АЛЦÆМÆН ДÆР БАРÆН КУЫ УАИД

Басгарæн, фенæн цæмæн ис, уыдонæн уæз ис. Æгæрыстæмæй, басгарæн, фенæн цæмæн нæй, бирæ ахæм цæ-мæндæрты дæр. Афтæ кæй у, уый нын нæ къух бирæ цæмæйдæрты аразы. Бирæ цæмæндæрты аргъ кæнæм сæ уæзмæ гæсгæ. Уæз базонын та ныры дуджы зын хъуыддаг нæу. Адæймаг ахæм барæнтæ, амæлттæ æрымысыд æмæ цæй уæз нæ базондзынæ, æгæрыстæмæй, кæуыл цæрæм, уыцы Зæххæн йæхи уæз дæр.

Зæххы уæз дæр цæуылнæ, фæлæ нæ фылдæр цымыдис кæны нæхи уæз. Цас æмбæлы, уымæй æгæр куы фæфылдæр вæййы, уæд фæархайæм, цæмæй фæстæмæ йæ гаччы сбада, кæд арæх нæ къухты нæ бафты, уæддæр. Кæд æгæр фæкъаддæр вæййы æмæ мæллæг хæс-сæм, уæд та нæ фæфæнды йæ баххæст кæнын.

Уæдæ базар дæр æнæ барæнæй цæй базар у. Ам кæрæдзийы ныхмæ æрлæу-уынц уæйгæнæг æмæ æлхæнæг. Уы-донæн та се ‘хсæн вæййы тæраз, барæн, кæцы сбары алыгъуызон уæзтæ æмæ уый фæстæ сæ бынат ссарынц æлхæнæджы хызыны. Ахæм у цард. Куы цæрай, уæд кæнæ хъуамæ уæй кæнай, кæнæ æлхæнгæ, кæнæ та сæ дыууæ дæр. Фæлæ дзы кæцыфæнды бынаты ма уай – уе ‘хсæн уыдзæн тæраз, барæн. Æнæ уый цæрæн нæй. Алцы дæр баргæйæ у. Тæразыл, барæныл! Æгæрыстæмæй, къоппыты цы уæй кæнынц, уыдон дæр раздæр барст æрцæуынц æмæ сын сæ уæз сæ уæлæ ныффысынц.

О, уæз алцæмæндæр ис. Фæлæ уæддæр ис цыдæр ахæмтæ, кæцытæ барын нæ комынц. Цæвиттон, куыд ис сбарæн адæймагæн йæ намыс, йе ‘гъдау, йæ ахуырдзинадæн? Хъыгагæн, ахæм барæн адæймаг нырма не ‘рхъуыды кодта æмæ нæдæр фæнд кæны йе ‘рхъуыды кæнын. Уымæн æмæ æнæаипп ничи у, æнæаипп нæ уыдзæн, чи йæ ‘рхъуыды кæна, уый дæр æмæ кæй фæнды, цæмæй йæ аиппыты иууылдæр зона, кæнæ йын сæ зоной æндæртæ! Алчи дæр нæ фæтырны уыдоны, кæд иууыл нæ – сæ иу хайы уæддæр бамбæхсынмæ, цæмæй цы у, уымæй дзы хуыздæр хъуыды кæной æндæртæ, стырдæр аргъ ын кæной адæм. Хъыгагæн, хатт рауайы афтæ æмæ стыр аргъы, кады аккаг чи вæййы, уый фæсвæд аззайы æмæ сæ, сæхи чи стауынц, сæхицæн мæнгкад чи аразынц, уыдон сæ аууоны фæкæнынц. Уый нæ, фæлæ ма кæмдæр стыр бынæттæ дæр бацахсынц æмæ нын нæ хъуыддæгты ныссуйтæ кæнынц. Ахæмтæн сæ къухты бафты адæмы æууæнк йæхиуыл бафауын æмæ уый аккаг нæ разынынц. Æмæ, зæгъгæ, адæймагæн æппæт йæ миниуджытæн, хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр, сбарæн ис, уæд нæ уавæр цас фæхуыздæр уаид! Кæцыдæр адæймагæн сæ абарстай æмæ йын амонæн æнгуылдзæй ацамыдтай, цы бынаты аккаг у, уырдæм. Афтæ – æндæр адæймагæн дæр, алкæмæн дæр. Æмæ хъуыддæгтæ размæ феггуырсиккой. Ныр та, фылдæр хатт,  ныхæстыл баууæндæм æмæ хъуыддæгтæ фæстейæ аззайынц…

ЦАРДЫ УАРГЪ ХÆСГÆЙÆ У

Цардмæ фæзындтæ – уаргъ дыл, æнæмæнг, сæвзæрдзæнис. Райдианы – чысыл, хæрзчысыл, стæй уæззауæй уæззаудæр кæны. Райгуыргæйæ æмæ мады дзидзи, сывæдæг дæйгæйæ, саби «кусгæ» кæны – йæ былты, комарынджы, хъуыры змæлын кæны, цæмæй æхсыр йæ чысыл ахсæнмæ ныфта æмæ уырдыгæй уæнгты хъара, цæмæй йæ фæлвых буар рæза æмæ фидардæр кæна. Æмæ уыцы «куыст» йæ кармæ гæсгæ уымæн уаргъ, фыдæбон нæу?

Нырыккон саби рæвдауæндонмæ куы бацæуы, уæд йæхиуыл уæззаудæр уаргъ сæвæры, растдæр зæгъгæйæ, та йыл сæвæрынц. Хъомылгæнджытæ йын амонынц, цы у хорз æмæ цы у æвзæр, фæхъазын æй кæнынц, йæхи кæй фæнды, уыцы хъазтытæй нæ, фæлæ хъомылгæнæджы кæй фæнды, уыцы хъæзтытæй, хъуамæ йын хъуыды кæна йæ зондамынд-тыты.

Скъоламæ ахизы æмæ йын амонын райдайынц «абетæ», æнæкæсгæйæ сын ахуыр кæнын кæнынц æмдзæвгæтæ, аразын сын кæнынц радтæ. Радтынц сын хæдзармæ хæслæвæрдтæ æмæ сыл тых кæны æви нæ, уыцы уаргъ фæразы æви нæ,  уæддæр æй хъуамæ хæсса. Цæмæй йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæной æмæ сæ фидæны йæ царды пайда кæна.

Дарддæр райсы астæуккаг ахуырад, фæлæ ма дзы уый фæстæ вæййы астæуккаг-профессионалон æмæ уæлдæр ахуырад дæр. Ахуыры азты æрыгон адæймагæн йæ уæхсчытыл цы уаргъ æрæнцайы, уыдон сты чингуытæ. Æмæ семæ куыд схæлар уа, куыд сæ кæса æмæ сæ зонындзинæдтæ куыд иса, афтæ сараздзæн йæ фидæны цард дæр. Чингуытæ æгæрон бирæ сты, фæлæ дзы фидæны дæсныйадмæ æввахсдæр чингуыты, лæмбынæгдæр ахуыр кæнын уæлдай ахсджиагдæр вæййы.

Фæвæййынц ахуыры азтæ æмæ райдайы, бирæ азты дæргъы цæй тыххæй фæцахуыр кодта, уыцы рæстæг – фæллойадон архайд кæнын. Æрбалæууы бинонтæ скæныны афон дæр æмæ адæймаг аныгъуылы йе ‘рвылбонон царды аудинæгты. Афтæмæй чингуыты уаргъы раивы царды уæззау уаргъæй æмæ йæ адæймаг фæхæссы йæ, царды даргъ фæндагыл. Йæ зонд, йæ хъару, йе ‘нæниздзинад æмæ йæ йæ кар куыд амонынц, афтæ. Раст у, алчи йæ ахæм уагыл нæ хæссы – уæз æдзух хæссын æнцон никуы уыд æмæ не ‘хсæн дæр разынынц, сæ бон цас у, уый уæзæн уаргъ чи нæ хæссынц, æгæрыстæмæй разынынц ахæмтæ дæр, сæ царды фæндагыл рæувадæй чи фæуайы. Ахæмты адæм фæхонынц магусатæ, æввонгхортæ æмæ сын се ‘хсæн кад нæ вæййы.

Цæргæйæ, царды уаргъ хæссын хъæуы.

КЪАХДЗÆФТÆ

Нæ цард къахдзæфтæй баргæ у, къахдзæфтæй кæнгæ у. Æгæрыстæмæй, куынæ сæ аразæм, куынæ сæ уынæм, уæд дæр. Мах æмбæлон рæстæг бафынæй кæнæм, бадгæйæ фæкусæм, ахæм куысты фæстæ – æрулæфæм. Уыдонмæ дæр къахдзæфтæ саразæм, цæмæй ногæй райхъал уæм, бадгæ куысты, æрулæфыны фæстæ сыстæм æмæ та дарддæр къахдзæфтæ кæнæм æмæ аразæм нæ бирæ бакæнинаг хъуыддæгты. Афтæмæй, къахдзæф къахдзæфы фæстæ аразгæйæ, барæм нæ царды дæргъ, цæуынхъом куы фæвæййæм, уымæй нæ мæлæты бонмæ. Алы къахдзæфæн дæр иу фæфылдæр вæййынц, цы къахдзæф-тæ сарæзтам, уыдон, иу та фæкъаддæр вæййынц аразинаг ма нын чи баззадысты, уыцы къахдзæфтæ. Фæстейæ кæй уадзæм, уыдоны нымæц рæзы æмæ, аразинаг къахдзæфтæн та сæ фæндаг кæройнаг, фæстаг къахдзæфмæ у. Уый вæййы нæ царды кæрон дæр.

Мах зонæм, нæ царды фæндаджы нын алы къахдзæф дæр цыбырдæр кæны, мæлæтмæ нæ æввахсдæр кæны, фæлæ йыл уæддæр цæуæм. Уымæн æмæ нын нæй æрлæууæн, нæй цардæн æруромæн, куыд нæй æруромæн рæстæгæн.

Нæ бæллицты нæ бæргæ фæфæнды не ‘взонгады фылдæр куы рацæриккам, нæ кары  бонты цыд куы фæсындæгдæр уаид, мæлæт нæ разæй куы лидзит, фæлæ уыдон æрмæстдæр бæллицтæ, æнæ-сæххæстгæнгæ сæнттæ сты. Мæлæт никуыдæм лидзы, рæстæг та мах къах-дзæфгай тæры йæ дзыхмæ.

Царды къахдзæфтæ тыгъд быдыры цæуæджы къахдзæфтау уыцыиугъуызон не сты. Бæрæг къахдзæфтæ саразгæйæ, алкæмæн дæр йæ царды æрцæуы цыдæр цау – куы чысыл, нысаниуæг дæр кæмæн нæй, ахæм, куы та стыр, зынгæ, цæрæн-бонты адæймаг йæ зæрдыл кæй бадары. Хатт адæймаг йæ царды фæндагыл фæцæуы, фæцæуы, фæлæ ницы ахæм стыр цау æрцæуы, хатт та фаг вæййы иу кæнæ цалдæр къахдзæфы саразын æмæ адæймагæн йæ царды мидис фæивы. Хатт адæймаг, къахдзæф къахдзæфы фæстæ аразгæйæ, цадæггай баныгъуылы рухс, бæллиццаг царды æмæ йæ бонтæ райгондæй фервиты. Вæййы иннæрдæм дæр – йæ царды бонтæ тар, мылазон куы ахæссынц æмæ сын кæрон куынæ вæййы. Нæ къахдзæфтæ нæ ракæнынц цинæй хъыгмæ æмæ хъыгæй цинмæ дæр. Вæййы афтæ æмæ сæ ивгæйæ, адæймаг куы фæцæуы йæ царды фæндагыл.

Чи базондзæнис, адæймагмæ разæй цы æнхъæлмæ кæсы, кæдæм æй кæнынц абон царды йæ къахдзæфтæ! Куыдфæнды ма уа, махæй алкæйы дæр алкæмæн фæнды царды рæсугъд фæндæгтыл къахдзæф къахдзæфы фæстæ кæронмæ цæуын.

БРÆТТÆ ÆМÆ… НАМЫС

Адæймаг кæм змæлы, архайы, уым брæттæ ма разына, уый гæнæн нæй. Уыдон разынынц æфсины къæбицы, кусæгæн йæ кусæн бынаты, æгæ-рыстæмæй ахуыргондæн йæ къабинеты дæр. Цы дæ нал хъæуа, уый брон у, уæдæ цы у? Броны та хъæуы æппарын. Зонæм, кæдæм сæ æппарын хъæуы, уый дæр. Сæрмагонд асыччытæ ис кусæн столы фарсмæ, æфсин хæринаг кæм фæцæттæ кæны, уым, адæм фылдæр кæм фезмæлынц, ахæм бынæтты… Цы брæттæ сæ æрæмбырд вæййынц, уыдон сæ бынат ссарынц, горæты уынгты цы стыр асыччытæ ис, уыдоны. Уырдыгæй уыдон сæрмагонд машинæтыл сæ фæндаг акæнынц, горæтæн æдтейæ цы бронкалæн бынат ис, уырдæм. Æмæ горæт сыгъдæгæй баззайы.

Фæлæ, нæ! Уæддæр, цыма, горæт сыгъдæгхъуаг у, кæд уынгтæн мæрз-джытæ ис, кæд кабинеттæн æфснайджытæ ис æмæ брæтты сæ ранмæ хæццæ кæнынц, уæддæр. Уыдонæн иууылдæр паддзахад æхца фиды æмæ æххæст кæнынц сæ хæс. Уæдæ ма цæмæн у сыгъдæгхъуаг нæ горæт? Нæхæдæг, йæ цæрджытæ, йыл фаг нæ аудæм. Æниу цæрджыты иууыл азымы цæмæн дарæм? Уыдон бирæ минтæ сты æмæ йæ алчи куы чъизи кæнид, уæд цалдæр бонмæ горæт брæтты бын фæуаид. Уыцы мингай цæрджытæн сæ хъомылад, культурон æмвæзад, сыгъдæгдзинадмæ сæ ахаст, кæй зæгъын æй хъæуы, иугъуызон нæу. Æмæ не ‘хсæн разынынц, горæты чи чъизи кæнынц, ахæмтæ дæр. Разынынц ахæмтæ, сæ брæтты фатеры рудзынгæй чи разыввытт ласы, разынынц ахæмтæ, сæ брæтты брондонмæ хæсгæйæ, бы-натмæ чи нæ фæхæццæ кæны, разынынц ахæмтæ, парчы, æндæр ран фæхсбандоныл бадгæйæ æхсынæнты, афтид къоппыты йæ фарсмæ брæтты асыччы чи нæ ныппары, фæлæ сæ йæ алыварс чи байтауы, æгæрыстæмæй ма фæхсбандæтты, брæтты асыччыты цъæл кæ-нынмæ дæр чи æрывналы. Ахæмтæ бирæ нæ уыдзысты, фæлæ цæйау фæзæгъынц, Къахеты, дам, иу дзæргъ фесæфта.

Йæ хъомылад, йæ намыс бар кæмæн нæ дæтты чъизи кæнын, горæты сыгъдæгдзинады раз бæрндзинад чи æнкъары, уыдон сæ брæтты фæхæссынц брондонмæ…

Иууылдæр ахæмтæ куы уаиккам…

ТÆРККЪÆВДАЙЫ ÆРТÆХТЫ НÆРТОН КАФТ

Уары къæвда тæрк уардæй. Йе ставд æртæхтæ, цыма баиу сты æмæ цыхцырыгау ныккомкоммæ сты зæхмæ æмæ хойынц, хойынц. Æз цæуын лæгъз асфальт фæндагыл зонтичы бын. Хæдзæртты зест сæртæй, фæндаггæрæтты бæлæсты сыфтæртæй, мæ зонтичы сæрæй мæм хъуысынц, кæрæдзийæ сæ зæлтæй чи хицæн кæнынц, уыцы æртæхты цавд. Уыдонимæ баиу вæййынц хæдзæртты къултыл дондзæуæнтæй цы къæвдайы дон бырсы æттæмæ, уымæн зæххыл йæ цавды бæзджын хъæр. Иу цыхцырæг фæстейæ аззайы, йæ музыкæ æрнымæг вæййы æмæ та иннæ цыхцырæджы музыкæ сытынг вæййы. Хæ-дзæртты сæрты бæлæсты, мæ зонтичы, цыхцырæджы музыкæтæ сиу вæййынц æмæ оркестры музыкæйау зæлынц хъусты.

Уыцы диссаджы музыкæмæ  тæрк-къæвдайы æртæхтæ сæхи уæлиауæй, уæлиауæй рауадзынц æзфæраздæронæй æмæ… сæ къахфындзтæ æрса-дзынц асфальтыл. Асфальтыл сæ алчи зына-нæзына бынат ссаргæйæ, æндæр æртæхтау йæ къахфындзтыл алæууы æмæ скалы цæхæртæ – баиу вæййынц бирæ æндæр æртæхты къахфындзты цæхæртимæ. Æмæ акæс ды уыдонæн сæ сæ кафтмæ! Асфальт нал зыны уыцы хъазгæ, стъæлфгæ урс цæхæрæй æмæ мигъау ныббадт йæ уæлцъарыл.

Æз цæуын зонтичы бын, зонтикимæ та тæрккъæвдайы бын асфальт фæндагыл. Къах айсын зонтичы бынæй æмæ къæвдайы æртæхтæ мæ дзабыры уæлфадæй пуртийау къуырæгау кæнын. Æрмæст сæ хæлафы фадыг йæхицæй нæ къуыры, нæ суры. Уый сæ йæхимæ цингæнгæ райсы æмæ йæ мидæг аныгъуылынц, хуылыдзæй-хуылыдздæр, уæззауæй уæззаудæр кæнгæйæ. Къахы иувæрсты рахизы размæ иннæ къах æмæ та уый дæр сфæлхатт кæны уыдæттæ.

Æз цæуын. Цæуын асфальт фæндагыл размæ тæрк къæвдайы бын æмæ хъусын хæдзæртты сæртыл, бæлæсты сыфтæртыл, мæ зонтикыл зæй-æртæхты цъæхснаг музыкæ, цыхцырджыты бæзджын хъæлæс æмæ уыдонимæ кæсын, тæрккъæвдайы æртæхтæ лæгъз асфальтыл цы нæртон кафт кæнынц, уымæ дæр…

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.