Чызг-богал Зассеты Амагæ

Æнусы ’мбисы размæ дæр ма зын бауырнæн уыди сылгоймæгты хъæбысхæстæй, боксæй, æмæ спорты æндæр ахæм хуызтæй ерыс кæнгæйæ фенын. Кæй бауырныдтаид, сылгоймæгтæ къæхтæй-къухтæй архайгæйæ карз тохы бацæудзысты, уый? Фæлæ рæстæг йæхион кæны æмæ ныр уыцы спорты хуызтæй сылгоймаг-спортсментæ ерыс кæнынц дунеон чемпионатты, æмæ ма суанг Олимпиаг хъæзтыты дæр.

Ирыстоны чызджытæ спорты ахæм хуызтæм се ’ргом кæд бирæ фæстæдæр раздæхтой, уæддæр сын чысыл нæ бантыст. Нæ сæрæн сылгоймæгтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ систы дунейы стырдæр ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ. Нæ хъæбатыр чызджытæ сыгъзæрин, æвзист æмæ бронзæ майдантимæ бирæ хæттыты æрцыдысты Уæрæсейы, раздæры Советон Цæдисы, Европæйы, дунейы чемпионаттæй, æмæ ма суанг Олимпиаг хъæзтытæй дæр. Æгас дунейы дæр хъуыстгонд уыдысты æмæ сты сæ нæмттæ.

Нæлгоймæгтæй уæлдай, азæй-азмæ фылдæр кæнынц сылгоймаг богалты нымæц дæр. Уыимæ, сылгоймаг богалтæ ринджы сæхи нæлгоймæгтæй цауддæрæй не ’вдисынц. Уый нæ, фæлæ ма арæх сæ тохтæ ноджы карздæр рауайынц.

Чызджыты ерысты Мæскуыйы 42 кг онг уӕзы архайдта тренер Коцты Тамерланы хъомылгӕнинаг, чызг-богал Зассеты Амагæ. Поддубныйы номыл турниры уый бацахста фыццаг бынат. Йæ тренер куыд зæгъы, афтæмæй Амага у суинаг богал ӕмӕ йӕ фидӕны стырдӕр уӕлахизтӕн ӕвдисӕн уыдзыстӕм: «Ацы кары сӕй-рагдӕр у дӕ хъарутыл баууӕндын ӕмӕ дӕ рӕдыдтытӕ сраст кӕнынмӕ тырнын. Йӕ дарддӕры фӕндаг аразгӕ уыдзӕн, йӕхиуыл куыд куса, уымӕй. Тырндзыстæм уымæ, æмæ мæ уырны, уыцы бон та ныл скæндзæн нæ уарзон Ирыстоны спортуарзджытæн сæ зæрдæтæ барухс кæндзыстæм», — радзырдта чызджы тренер.

Дысвæлдæхтæй, æхсæв æмæ бон нæ зонгæйæ, Зассеты Амага йæхиуыл куыста, цæмæй абон Ирыстонæн сыгъзæрин майдан æрхастаид. Амага йæхи равдыста тынг хъаруджын æмæ ныфсджынæй.

Æппæт Ирыстон, стырæй-чысылæй зæрдиагæй æнхъæлмæ кастысты не ’мзæххон ерысы фæзтатамимæ кæд рахиздзæн, уымæ. Амагæ æппæт дæр кæй арæзта, цæмæй дзы ныфс чи æвæрдта, уыдон уой Амагæйæ сæрбæрзонд. Йæ тренер Коцты Тамерлан куыд банысан кодта, афтæмæй, йæ уæлахиз нæ республикæйæн у стыр æнтыст.

Зассеты Амагæйæн йæ спортивон æнтыстытæ нырма разæй сты. Æмæ йын кæд ацы ерыстæ фыццаг сты, уæддæр æй ныфс ис, фидæны ма ноджы фылдæр æнтыстытæ кæй бафтдзæн йæ къухы.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.