Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уыд презентаци зонадон-методикон æмæ æхсæнадон-литературон журнал «Русское слово в Южной Осетии»-йы сæрмагонд рауагъдæн, кæцы баст у ирæтты геноцидыл 100 азы сæххæстимæ.

Мадзалы хайад райстой Президент Бибылты Анатоли, РХИ-йы Уæрæсейы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Ма-рат Кулахметов, Хуссар Ирыстоны «Россотрудничество»-йы минæварады къухдариуæггæнæг Сергей Скворцов, Ахуырад æмæ зонады министры хæстæ æххæстгæнæг Гасситы Натали, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты Ассо-циацийы уæнгтæ æмæ журналы ныммыхуыргонд уацты автортæ.

Мадзалы модераторæй ралæууыд Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты Ассоциацийы сæргълæууæг Тедеты Залинæ. Уый йæ раныхасы радзырдта республикæйы территорийыл уырыссаг æвзаг популярон кæныны хъуыддаджы журналы ахсджиагдзинады тыххæй.

«Журнал бирæ рæстæджы дæргъы лæггад кæны РХИ-йы территорийыл уырыссаг æвзаг æмæ культурæ популярон кæныны хъуыддагæн, афтæ ма ахъаз кæны уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн кæрæдзиимæ профессионалон ныхас кæнынæн, уæзгæ хайбавæрд хæссы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы адæмты ‘хсæн кæрæдзиæмбарынады хъуыддагмæ», – загъта Тедеты Залинæ.

Презентацимæ бавдыстæуыд журналы 18-æм номыр. Уый баст у мысынады азимæ, кæцы расидт æрцыд 2020 азы РХИ-йы Президенты Барамындæй ирæтты геноцидыл 100 азы сæххæсты сæраппонд. «Номыры темæ æрæмбырд æмæ æрбаиу кодта мах иууылдæр – æмхъуыдыгæнджыты, кæцытæй алчидæр бæрндзинад æнкъардта номыр саразыны тыххæй. Номырæн æрмæджытæ æвзæрст цыдысты журналкæсджыты интерестæ хынцгæйæ: уыдон хъуамæ уой æнцонвадат æмæ цымыдисон, историон æгъдауæй раст, фæлæ уыцы иурæстæджы хъуамæ кусой сæйраг здæхты – уырыссаг æвзагмæ цымыдисдзинад рæзынæн ахъаз кæнын», – загъта уый.

Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты Ассоциацийы сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта журналы сæйраг редактор Хъодалаты Хансиатæн, уацты автортæн гъæддджын æрмæджыты тыххæй æмæ Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Наталийæн жур-налы рауагъдæн æппæтварсон æххуыс кæй бакодта, уый тыххæй.

Уый фæстæ æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта паддзахады сæргълæууæг. Бибылты Анатоли арфæйы ныхæстæ загъта уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты Ассоциацийы уæнгтæн сæ бакæнгæ куысты тыххæй. «Нæ фæсивæдæн тынг ахсджиаг у уырыссаг æвзаг зонын. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы ирон дæр хъуамæ зона йæ мадæлон ирон æвзаг. Фæлæ Абайты Васо куыд дзырдта уымæ гæсгæ «дыууæ æвзагæй пайда кæнын тыххæй хъаргæ нæу, фæлæ нын у æнæмæнгхъæуæг, нæ æрдзон уавæр, нæ хъысмæт», – загъта Президент.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, журналы РХИ-йы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты Ассоциацийы алы уæнгы хайбавæрды ахсджиагдзинадæн зын саргъгæнæн у, уæлдайдæр та ирæтты геноциды темæйы ахасты фæдыл. «Уый тыххæй æнæмæнгхъæуæг у дзурын æмæ дунеон æмæхсæнадмæ æппæт рæстдзинад хæссын, æмæ нæ журнал та уыдзæн ноджы иу ахæм фæрæз. Афтæ ма мах хъуамæ æмбарæм, зæгъгæ, ацы куыст æрмæст иу хатт, трагикон бонты ма хъуамæ кæнæм, фæлæ алы бон дæр», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президент арфæйы ныхæстæ загъта ректор Тедеты Вадимæн зонадон конференцитæ æмæ алыгъуызон мадзæлттæ кæй ауадзы, уый тыххæй, кæцытæ баст сты ирæтты геноциды темæимæ, бафæндыд æй алкæмæн дæр æнтыстытæ сæ куысты, æмæ ныфс бавæрдта республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй сын æххуыс кæй уыдзæн, уымæй.

Æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта Тедеты Вадим. Уый банысан кодта, зæгъгæ, РХИ-йы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты Ассоциацийы уæнгтæ аразынц бирæ Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы рæзты тыххæй. Уый уæлдай тынгдæр банысан кодта журналы сæйраг редактор Хъодалаты Хансиаты гуырахстджын куысты тыххæй. Йæ рады, Хъодалаты Хансиат банысан кодта, зæгъгæ, журнал ссис Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн ахсджиаг профессионалон рауагъд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, редакци æдзухдæр тырны цымыдисон уæвынмæ æмæ ахуыргæнджытæн æххуысгæнæгæй балæууынмæ, чиныгкæсджыты аудиториимæ бастдзинæдтæ рæзын кæнгæйæ.

«Бынæттон информацион домындзинæдтæм гæсгæ, куыд сæйраг редактор, афтæ æз фæндон бахастон нæ рауагъды формат рауæрæхдæр кæныны тыххæй. Æмæ абон журнал «Русское слово в Южной Осетии» у зонадон-методикон æмæ æхсæнадон-литературон рауагъд, кæцы мыхуыр кæны алыгъуызон темæтæ ахæм здæхтыты, куыд методологи æмæ методикæ, дидактикæ, куль-турæ, политикæ, истори, беллетристикæ æмæ а.д», – загъта уый.

Уымæй дарддæр ма, Хъодалаты Хансиат банысан кодта, зæгъгæ, редакцийы хæс у уырыссаг ныхасы æппæт уарзджытæ æмæ аргъгæнджытæн зонадон, сфæлдыстадон æмæ коммуникалон фæзуат суæвын.

Презентацийы ма раныхас кодтой йæ иннæ хайадисджытæ дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ журналы мыхуыр кæй æрцыдысты историон зонæдты доктортæ  Бзарты Руслан æмæ Дзадтиаты Русланы, историон зонæдты кандидат Пухаты Къостайы æмæ ХИПУ-йы доценттæ Гатыгкоты Гиви æмæ Дзугаты Къостайы уацтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.