Бæрæг  куыд у, афтæмæй æрæввахс кæнынц президентон æвзæрстытæ æмæ нæ республикæйæн йæ историон ном раздахыны тыххæй референдум. Ацы дыууæ ахсджиаг цауæн нæ дарддæры царды цы нысаниуæг ис, уый тыххæй сæ хъуыдытæ загътой не ‘хсæнады минæвæрттæ:

Гæззаты Лади, пенсиисæг: Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ 9 апрель у Ирыстоны æнусон хъысмæт скъуыддзаггæнæн бон, уымæн æмæ иуæй президентон æвзæрстытæ уыдзысты, иннæмæй та скъуыддзæг æрцæудзæн, историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм хъуыддаг, Райгуырæн бæстæйæн хъуамæ раздахæм йæ историон ном – Паддзахад Алани.   Кæй зæгъын æй хъæуы, президентон æвзæрстытæ дæр ахсджиаг сты, æмæ уый тыххæй хъуамæ равзарæм аккагдæры, хъуамæ абарæм рæстæджыты дæр, хъуыддæгты дæр æмæ дарддæры фондз азы нæ республикæйы размæцыдыл хуыздæр чи бакусдзæнис, уый равзарæм. Мæнмæ гæсгæ, фæстаг фондз азы нæ горæт йæ хуыз куыд скалдта, афтæ советон дуджы дæр нæ уыд.  Мах хъуамæ фидар ахъуыды кæнæм æмæ равзарæм дарддæр дæр чи кусдзæн æмæ нæ республикæйы экономикæ дæр чи сæндидзын кæндзæн, уый. Ницы пайда сты митингтæ æмæ алыгъуызон раныхас-баныхæстæ.

О, фæлæ мæм референдум та иууыл ахсджиагдæр кæсы, уымæн æмæ та абон дæр, куыд ивгъуыд азы 90-æм азы, афтæ скъуыддзаг цæуы нæ историон хъысмæт. Нæ Райгуырæн бæстæйы историон номмæ гæппæввонгæй лæууынц мæхъæлæттæ дæр æмæ ма ноджы æндæр адæмтæ дæр. Мах абон куынæ раздахæм, нæ фыдæлтæ сæ бæстæйы цы номæй хуыдтой, уыцы ном – Алани, уæд æй æдзæсгомæй  байсдзысты нæ «хорзмæбæллæг» сыхæгтæ.

Тедеты Инна, паддзахадон службæгæнæг: Фæстаг рæстæджы нæ горæты цы митингтæ уагъд цæуы, уыдон æндыгъддзинад æвзæрын кæнынц æнæхъæн æхсæнады ‘хсæн. Фаг нын уæд 2011 азы митингтæ æмæ ныхмæлæууынад. Раст зæгъгæйæ, сæ бафæлладыстæм. Нæ республикæйы дарддæры хъысмæтыл йæ зæрдæ кæмæн риссы, уый счъилдысæй æрæвналæд æмæ бакусæд нæ экономикæ сæндидзын кæныныл. Ноджыдæр ма йæ зæгъдзынæн, фаг фæмитингтæ кодтам, ныр та 9 апрелы хъуамæ æрцæуæм æмæ нæ Конституцион бартæй спайда кæнгæйæ, сабырæй, æнæ хъаугъайæ хъæлæс радтæм нæ бæстæйы дарддæры хъысмæты тыххæй.

Джиоты Элла, хæдзарон æфсин: Æз политик нæ дæн, фæлæ афтæ зæгъдзынæн, æмæ 9 апрелы скъуыддзаг цæуы ирон адæмы хъысмæт, уымæн æмæ президентон æвзæрстытимæ мах хъуамæ раздахæм нæ паддзахады историон ном – Алани. Абон уый тынг ахсджиаг у. Ма мæм фæхъыг уæнт Президенты бынатмæ нæ кандидаттæ, фæлæ Президент фондз азмæ æвзарæм, референдумæй та цæрæнбонты хъуыддаг аразæм. Уый тыххæй 9 апрелы алчи дæр хъуамæ æрбацæуа æвзарæн фадгуытæм æмæ хъæлæс радта нæ республикæйы рухс фидæны тыххæй.

Плиты Шота, шофыр: Абоны онг нæм стабилон уавæр кæй ис æмæ нæ республикæ размæ цадæггай, фæлæ фæндвидарæй кæй цæуы, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ абоны Президенты руаджы у æмæ йæ мах хъуамæ æмбарæм, дарддæр дæр йæ фарсмæ балæууæм æмæ нæ ныхас зæгъæм 9 апрелы. Алчи дæр нæ хъуамæ архайа, цæмæй æвзæрстытæ ацæуой сабыр уавæрты.

Тадтаты Ритæ, амалиуæггæнæг: 9 апрелы æвзæрстытæ, æвæццæгæн, фыст æрцæудзысты Аланийы ногдæр историйы фæрстыл. Уымæн æмæ уыцы бон президентон æвзæрстытимæ хъуамæ аскъуыддзаг кæнæм нæ Райгуырæн бæстæйы хъысмæт дæр, хъæлæс хъуамæ радтæм нæ бæстæйæн йæ историон ном – Паддзахад Алани раздахыны пайдайæн. Махмæ ахæм бæрндзинад кæй æрхауд, уый æз амондджыныл нымайын æмæ развæлгъау сæрыстыр дæн хъæлæсæппæрсты хуызы мæ хайбавæрд кæй бахæсдзæн мæ бæстæйы историон хъысмæт скъуыддзаг кæнынмæ.  Уый тыххæй махæй алчи дæр йæ хæсыл хъуамæ банымайа, æрцæуа æмæ нæ райгуырæн Ирыстон-Аланийы хæрзиуæгæн схъæлæс кæна.  Мæнмæ гæсгæ, уыцы бон хъæлæс чи радта, уыдоны номхыгъдтæ дæр сыгъзæрин дамгъæтæй хаст æрцæудзысты историйы азфыссынадмæ. Ныры онг нын Президент чи уыд, уый куыст зонæм, уынæм ын йæ фæстиуджытæ дæр, æмæ æз куыд хъуыды кæнын, афтæмæй дарддæр дæр уый хъуамæ равзарæм,  уымæн æмæ фæстаг фондз азы дæргъы республикæйы бирæ объекттæ сырæзт, рафидыдта нæ горæт дæр. Мах цæст ыл кæд сахуыр æмæ йын йæ рæсугъддзинад хорз нал хатæм, уæддæр нын æй фæзæгъынц, цы уазджытæ нæм æрцæуы, уыдон. Тынг фæдис æмæ фæцин кæнынц горæты рæсугъддзинадыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.