ÆНÆМБÆРСТ ФАРСТ

Цард тох у. Гарзджын тох нæ, фæлæ æрвылбонон фæллойадон архайды руаджы йæ сæрыл тох.  Уый фæтк, æгъдау у. Æрмæст адæймагæн нæ. Уд кæйдæриддæр æмæ цæйдæриддæр ис, змæлынхъом цыдæриддæр у, уыдонæй алкæмæн дæр. Ахæм тох кæнын та алкæмæн йæ бон не свæййы, æрдзæй лæмæгъдæр кæй рахæссы, хи хъахъхъæныны амæлттæй арæхстджынæй кæй нæ фæпайда кæны, фердæхтдзинад æм фаг кæй нæ разыны, уыдæтты æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ. Æмæ свæййы æндæрты амæттаг. Цæвиттон, бирæгъ фысты куы басуры, уæд дзы фыццаг кæуыл фæхæст вæййы? Кæй зæгъын æй хъæуы, лæмæгъдæрыл, рынчындæрыл – сæ нарддæры, сæрæндæрты сын куынæ февзары, мыййаг – æмæ æнæнизтæ аивæрзынц. Æнæниз фыс та æнæниз цот дæтты æмæ сæ мыггаг афтæ дарддæр цæуы.

Æрдз ахæм уагыл кæй æвзары цæрдхъомты, уый фадат дæтты Зæххыл уæвæгойты æнæниз цард ифтонг кæнынæн, цæмæй сæ ма баййафа, цы хуыз цæрæгойтæ æмæ зайæгойтæ фесæфтысты, скуынæг сты,  уыдоны æмбисонд.

Ацы хъуыддаджы адæймагæн йæ цардысконд æндæргъуызон у. Адæймаг адæмы ‘хсæн цæры. Адæм та бирæ, тынг бирæ сты. Æмæ уыдоны ‘хсæн дæр, хъыгагæн, куыннæ ис, гуырцæй лæмæгъ чи рахаста, низ рæстæгмæ кæнæ та æппæт йæ царды дæргъы йе ‘мбæлццон кæмæн ссис æмæ æдзух аудын кæуыл хъæуы, ахæмтæ. Ахæмтæм æрдзы æндæр уæвæгойты хъауджыдæр адæймæгты æхсæнады бынтон æндæр ахаст ис.  Уыдон алы паддзахадæн, алы адæймагæн дæр свæййынц сæ сæйраг аудинаг. Ахæмтæн арæзт цæуы æппæт дæр, цæмæй æхсæнады æнæниз уæнгтау æнæниз цардмæ раздæхой, уый кæмæн не ‘нтысы, уыдон та, гæнæн уæвгæйæ, кæной активон цард. Махæн уый фадат дæтты нæ зонд, не ‘мбарынад, æрдзы æндæр уæвæгойты хъауджыдæр.

Гъе, фæлæ… Æнæниз, сæрæн чи сты, сæ уæнгты царды тых фæйлауæнтæ кæмæн кæны, царды фидæны гæнах чи хъуамæ амайа, уыдоны та цæмæн батæрæм лæгæргæвдæнмæ – мидхæстытæм, паддзахæй паддзахады ‘хсæн хæстытæм, ду-неон  хæстытæм? Стæй дзы æрмæст ахæмтæ ссарынц сæ царды кæрон?

Афтæ æрдзы æндæр уæвæгойтæ нæ кæнынц.

 

АФÆДЗЫ ÆМÆ ЦАРДЫ АФОНТÆ

Ис афонтæ афæдзæн. Уыцы афонтыл мах рацæуæм цæргæйæ. Бавзарæм, банкъарæм сын сæ хæрзтæ, сæ цинтæ, фыдæй нын кæд исты æрхæссынц, уæд уыдон дæр. Кæрæдзийыл æнгом бастæй уалдзæджы цадæггай раивы сæрд, сæрды – фæззæг, фæззæджы – зымæг æмæ зымæджы та – уалдзæг.

Уæвгæй, афæдз хъуамæ райдаид уал-дзæджы райдианимæ, удæгас æрдзы цард ногæй змæлын, абухын куы райдайы. Фæлæ куыдфæнды ма уа –  ацы цыппар афоны ацыдимæ нæ цардæй ивгъуыдмæ ацæуы иу аз. Нæ кар та азтæй баргæйæ у æмæ нын лæвæрд цы бæрцыл азтæ ис, уыдонæй иу батонæм.

Алы азæн дæр йæ афонтæ æндæр афонтимæ иугъуызон сты. Æнгæс – сæ миниуджытæ æмæ сæ фæивын, гъе та сыл бандавын никæйы бон у. Цæвиттон, уалдзæджы миниуджытæй фæззæджы кæнæ иннæ афонты нæ фæхайджын кæндзынæ. О, уыдон нæ ивынц, фæлæ ивы адæймаг йæхæдæг, ивы æгас удæгас дуне: ивгъуыд азы ноггуырд рахызт йæ мады хъæбысæй æмæ ацы аз къахыл ауад; саби фестырдæр; æрыгон адæймаджы уæнгты фылдæр хъару бацыд; кардзыд фæзæронддæр…  Уыдæттимæ ивта йæ хъуыдыкæнынад, цардмæ йæ ахаст.

Уалдзæг, сæрд, фæззæг æмæ зымæг афæдзæн йæ афонтæ сты æмæ йын сæ ничи байсдзæн. Гъе, фæлæ ма ис цыппар афоны адæймаджы цардæн дæр. Уыдон дæр афтæ хуыйнынц, кæд сæ арæх нæ пайда кæнæм, уæддæр.

Царды уалдзæг, цардуалдзæг дæр ма йæ фæхонынц. Адæймагæн йæ царды райдиан. Мады хъарм хъæбыс, зæххы чъылдымыл фыццаг къахдзæфтæ, сабион хъæлдзæг, æнæмæт бонтæ, ахуыры æнæферохкæнинаг бонтæ. Уыдон сты адæймагæн йæ рагуалдзæджы азтæ, кæцыты, кæддæр сæм азты сæрты ракæсгæйæ, æнæрымысгæ нæ фæвæййы.

Дарддæр адæймаг бахизы йæ царды сæрды афонмæ. Афæдзæн йæ ацы афоны хурхæтæн вæййы æмæ ацы æмбарынад рахастой адæймаджы цардмæ дæр, ома ис йæ хурхæтæн кары. Афæдзы ацы афоны хур йæ тæккæ тынгыл вæййы. Хур та цас тыхджындæр уа, уыййас йæ быны цард тынгдæр æхсиды. Царды тыхæй байдзаг вæййы алы удæгас уæвæгойы буар дæр. Цард та тох кæй у, уымæ гæсгæ уыцы афоны уæлдай тынгдæр сытынг вæййы тох царды сæрыл.

Адæймаг дæр йæ царды хурхæтæныл сæмбæлы стыр ныфсимæ, уæнгты хъару æмæ зонды тыхимæ. Равзары йæ царды фæндаг æмæ йыл ныллæууы. Сбукъ вæййы йæхи цард аразыныл – равзары хай æнæуæрст адæмæй, фæзыны йын кæстæртæ æмæ кæддæр, йæ ныййарджытау, уый дæр кæстæрты раз фидын райдайы ныййарæджы хæс.

Адæймагæн йæ царды хурхæтæны сты йæ иууыл активондæр азтæ æмæ сæ пайда кæны, цæмæй йæ цард араза, тыхса йæ бинонтыл, царды раст фæндагыл æфтауа йæ кæстæрты, æххуысы къух фæдаргъ кæны æххуысхъуагмæ.

Хур скæсын æмæ хурхæтæныл йæ фæндаг  акæнын куыд зоны, афтæ ныгуылæнырдæм къул дæр авæййы. Æмæ адæймаг дæр акъул вæййы йæ царды фæззæджы ‘рдæм. Хурæн ацы афон йæ тых куыд къаддæр кæны, афтæ тайы адæймаджы уæнгты хъару дæр. Фæлæ Хур æнæвгъауæй йæ тæвд уды цæхæр сæрды æнæхъуаджы нæ лæвæрдта. Уый бындур æвæрдта фæззæджы бæркадæн. Гъе, фæлæ фæззæджы бæркад алы аз иугъуызон нæ рауайы. Адæмæй дæр алкæмæн йæ фæззæджы бæркад алы аз  иугъуызон нæ вæййы. Йæ царды хурхæтæны азты йæхи чи куыд сæрæндæрæй равдыста йæхи, йæ бинонты, йæ хиуæтты хæрзиуæгæн йæ царды бонтæ чи нывонд кодта, уыдонæн, гъай-гъайдæр, бæркадджындæр уыдзæн сæ царды фæззæджы тыллæг.

Æмæ, æппынфæстаг, æрбалæууы адæймагæн йæ царды зымæг. Афæдзы зымæгтыл бирæтæ фылдæр хæттыты сæмбæлынц, бирæтæ та – къаддæр хæттыты. Кæмæн бантысы йæ царды зымæгыл сæмбæлын, уый йын йæ бонтæ рацæры. Ам дæр иутæ фылдæр бонтæ рацæрынц, æндæртæ – къаддæр. Фæлæ дзы цасфæнды ма рацæрай, уæддæр фæвæййынц йæ бонтæ.

Афæдзæн æрбалæууы йæ ног уалдзæг, адæймагæн нал раздæхы ногæй йæ цардуалдзæг

Ахæм у сæ хъысмæт домбайæн, цæргæсæн бæласæн… алкæмæндæр, алкæмæндæр.

 

КÆДÆМ НÆ ТÆРЫ НÆ ЗОНД?

Махмæ тар æхсæвы арвы гуыбынæй мингай стъалытæ ныкъулгæйæ кæсынц æмæ нын æмбарын кæнынц, а-дун-ду-нейы иунæг кæй не стæм мах, бæлвырддæрæй та нæ Зæхх – дунесконды бирæ, бирæнымæц бинонты уæнгтæй сæ иу кæй у. Уый – Зæхх. Зæххыл та мах цæрæм æмæ нæ бон цы у, нæ Зæххы бирæ бирæ «сыхæгтæм» нæ фæйнæ дыууæ цæстæй, афтæ ма абсерваторийы дардмæуынаг цæстæй сæм скæсынæй дарддæр?

Адæймаг, цæй тынг дæ фæнды нæ алыварс æгæрон космикон тыгъдады дæ «сыхæгты» базонын! Цæй тынг дæ фæнды Мæйæн йæ талынг фарсмæ бахизын, дæ мобилон телефонæй дзы дæ развæндаг уæддæр барухс кæнын æмæ базонын, цыдзы ис уым та!  Куыд тынг дæ фæнды нæ æввахсдæр планетæ Бонвæрнонмæ батæхын, атезгъо йыл кæнын! Куыд тынг дæ фæнды, æууæндын, зарæджы куыд зарынц, афтæ, цæмæй Марсыл фæткъуыбæлæстæ дидинæг калой! Куыд дæ фæнды, цæмæй нæм арвæй цы мин-мин стъалытæ худынц, уыдонæй искæуыл ссарæм цард!

Адæймаджы зонд арæнтæ нæ зоны. Цы йæ фæнды сæххæст кæнын, йæ бæллиц цы у, уымæ йæ бицъынæг скъуыны. Фæлæ цас егъау у йæ зонды тых! Куыд базонæм, æхсæвыгон нæм сæ рухс дард, дард кæцæйдæр чи æрвитынц, уыдон куыд уæвынц, кæд сæ искæцыйыл цард ис – уымæн та æнæуæвæн нæ уыдзæн – уæд сæ цардуаг куыд аразынц? Ахæм зонды тых дунескæнæгæй, æвæццæгæн, адæймагæн лæвæрд нæу, мах та йын йæ рохтыл æрбахæцын нæ зонæм. Æмæ уыцы  зонды тых дун-дунейæ цыдæртæ базонынмæ куыд аразæм, афтæ йæ аразæм нæхи ‘рдæм дæр, нæ цард рогдæр, æнцондæр кæнынмæ. Фæлæ цы аргъæй? Нæ царддæттæг Зæххы хъæздыгдзинæдтыл хæлæф кæнæм, растдæр зæгъгæйæ та, хæлæф кæнынц, чи сæм ивæрзынц, уыдон. Æмæ сæ дзыппыты дымсынц. Раздæр кæд миллионерты бæрцыл дис кодтам, уæд ныр размæ рацыдысты миллиардертæ, мультимиллиардертæ…

Ихсыйы нæ Зæхх, цæнкуылтæ йæ кæнæм, цыма нæ фæстагæттæ не знæгтæ сты æмæ сын рынчын, уæззау рынчын Зæхх хъуамæ ныууадзæм.

Мах цымыдис кæнæм дун-дунейы скондмæ – тæхæм космосмæ, æрбадтыстæм Мæйы уæлцъарыл, космикон аппараттæ æрвитæм æввахсдæр планетæтæ Бонвæрнон æмæ Марсмæ… Фæлæ нæ, хъыгагæн, цæмæдæр гæсгæ тынг нæ цымыдис кæны, цард нæ Зæххыл дарддæр куыд уыдзæн, уый. Абон нæхиуыл аудæм, хæрзвадат цард аразæм нæхицæн, фæлæ тынг нæ хъуыды кæнæм, нæ фæстагæттæн бынæн цы уадзæм, ууыл.

Стæй æрмæст нæ фæстагæттæн нæ – æгас удæгас æрдзæн нæ Зæххы уæлцъарыл.

 

БÆРЦ ЗОНЫН ХЪÆУЫ

Зæгъынц, зæгъгæ, алцæмæндæр базонæн ис кæрæдзимæ абарыны руаджы. Хорзы нæ базондзынæ, æвзæр цы у, уый куынæ зонай, уæд, рæсугъд дзаумайæн не саргъ кæндзынæ, фыдуынд дæ цæстытыл куынæ ауайа, уæд… Æмæ афтæмæй иу цыдæр абарæм æндæр цæйдæримæ. Æгæрыстæмæй, ахæццæ вæййæм стъалытæм дæр. Уый, æвæццæгæн, æнæхъуаджы нæу. Стъалы дард у, тынг дард æмæ нæм чысыл тæппытæй дæр уымæн зыны. Æмæ кæд ахæм дард у, уæддæр нæм æрттивы йæ рухс, хæццæ нæм æй кæны. Рухс кæнын та рухсдзинад хæссын у. Уæдæ æнæхъуаджы нæ абарæм стыр гоймæгты стъалытимæ. Уый нæ, фæлæ ма ахæм адæймæгтæ адæмæн сæхи цы фадгуыты базонын кæнынц, уыцы фадгуытæм гæсгæ адихтæ кæнынц арвæн йæхи дæр æмæ фæдзурæм, цæвиттон: поэзийы арвыл цæхæртæ калы уыцы æмæ уыцы поэты стъалы. Афтæ зонады, аи-вады æмæ æмæ æндæр къабæзты дæр.

Алы фадыджы арвыл дæр йæхи стъалытæ ис, кæцытæ, æцæгæйдæр, калынц цæхæр æмæ сын куыд арвыл, афтæ адæмы зæрдæты дæр ахуыссæн нæй. Уыдон рухс кæнынц адæмæн сæ зæрдæты, царды – сæ фæндæгты æмæ сæ хонынц бæрзæндтæм, фарны хъуыддæгтæм.

Уыдон стъалытæ сты, фæлæ сæ рухсы тых уæддæр иугъуызон нæ вæййы. Кæмæн сæ йе ‘рттывд тыхджындæр у, кæмæн – лæмæгъдæр. Гъе, фæлæ уæддæр стъалытыл нымад сты.

Уыдонæн – кад. Фæлæ рауайы афтæ æмæ уыцы æндæр æмæ æндæр æрвты кæрæттæй сзынынц æмæ сæ тыгъдадмæ схизынц, стъалы суæвын тынг кæй фæнды, фæлæ уыцы тых  кæмæ нæй, ахæмтæ дæр. Рацæуы рæстæг, фæлæ дзы бирæтæн дзæвгар суайын нæ бантысы, афтæмæй ахуыссынц, афтæмæй та нын сæ стыр ныфс февæрынц.

Вæййы ма афтæ дæр æмæ бирæтæн се стъалы арвы бæрæг бæрзæндмæ схизы. Æмæ дзы чидæртæ фæтагъд кæнынц, цæмæй сæ стыр, ома «великий» рахоной, гъе, та легендарон, æппынфæстаг, гени дæр. Разынынц ахæмтæ дæр, уыцы нæмттæй сæм чи бадзуры, кæнæ та сæ сæ мæлæты фæстæ ахæм номы аккаг чи скæны. Ахæм ныхæстæ фылдæр се ‘ввахс хæлæрттæ, хиуæттæй фæцæуынц, уымæн æмæ сын сæ зæгъын цæст фæуарзы, гъе та сын се сфæлдыстад, сæ архайдимæ рæстмæ зонгæ чи нæ вæййынц, кæнæ та сын аргъ кæнын сæ бон кæмæн нæу, ахæмтæ.

Афтæмæй æцæг легендарон, генион адæймаджы фарсмæ авæрæм, ахæм номы аккаг чи нæу, ахæмты. Æмæ сæ сбирæ кæнæм. Йæ рæстæджы, дам, Пушкин афтæ загъта: æз – гени, Лермонтов – гени. Æгæр бирæ, зæгъгæ, не стæм?

Бæрцбарæнæй пайда кæнгæйæ, бæрц зонын хъæуы.

                                                                                         БИАЗЫРТЫ   Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.