ДЫУУÆ ЗИАНЫ

Дыууæ адæймаджы афæндараст кодтой сæ фæстаг фæндагыл. Сæ дыууæ дæр – ацæргæтæ. Сæ иу – зындгонд, адæмæн уарзон артист, иннæ – адæмæй ницæмæй хицæн кодта. Артистæн йæ хæрнæгмæ æрцыд бæрцыл адæм, иннæмæн та зæххæн æмуæз кодтой. Зæгъдзыстут, уæд цæмæн? Артистæн йæ зæнæг адæмæй ницæмæй хицæн кæнынц. Иннæмæн та сæ иуæй иннæ стырдæр бынæттæ ахсынц. Адæм сæм уæлæмæ кæсынц, чи – сæ цард сын фæхуыздæр кæныны тыххæй, чи та – æнхъæлы. Адæм та бирæ сты æмæ се ‘хсæн куыннæ разынд ахæмтæ, кæцыты бафæндыд зианджынтæн «балæггад» кæнын. Æмæ сбирæ сты сæ мадæн «лæггадгæнджытæ», кæд æй сæ цæстæй уынгтæ дæр никуы фæкодтой, уæддæр.

Артист та цы? Уый хъуыддæгтæ нæ арæзта искæмæн, йæхи царды хъуыддæгтыл дæр не ‘ххæссыд, йæ куыст та уыцырдæм здæхт нæ уыд. Йæ бон цы уыд, уый – адæмæн æхцондзинад хæссын сценæйыл йæ хъазтæй. Ныр сын нал хъæлдзæг кæндзæн сæ зæрдæты æмæ йын нал æмдзæгъд кæндзысты. Йæ мæлæт уыдонæй алкæмæн дæр, æнæмæнг, зын уыдаид, æмæ æмбæлд йæ æнусон бынатмæ уый афæндараст кæнын, фæлæ стæмтæй дарддæр уымæ никæйы равдæлдис…

Махæн нæ абоны царды цыдæр нæ зæрдæмæ куынæ фæцæуы, уæд бацымыдис кæнæм, алæ-ма, раздæр та куыд уыдис? Æмæ уæдæ марды æгъдæуттæ куыд уыдысты, уый нырма дæр хорз дарынц сæ зæрдыл нæ хистæр фæлтæр. Уæд адæм зианмæ цыдысты, цæмæй зианыл фæмаст, фæхъынцъым кодтаиккой æмæ зианджынæн та йæ фарсмæ балæууыдаиккой – йæ маст ын адих кодтаиккой, марды кæндтæ кæныны йын баххуыс кодтаиккой, сæ бон цæмæй уыд, уымæй. Абон та адæм, сæйраджыдæр, фæхъынцъым кæнынц зианджынæн йæхиуыл, йæ æввахс адæймаг кæй фæзиан, уый тыххæй. Абон мах хатт айрох кæнæм, фæстаг лæггад кæмæн хъæуы, кæмæ æмбæлы, уыцы зианы æмæ атагъд кæнæм æндæр зианмæ…

 

ДЗЫРДАРÆХСТ, ХЪУЫДДАГОН, ДЗЫРДДЗÆУГÆ…

Алчидæр йæ хъуыды æндæрæн бамбарын кæнынæн, хъуыддагмæ йæ сразæнгард кæныны нысанæн йæхи фæрæзтæй пайда кæны. иуты фæфæнды, уавæртæ нæ хынцгæйæ, æнтыст, уæлахиз тагъддæр йæ къухты бафта. Æндæртæ цалынмæ хъуыддаг аразынмæ æрæвналынц, уæдмæ йыл ахъуыды кæнынц, алы ‘рдæм дæр абарынц.

Цы хицæн кæны иуты иннæтæй? Фыццæгтæ фылдæр хатт вæййынц дзырдарæхст, фæлæ сæ ныхасы фæстиуæгыл бæстон нæ ахъуыды кæнынц æмæ сын хорз нæ рауайы. Фæлæ дзырдарæхстæн уæддæр бантысы æндæртыл бандавын. Уыцы миниуæг сабиты ‘хсæн дæр ис. Уадз, тыхджындæр ма уæт, уæддæр дзырдарæхстдæр саби йæ фæдыл акæны æндæр сабиты, æгæрыстæмæй, йæхицæй тыхджындæрты дæр. Æмæ, зæгъгæ, цы хъуыддаджы фæдыл сæ кодта, уый нæ рауад, исты тас фæзынд, уæд иннæты разæй ныййарц вæййы.

Уæдæ хистæр кары адæм дæр сабидугæй рацæугæ сты æмæ ацы миниуæгæй хайджын чи фесты, уыдон æй сæ царды фæндагыл кæмдæр кæм ныууагътаиккой. Бирæтæ сæ дзырдарæхсты фæдыл афтæ адзæгъæл вæййынц æмæ хъуыддаджы сæ бон равдисын ницыуал бавæййы. Ахæмты адæм тагъд рахатынц, рæнхъон адæймаг уа æви бæрзонд бынаты бадæг, æмæ сыл нал феууæндынц.

Æндæртæ та æдзух хъуыддаджы лæуд сты, æдзух архайды сты, фæлæ сын хуыцау мæлгъæвзаг нæ радта. Ахæмтæн зын вæййы, цы сты, уый æндæрты размæ рахæссын, фæлæ уæддæр, куыд фæзæгъынц, адæмы цæст уынаг у, кæд дзы алкæйы не суынынц, уæддæр.

Нæй сыгъдæг дзырдарæхст адæймаг, куыд нæй æрмæст хъуыддагон адæймаг. Иумæ дзы иннæйы миниуæг цасдæрбæрцæй ис.

Æмбæлон бæрцтæй кæмæ сты, уыдон свæййынц æндæртæн кады аккаг, уæлдай аргъ сын фæкæнынц æмæ сæ фæхонынц дзырддзæугæ адæймæгтæ. Ахæмтæн ис сæ ныхæстыл æууæндæн, йæ бар ын бакæнай дæ хъысмæт…

 

ХÆСТ ÆМÆ ХÆСТОН

Адæймаг царды йæхицæн æмæ æндæртæн дæр хорз аразынмæ куыд æмхиц у, афтæ – æвзæр аразынмæ дæр. Хорз аразын æмбæрстгонд у – цæмæй цард рæсугъддæр, мидисджындæр кæна, фæлæ æвзæр аразын та цæмæн бахъæуы, куы зонай дæ цард йæ уагыл нæ ацæудзæн, æндæртæн маст кæй хæсдзынæ? Æвзæргæнæг æмбары, æвзæр кæй аразы, фæлæ йæ уæддæр аразы – сдымы хъылма, саразы наркотикæй судзин, дымы тамако, схæлар вæййы нозтимæ… Æмæ ноджы цас æвзæрдзинæдтæ æрымысыд адæймаг! Цæмæй æнæуый дæр цыбыр чи у, уыцы царды цыбыр кæна, ма банкъара зæрыбонты ад, царды æрдзон ныгуылд.

Æмæ ма уыдæттæ дæр, гъа, уыцы æвзæрдзинæдты хицæн адæймæгтæ аразынц, алкæмæн дæр йæ цард йæхи бар у æмæ йæ куыд фæнды, афтæ цæры, фæлæ хæст та, хæст! Цæмæн æй æрымысыд адæймаг æмæ царды йе ‘нусон бæлццон цæмæн ссис? Кæд фæзынд хæст æмæ дзы йæ бон фервæзын цæуылнæ у?

Хæстæн, æвæццæгæн, йæ райдиан формæ хыл кæнын уыдаид. Хыл та алы хуыз уæвæгойтæ дæр кæнынц сæ кæрæдзийы мидæг. Æрмæст æнæхъуаджы нæ! Алчидæр йæ интересты сæрыл. Уæлдайдæр та дзырд хæлцыл куы цæуа, уæд. Цæвиттон, дзæргъ бæлæгъы хæринаг хæргæйæ, нæ фæуарзы, æгæрыстæмæй, йæ хъыбылты дæр – йæ бырынкъæй сæ фехстытæ кæны. Цæмæй йæхæдæг фылдæр бахæра, бафсæда. Æцæгæлон куыдзы хъæубæсты куыйтæ куы суынынц, уæд рафæдис кæнынц æмæ йæ рацъон бирæгъы сырд фæкæнынц…

Адæймаг дæр, уартæ ма маймулийы хуызæн куы уыд, уæд хыл кæнынæй дарддæр ницы зыдта. Хыл та кодта йæ тыхы руаджы. Фæстæдæр, йæ хъуыдыкæнынад куыд рæзт, афтæ мысыд кусæнгæрзтæ æмæ йын уыдон уыдысты хылгæнæн фæрæзтæ дæр. Къордтæ-къордтæй цæрын куы райдыдтой, уæд сæ бахъуыд иумæйаг хъуыддæгтæ аразын дæр æмæ сæ, зæгъгæ, æндæр ахæм къорд бахъыгдæрдта, уæд иу се ‘хсæн рауад стыр хыл, кæнæ та чысыл хæст. Афтæ райгуырди хæст, фæлæ хыл дæр нæ фесæфт. Хыл раздæрау хицæн адæймæгтæ сæ интересты сæрыл фæкæнынц, хæст та паддзахадтæ расидынц. Уыимæ иу хæцæнгарз ивд цæуы хуыздæрæй, хъомысджындæрæй, йæ нысаныл тагъддæр чи сæмбæла æмæ фылдæр адæмы чи ныццæгъда, ахæмæй. Акæсут ма дыууынæм æнусмæ –  цæмæн хъуыд адæймагады дыууæ дунеон хæсты, афтæ æндæр хæстыты цæхæрыл рацæуын? Цæмæн бахъуыд бирæ дæсгай милуан адæймæгты ныццæгъдын?

Æнæнцой у 21-æм æнусæн йæ райдиан дæр. Дунейы амыты-уымыты сирвæзынц хæсты æртытæ. Стыр хæсты тасдзинад тыхджынæй тыхджындæр кæны… Хæстæндзарджытæ – тыхджындæр бæстæтæ, хæстæй хи хъахъхъæнджытæ – лæмæгъдæр бæстæтæ. Фæлæ цы йæ бон у лæмæгъдæр бæстæйæн, тых æм куы хæссой, уæд?

Нырыккон хæсты ахсджиаг нысаниуæг хæстон техникæйæн ис, фæлæ дзы уæддæр сæйраг архайæг хæстон, уыцы техникæимæ чи архайы, уый у. нырыккон хæстон æнахуыр нал у, уый зоны, нырыккон хæсты куыд хæцын хъæуы. Гæнæн ис æмæ ма уына йæ ныхмæлæууæджы, фæлæ йæм цы хæцæнгарз ис, уый йæ ссары æмæ йæ скуынæг кæны.

Знаджы ныхмæ йæ риу чи дары, уый хæстон у. Æмæ уыцы хæстон чи у? Йæ цард разæй кæмæн ис, бинонтæ чи хъуамæ сараза, йе ‘уæнгты ‘хсидгæ туг кæмæн змæлы, йæ бирæ рухс бæллицтæ сæххæсткæнинаг кæмæн сты, ахæм адæймаг. Уыцы хæстон æхсы, мары, йе знагыл ын кæй нымайын кæнынц, ахæм æндæр хæстоны. Сæ судзгæ нæмгуытæ ссарынц æрмæст хæстоны зæрдæты нæ, фæлæ сылгоймæгты, сабиты дæр.

Хæсты аминдигæнджытæ иутæ сты, йæ амæттæгтæ та – æндæртæ. Йæ аминдигæнджытæ дзы иуварс аззайынц, цагъды та æндæртæ фæвæййынц…

Ахæм у хæст, ахæм у хæстоны хъысмæт…

 

ДИДИНДЖЫТЫ БАСТ

Алы нæлгоймагæн дæр ис йæхи дидинджыты баст. Уыдон æрдзы химæлвас хъæбысы æрзайгæ мингъуыз дидинджытæй не сты. Уыдон, сылгоймагæн кæй балæвар кæнæм йæ зæрдæйы равг фæхуыздæр кæныны охыл, ахæм дидинджытæ не сты. Уыдон сты… сылгоймæгтæ сæхæдæг. Нæлгоймагæн йæ алыварс чи сты, æмæ йын йæ цард мидисджын, адджын, хуызджын чи кæнынц, уыцы сылгоймæгтæ. Уыдон сты мад, хо, цардæмбал, чызг-хъæбул, сылгоймаг хиуæттæ, æмкусджытæ, зонгæтæ, зæрдæрайæ салам кæмæн дæтты, ахæмтæ. Æрмæст æрдзон дидинджытæй хъауджыдæр уыдон нæлгоймагæн баст вæййынц зæрдæйы тæгтæй æмæ дзы алчи йæхирдыгонау тæмæнтæ фæкалы – йæ зæрдæмæ дзы чи куыд æввахсдæр у, афтæ тынгдæр.

Дидинæг аудинаг у, фæкæсинаг, хъахъхъæнинаг у. Ахæм у нæлгоймагæн дæр сылгоймаг, кæд, хъыгагæн, алы хатт афтæ нæ рауайы, уæддæр. Уый нæлгоймагæн, стæй æрмæст нæлгоймагæн нæ, фæлæ фылдæр хатт дугæн дæр цæстмæ бадаринаг у. Дуг стæм хатт арæзта йæ къух сылгоймагæн, нæ дзы æййæфта фаг рæвдыд. Уый нæ фæлæ ма цы фыдæвзарæнтæ, хъизæмæрттæ хаста йемæ, уыдонæн сæ фылдæр хай йæ лæмæгъ уæхсджытæ æмæ æнкъараг зæрдæйыл æнцадысты. Фæлæ абон æрмæст ивгъуыды мысинæгтæй цæрæн нæй. Уыдоны зæрдыл даргæйæ, кæсын хъæуы размæ, хъæуы сабыр, æдас, фæрныг царды гæнах амайын. Æмæ уый та, сæйраджыдæр, нæлгоймæгтæм хауы. Цæмæй дзы сæхи хорз хатой, нæлгоймагæй æдыхдæр чи сты, нæлгоймагæн зынаргъ чи сты, йæ зæрдæмæ зæринтæгтæй баст чи сты, уыцы сылгоймæгтæ – йæ дидинджыты баст.

Алы нæлгоймагæн дæр йæхи дидинджыты баст ис. Зæххыл цæрæг æппæт нæлгоймæгты зæрдæты тæгтæй дидинджыты бастытæ та сты иу æгæрон стыр баст – дунейы æппæт сылгоймæгтæ адæймагады рæсугъддæр хай. Сымахæй, сылгоймæгтæ, цæуы зæрдæйы хъарм, уæ аудгæ ныхас æмæ фæлмæн армыл хъомыл кæны саби, уæ æнкъараг зæрдæ фæразон у царды зындзинæдтæн,  сымах стут цард дарддæргæнæг, хæдзары къона хъармгæнæг. Уæ тых стыр у, кæд нæлгоймæгтæй æдыхдæр стут, уæддæр. Æмæ уæ æввахсдæр нæлгоймæгты раст зондыл æфтаут, цæмæй къаддæр рæдийой æмæ фыдбылызтæ къаддæр цæуой, хæстыты æртытæ ма ирвæзой æмæ адæймаджы туг ма кæла.

 

АИВДЗИНАД ÆМÆ АИВАД

Сау, гуымир куыстмæ зонды рухс цас тынгдæр хæццæ кæна, хъара дзы, уыйас уыцы куыст æнцондæр бакæнæн у, стæй аивдæр рауайдзæн йæ фæстиуæг. Аивдзинад зонды, хъуыдыйы тых домы. Уымæн та йæ алыварс гæрæнтæ нæй. Цас зонд, хъуыды, гъе та æрхъуыды тыхджындæр уа, уыйас аивдзинад дæр тыхджындæр кæны. Æмæ цæмæй афтæ уа, уый тыххæй дын дуг дæр дæ къух хъуамæ араза. Ныртæккæ зын дуджы цæрæм. Нырма нын хæрзчысыл фадæттæ ис нæ зонды тыхæй спайда кæнынæн царды бирæ къабæзты. Æмæ æвзонг адæймаг йæхимæ уыцы тых куы банкъары уæд ацæуы æмæ уыцы тыхы ноджы стыхджын кæны æцæгæлон бæсты æмбæлон ахуыргæнæндоны. Хъыгагæн, бирæтæ сæ дæсныйæдты фæдыл кусæн бынат нæ ссарынц, уымæн æмæ кæм бакусой, уый нæй æмæ баззайынц кæмдæрты, сæ арæхстдзинад, сæ аив куыстæй æцæгæлон адæмæн лæггад кæнгæйæ.

Зонды тыхы бæрджытæ кæмæ ис, фæлæ гæнæн, фадат, фæхæцæг кæуыл нæй, уыдонæн сæ хъысмæт зындæр рауайы, сæ архайд сæ рæзгæ зонды аккаг нæ разынынц æмæ дзы аивдзинад дæр бирæ нæ вæййы. Адæм, хицæн адæймæгтæй адæм сты æмæ цас алчидæр йæ архайды арæхстджындæр уа, цас хуыздæр, лæмбынæгдæр зона, цы куыст æххæст кæны, уый, уыйас аивдæр уыдзæн йæ цард æмæ æмткæй адæмы цард дæр.

Цы зæгъæн ис аивадæй та? Аивад дæр аивдзинадæй гуыры, фæлæ уый бирæ бæрзонддæр лæууы æмæ дзы чи архайынц, уыдонæн, æвæццæгæн, уыцы арæхстдзинад сфæлдисæгæй дæтгæ у æмæ нацийы цæсгом дæр уымæн свæййынц.

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.