«Ир, бæгуыдæр у хæзнаджын,

                                                                                         Æз йæ сусæг æвæрæнтæй райын.

                                                                               Гъе, фæлæ ирон æвзаджы

Сеппæтæй хæзнадæрыл нымайын…»

                                                                                                                                           Дзугер

Ирон советон литературæйы рæзты фæндæгтыл чи дзура, уый нæ ахиздзæн нæртон зиууон, ирон куырыхон, нæ аив æвзаджы зæрингуырд, зынгæ поэт æмæ прозаик, публицист æмæ тæлмацгæнæг, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат Дзугаты Хасæхъойы фырт Георгийы сфæлдыстады иувæрсты.

 Ахъаззаджы литературон зиууон кæй уыд, уый канд Иры зæххыл нæ ахъæр, Цæгат æмæ Хуссар Кавказ, Уырысы чиныгкæсджытæ хорз зонгæ сты Дзугеры (афтæ хуыдта йæхи) уацмыстимæ, кæсынц сæ сæхи æвзæгтæм тæлмацгондæй.

Дзугер, хонæм ма йæ Джиуæр дæр, æцæг ирон лæг кæй уыд, æгъдау æмæ фарны, ныхас æмæ хъуыддаджы, сыхы, хъæубæсты, æхсæнады, уый алчи нæ зоны.

Фарны ныхас, адæмон зард æмæ кафт, ныхас кæнынмæ, ирон æгъдæутты рæгъмæ хæссынмæ, Джиуæрæн æмбал кæм уыдис. Дзомагъгомæй цы сахъ фæсивæд рацыд, комбæсты кад бæрзонд чи систа, Сагты рындзæй Уастырджыйы зарæг чи ныккодта, уыдонæй иу уыд Дзомагъаг, Дзугаты хъæуккаг, Георги.

Ацы бонты Дзугеры райгуырдыл æххæст кæны 110 азы. Бæргæ йе’нус куы батыдтаит, уæд йæ хуынты къæбиц дзаджджындæр уыдаит. Фæцард æдыппæтæй 74 азы. Уыдонæй иутæ схай кодта фыййауы куыстæн, аннæтæ ахуыры фæн-дагæн, сæ хай айстой хæсты азтæ дæр… æппæтæн дæр бафæрæзта цардбæллон лæппу.

Георги уыдис советон фысджыты хистæр фæлтæрæй. Райгуырдис Хуссар Ирыстоны, Дзауы районы, Дзомагъгомы Дзугаты хъæуы. Дзомагъгомы хъæутæ сты: Фæзыдзомагъ, Магъ, Къæззаты хъæу, Дзугаты хъæу, Саджджын къуырф, Губаты хъæу. Ацы хъæутæй фæзбынæтты цардысты Фæзыдзомагъ æмæ Магъ, иннæтæн сæ равæрд у хохы фæхстыл.

Хъæутæ æмæ адæмы нымæц дзурæг сты, йæ адæм зæххъуаг кæй уыдысты, мæгуырдзинад дзы æлдариуæг кæй кодта.

Æуыцы зæххъуаг адæмæй уыд Джиуæры фыд Хасæхъо дæр.

Бирæ бинонты хицау уыд Хасæхъо. Йæ цардæмбал Плион Гыгыимæ схъомыл кодтой 4 лæппуйы (Георги, Хаджумар, За-уыр, Елиоз) æмæ 2 чызджы (Заретæ æмæ Ханиффæ). Иугай сыл æрдзурыны фадат нæй, фæлæ уæлæнгæйттæй зæгъдзынæн уый, æмæ се ‘ппæт дæр æвзыгъд фæсивæд кæй уыдысты. Джиуæр æмæ Хаджумар – зынгæ ирон советон фысджытæ, Зауыр – профессор, Елиоз – заводы раззагон кусæг, чызджытæ – хъомылгæнджытæ.

Дзугер нырма ахуыр кодта сæхи хъæуы райдиан скъолайы. Æвзонгæй бахауд 1920 тыгъды зæйты. Ахуыр кодта Ручъы, Ногиры, Цхинвалы педтехникумы. Ам базонгæ дуджы раззагон хъуыдытимæ, ам бауарзта литературæ, Къостайы «Ирон фæндыр» уыдис йæ ахуыргæнæг.

Педтехникум уæрæх фæндæгтæ байгом кодта хæххон лæппуйæн дардмæ акæсынæн, нывæфтыд литературæйы денджызмæ бахизынæн.

Дзугер цардыл фæхæст 1935 азы. Уæд райдыдта йæ егъау æхсæнадон куыст. Техникумы фæстæ кусын райдыдта газет «Коммунист»-ы (абоны «Хурзæрин»), уый æмрæстæджы фæсаууонмæ ахуыр кодта нæ пединституты ирон æвзаг æмæ литературæйы факультеты. Хорзæн мысыд алы хатт дæр Тыбылты Алыксандр æмæ Хъоцыты Бидзинайы.

Дзугер йæ институт кæронмæ каст нæ фæцис, æрсидтысты йæм æфсæддон службæмæ, уым æй æрыййæфта Стыр Фыдыбæстæйон хæст дæр. Йæ царды дæр æмæ йе сфæлдыстады дæр егъау бынат æрцахстой хæсты азтæ. Бирæ маст, бирæ тухитæ федта уæд. Уæззау цæфтæй бахауд немыцмæ уацары, фæлæ йын 1945 бантыст ралидзын.

Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй сыздæхт 1945 азы. Ногæй аныгъуылд егъау æхсæнадон æмæ литературон куысты. 1945 азы кусын райдыдта журнал «Фидиуæг»-ы. Куысты фæллад нæ зыдта, фæлæ хæсты уæззау азтæ, знаджы нæмгуытæ, тынг бахъыгдæрдтой Георы æнæниздзинад, уый тыххæй цалдæр азы йæ куыст уадзгæ дæр ныккодта.

1952 азы поэт йæ тыхтæ стымбыл кодта, райдыдта кусын тæлмацгæнæгæй газет «Комунист»-ы; 1945-1956 азты куыста журнал «Фидиуæг»-ы. 1963 азы ссис ацы журналы редактор, цыран фæкуыста 1972 азмæ. Ардыгæй ацыдис пенсийы дæр, æцæг йæ литературон куыстыл йæ къух никуы систа. Амард 1985 азы.

Дзугер йæ фæстæ ныууагъта рæсугъд бинонты. Йæ цардæмбал Калоты Фатимæйы дыууæ сывæллонимæ. Чызг Дзерассæ, фырт – Къоста. Сæрыстыр сæ уыд фыд, фæлæ йын семæ бирæ цæрын нæ бантыст. Фыды лæггæдтæ йæ адæмæн кæны йæ фырт Къоста, философ, политолог, Ирыстоны фæдисон, Иры абоны æмæ фидæны бартыл тохгæнæг.

Дзугер йе сфæлдыстадон куыст райдыдта 1930 азтæй. Йæ ном рарттывта 1935 азтæй журнал «Фидиуæг» æмæ газет «Коммунист»-æй. Йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгонд «Хуры тын» та фæзынд 1938 азы.

Уæдæй фæстæмæ æрсдонау кæрæдзи фæдыл ивылдысты йæ уацмыстæ, куыд хицæнтæй, афтæ æмбырдгæндтæ дæр. Уыцы азты Георы ном бæрзонд систа йæ поэмæ «Æхсаргард», кæцы хицæн чиныгæй рацыд 1941 азы. Цыдысты йæ уацмыста куыд Хуссары, афтæ Цæгаты дæр, цыдысты уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтыл дæр Мæскуы æмæ Тбилисы.

Зæгъæм: 1. «Радзырдтæ æмæ аргъæуттæ», Дз. 1950; 2. «Уацмыстæ»-Сталинир, 1954 аз; 3. «Цины зарджытæ», Дз. 1954; «Сабитæн» – Сталинир, 1956; «Хæлæрттæ» – Сталинир 1956; Кадджытæ. Сталинир – 1957; Бролис чангери («Дзæнхъа – æхсæрдзæн», Тбилис 1961 аз); Добрый гость. Стихи М.1963; Уацмыстæ, Т.1, Цхинвал 1971 аз; Уацмыстæ. Т. 2. Роман, уацау, радзырдтæ, Цхинвал, 1974 аз. Уацмыстæ. Т.3 1976 æмæ æнд.

Георги царды цаутæм йæ хъус дардта кæддæриддæр, йæ рæстæджы йæ загъта Гафез дæр: «Поэты цырд цæстытæй нæ аирвæзти царды зынгæ фæзындтæй иу дæр; уыдта ду-джы улæфт, хъуыста рæстæджы алы дыдзы уынæр дæр æмæ йе сфæлдыстадæй дзуапп лæвæрдта уыдонæн».

Æмæ афтæ дæр уыд: поэты сфæлдыстады сæйраг фарстытæ сты: революцийы агъонмæйы заууаттаг цард, ног царды ралæуд йæ рæсугъд хæрзиуджытимæ, хæсты æмæ колхозон быдырты нывтæ, советон адæмы цин æмæ змæлд, цин дзыллæйы фæтæг Лениныл, адæм æмæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинад, сабырад æмæ фидыдад, сабитæ – царды дидинджытæ, цардаразæг фæсивæды уарзондзинады фæндæгтæ.

Нæ дуджы хур кæй бахъарм кодта, уыдон уыдысты нæ хæхты цæрæг адæм. Уæд æндæр хур ракаст Дзомагъгомыл дæр, уæд æндæр уыд хæххон адæмы цæсгомы хуыз, сæ мидбылты бахудт. Зæгъгæ дæр æй кæны поэт:

«Иры хæхты рухс сæуæхсид хъазы,

Гъей, куыд хорз у цард цæрынæн абон!

Зæрдæ риуы райы æмæ кафы,

Мах Советон дуджы ссардтам амонд»…

Уыцы цины улæнты кой ракодта поэт йе ‘мдзæвгæтæ «Уалдзыгон цин» æмæ  «Хосгæрст»-ы дæр.

Дзомагъ мæ сабион авдæн. Ахæм хъуыдыимæ арæх цыд йæ Райгуырæн Дзомагъмæ, Дзугаты хъæумæ, йæ фыды уæзæгмæ. Фæзынд та йæм ныр дæр, ахаста йæ цæст хъæуыл, сæ хæдзарыл æмæ уыны, фендæр ис цард. Йæ сæйраг хъуыды та у йе ‘мдзæвгæ «Мæ фыды уæзæг»-ы: «Кæм фæнды фæхæтон, нæ рох кæнын дæу», «Цæй, рауай, ныккæнон дæу адджын хъæбыс».

Уыцы миниуæг æм хатыд Гафез æмæ йæ зæгъгæ дæр кодта: «Дзугаты Георгийы сфæлдыстады сæйраг миниуæг уый у, æмæ кæй æвдисы хæххон ирон адæймаджы зæрдæйы уаг, йæ сагъæстæ, йæ бæллицтæ, йæ циндзинæдтæ æмæ йæ мæстытæ». Уæлдай дæр та куы бакаст Дзугеры рæнхъытæ:

«Иры хæхтыл рухс сæуæхсид хъазы,

Гъей, куыд хорз у цард цæрынæн абон!

Зæрдæ риуы зары æмæ кафы,

Мах Советон дуджы ссардтам амонд»

                                    (æмдз. «Иры хæхты»)

Фæсхæсты азты ирон поэзийы зынгæ бынат ахсынц Дзугеры æмдзæвгæтæ. Хæстон лæг хæсты æбуалгъ нывтыл, хæцæг салдаты сагъæстæ æмæ тохы фæндæгтæ, знаджы æлгъаг цæсгом арæхстджынæй æвдисы йе ‘мдзæвгæты. Уыдон та сты: «Сидт», «Цæссыг», «Бюст», «Хæцæны», «Ингæны уæлхъус», «Хæсгæ мард», «Фæдзæхст», «Булкъон», «Наздар» æмæ æндæртæ.

Дзугеры цæсты кадджын уыдысты нæ кæстæртæ, фидæны фидар цæджынтæ, цард йæ мидбылты кæмæ худт æдзух-дæр, уыцы фæсивæд. Уыдоны удыгъæд, сæ конд, сæ уынд, сæ зонд, сæ архайдыл тынг æрывæрдта йæ цæст поэт, дзæвгар фæныхас кодта, уыдоны уарзондзинады фæн-дæгтыл.

Дзæнæты бадинаг Уасо Секъайыл дзургæйæ, афтæ загъта, зæгъгæ, æрыгæтты уарзондзинад кæддæриддæр афтæ тыхджын хъуамæ уа, Секъамæ куыд у.

Зæгъæн ис, уарзондзинады фæндæгтæ æвдисынмæ советон поэттæй Дзугеры фарсмæ искæйы æрывæрын ахæм зын ссарæн у. Дзæвгар у сæ нымæц, гъæдджын – сæ сюжет, зæрдæмæхъаргæ – йæ зарджыты мотивтæ. Ахæмтæ та йын сты: «Усгуры сагъæс», «Уæд та», «Куырдуаты», «Æхцон у», «Дæ лæвар», «Сагъæс», «Чызгайы зарæг», «Сусæг уарзт» æмæ æнд.

Иры фæсивæд се’рвылбон царды фæлхатт кæнынц Георы ныхæстæ: «О, уыцы дыууæ сау цæсты, мæ тæригъæдæй…», «О, чызгай, рæсугъд чызгай», кæнæ «Адджын пъайау нæу чызджытæ мой кæнын, уарзондзинд дойнаг дуры дон кæны». Йе ‘мдзæвгæтæй бирæтæ систы зарджытæ, стæй æввахс, æнгом æрбалæууыдысты адæмон зарджытæ æмæ мелодитæм.

Дзугайы фырт арæхстджын разынд гуырахстджындæр уацмыстæ фыссынмæ дæр. Йæ поэмæтæ: «Æхсаргард», «Хæмæт», «Дзыллæты рæсугъд», «Алан», «Дадайы радзырд», «Фыййауы кадæг», «Къостайы колхоз», «Натлиа», «Хæхтæ-уарт», «Уарзт», «Зæрдæдзæф», «Дунейы рухс», «Уырыссаг бæрз», «Æхсинæг», «Дзæгъæл æфсир», «Бындзыг», егъау хайбавæрд сты нæ литературæйы хæзнадоны.

Поэмæтæн сæ сæртæ куыд алыгъуызæттæ сты, афтæ алыгъуызон у сæ тематикæ дæр, ивгъуыд æнустæй райдай æмæ советон дуджы хæрзиуджытæм акæс.

Канд поэзийы нæ, Дзугер стыр курдиат равдыста прозæйы фадыджы дæр. Йæ радзырдтæ «Фæскъæвда хурбон», «Æхсæвиуат», «Файнустытæ», «Афицеры радзырдтæ», «Сæуæхсидæй – зæрæхсидмæ», «Къуырттон карк», «Кæстæриуæг», «Æнайы лæвар», «Ниудта уад», «Зæххы сой», «Хæлæрттæ», «Æхсарджын барæгæн».

Йæ уацаутæ: «Комы нарæджы», «Мæйрухсы», «Фæдисы дзæнгæрæг».

Йæ романтæ: «Карды комыл», «Сыгъзæрин суадон» æмæ æнд., дзурæг сты Дзугайы фырт йæ адæмы царды цаутæ бæстон æмæ лæмбынæг кæй зыдта.

Йæ поэтикон уацмыстау, йæ прозæйы дæр бæрæгæй рарттывта, Иры цардыуаг хæхбæсты цахæм уыд ивгъуыд æнусты, тох æмæ фæллойы азтæ, колхозон æмæ хæстон архайдтыты быдыртæ, Иры мидæггагон царды вазыгджын нывтæ, стæй уæд нæ хæхбæсты бæркад цæй диссаг дæ цæ…

Дзаумайыл ма чи дзуры, Гиуæрæн йæхи сабион бонты кæм уыд фаг къæбæр, поэт бирæ къулбæрзæй сывæллæтты федта, æмæ сын сæ ном дæр бирæ уацмыстæй ссардта æмдзæвгæты руаджы дæр æмæ радзырдты фæрцы дæр. Ууыл уал дзурæг сты йæ уацмысты æмбырдгæндтæ: «Сабитæн», 1954; «Дзего» – Дз., 1959; «Мæ лæвар  сабитæн» – 1960; «Дзæргъ æмæ бирæгъ» (аргъау) – 1963; «Хъулон-мулон гæлæбу» – 1967; «Бирæгъмарæн цъæх æрцытæ» – 1970; «Сæракцæст цуанон» – 1973 æмæ æнд…

Æмбырдгæндтæм цы уацмыстæ сты хаст, уыдоны бæлвырдæй зыны, автор сабиты миддуне хорз кæй зоны, сæ миддунемæ ныккæсын кæй фæразы, сæ уды гъæды сконд, стæй сæ миниуджыты рафæлгъауынмæ кæй рæхсы.

Арæхстджын уыд Джиуæр тæлмацкæнынмæ дæр. Йæ тæлмæцтæ А.Пушкин, Т.Шевченкойæ, М.Исаковскийæ, Х.Къостайæ – гъæдджын æмæ æнæфау сты.

Йæ Ирыстонæн фидар уырдыгстæг уыд Джиуæр, фæллад нæ зыдта, не фсæст лæггад кæнынæй. Йæ бирæ фыдæбæттæ æмæ фæллæйттæн кæд фылдæр саргъ кæнын хъуыд, уæддæр табу Уæллагæн, йæхи рæстæджы йын арфæ ракодтой æмæ йæ схорзæхджын кодтой Кады Нысаны Орденæй, фæстаг азты йын радтой уынг, йæ хæдзары къулыл та баконд æрцыд мемуаралон фæйнæг, кадимæ хаста Къостайы номыл премийы ном.

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.