Цæгатирыстойнаг Гуццаты Тамазæн ацы орден радта РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло. «Не ‘мзæххон Гуццаты Тамаз ссис Хъæбатырдзинады ордены хицау. Ацы бæрзонд хорзæх ын радтой адæмы ирвæзын кæныны рæстæджы удуæлдайдзинад æмæ æхсардзинад равдисыны тыххæй. Æфсæддон  хæс æххæст кæнгæйæ, Тамаз йæхи цардæн тæссаг уавæрты уæндон æмæ фæндвидар разынд. Æхсызгон мын у, ацы бæрзонд хорзæх ын сæрмагондæй мæхæдæг кæй радтон, уый», – ныффыста Сергей Меняйло йæ телеграм-каналы. Уый раарфæ кодта хæстонæн, службæйон хæс хъæбатырæй кæй æххæст кæны æмæ Райгуырæн бæстæ кæй хъахъхъæны, уый тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.