраджыдæр, бинонты хистæрыл кæй у, уымæ гæсгæ уымæн дæр бинонты ‘хсæн йæ бынат фæцудыдта. Абон æм йæ кæстæртæ нал бадзурынц æмæ йæ зондæй нал бафæрсынц. Йæхæдæг   дæр сын сæ царды хабæртты йæхи нæ хæццæ кæны. Æмæ уый та царды фæивды аххос у. Раздæр хистæ-рæн йæ кæстæртæ, уыдоны кæстæртæ йæ цæстыты раз уыдысты, йæ бар сыл цыд, хъомыл сæ кодта куыстыл, æгъдауыл. Або-ны бинонты хистæрæн йæ кæстæрыл йæ бар тынг нал цæуы. Ахуыр-хъомыл кæныны хæстæ бирæбæрцæй сæхимæ айстой рæвдауæндæттæ, скъолатæ. Куы рахъомыл вæййынц, уæд та сæхи царды фæндæгтыл ныллæууынц. Сæ куыст, сæ хъуыддæгтæ куыд кæнгæ сты, уымæн ницы зоны æмæ сын исты уынаффæ бакæнынхъом дæр нæу. Афтæмæй цуды бинонты иудзинад, æнгомдзинад, хъармдзинад, цудынц не ‘гъдæуттæ, нæ фыдæлты фарн.

 

ХОРЗ У ЦЫМЫДИС КÆНЫН, ФÆЛÆ…

Нæ алыварс, нæ алфæмблай дуне змæлгæ, ивгæ у. Уый æрмæст нæ Зæхмæ – Хуры планетæтæй сæ иумæ нæ хауы, стъалыты хуызы кæй уынæм, стæй уыдонæй дарддæр чи сты æмæ нæ цæст кæй не ‘взары, уыцы планетæтæ дæр. Уыдон иууылдæр æдзухон, æнæрынцайгæ, æвæллайгæ змæл-ды сты. Мах, удæгас уæвгæйæ, нæхæдæг дæр змæлды стæм, змæлды сты нæ буæртты мидæг  алы орган дæр. Æмæ, зæгъгæ, иу ран бадæм, хуыссæм, фынæй кæнæм, уæддæр змæлгæ фæкæнæм – цæвиттон, æхсæвы фынæй кæнгæйæ, Зæхх, йæ сæмæны алыварс зилгæйæ, ахизын кæны мах йæ талынг фарсыл æмæ та нæ рахизын кæны рухсмæ, Хурмæ. Уыцыиу рæстæджы нæ Зæхх дунеон тыгъдады йемæ скъæфы æмæ нæ афæдз иу хатт æрзилын кæны Хуры алыварс. Хуры планетæтæй у нæ Зæхх æмæ йæ иннæ планетæтау мах дæр нæ Зæхмæ зилæм йæ алыварс. Уымæн æмæ Хур йæ планетæтæй стырдæр, хъомысджындæр у. Йæхимæ сæ æввахс нæ уадзы, йæхицæй сæ дун-дунейы тыгъдадмæ дæр нæ уадзы – алкæмæн дзы йæ фæндаг, йæ орбитæ сбæлвырд кодта æмæ сæ зилын кæны йæ алыварс. Æмæ уæд Хур та йæ планетæтимæ йæ фæндаг куыд дары, цæй алыварс зилы, уый та? Стæй уыцы цыдæр та цæй алыварс зилы…

Ницы ис æнæзмæлгæ дунесконды. Æгæ-рыстæмæй, цæст кæй не ‘взары, ахæм дард стъалы дæр змæлды ис, дун-дунейы тыгъда-ды йын йæхи фæндаг ис. Уæдæ цахæм фæткмæ гæсгæ змæлынц, скъæфынц сæхи размæ уыцы тыгъдады. Цы сын æрбæстон кодта се змæлды фæтк?

Ноджы цымыдисондæр фарст – цал æмæ дзы цал стъалы-планетæйыл ис цард? Стæй цахæм хуызы цард? Адæймаг нырма Зæххы æмбæлццон Мæйæ дарддæр йæ къах никуы æрæвæрдта, фæлæ нæм цыма æбæлвырд тæхæг объекттæ æрбатæхы кæцæйдæрты. Уынæг сæ фæвæййы. О, уыдзæн цард кæцыдæр планетæтыл, фæлæ дзы зæххон адæймаг искæцымæ фæуазæг уа, уый зын бауырнинаг у. Нæхимæ, Зæхмæ, тæхой, уый дæр цыдæр тæссаг у. Уæдта ма нын нæ цард схæццæ кодтой. Æнæуый дæр дзы нæхæдæг нæ кæрæдзийы хæрæм. Фæлтау нæ ныууадзæт.

Уæдæ дунесконды кæм ис йæ бынат нæ Зæххæн? Цымыдис кæнæм, фæлæ йе сбæрæг кæнын нæ зонды тых нæу. Цымыдис кæнæм, цард ма кæм ис, ахæм планетæтæм, фæлæ уыдон сбæрæг кæнын дæр нæу нæ бон, æгæрыстæмæй, не ‘ввахсдæр сыхæгтæ цы планетæйыл цæрынц, уый дæр.  Æмæ нын кæд æрдзæй ахæм зонд лæвæрд не ‘рцыд, уæд нæ цымыдис дæр цæй сæры у? Хуыздæр нæу нæ зæххон хъуыддæгтæм æркæсын æмæ æрбæстон кæнын?

 

БУЗНЫГ – АТОМОН БОМБÆЙÆН

Рагон, тынг рагон дуджы цæрæг адæймаг нæ зыдта, уартæ дард ран, зæхх æмæ арв кæм иу кæнынц, уый фæстæ ма цард кæй уыдзæнис, уый.  Æмæ йæ цæмæн хъуыдис йæ зонын дæр, кæд æмæ цы бынаты райгуырд, уым дæр ын фаг кодта, цæмæй цардаид, уый. О, цæрынæн æй цы хъуыд, уый йæ алыварс уыд. Уæдæ хылæмхиц кæй уыдис, уыцы фарст дæр скъуыддзаг кодта йæхирдыгонау: дардмæ, авд хохы сæрты цæмæн хъуамæ хызтаид æнæ машинæ, хæдтæхæг, денджызон науыл, кæд æмæ кæимæ фæхыл уыдаид, уыдон йæ фарсмæ уыдысты, уæд? Æмæ-иу иутæ акъорд сты – иугъуызон чи хъуыды кодта, уыдон, æмæ дын-иу иннæты, ома, æндæргъуызон чи хъуыды кодта, уыдоны ныхмæ куы рацæуиккой. Нæмæн, марæн фæрæзтимæ. Дыууæ  хылгæнæгæй иуæн нæ фæуæлахизуæвæн куыд нæй, афтæ уыцы къордтæй дæр чидæр хъуамæ фæуæлахиз уыдаид. Æмæ-иу чи фæуæлахиз, уый иу иннæйы йæ дæлбар бакодта, хъуамæ йæ коммæ кастаид, цы бакуыстаид, уымæй-иу ын радтаид.

Фæстæдæр фæзындысты паддзахадтæ, се ‘хсæн – арæнтæ. Фæлæ ма сæ арæнтæ дæр уромын райдыдтой. Раздæр æрмæстдæр – хылгæнæн, нæмæн фæрæзтæ чи уыдысты, уыдон цадæггай хызтысты тохгæнæн, лæгмарæн фæрæзтæм. Раздæр кæрæдзиимæ хыл кæм кодтой, кæрæдзийы кæм надтой, уыцы фæзуат рахызт тохы быдырмæ æмæ куыд уынæм, афтæмæй уыцы тохы быдыр карзæй-карздæр, æгъатырæй-æгъатырдæр кæны. Ахуыргæндтæ æнцад нæ бадынц, мысынц амæй-ай хъомысджындæр, куынæггæнæндæр хæцæнгæрзтæ. Ацы хъуыддаджы фылдæр цы бæстæйæн æнтысы, уый йæхи барджындæрæй хатыд нæ зæххыл. Æмæ бырста, цъист кодта æндæр адæмты, хæст сидтис æндæр бæстæтæн.

Фæлæ ралæууыд атомы дуг. Адæймаджы къухы бафтыд атомон хæцæнгарз. Йæ куынæггæнæг тых ын сфæлвæрдтой Амери-кæйы Иугонд Штаттæ Японийы. Атом йæхи æрмæст ахæм фыдбæллæхы нæ равдыста. Уымæн æгæрон у йæ лæггад сабыр цард аразыны дæр. Æмæ аразынц дунейы алы рæтты атомон электростанцтæ, адæмæн рухс, æнцонвадат цард хæсгæйæ…

Гъе, фæлæ ацы атомон хæцæнгарз! Бæрцæй цалдæр бæстæйы къухы бафтыд ацы хуыз хæцæнгарз саразын. Сæ фæфылдæр кæныны ныхмæ сты дунейы дзыллæйад, фæлæ уæддæр бирæ бæстæтæ сæ бицъынæг скъуынынц, цæмæй уыдон дæр суой атомон хæцæнгарзы хицау. Ацы æнæнцой дуджы бирæ хъомысджын бæстæты фæнды уый руаджы йæхи бахъахъхъæнын, гъе  та дзы спайда кæнын. Фæлæ ис дунеон бадзырд, цæмæй атомон хæцæнгарз дарддæр мауал апарахат уа, макæцыуал паддзахадты къухты бафта.

Уæдæ хорз у, æви æвзæр, Зæххы цъа-рыл атомон хæцæнгæрзтæ кæй уæвынц, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы – æвзæр. Фæлæ уым ис иу хорздзинад – атомон хæ-цæнгарз æгæрон тас хæссы Зæххы чъылдымыл цардæн. Уæд нал уыдзæн бæрæг æмæ аргъгæнæг – чи фæуæлахиз æмæ чи фембылд, уымæн. Уымæн æмæ иууылдæр суыдзыстæм амæттæгтæ. Гъе, æмæ ахæм стыр тасы бын кæй ис адæймагад, уый æвзæрын кæны стыр бæрндзинад дæр æмæ сæ рохты уромы хæстмондаг паддзахадтæн. Æмæ кæд уæддæр Зæххы цъарыл æндæр æмæ æндæр рæтты райтынг кæ-нынц, хæстон архайдтытæ атомон хæцæнгарзæй не спайда кæнгæйæ, уæддæр уромы, иуварс кæны ног дунеон хæст райтынг кæнын.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.