РУХС БÆЛЛИЦТÆ ÆМÆ ЦАРДЫ ÆЦÆГДЗИНАД

Мах цæуæм уыцы иугъæдон цыдæй нæ царды фæндагыл, иу хъуыддаджы фæдыл иннæ аразгæйæ. Лидзгæ нæ кæнæм æмæ кæд хатт алидзæм, уæддæр цавæрдæр тагъд, æвæстиатæй бакæнинаг хъуыддаджы тыххæй. Царды хъуыддæгтæ тагъдыл, талф-тулфæй кæнинаг не сты, ахъуыдыгонд, æнтысгæ къахдзæфтæ аразын хъæуы.

Æниу æдзух лидзын, æгæрыстæмæй, æнæ базыртæй тæхын дæр нæ бон у. Æрмæст нæ сæнттæ – бæллицты. Уыдонæн нæй æдзухон бынат, нæй сын арæнтæ, бæлвырд рæстæг æмæ сæ уацары уæвгæйæ, адæймаг сæ фæстæ фæратæх-батæх кæны. Зын ын нæ вæййы дун-дунейы æгæрон тыгъдады кæцыдæр къуымы балæууын æмæ уысмæн фæстæмæ Зæххыл йæ бынаты фестын.

Рухс бæллицтæ æрыгон адæймагмæ, йæ цард нырма разæй кæмæн ис, ахæммæ вæййы сæйраджыдæр. Йæ фидæны царды йæхи алы дæсныйады бынаты дæр æвæры. Иутæ дзы фæцæуынц йæ зæрдæмæ, æндæртæ – нæ. Иууыл фылдæр цы дæсныйад бауарзы, уыимæ сбæтты йæ бæллицты. Уæдæ йæ æнæуæрст адæмæй дæр хай равзарын фæхъæуы æмæ йæ хъуыдыты «йæ цæст фæхæссы» зонгæ чызджытыл. Иуы дзы бары æндæримæ, иумæ дæр цыма ацæрынц, цыма сын кæстæртæ дæр мæнæ ис. Фæлæ уыдон вæййынц фидæнæй раскъæфгæ дæсны нывгæнæджы нывтæ æмæ та цæстыты разæй айсæфынц. Мæнæ йæм æрцыд æцæг уарзт æмæ йæ сагъæстæ, йæ бæллицтæ уыимæ сбаста, æдзух уыцы рæсугъдыл сты. Уый йын у дунеты иууыл рæсугъддæр, æгъдау-джындæр, кондджындæр…

Æмæ мæнæ æрыгон лæппу райста дæсныйад. Уадз, иууыл æввахсдæр йæ зæрдæмæ чи лæу-уыд, ахæм ма уæд. Æркодта ус дæр. Уадз, иууыл тынгдæр кæй уарзта, уый ма уæт. Ныр куысты лæуд у, у бинонты хицау дæр æмæ лæппу суæгъд, фервæзт уыдонимæ баст бæллицтæй. Фæлæ бæстæ уыдоныл нæ рынцайы. Фæзынынц æндæр бæллицтæ æмæ сæ йæ разæй фæсуры. Кæй дзы æрцахсы, кæй нæ. Афтæ у цард. Алцы адæймаджы къухты нæ бафты.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, цард цыбыр у – скæс æмæ ныккæс. Куыдфæнды ма уа – ис ын райдиан æмæ кæрон. Æмæ йæ царды кæронмæ куыд фæхæццæ кæны, афтæ къаддæрæй къаддæр, нымæгæй нымæгдæр кæнынц йæ бæллицтæ, фæлæ кæронмæ йæ зонды нæ раафтид вæй-йынц – уæддæр ма йæ цыдæртæ бакæнын фæфæнды, йæ фæстаг зæгъинæгтæ дæр цæ-мæй æнæзагъд ма баззайой…

Афтæмæй сæмбæлы царды æнæфæивгæ, æнæсæтгæ æцæгдзинадыл – мæлæтыл.

ЗОНДМÆ ФÆНДАГЫЛ

Цы у йæ нысан адæймагæн а-дунейы, цæмæн æй рафæлдыста дунескæнæг, цахæм у, ахæмæй? Цæмæн æй схайджын кодта зонд-хъуыдыкæнынадæй? Афтæ зыны, цыма сын дзуапп ссарын зын нæу. Адæймаг æрдзысконды æппæт уæвæгойтæй уæлдæр лæууы, йæ бар сыл цæуы æмæ сæ разы бæрндзинад æнкъарын йæ хæс у. Йæ хæс у бæрндзинад æнкъара йæхи хуызæн адæймаджы раз дæр. Цæмæй алы уæвæгойæн дæр хæрзвадат уавæртæ уа цæрынæн æрдзы закъæтты фæлгæтты.

Фæлæ, хъыгагæн, нырма афтæ нæу. Нæу адæймагæн йæхи аххосæй. Йæ зонд размæ куыд цæуы, афтæ цард зæххыл æнæнцойдæр, тæссагдæр кæны. Йæ архайды руаджы къад-дæр, гъе та бынтондæр куынæг цæуынц цæрæгойты, мæргъты хицæн хуызтæ, куынæг цæуынц хъæдтæ, мæгуыр кæны нæ цард-дæттæг зæхх, хъæстæ кæны нæ уæлдæф, ихсыйынц зæххы хъæздыгдзинæдтæ…

Æмæ ма уыдон дæр, гъа, фæлæ адæймаг та фыд цæмæн ракæны æндæр адæймагæн? Цы бар ын дары йæ цардмæ? Цæмæн æй бафхæры ныхасæй дæр æмæ тыхæй дæр, алы хъуыддаджы дæр бадзурæн куы ис, уæд? Æмæ хъуыддаг æрмæст æфхæрдыл æрлæууы? Кæддæр йæ даргъ историон фæндагыл цы мæлæтхæссæг хæстытыл фæцайдагъ, уыдон ныр æгас дунейыл аххæссыдысты. Æрмæст ивгъуыд æнусы адæймагад дыууæ дунеон хæстыл рацыд. Чысыл хæстытыл ма чи дзуры. Æмæ æппæт нæ историон фæндаг ныр тугхъулон дары. Нæ рагдунейы цы сырдон, цы тыххæссæг монц æрбадт нæ рагфыдæлты удты, уый ацæгъдын, уымæй фервæзын нын не ‘нтысы. Уый нæ, фæлæ кæрæдзимæ ноджы карзæй карздæр кæнæм. Тыхджындæр бæстæйæн æдыхдæр – йæ дæлбар, дары йæм тых. Нæ зонд та размæ цæуы æмæ тых зонды схойы, цæмæй нæ хуызæтты марæм, цæгъдæм.

Цæмæн у ахæм йæ удысконд адæймагæн æмæ йæм æрмæст абоны цæстæй ис кæсæн? Кæддæр, рагзаманты, уый сырдæй ницæмæй хицæн кодта. Цыд рæстæг æмæ йæ раззаг къæхты зæххæй фæхицæн кодта, систы йын къухтæ. Уыдоны æмæ йын йæ тыхы руаджы æнцондæр уыд хæринаг амал кæнын. Тых уыдис йæ царды фæрæз. Йæ тых иунæгæй кæм нæ фаг кодта, уым-иу æрбамбырд сты æмæ сæ амæттаджы иумæ мардтой, фæлæ йын иунæгæй хæргæ нал уыд. Иумæ йæ мардтой – иумæ йæ хордтой. Фæлæ ам дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, тыхджындæрæн йæ хай егъаудæр уыдаид.

Тых сæйраг уыд адæймагæн йæ царды. Фæлæ рæзт йæ зонд, йæ хъуыдыкæнынад дæр æмæ йын уый æнцондæр кодта йæ цард. Мысыд алыгъуызон кусæнгæрзтæ æмæ йæ тых къаддæрæй къаддæр хардз кодта. Æмæ йæ цард цæмæй ноджы хуыздæр, æнцондæр кодтаид, уый тыххæй уыцы тыхы аздæхта æдыхдæр адæймагæн йæ фæллой байсынмæ, йæхицæн æй кусын кæнынмæ, куы йæ бафæнда, уæд та йæ амарынмæ дæр. Æмæ адæм, адæмтæ кæрæдзийы милмæ исын райдыдтой. Ууыл сæ ардыдта адæймагæн йæхи зонд дæр. Мысыд, мысы иуæй иннæ тыхджындæр, рæстдзæвиндæр хæцæнгæрзтæ æмæ цæгъдынц адæмтæ сæхи, кæрон нæма зыны, кæд æрæмбардзысты сæхи, уымæн. Зæххыл алы адæймагмæ дæр ис ахæм æмбарынад, адæймагæн йæ цард байсын хорз кæй нæу, хæст расидын хорз кæй нæу, фæлæ уæддæр марæм кæрæдзийы. Нæ зондæн нырма йæ бон нæу, нæ удты цы сырдон тых, сырдон монцтæ – зæгъгæ, мæнæн хорз уæт æмæ æндæр цыфæнды дæр кæнæт, уыдоны кæронмæ ныххуыдуг кæнын.

Бæрæг у, сау тыхтыл зонд кæй уæлахиз кæны, фæлæ йын йæ хъомыс сæхи ‘рдæм здахыныл сæ уд хъарынц æмæ чи зоны, кæд сыл фæуæлахиз уыдзæн? Цас ма хъæуы адæймагады цæуын, æрмæст зонд кæм æлдариуæг кæна, адæм кæрæдзийы кæм æмбарой, æрдзимæ адæймаг гармонийы кæм цæра? Уым мах суыдзыстæм æцæг адæймæгтæ. Уæд суыдзыстæм æххæст адæймæгтæ.

ДЫУУÆЙЫ ИУ ФÆНДАГ

Алчидæр нæ фæндагыл лæуд у. Иууыл цыбырдæр фæндаг та къахдзæф у. Æмæ къахдзæф къахдзæфы фæстæ аразгæйæ, фæцæуæм нæ фæндагыл. Уый куы цыбыр, хæрзцыбыр разыны, куы та даргъ, йæ кæрон нал æмæ нал фæзыны. Æмæ цасфæнды дæргъæн ма уа, мах ыл ацæуæм, нæ хъуыддæгтæ бакæ-нæм æмæ та æрбаздæхæм нæ бынатмæ фæстæмæ.

Кæддæр адæм куы фæзындысты Зæххы чъылдымыл, уæд сæ фæндæгтæ къахдзæфтæй баргæ уыдысты, къахæй сыл цыдысты. Фæстæдæр сæ удæнцойæн кусынæн бæзгæ цæрæгойты æрцахуыр кодтой – бабадтысты галуæрдæтты, сбадтысты бæхтыл æмæ сæхи-цæн зарджытæгæнгæ цыдысты сæ фæндæгтыл.

Цард размæ цæуы. Уæрдон, саргъы бæх нын нæ къух нал арæзта æмæ бабадтыстæм алыгъуызон хæдтулгæты, цæуæм æфсæнвæндагыл поездты, цæуæм науты, денджызон уæрæх быдырдты уылæнтæ гæрдгæ, тæхæм хæдтæхджытыл. Цæуæм Зæххы къорийы иу ранæй иннæ ранмæ. Къахæй нæ – ласгæ нæ кæнынц. Фæлæ уæддæр нæ фæндæгтæ сты, цыфæнды хуызы сыл ма цæуæм, уæддæр. Æмæ зæххы къори бахауд адæймагвæндæгты хызы.

Зæххы чъылдымыл мах тыннывæндæгау кæнæм. Фæндæгтæ цæхгæрмæ ахизынц æндæр фæндæгты сæрты, ахизынц зулмæ дæр. Вæййы афтæ æмæ бирæтæн сæ фæндæгтæ кæрæдзимæ куы æрбаввахс вæййынц, фæцæуынц фæрсæй фæрстæм, фæлæ кæрæдзимæ ницы бар фæдарынц.

Уыцы мин-мин фæндæгтæй æрмæстдæр дыууæ баиу вæййынц æмæ амондджын вæййынц дыууæйæ йыл иумæ, кæрæдзийы æмбаргæйæ, кæронмæ куы фæцæуынц.

РАХИЗУТ… ЗЫМÆГМÆ

Фыдзымæг… Кæм ма ис йæ кой дæр! кæм ма сты фыдзымæджы хæххон лæгæн йæ фыдæв-зарæнтæ! Ивы тагъдыл цард. Тагъдыл ивы æрдз. Кæдæм цæуæм æмæ цæмæ æрцæудзыстæм? Бæрæг нæу…

Цæуын нæ горæты уынгтæй сæ иуы. Зымæджы, цыма раджы кæй хъуамæ æрбалæууыдаид, уый дзы айрох, гъе та бафынæй æмæ гъеныр, йæ æмгъуыд куы фæуд кæны, уæд райхъал, уыйау скарз, стызмæг æмæ тардзæгъ-дæнтæ систа. Мæ фæззыгон-зымæгон худ сæрыл арфдæр æркодтон, мæ рог пальтойы æфцæггот сфæлдæхтон æмæ йæ мæ хъуырмæ хæстæгдæр æрбангом кодтон. Цæуын, зымæджы æрбалæудæй фæстæмæ кæй нæма банкъардтон, уыцы хъызттымыгъы судзгæ-ныхсгæ цæфы хъуынтъызæрфыгæй мæ цæсгомыл уромгæйæ. Уыцы цæсгом мын кæддæр фæлтæрд уыд ахæм тымыгътæм: даргъ зымæджы судзгæ уазæлттæ сабийæ æвзæрста тъепайыл быргæ-бырын, æвзæрста сæ скъоламæ уайгæйæ, æвзæрста сæ хæххон уæззау куыстытæ кæнгæйæ…

Хъуыды ма кæнын, адæмæн сæ хæдзæртты сæртæй мит ракалæн куыд нал уыдис, хæдзарæй хæдзармæ, хъæуæй хъæумæ, фосæн та дондарæнмæ фæндæгтæ куыд гæрстой фиййæгтæй, цъериты миты бынæй куыд къахтой… ацæуæнтæ æмæ æрцæуæнтæ куыд нал уыд…

Нæ уыд митæй æнæхай нæ горæт дæр…

Ныр та цы цæуы? Вæййы ахæм зымæг æмæ хæххон лæджы йæ хæдзары сæрæй мит ракалын дæр нал бахъæуы… Нал ис сæ кой декабры митуардтæн, йæ судзгæ уазæлттæн. Мæнæ ныр, æрмæстдæр уалдзæджы æмарæн февралы æмбисы, уынджы цæугæйæ, банкъардтон декабры уазал, йæ уддзæф.

Цæуын горæты уынгтæй сæ иуы тротуарыл. Тротуар адæмæн, фистæгæй цæуджытæн у. Фæлæ йыл цæуæг нæй, иу стæмтæй дарддæр. Уый хыгъд уынджы машинæтæй азмæлæн нæй. Сæ хицæуттæ, сæ бæлццæттæ сæ хъуыддæгты фæдыл цæуынц хъармы бадгæйæ, зымæгмæ машинæйы рудзынгæй кæсгæйæ. Зымæгмæ рудзгуытæй кæсынц, сæ хæдзæртты чи сты, уыдон дæр. Алчи йæхи хизы зымæгæй, уазалæй. Мæн та сæм фæнды æрсидын: рахизут машинæтæй, хæдзæрттæй зымæгмæ, уазалмæ, сулæфут ын йæ æнæниз, судзгæ уæлдæф, банкъарут ын йæ ад. Гæнæн ис æмæ нæм искуы зымæг йæхи æппындæр мауал равдиса…

ФЫДЫ  УÆЗÆГ

Цы ма ис адджындæр, зынаргъдæр дæуæй! Зынаргъ дæ, фыдыуæзæг! Диссаг, цæмæн æй схуыдтой фыды уæзæг? Ау, фыды уæзæг кæд у, уæд нæу йæ кæстæр, йæ фæдоны уæзæг? Фæлæ та ам дæр нæ фыдæлты куырыхондзинад   йæхи радвыста. Ды, дæ фыды кæстæр, гæнæн ис æмæ фæиппæрд уай дæ уæзæгæй, фæлидзай хуыздæр цардагур æндæр, фыдыуæзæджы ад дын чи не скæндзæн, фæлæ хуыздæр цард кæм кæндзынæ, ахæм бæстæмæ. Цард ивæнтæ кæны æмæ дæ фыд, уымæн йæ фыд, дæ фыдæлтæ сæ уæззау цард кæм кодтой, царды чысыл хæрзтæ æмæ бирæ фыдтæй хайджын кæм уыдысты, сæ къæхты дæлфæдтæ уæзæгæвæрд кæм кодтой, фæлæ сæ уæнгты тых кæм æхсыст, хæдзары, хъæуы, комбæсты, Иры фарн айнæг къæдзæхау фидар кæм уыд, уым кæд цард рогдæр кæны, уæддæр, хъыгагæн, цард дарддæргæнджытæ къаддæр кæнынц, ихсыйынц. Цæмæн, уый нын зындгонд у. Йæ фыдæлты, нæ фыды уæзæджы, кæм райгуырд æмæ хъомыл кодта, уыцы  уæзæджы æвæндонæй, фыдæнæн ничи ныууадздзæн.. уагътой сæ уый тыххæй, цæмæй хæххон уæззау цард раивой хуыздæр цардæй. Æмæ лыгъдысты сæ фыдæлты уæзгуытæй хуыздæр цардагур хицæн адæймæгтæ, æгас бинонтæй.

Адæм гуылф кæнын куы райдыдтой хъæутæй горæтмæ, быдырбæстæм, уæд æз дæр ба-хаудтæн уыцы уылæнмæ. Сауыгътон мæ цæвæг, иуварс ныууагътон, æртæ цæд галтæ сæ удисгæ кæй ластой, уыцы гутоны æмæ рацыдтæн горæтмæ. Рацыдтæн, фæхæст дæн куыстыл, фæлæ фæрсын мæхи: мæн, хъæуккон лæппуйы, æнусты дæргъы фыдæй фыртмæ чи цыдис æмæ мæ фыдмæ чи æрхæццæ ис, уыцы хъæуккон цард мæныл цæмæн фæцис? Æмæ абон дæр, горæты цæрæг уæвгæйæ, æз цæрын мæ хъæуы, хъæууон цардæй. Хъыгагæн, æрмæстдæр мæ фынты…

Мæ фыдæлты уæзæг! Æз дæу уыдтæн, дæ иу гыццыл-гыццыл мур хай. Æз дæуыл хастон мæ рæз, дæуыл кæм бæгъæмвадæй, кæм мæ мады бахуыйгæ дзабырты лыгътæн куы сæрибарæй  мæхицæн, куы ме ‘мкарæнтимæ хъазгæйæ, куы нæ тых кæм нæ цыд, ахæм куыстыты. О, зын уыдис цард! Ныййарджыты уæззау уаргъ мæ бон куыд уыд, афтæ хастон æз дæр сæ иннæ кæс-тæртимæ.

Фæлæ дæ фесхъиуæккаг дæн…  дуджы аххосæй. Дугивæн кодта, æмæ…

Мæ фыды уæзæг! Дæ уды цардтæн… Ныр та ды цæрыс мæ фынты, мæ хъуыдыты, мæ уды æмæ дæ ничи ницæуыл баивдзæн мæнæн…

ДÆ БОН КАЛАЙ, ХÆХХОН ЦÆУГÆДОН!

Хæхбæсты ахæм ком нæй, быдырбæстæм цæугæдон гуылфгæнгæ кæцæй нæ абырсы. Хæхбæсты ахæм адаг нæй, суадæтты дæттæ кæдæм не ‘мбырд кæнынц æмæ чысыл къададæттæй, куыройыдæттæй сæ фæндаг коммæ, стыр донмæ хæл-хæлгæнгæ кæм нæ адарынц. Æмæ кæд ис, уæддæр уыдон æххæст адæгтæ  не сты – хонынц сæ хуыскъ адæгтæ.

Иууыл бæрзонддæр хæхты кæмттæ нæй. Сæ айнæг фæрстыл цы адгуытæ  ис, уыдонмæ дон сæрдыгон бонты згъоры хæстæгдæр цъититæй. Цъити кæм нæй, уыдон «раудгас» вæййынц æрмæстдæр къæвдаты рæстæджы. Сæ дæтты уыдон фескъæфынц хæхты фæдджитæм. Уым райдайынц кæмттæ. Комæн та ис дыууæ фарсы æмæ йæм дыууæрдыгæй нуктау сæхи саразынц адгуыты дæттæ. Афтæ комы дон куыд дæлæмæ цæуы, афтæ стырæй стырдæр кæны æмæ дзы рауайы егъау цæугæдон.

Хæххон цæугæдон быдырон цæугæдонау сабыр нæу. Æмæ сабыр куыд хъуамæ уа, тызмæг, сæрыстыр бæрзонд хæхты хъæбысы чи райгуыры, нæргæ, гуыбар-гуыбургæнгæ комы нарджыты, айнæг къæдзæхты рæбынты йæхицæн фæндаг гæрдгæ, дурæй дурмæ йæхи хойгæ фынккалгæ размæ чи фæбырсы, уыцы цæугæдон? Йæ нæргæ хъæлæс æгас комы уæлдай тынгдæр уалдзæджы, миттайæн æмæ къæвдауарæн бонты айхъуысы. Уæд банкъары йæ æгæрон тых йæхимæ.

Хæххон абухгæ, æнхъæвзгæ, нæргæ цæу-гæдон! Кæд, мыййаг, дæ ном фæивгæйæ, дæл-вæз цæугæдоны дæр дæ тыхы руаджы ды схойыс размæ, размæ, размæ… денджызы хъæбысмæ…

Фæстейæ баззайынц хæхтæ æмæ цæугæдон рахизы дæлвæз бынатмæ, быдырбæстæм. Æрсабыр кæны йæ цыд, йæ абухынæй æрынцайы. Бынтондæр та æрынцайы, денджызы хъæбысмæ куы бахауы, уæд. Æниу уый цæй æнцойад у, фæстæмæ дæхи уылæнты хуызы зæхмæ куы æппарай æмæ дæ уый куынæуал иса? Фæстæмæ дæ йæхицæй куы æппара…

О, æгъатыр хъысмæт! Айс, зæхх, фæстæмæ цæугæдонæн йæ дæтты! Нæ, æмæ нæ! Æмæ уæд уыдон ссарынц æндæр фæндаг – сæ дæттæ сæхи айтындзынц денджызты, океанты уæлцъарыл, хур сæм ныккæсы æмæ сабыр-сабыр, цæст кæй нæ уыны, ахæм мигъы хуызы сыстынц йæ уæлцъарæй. Сыстынц æмæ уæлдæфы кæрæдзиимæ, чи фæхицæн сты ахæм æввахс, æввахс хиуæттау æрбангом вæййынц. Стыгуыр вæййынц мигъты хуызы æмæ сæ дымгæ, æрдзон тыхтæ уæлдæфы бæрзонд-бæрзонд æрбахæссынц фæстæмæ хæхтæм. Хæхтæ, бæрзонд хæхтæ, бирæ уарзынц мигъты. Кæд фæзынынц, уæддæр фыццаг уыдоны сæрмæ. Æмæ нытыгуыр вæййынц. Æмæ сæ цины цæссыгтæ рæдауæй фæкалынц нæ хæхтæ, нæ кæмтты. Цæмæй уыдон ахъарой æвдадзы хосау зæххы æмæ та ногæй сæ фæндаг адарой хæхты хъæбысæй хæххон лæджы æхсыст, нæргæ хъæлæсау дæлæмæ, дæлæмæ…   

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.