Цæмæй куыстуат, уагдоны хъуыддæгтæ зæрдæйы фæндиаг цæуой, уый бирæ цæмæйдæрты кæнгæ у, æмæ хæдзардзин разамонæг æппæт тыхтæй дæр фæархайы, цæмæй уыдонæй æххæстбæрцæй уа ифтонг. Фæлæ уæддæр бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, уыдон алы хатт къухы нæ бафтынц, уый та свæййы къуылымпыйы хос куысты размæцыдæн. Зæгъын хъæуы, разамонæг алы къуыхцы дæр куы бафиппайы, рæстæгыл куы бацархайы йæ сæххæст кæныныл, уæд дзы æнæмæнг вæййы æвæрццаг фæстиуæг. Уыцы хорздзинад та æхцондзинады хос вæййы куыд коллективæн, афтæ æндæр æмбæстæгтæн дæр. Цæвиттон, нæ республикæйы Президенты æвзæрстыты рæстæджы æвзарджытимæ фембæлдтытæ куы уыд, уæд æмбæстæгтæ дзырдтой сæ риссаг фарстытыл æмæ домдтой сæ аиуварс кæнын. Иу ахæм фембæлд уыд Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрджытæн Президентмæ кандидат Бибылты Анатолийæн. Фембæлды рæстæджы цæрджытæ дзырдтой куыд æнтыстыты тыххæй, афтæ ма иуæй-иу хъуагдзинæдтыл дæр, уыдон та уыдысты царды алы къабæзтæй дæр. Кандидат йæ фембæлды рæстæджы раныхасгæнджытæн ныфс ба-вæрдта, уыцы скъуыддзагкæнинаг фарстатæм йæ хъус лæмбынæг кæй æрдардзæн, æмæ æххæст кæй æрцæудзысты, куыддæр ын фадат фæуа, афтæ. Йæ тыхстдзинад нæ басусæг кодта Культурæйы хæдзары директор Мамиты Дзерассæ дæр. Уый та домдта, цæмæй ацы культурон уагдоны уавæртæ цасдæрбæрцæй фæхуыздæр уой. Кандидат ныфс бавæрдта, йæ куырдиат цыбыр рæстæгмæ æххæст кæй æрцæудзæн, уымæй. Æцæгдæр, рацыд цалдæр боны, æмæ самал кодтой сценæйæн æмбæрзæнтæ. Уыдон æмбæлон бынаты бакæныныл та цалдæр боны зæрдиагæй бакуыстой кусджытæ Музиаты Павел æмæ Хуыгаты Нодар.

Зæгъын хъæуы, Культурæйы хæдзары сценæмæкæсджытæн цы бандæттæ уыд, уыдон уыдысты зæронд æмæ сын дзуапп нал лæвæрттой сæ домæнтæн. Ацы уавæр дæр бахынцыд æрцыд районы Культурæйы хайады сæргълæууæг Гаглойты Ростиславы ‘рдыгæй, æмæ сын самал кодта хуыздæр бандæттæ.

Мамиты Дзерассæ тынг райгондæй баззад, йæ уагдоны тыххæй чи батыхст, уыдонæй æмæ сын зæгъы стыр бузныг.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.