Фæстаг рæстæджы бирæ дзырд цæуы мадæлон æвзаджы уавæрыл æмæ йæ фæхуыздæр кæныны фæндæгтыл. Æмæ зæгъын хъæуы, арæзт дæр цъус кæй нæ цæуы. Уый мах, скъолайы агъоммæ уагдæтты хъомылгæнджытæ, нæ куысты банкъардтам. Фылдæр хъусдард здæхт цæуы хъомылгæнинæгтæн мадæлон æвзаг уарзын кæнынмæ, уымæйдæр æрмæст ныхæстæй нæ, фæлæ алыгъуызон мадзæлтты, хъæзтыты, ахуырты руаджы. Уыдонæн сæ зынгæ хай уагъд цæуы мадæлон æвзагыл. Мах хорз æмбарæм, мадæлон æвзагыл фидæны цардаразæг æмбæстаг цæмæй дзура сыгъдæгæй, уарза йæ, аргъы ын кæна, уый тыххæй хæрз сабийæ кæй хъæуы кусын йемæ, стæй æрмæст кусын нæ, фæлæ йæ алыварс хъуамæ хъуса мадæлон ныхас. Æмæ хъусгæ та кæндзæнис уæд, кæд æмæ мах, хистæр кары адæймæгтæ, аргъ кæнын фæразæм не ‘взагæн, æвæрæм æй æндæр æвзæгтæй уæлдæр. Хъыгагæн, бирæтæ атасынц æндæр æвзагыл дзурынмæ, кæм нæ хъæуы, уым дæр, æмæ мадæлон æвзаг та фæсвæд аззайы. Ахæм вæййы йæ уавæр бирæ ирон бинонты ‘хсæн дæр. Ирон ныхас чи нæ хъусынц сæ хæдзæртты, уыдонимæ куыст та сывæллæтты цæхæрадæтты зындæр кæны. Уымæ гæсгæ ам ноджыдæр ныййарджыты зæрдыл æрлæууын кæнын æмбæлы, ацы фарстмæ уæлæнгай цæстæй кæсын кæй нæ хъæуы. Адæймаг, цавæрфæнды нацийæ ма уа, хъуамæ зона йæ мадæлон æвзаг, дзура йыл, хъахъхъæна йын йæ сыгъдæгдзинад æмæ  гæнæн уæвгæйæ, йæ бавæрд хæсса йæ рæзын кæнынмæ. Æмбарын хъæуы, мах чысылнымæц адæм кæй стæм æмæ ныл уæлдай бæрндзинад æвæрд кæй цæуы ацы хъуыддаджы, уымæн æмæ нырыккон дуджы стырдæр, тыхджындæр æвзæгты ‘хсæн чысыл адæмтæн зындæр у сæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ нæм мингай азты сæрты куыдæй æрхæццæ, афтæмæй йæ нæ фидæны фæлтæртæм адæттын.

Ам ма æнæмæнг хынцын хъæуы, сывæллæтты цæхæрадæтты абоны хъомылгæнинæгты ныййарджытæн сæ сабидуг кæй æрхауд уæззау рæстæгмæ  ивгъуыд æнусы 90-æм азтæм, уыдонæн та сæ ный-йарджытæ сæрибардзинады сæрыл тохгæнджытæ уыдысты. Æмæ уыцы уæззау хæстон, хæццæ дуг та райдыдта мадæлон æвзаг бахъахъхъæнынæй. Махæн æй нæ сыхæгтæ иуварс æппарын кодтой æмæ нын хъардтой сæхи æвзаг, хъуыддагдард хъуамæ рахызтаид се ‘взагмæ. Фæлæ адæм растадысты се ‘взаг бахъахъхъæныны сæрыл, æмæ дæсгай азты фæцыдысты хæсты тугæйдзаг фæндæгтыл. Æмæ кæд уыцы азты дæр скъолаты, скъолайы агъоммæ уагдæтты ахуыр-хъомыладон куыст никуы æрлæууыд, уæддæр æмбæлон фадæттæ æмæ уавæртæ нал уыд ахæм куыст кæнынæн, æмæ уый та мæгуырауæрдæм æндæвта йæ гъæдыл. Ныр уыцы рæстæджытæ фæстейæ баззадысты, нæ цæстыты раз нæ цард ивы хуыздæрæрдæм. Æхсызгон хъуыддаг у, скъолаты бæстыхæйттæ сæ аив цалцæгæй цæстæнгас сæхимæ кæй здахынц, афтæ рæвдауæндæттæ дæр, кæцытæй бирæтæ раууатмæ æрцыдысты хæстон архайдтыты рæстæ-джы. Уыдон иууылдæр ифтонг цæуынц æнæмæнгхъæуæг ифтонгад æмæ нырыккон ахуыргæнæн æрмæджытæ æмæ фæрæзтæй, методикон литературæйæ.

Сæрмагондæй мæ банысан кæнын фæнды, нæ ахуыргæндты къорд Битарти Зойæйы разамындæй скъолайы агъоммæйы кары сывæллæттæн цы чингуытæ бацæттæ кодтой мадæлон æвзагыл, уыдоны тыххæй. Ацы чингуытæ нын иттæг ахъаз кæнынц нæ æрвылбонон куысты æмæ сын уый тыххæй зæгъæм стыр бузныг. Уыдон ахсджиаг сты æрмæст сæ методикон бацамындытытæй, сæ цæстуынгæ æмæ æндæр хъæуæг æрмæджытæй нæ, фæлæ, сæйраджыдæр, мадæлон æвзагыл фыст кæй сты, уымæй. Уый нын фадат дæтты хъомылгæнинæгты ‘хсæн ахуыр-хъомыладон куыст мадæлон æвзагыл хуыз-дæр æмæ гъæдджындæрæй æххæст кæнынæн.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, сабийы уд у сыгъдæг фæйнæг, цы йыл ныффыссай, уый дзы рацæудзæн. Фыссын та йыл хъæуы æрмæстдæр хорз хъуыд-дæгтæ æмæ уый та æрмæст мах, сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнджыты, хæс нæу, фæлæ ныййарджыты, æхсæнады, хистæр фæлтæрæй алкæйы хæс дæр æмæ алчидæр хъуамæ æнкъара уыцы бæрндзинад.

ЕНАЛДЫТЫ Назирæт,

Цхинвалы сывæллæтты

12-æм рæвдауæндоны хъомылгæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.