Æппæтдунеон вокалон конкурс «Ты супер!»-ы руаджы курдиатджын сывæллæттæн фадат ис бæрзонд сценæйыл сæ арæхстдзинад равдисынæн. Проекты хайад исынц сывæллæттæ Уæрæсейæ, Белорусси, Молдовæ, Эстони, Латви, Казахстан, Узбекистан, Герман æмæ Хуссар Ирыстонæй.

Хуссар Ирыстонæй ацы проекты дыууæ сезоны хайад исæг чызджытæ – Гæбæраты Аринæ æмæ Плиты Ланæ, бузныг сты дунеон агентад «Спутник»-æй, уымæн æмæ ацы агентады руаджы рахызтысты бæрзонд сценæмæ. Ацы проекты хайадисджытæ æрæджы сæ мысинæгтæ дзырдтой «Спутник»-ы пресс-центры информацион фæрæзты минæвæрттæн.

Проекты дыккаг сезоны хайадисæг, нæ горæты Аивæдты лицейы ахуыргæнинаг Плиты Ланæ æрæджы рыздæхт Мæскуыйæ. Уый уæндонæй рахызт карз жюрийы уæнгты размæ, сæххæст кодта зарæг, фæлæ нæ ахызт финалон хаймæ. Уæддæр, зæгъгæ, æз стыр æхцонхæссæг æнкъарæнтимæ æрæздæхтæн фæстæмæ.

«Мæн нырмадæр нæ уырны, центра-лон телеуынынады мæ кæй равдыстой. Базонгæ дæн хæларзæрдæ адæмимæ, схæлар дæн тынг хорз ме ‘мцахъхъæн сывæллæттимæ алы бæстæйæ», – дзырдта уый.

Радзырдта ма, йæ балцмæ æмæ йæ сценæмæ рахизынмæ куыд цæттæ кодтой, уыдон тыххæй. Банысан кодта, тынг æй кæй фæнды ацы конкурсы радон сезоны хайад райсын æмæ уымæ гæсгæ æнæауæрдонæй кусы йæхиуыл.

Проект «Ты супер!»-ы фыццаг хайадисæг, нæ горæты скъола-интернаты ахуыргæнинаг Гæбæраты Аринæ йæхимæ гæсгæ тынг æнхъæлмæ каст Ланæйы æнтыстджын зардмæ, ныфс æй уыд дыккаг турмæ кæй ахиздзæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон ын нæ уыд, Ланæйы кæй нæ саккаг кодтой жюрийы уæнгтæ дыккаг турмæ ахизынæн. Фæлæ, зæгъгæ, ницы кæны, иннæ аз та бафæлвардзæн йæ хъарутæ ацы проекты.

Аринæ радзырдта йæ бæллиц æнæнхъæлæджы куыд сæххæст: «Уый, æцæгдæр, мæ рагон бæллиц уыд æмæ мæ никуы бауырныдтаид, ахæм уæрæх аудиторийы раз зардзынæн, уый. Æз дæр уым базонгæ дæн тынг хорз сывæллæттæ æмæ ахуыргæнджытимæ».

Бузныджы ныхæстæ ма загъта дунеон агентад «Спутник»-æн, проекты хайад райсынæй дарддæр ма фарон æнæферохкæнинаг рæстæг сывæллæт-ты лагерь «Орленок»-ы кæй арвыста.

Дыууæ чызджы ныхæстæм гæсгæ активонæй социалон хызæджы руаджы кæрæдзийæн дзурынц сæ æнтыстытæ, гуырæнбонты кæрæдзийæн арфæ кæнынц. Иу ныхасæй, проект «Ты супер!»-ы руаджы баисты бирæ хорз хæлæртты аккаг.

Æхсæнадон архайæг æмæ социалон проект «Рядом с нами»-йы автор Джиоты Аэлитæ дæр бузныг загъта информацион агентад «Спутник»-æн, курдиаттæ раргом кæнын æмæ фæндтæ чи æххæст кæны, уыцы диссаджы конкурсы хайад райсынæн фадæттæ кæй аразы, уый тыххæй.

Джиоты Аэлитæ æмæ бирæ æндæртæ æххуыс кодтой Ланæйæн, æмæ уый та нысан кæны, цы раст фæндагыл лæуд у, уымæй кæй нæ фæиппæрд уыдзæн.

Хуссар Ирыстоны информацион агентад «Спутник»-ы къухдариуæггæнæг Витали Раднаев дæр арфæ ракодта æвзонг чызджытæн æмæ банысан кодта республикæйы бæрзонд æмвæзадыл кæй равдыстой. Ацы дунеон вокалон конкурс, иумиагæй сисгæйæ, фадат дæтты сывæллæттæн сæ курдиат равдисынæн. «Сымахмæ гæсгæ æндæр сывæллæттæ дæр сцымыдис сты æмæ сæ бафæндыд хайад райсын уыцы проекты. Уый дæр ныридæгæн стыр æнтыст у», – банысан кодта Витали.

Уый Плиты Ланæмæ бахатыд, цæмæй Хуссар Ирыстоны «Спутник»-ы радиостанцы куысты хайад иса.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ НТВ-йы телеканалы музыкалон проект «Ты супер!»-ы хайад кæй исынц скъола-интернаты сывæллæттæ æмæ ныййарджыты рæвдыдæй цух чи сты, ахæмтæ.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.