Дзауы районы самбойы скъолайы хъомылгæнинæгтæ æртæ майданы рамбылдтой 2008-2009 азты гуырд спортсменты ‘хсæн РЦИ-Аланийы чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Дзæуджыхъæуы. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæй ерысты уæлахиздзаутæ систы Хъоцыты Дмитри æмæ Гасситы Аслан. Бронзæйон хорзæхы хицау та ссис Хъоцыты Давид.

Хъоцыты Дмитри архайдта 59 кг уæзы категорийы. Уый акодта æртæ тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр фæуæлæхаз. Финалы та рамбылдта бынæттон спортсмены, кæцыйæн фæхæрд 2020 азы спортивон æхсæнад «Динамо»-йы ерысты. Афтæмæй йын бантыст реванш райсын.

Гасситы Асланæн та аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 54 кг уæзы категорийы. Уый дæр гауызмæ рахызт æртæ хатты æмæ сæ алкæцыйы дæр разынд йæ ныхмæлæуджытæй цæттæдæр.

Тренер Хъоцыты Тамерланы иннæ хъомылгæнинаг Хъоцыты Давид та хæцыд 35 кг уæзы. «Коронавирусимæ баст уавæры аххосæй нын иу аз æмæ æрдæг нал рауад республикæйæ æддæмæ ерыстæм ацæуын. Уый хынцгæйæ ныр æртæ майданы кæй рамбылдтам, уый у стыр æнтыст. Уæлдай тынгдæр мæ фæнды рахицæн кæнын Гасситы Дмитрийы. Уый йæ ныхмæлæуджытæй уыд бæрæг тыхджындæр. Уæлдæр бынат хъуамæ бацахстаит Хъоцыты Давид дæр. Уый у 2011 азы гуырд, ома, йæ ныхмæлæуджытæй уыд кæстæр. Фæлæ  йæ тыхтыл тынгдæр куы æууæндыдаид, уæд æппынкъаддæрæй финалмæ ахызтаит», – банысан кодта Хъоцыты Тамерлан.

 

ÆМХÆЦЦÆ   ÆМБУАРХÆСТ

Уæгъдæибар хъæбысхæстæй архайæг спортсмен Гæззаты Батраз йæ тыхтæ фæлвары ММА-йы. Уый ныр ауагъта дыккаг тох. Ростовы-на-Донуйы PROFC турниры фæлгæтты уый дыккаг раунды фæуæлахиз Ризван Абдурахмановыл.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ма къуыри  раздæр Гæззаты Батраз кæй ссис уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы абсолютон чемпионаты уæлахиздзау.

 

ФУТБОЛ

Футболон клуб «Алани» Арабаг Иугонд Эмиратты йæхи цæттæ кæнын райдыдта Национ футболон къорды чемпионаты дыккаг хаймæ. Цæттæгæнæн сбортæм футболисттимæ атахтысты сæ бинонтæ дæр. 2021 азы коллективы æнтыстджын архайды тыххæй премийы хуызы æппæт хæрдзтæ дæр йæхимæ райста командæйы президент Гуыриаты Владимир. Фыццаг сборы фæстæ футболисттæн уыдзæн ногазон улæфтытæ. Уый фæстæ та сæм æнхъæлмæ кæсы æртæ сборы. Иу Кисловодскы, дыууæ та – Турчы.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.