ЦАРДЫ НЫСАН – РАЗÆНГАРДГÆНÆГ, ÆНГОМГÆНÆГ

Алкæмæндæр йæ царды цавæрдæр бæллиц ис. Ис ын, цæмæ тырна, цæмæ бæлла, уый. Æмæ йæм алчидæр фæцæуы, къадзæф къахдзæфы фæстæ аразгæйæ – чи сындæггай, чи та – тагъддæр. Уыцы нысанмæ куы бахæццæ вæййы, уæд йæ фæстæ кæмдæр дард ран суыны ног нысан æмæ та йæ фæндаг адары уырдæм. Уыцы нысаны фæстæ та – æндæр нысан æмæ афтæ дарддæр.

Царды йæ нысæнттæ бирæ вæййынц адæймагæн. Уыдонæй ис сæйрагдæртæ æмæ стыр нысаниуæг кæмæн нæй, фæлæ хъæуæг чи сты, ахæмтæ дæр. Афтæ уыцы нысæнттæм цæугæйæ, къухты сæ æфтын кæнгæйæ, махæй махæй алчидæр цæуы йæ царды фæндагыл æмæ нæ разæнгард кæнынц хуыздæр фидæнмæ. Алкæмæн дæр йæ царды нысæнттæ йæхи сты, йæ царды фæндаг йæхи куыд у, афтæ.

Ис иумæйаг нысæнттæ сæ царды дыууæ кæнæ цалдæр адæймагæн. Ахæмтæ вæййынц æмбæлттæ, æмгæрттæ, хæлæрттæ æмæ иу кæнынц, сæ зæрдæтæм æввахс цы хъуыддæгтæ лæууынц, цы хъуыддæгты лæуд сты, уыдон. Цæвиттон, сывæллæттæн сæ иумæйаг нысан æнцонæй свæййынц сæ уарзон хъæзтытæ, фæаргъ кæнынц кæрæдзийæн. Ахуырдзау фæсивæдæн сæ иумæйаг нысан свæййы скъолайы, стæй професси кæм райсой, ахæм ахуыргæнæндоны сахуыр кæнын. Æмæ кæд уыцы рæстæг тагъд азгъоры, кæрæдзийæ фæхицæнтæ вæййынц, уæддæр цæрæнбонтæм æхцон мысинагæй баззайы сæ зæрдæты, кæимæ ахуыр кодтой, уыдоны фæлгæндзтæ нæ рох кæнынц хъуыдыйæ. Уымæн æмæ сæ иу нысан баста кæрæдзийыл.

Иумæйаг нысæнттæ ис хицæн адæмтæн, хицæн паддзахадтæн дæр. Уыцы нысæнттæм фæдфæдылонæй цы адæмтæ, паддзахадтæ цæуынц, сæ национ, паддзахадон фарстатæ æнтыстджындæрæй кæм чи скъуыддзаг кæнынц, уыдоны хъуыддæгтæ рæвдздæр цæуынц. Ам паддзахады дæр архайы йæ адæмы зондахаст сæ иумæйаг нысæнттæ къухты бафтын кæнынмæ аздахыныл, уымæ сæ разæнгард кæныныл. Цæвиттон, Гитлер æппæт немыцаг адæмы архайд, сæ хъуыды аздæхта иу нысанмæ – Советон Цæдисы басæттынмæ. Советон Цæдисы адæмтæн та сæ сæйраг нысан ссис Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын., фашизмы ныддæрæн кæнын. Уыцы нысан сæ ноджы тынгдæр сæнгом кодта æмæ Уæлахиз сæ къухты бафтыд.

Советон цардæвæрды фæивдимæ тынг фæивтой адæймагæй адæймаджы ‘хсæн ахастытæ дæр. Тынгдæр згъæлын райдыдтой нæ фыдæлты царды бындуртæ. Уыцы бынджуртæ, кæцытæ фидар лæууыдысты æнусты дæргъы. Æмæ ам дæр йæ сæйраг аххосаг у, æгæрыстæмæй бинонтæн дæр цардмæ иугъуызон ахаст кæй нал ис, сæ цардвæндагыл иу нысанмæ кæй нал цæуынц, уый. Нæ фыдæлтæм афтæ нæ уыд. Бинонтæн, хъæубæстæн сæ нысан уыд æнгом цæрын, кæрæдзийæн æххуыс кæнын, хистæрæн, сылгоймагæн аргъ кæнын, кæстæрыл аудын æмæ æндæр ахæмтæ. Уыдон удварнмæ хауæг миниуджытæ сты. Куыст царды фæрæз кæй у, уымæ гæсгæ бинонтæ сæ царды нысан уыдтой царды амæлттæ кæнын – фосы, зæххы куыст кæнын, цæмæй æххормаг ма æййафой, сæ буар пысулæй æмбæрзт уа. Сылгоймагæй, нæлгоймагæй уыдысты уæззау куысты ифтыгъд. Кусын, архайайын, царды сæрыл æрвылбон тох кæнын – уый уыд сæ царды æввахс нысан дæр æмæ дард нысан дæр. Уыцы нысан уыд сæ иугæнæг, æнгомæгæнæг. Ахæм цардыл кæстæр ахуыр кодта йæ хистæртæм кæсгæйæ æмæ-иу йæ кары куы бацыд, уæд йæхæдæг ссис хæдзардарæг, бинонтæ хицау.

Абоны бинонтæ ахæм нал сты.  Иумæ нал кæсынц сæ сомбонмæ, нал сын ис царды иу нысан. Кæстæртæ иу хъуыддаджы лæуд нал вæййынц, райсынц æндæр æмæ æндæр дæсныйæдтæ, ссарынц сæ амæндтæ дæр æмæ сæхи царды аныгъуылынц, арæх сæ нал равдæлы, кæнæ та сæ бынтондæр нал равдæлы йæ ныййарджытæм, йæ мадызæнæгтæм. Царды йæ нысæнттæ фæивынц. Хъыгагæн, ус ракургæйæ, чындзы ацæугæйæ дæр бирæтæн сæ нысæнттæ, сæ бæллицтæ не сиу вæййынц, сæ иумæйаг царды не суынынц сæ иумæйаг нысæнттæ æмæ ахицæн вæййынц.

 

РАКÆНД ФЫДРАКÆНДМÆ КУЫ РАХИЗЫ

Рæдийын чин æ зоны, ахæм адæймаджы Дунескæнæг нæма сфæлдыста. Алчидæр рæдийы. Гъе, фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис æмæ алчи йæ рæдыдыл нæ сæтты. Иутæ æнцонæй басæттынц куыд сæ намысы раз, афтæ адæмы æмæ Дунескæнæджы раз дæр. Æмæ фæархайынц ахæм рæдыд дарддæр сæ царды мауал сфæлхатт кæныныл. Æндæртæ сæ ракæндыл басæттынц сæ намысы раз æмæ сæхицæн сæхи нымæры фæдзурынц, «О, раст нæ бакодтон», зæгъгæ. Басæттынц ыл Дунескæнæджы раз дæр æмæ йæм скувынц, мæ рæдыд мын ныххатыр кæн, зæгъгæ. Фæлæ адæмы раз нæ æмæ нæ сæттынц æмæ сын уырнын кæнынц, раст кæй не сты, уый. Кæд рæдыд чысыл вæййы, уæд бирæты сæ рæстдзинад бауырны, кæд стыр рæдыд вæййы, уæд та кæй бауырна, ахæмтæ стæмтæ разындзæн.

Не ‘хсæн, æгæрыстæмæй, разынынц ахæмтæ дæр æмæ сæ фыдракæндты тыххæй тæрхоны раз куы æрлæууынц, уæд дæр нæ æмæ нæ фæсæттынц, сæ къæхтæ ныццæвынц, æз, дам, зылынджын нæ дæн. Фæлæ йын йæ фыдракæндты куы рабæрæг кæнынц, уæд сæргуыбырæй бахизы ахæстоны къæсæрæй.

Алы ракæндæн дæр дзуапп дæттын хъæуы. Цæвиттон, чысыл ракæнды тыххæй æмбæлы хатыр ракурын, стырдæр ракæнды тыххæй кæнынц ивар, кæд материалон зиан ракодта (æмæ моралон зиан дæр), уæд ын сæ баххæст кæнын кæнынц. Ракæнд фыдракæндмæ куы рахизы, уæд та аххосджын баййафы уголовон æфхæрд. Фыдракæнд куыд стырдæр, уæззаудæр уа, уыййас ахæстоны фæбадыны æмгъуыд – фылдæр.

Уый адæмы, æхсæнады, расттæрхонады ‘рдыгæй райсы ахæм æфхæрд. Цахæм вахæмæн йæ аххсо йæ намысы раз та? Æмæ алчидæр цæмæн фæкувы Дунескæнæгмæ, цæмæй йын йæ рæдыдтытæ ныббара, йæ тæригъæдтæй йæ суæгъд кæна? Алкæмæн йæ рæдыдтытæ, йæ фыдракæндтæ куы хатыр кæна, уæд дзы цы рауайдзæн? Бирæтæн уый зондзонæн уыдзæнис æви ноджы тынгдæр сронбæгъд уыдзысты? Хуыздæр нæу рæдыдтытæй, фыдракæндтæй хи хизын æмæ кæм уæвæм, уыцы æхсæнадимæ, æрдзимæ гормонийы цæрын?

Хъыгагæн, нæу æмæ нæ царды афтæ бирæ тæригъæдтæ дæр уымæн цæуы.

 

ÆРТХОС ÆМÆ НЫХАС

Æртхос. Спичкæ.  Мингай азты дæргъы йæ хуыз ивгæйæ, абон нæ къухмæ райсæм спичкæты къопп. Йæ мидæг уыдон тхуыссынц кæрæдзийы фарсмæ æмæ сæ алчидæр æнхъæлмæ кæсы, кæд æй сисдзыстæм æмæ дзы арт кæд райгуырын кæндзыстæм. Раст у, ис ма арт райгуырын кæнынæн ноджы нырыккондæр фæрæзтæ, – æнæ электроны тых, æнæ æртаг уыдон нæ судзынц æмæ спичкæйы никуы баивдзысты. Райдианы нæ арт уазал рæстæджы хи батавыны тыххæй хъуыд. Фæстæдæр, фых хæринæгтæ рахизгæйæ, арты, стæй артыл фыцын райдыдтам алыгъуызон хæринæгтæ. Абон мах спичкæйы руаджы арт бандзарæм нæ суджы пецты, ссудзæм маг азы пецты, æмæ нæ царды уавæртæ уымæй зынгæ рогдæр кæнынц. Уазал рæстæджы хъармдзинад æнкъары нæ организм куыд æдтейæ, афтæ мидæгæй дæр – хъар уæлдæф улæфгæйæ æмæ хъарм хæринаг хæргæйæ.

О, хъармдзинад æмбæлон цардæн ахсджиаг уавæр у, куыд уæлдæф, дон, хæлц. Уазалæн сырдтæ фæразынц, фæлæ адæймаг – нæ. Æмæ нын уыцы хъармдзинад райгуырын кæны спичкæ.

Чысыл у йæ ас спичкæйæн, йæхæдæг цы хъарм дæтты, уый дæр афтæ, фæлæ йæ тых стыр у. Йæ бон у æнæхъæн горæты хæдзæрттæм, адæм кæм кусынц, уыцы бæстыхæйттæм хъæрмаддæттæг пецы ссудзын кæна æмæ хъарм зымæг æрвитой йæ цæрджытæ. Афтæ иннæрдæм дæр. Иу спичкæйæн, фыдгæнæджы къухмæ бахаугæйæ, йæ бон у æгас хъæдыл арт бафтауа, ракæна æндæр стыр зиæнттæ æмæ адæймагæн йæ бон ма суа йæ ныхмæ æрлæууын.

Алцæмæн дæр арæнтæ, фæлгæттæ ис. Æмæ адæймаг аразы афтæ, цæмæй нын спичкæ цы хъæрмад райгуырын кæны, уый æмбæлон уа нæ буар, нæ организмæн. Ацы уавæр хынцы, æгæрыстæмæй, дардæй нæм йæ рухс æмæ хъарм чи æрвиты, уыцы Хур дæр. Цы хъарм нæм æрвиты иууыл тæвд бонты дæр, уымæн фæразæм, тæссаг нæу нæ цардæн. Афтæ фæразæм, Хурæй куы фæцух вæййæм æмæ карз уазæлттæ куы ‘рбалæууынц, уæд уыдонæн дæр.

Гъе, фæлæ æппæтхъомысджын Хур æмæ чысыл спичкæ дæр адæймагæн хъарм кæнынц æрмæстдæр йæ буар, йæ организмы, афтæмæй ма уымæн ис уд дæр. Æнкъараг чи у æмæ  æвзæр æнкъарын. Æмæ алчидæр хъуамæ уарза йæ уды, ауда йыл, май æ æфхæра Æндæр адæймагмæ ахасты дæр хæсджын стæм, цæмæй искæмæн йæ уд, йæ зæрдæйы ма риссын кæнæм ныхасæй дæр æмæ архайдæй дæр. Ныхас расайы алцыдæр æмæ аразæм афтæ, уый здæхт уа, цæмæй искæмæн йæ уды схъарм кæнынмæ хъæнæй ма кæна, фæлæ йыл тайгæ царвау.

 

СЫВÆЛЛОН БАМБÆРСТА, МАД – НÆМА

Мад йæ сывæллоны скъолайæ ракæны, йæ къухыл ын хæцы, афтæмæй. Æрбахæццæ сты уынджы иу фарсæй иннæ фарсмæ ахизæн бынатмæ. Светофоры сыгъд сырх рухс, фæлæ мад фæйнæрдæм акæстытæ кодта æмæ стæй машинæтæй дарддæр змæлæг куынæ уыд, уæд сывæллоны къухыл ахæцыд размæ, ахизæм, зæгъгæ. Сывæллон йæ къæхтæ ныццавта, нырма цъæх рухс кæй не ссыгъд æмæ ахизыны бар кæй нæй. Мад дæр бакаст йæ коммæ æмæ цъæх рухс куы ссыгъд, уæд сабыргай æдыхстæй ахызтысты.

Саби, дарддæр тротуары йæ мады къухыл хæцгæйæ, цыд æмæ мадæн дзырдта, скъолайы сæ ахуыргæнæг кæй фæфæдзæхсы, цæмæй уынгæн иу  фарсæй иннæ фарсмæ хизой æрмæстдæр цъæх рухсы бын.

Сывæллон æмбары, сырх рухсы бын хизæн кæй нæй. Мад æй нæма бамбæрста…

ЦЫМЫДИС

Алчидæр нæ йæ царды цæмæдæрты цымыдис кæны. Алы æвзонг адæймаг дæр фæцымыдис кæны, цард цахæм уыдзæн дæс, ссæдз азы, æрдæг æнусы фæстæ æмæ дзы йæ бынат цахæм уыдзæн. Фæцымыдис кæнæм æндæр адæймæгты цардмæ, боныгъæд сом, гъе та æввахсдæр бонты цахæм уыдзæн, цы байтыдтам, уымæн йæ тыххæг цахæм рауайдзæн, цымыдис кæнæм дунескондмæ æмæ космикон наутæ æрвитæм æрвон тыгъдадмæ; нæ алыварс æрдзы цы буарадтæ ис, уыдонмæ æмæ сæ иртасæм, дих сæ кæнæм молекулæтыл, атомтыл, атомты – протонтыл, нейронтыл, электронтыл, цæмæй сын се сконд, сæ миниуджытæ базонæм; цымыдис кæнæм нæхи организмы вазыгджын скондмæ æмæ йæ иртасæм –  бирæ ахуыргæндтæ сæ цард снывонд кодтой æмæ нывонд кæнынц уыцы æмæ æндæр цымыдисон хъуыддæгтæ фæлгъауынæн. Цæмæй сæ базонæ æмæ нæм цымыдис мауал æвзæрын кæной, стæй та райдайæм цымыдис кæнын æндæр цæмæдæртæм.

Уыдæттæ, алчидæр кæмæ цымыдис кæны, ахæмтæ сты. Ис, хицæн адæймаг æрмæстдæр йæхæдæг кæмæ цымыдис кæны, ахæмтæ дæр. Цæвиттон, изæры йæ уаты куы æрæнцайы, уæд бацымыдис кæны, райсомæй йæ куыстыл куыд баифтонг уыдзæн – фæкъуылымпы уыдзæн æви æнтыст йæ къухты бафтдзæн; цæмæ æнхъæлмæ кæсы хорзæй, уый йыл æрцæудзæн, æви фыдæнхъæл фæуыдзæн; йæ кæстæр, ерысты хайад рамбулдзæн, æви нæ… Уыдæттæм æрмæст цымыдис нæ фæкæны, фæлæ ма фæкæны тыхсгæ дæр.

Ис хицæн адæймæгты къорд, æгæрыстæмæй æгас æхсæнады  уæнгтæ дæр, кæцытæн сæ цымыдис здæхт у иу хъуыддагмæ. Иу хъуыддаджы лæуд ахуыргæндтæн цымыдис кæнынц, сæ зонадон, иртасæн архайдæн йæ фæстиуæг цахæм уыдзæн, уымæ. Мах, æгас бæстæйы æвзарджытæ, æвзæрстыты хъæлæс ратгæйæ, тынг фæцымыдис кæнæм, цахæм уыдзысты сæ фæстиуджытæ, уымæ.

Цымыс кæнын адæймагæн æрдзон у. фæлæ алчи иугъуызон нæ цымыдис кæны. Ис ахæмтæ æмæ алцæмæ дæр цымыдис кæнынц, æгæрыстæмæй сыхы иннæ кæрон дыууæ æвдæлон сылгоймаджы цæуыл дзырдтой, уый дæр. Уый хорз миниуæг нæу æмæ адæймагæн ном нæ кæны. Æндæрты цымыдис кæны, сæ цардмæ, сæ хиуæттæ, алфæмблай дунейы фæзындтытæтæм цы хауы, уыдæттæ. Ис ма ахæмтæ, кæцытæ сæ царды, зæгъæн ис, бирæ ницæмæ цымыдис кæны. Ахæм цард дæр цымыдисон нæу.

 

ЛÆППУ ХЪАЗЫД… МАШИНÆЙÆ

О, цытæ нæ кодта æрыгон лæппу ног, рæсугъд рог машинæйæн! Уæрæх фæз бынат ын къуындæг разынд. Йæ иу кæрон-иу æй ныррыхын кодта æмæ-иу йæ мидбынатæй феггуырст, йæ фæстæ сау фæздæг суадзгæйæ. Къуыппытæ-дзыхъхъытæ не ‘взаргæйæ-иу иннæ кæрон балæууыд, цæхгæр-иу æй ныззылдта æмæ та – фæстæмæ. Фæзбынат тымбылæггонд кæй уыдис, уымæ гæсгæ-иу æй йæ кæрæтты дæр атардта. Лæппу куы афæлмæцыд ахæм бынаты йæ ратæр-батæр кæнынæй, уæд æй нæудзармыл фæцарæзта, къулбынаты сæрмæ цы фæндаг цыдис, уыцырдæм. Райдианы машинæ уынæргæ иудзæвгар суад, стæй æрлæууыд, кæд цæрхытæ зылдысты, уæддæр. Лæппу йæ бон куы базыдта, фæндагмæ не сивæрздзæн машинæ, уæд æй фæстæмæ рауагъта æмæ фæзмæ æртылд. Фæлæ ууыл не ‘рлæууыд. Æмæ йæ раскъæрдта стыр тыгъдадæй, фæхæрд та йæ кодта æмæ кæд фыццаг бафæлвæрдæй уæлдæр ссыд, уæддæр фæндагмæ нæ сæфтыд.

Ноджы ма цалдæр бафæлвæрды – фæлæ нæй æмæ нæй! Æмæ  смæсты лæппу. Йæ къахæй йæ цæвгæ дæр бакодта. Фæлæ цæуыл мæсты кодта?

Машинæйæн йæ бон цы у, уымæй дзы фылдæр цæмæн домы? Цæмæн æй æфхæры. Ууыл фæлварæнтæ, цалынмæ ахæм машинæтæ уадзын нæ райдыдтой, уæдмæ фæлтæрд фæлварджытæ арæзтой. Æмæ дзы иу æрхауд ацы лæппумæ дæр. Йæ фыд ын æй балхæдта. Хъæздыг лæг у. ацы лæппу фæлварæг нæу, машинæйæн йæхи нæ, фæлæ йе скъæрын дæр рæстмæ нæ зоны. Уый дзы кæны хъазгæ, афтæмæй хъазæн нæу, нæй дзы хъазæн. Æмæ кæд бамбардзæнис, хъазæн кæй нæу, кæй у æрмæстдæр иу ранæй иннæ ранмæ цæуыны фæрæз. Цалынмæ йæ æмбара, уæдмæ, мыййаг куы байрæджы уа…

БИАЗЫРТЫ Роланд

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.