Донецкы Адæмон Республикæйы сырæзтыл сæххæст 5 азы

Фондз азы размæ Украинæйы хуссар-скæсæйнаг хайы райдыдыдтой тæссаг цаутæ. Киевы паддзахадон фæфæлдæхт саразыны фæстæ, Донбассы цæрджытæ аскъуыддзаг кодтой сæ райгуырæн зæххыл ахæм цау ма бауадзын, кæцыйы фæстиуæгæн райдыдтой ныхмæлæудтытæ сабыр цæрджыты æмæ Киевы хицауады ‘хсæн. Сабыр цæрджыты Украинæйы ног хицауад схуыдтой террористтæ æмæ сын сæ ныхмæ арвыстой сæрмагонд дæлхæйтты, æххуыс сын кодтой националистты къордтæ. ИНО-йы зонæнтæм гæсгæ, уæдæй фæстæмæ конфликты рæстæджы фæмард сты 10 мин адæймагæй фылдæр.

ДОНЕЦКЫ АДÆМОН РЕСПУБЛИКÆ РАСИДЫНЫ БОН

2014 азы 6 апрелы областон паддзахадон администрацийы бæстыхай радон хатт штурмæй куы систой, уæд протестгæнджытæ нæ ацыдысты сæ хæдзæрттæм, иу æхсæвмæ æрбахизæнты сæвæрдтой машинæйы цæлхытæ, сæхгæдтой йæ сындзджын телæй æмæ 7-æм апрелы æмбисбонмæ фехъусынчындæуыд Донецкы Адæмон Республикæ расидыны тыххæй. Уæдмæ бæстыхайæ æппæрст æрцыд Украинæйы бур-æрвгъуыз цъæх тырыса. Фондз азы размæ 7-æм апрелы Донецкы раздæры областон советы рабадтыты залы Донецкы областы административон-территориалон иуæгтæ, Республикæйы Уæлдæр советы æмæ Донбассы Иугонд адæмон комитеты минæвæрттæ райстой Донецкы Адæмон Республикæйы суверенитеты тыххæй Деклараци æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы паддзахадон хæдбардзинад расидыны тыххæй Акт. Республикæйы Уæлдæр совет ма уынаффæ райста 2014 азы 1-æм маймæ Донецкы Адæмон Республикæйы хæдбардзинады тыххæй референдум ауадзыны фæдыл. Абон уый у истори. Разæй уыд референдум, хæст, паддзахаддзинады арæзты азтæ.

ДОНБАСС ФОНДЗ АЗЫ ФÆСТÆ

Хæстон уавæрты чи цæры, уыцы Донбассæн 2018 аз ссис тохы, ныфсыты æмæ уæззау амæттæгты аз. Хъыгагæн, абон дæр регионы нæй сабырдзинад, нæ зыны хæсты кæрон, фæлæ уыцы иурæстæджы адæм куыд æнхъæлмæ кастысты, афтæ нæ уыд Украинæйы гарзджын тыхты ‘рдыгæй масштабон æрбабырстытæ. Æнæуый Украинæйы гарз-джын къордтæ æппынæдзух æхстой æмæ арæзтой провокацитæ Донбассы хъахъ-хъæнджытæм ахасты. Донецкы Адæмон Республикæйы официалон бæрæггæгæнтæм гæсгæ, Украинæйы ‘рдыгæй хæстон агрессийы фæстиуæгæн æрмæст 2018 азы 1-æм январæй 20 декабрмæ фæмард сты 161 адæймаджы. Стыр амондæн, стыр хæст не ‘рцыд, кæцы æнæдызæрдыгæй йæ фæдыл расайдтаид бирæ æнамонддзинæдтæ æмæ уды зиæнттæ. Фæлæ, хъыгагæн, 2018 аз нæ уыд æнæ уæззау уды зиæнттæй. Донбасс та ногæй хæрзбон дзырдта йæ хъайтартæ æмæ хъахъхъæнджытæн. Зæгъæм, 17 майы Авде-евкайы зонæйы фæмард «Пятнашка»-йы командир Мамиты Олег. Цæгат Ирыстонæй рацæугæ, Донбасмæ æрцыд 2014 азы уалдзæджы фыццаг бархионты нымæцы. Батальон «Восток»-ы сконды æмæ интербригадæ «Пятнашка»-йы уый хайад иста Донецкы аэропорт, Карловка, Мариновка, Саур-Могила, Ясиноватую, Углегорск, Марьинкайы тохты. Йæ хæлæртты æмæ ‘мтохгæнджыты ныхæстæм гæсгæ «Мамай» хицæн кодта йæ хъæбатырдзинадæй, фæтк æмæ дисциплинæмæ карз ахастæй. Уый йæ хæстонтæн æвдыста хъæбатырдзинады цæвиттон. Мамиты Олегæн лæвæрд æрцыд  Донецкы Адæмон Республикæйы Хъайтары ном йæ амæлæты фæстæ.

Донбассы цæрджытæн стыр цæф уыд 2018 азы августы фæстаг бон Донецкы Адæмон Республикæйы фыццаг сæргълæууæг Александр Захарченкойы трагикон амæлæт. Рæмудзæн æрмæг æвæрд уыд кафе «Сепар»-ы, цыран арæх æмбырд кодтой республикæйы уæлдæр къухдариуæгады минæвæрттæ. Рæмудзæн æрмæг уыд фтотоэлементимæ æмæ скуыста Захарченкойы цæсгоммæ, уый кафемæ куы фæцæйхызт, уæд. Захарченкойæн фæстаг хæрзбонмæ æрбацыдысты дыууæ сæдæ мин адæймагæй фыл-дæр. Уый ныгæд æрцыд «Донецкое море»-йы уæлмæрды, уым ма æнусон æнцойад ссардтой Республикæйы хъайтартæ Арсен Павлов (Моторола) æмæ Михаил Толстых («Гиви»). Хъыгагæн, 2018 азы æрмæст политикон лидертæ æмæ хъахъхъæнджытæ нæ фæ-мард сты, фæлæ сывæллæттæ дæр. 2018 азы Горловкайы æрцыд стыр трагеди. Æртæ скъоладзауы 13-14 аздзыдтыл спырх минæ æмæ фæмард сты.ИНО-йы информацимæ гæсгæ, Донбасс у, дунейы иууыл фылдæр минæтæ æвæрд кæм ис, уыцы регионтæй сæ иу.

ХИЦАУАДЫ ФÆИВД ÆМÆ ПОЛИТИКОН РЕФОРМÆТÆ

Александр Захарченкойы фæстæ Донецкы Адæмон Республикæйы æрцыд кадрон ивындзинæдтæ æмæ политикон реформæтæ. 2018 азы 7 сентябры Республикæйы Адæмон совет республикæйы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæгæй сфидар кодта Денис Пушилины, афтæ ма снысан кодта 11-æм ноябры Республикæйы къухдариуæггæнæджы бынатмæ æмæ парламенты ног æрсидт депуатты æвзæрстытæ ауадзын. Æвзæрстыты фæуæлахиз Денис Пушилин, æвзарджыты 60 проценты хъæлæстæ райсгæйæ. Ног хицауад райдыдта басгæрстытæ уадзын къорд ведомствойы фыдаудæн кæныны фактты фæдыл. Пенситæ æмæ куыстмыздтæ кæй фæфылдæр сты, уымæ нæкæсгæйæ, Республикæйы цæрджыты социалон-экономикон уавæр у хуыздæрхъуаг.

ДОНЕЦКЫ АДÆМЫ ТÆССАГ ÆМÆ ХИСÆРМАГОНД ИСТОРИТÆ

     Хæстон ныхмæлæудтыты рæстæджы æрцыд æмæ ныр дæр цæуынц тынг бирæ тæссаг цаутæ, фæлæ Анна Тувы трагеди у уæлдай зæрдæскъуынæндæр. «Ирдæй хъуыды кæнын алы уысм дæр, рæсугъд хурбон. Мæ чызг Катяйæн уыд ахуыры фæстаг бон. Æрбацыд скъолайæ, тынг хорз нысæнттыл æй каст фæцис. Мæ чысыл Миланæйыл та цыд æрмæстдæр дыууæ къуырийы. Нæ хæдзары сæрты тахт æнæпилотон», – йæ зæрдыл æрлæууыд Анна Тувæн. Дарддæр секундтæ, кæцы адих кодтой цард уæды онг æмæ уый фæстæ рæстæгыл. Сæ хъустыл ауад снарядты тыхджын æхситт. Иууылдæр алыгъдысты хæдзармæ. Срæмыгъд. Фыццаг, дыккаг, æртыккаг. «Мæ цардæмбал сывæл-лæтты бакодта хæдзармæ, мæхицæн ма мæ бон ссис къæсæрмæ балидзын. Стæй ницыуал базыдтон. Ме ‘муд куы æрцыдтæн, уæд федтон, хæдзар уыд иууылдæр пырхæнтæ. Тыххæйты пырхæнты бынæй скъахтон мæ дыууаздзыд фырт Захары æмæ уый фæстæ та иннæ хатæны чи фынæй кодта, уыцы ноггуырд Миланæйы. Дыууæ дæр сæрæгас сты. Фæлæ мæ хистæр чызг Катя æмæ мæ цардæмбал фæмард сты. Дохтыр-реаби-литолог, кæцы 10 азы бакуыста Горловкайы рынчындоны, йæхæдæг бахаудта рынчындонмæ. Асаст йæ уæхск, аскъуыдысты хъус-хæлынтæ, фесæфта йæ къух. Рынчындонæй æй куы рафыстой, уæд йæ сывæллæттимæ ацыд  Донецкмæ.

Æмæ ноджы иу аз æмæ æрдæг бомбæтæй æмбæхсæнтæ æмæ срæмыгъдтытæ. «Алы æхстыты рæстæджы-иу Захар къуыбылойау стыхст мæ хъæбысы æмæ-иу æй мæ бон сраст кæнын нал уыд. Тынг стресс ын уыд, райдыдта-иу ын истерикæ». Аннæйæн операци саразын йæ бон ссис Уæрæсемæ куы ацыд æмæ лигъдоны статус куы райста, уæд. Италиаг хæрзаудæн организацийы кусджытæ куы базыдтой Аннæйы истории, уæд ын протез саразын кордтой фæсарæнты. Æрæмбырд ын кодтой 25 мин евройы. «Куыддæр мæ реанимацийæ ракодтой, афтæ мæ бахастой сайт «Миротворец»-мæ куыд ополченка, афтæ, кæцы йæ къух фесæфта тохы рæстæджы», – радзырдта Аннæ. Тыхджын сылгоймаджы истори дисы баппæрста бирæты Европæйы. Дæсгай конференцитæ æмæ ралæудтытæ. Телеуынынады æмæ газетты интервьютæ. Итали, Серби, Дани, Герман. Аннæйы историйы фæстæ италиаг депутаттæ райстой уынаффæ Порошенкойы Веронайы кадджын æмбæстаджы номæй рацух кæныны тыххæй. 2017 азы Аннæ раныхас кодта Женевæйы адæймаджы барты фæдыл ИНО-йы советы сессийы. Йæ нысан уыд æхстытæ æруромын цæрæн секторты. Йæ нысан уыд сывæллæтты æдасдзинад. Сылгойма-джы трагедийы факты тыххæй Страсбургы тæрхондоны ныртæккæ  кæсынц  Аннæйы  хъуыддагмæ. Италиаг ассоциаци «Помогите спасти детей» фæндон бахаста Аннæйы Нобелы дунеон преми райсынмæ кандидатæй бавдисыны тыххæй. «Мæн дисы баппæрста ацы сылгоймаджы ныфсхастдзинад. Тæссаг трагедимæ нæкæсгæйæ, уый йæхимæ тыхтæ ссардта цы йыл æрцыд, уый тыххæй радзурынмæ. Нобелы преми райсынмæ йæ кæй раразмæ кодтам, уый у ныстуаны факт, цæмæй ацы территориты сабырдзинад сфидар уа», – дзуры парти «Лига»-йы депутат Вито Коменчини. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Донбассы цæуæг цауты тыххæй Европæйы цъус дзурынц æмæ Аннæйы историйы тыххæй хъуамæ æнæмæнгæй фехъусой.

Донбассы вазыгджын уавæрмæ кæсгæйæ, хуссар-ирыстойнаг цæрджытæн сæ зæрдыл æрлæууы Гуырдзыстоны ‘рдыгæй дæргъвæтин рæстæджы дæргъы цы уæззаудзинæдтæ бавзæрстой, цы сындзджын фæндагыл рацыдысты, æппæт уыцы цаутæ, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты уавæр дæр уыд Донбассы цæрджыты уавæры хуызæн. Фæлæ Стыр Уæрæсейы руаджы абон Хуссар Ирыстон сæрибар паддзахад у. Хуыцау зæгъæд æмæ Донбассы цæрджытæ дæр цы бафæразой æппæт зындзинæдтæн æмæ сæ равзаргæ фæндаджы кæрон та уæд рæсугъд æмæ сабыр сæхи куыд фæнды, афтæ.  Донбассы уавæр цæуыл фæуыдзæн, уый та рæстæг фенын кæндзæн. Рæстдзинад алыхатт дæр фæуæлахиз вæййы æмæ…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.