Цхинвалы хъæутæй сæ иу — Сатихъар дæр æндæр хъæутау архайы æмæ тырны рæстæгимæ æмдзу кæнын.

2008 азы Сатихъары хъæу уыд проблемон, уымæн æмæ арæн кодта гуырдзиаг хъæу Ксуисимæ. Цалдæр азы Сатихъары хъæуы цæрджытæн республикæимæ рæстмæ бастдзинад нæ уыд фæндаджы аххосæй. Практикон æгъдауæй, цæмæй Сатихъарæй горæтмæ рацыдаид адæймаг, уый тыххæй хъуыд Джермæ ссæуын, Джерæй — Църумæ æмæ стæй та, Дзауæй Зары хъæдыл цы фæндаг цыд, ууылты горæтмæ æрбафтын. Радон хæстон агрессимæ æнхъæлмæ кæсыны уавæры уыдысты адæм цалдæр азы, фæлæ уæддæр никуы ныууагътой сæ хъæу. 2008 азæй фæстæмæ Уæрæсейы арæнхъахъхъæнджыты фæрцы æрцыд сабырад, æмæ ныр, стабилондзинад гаранти æнкъаргæйæ, сатихъайрæгтæн дæр хуыздæр-æрдæм ивы сæ цард.

Æндæр хъæутау уыдонмæ дæр уагъд æрцыд дон, арæзт æрцыд медпункт, ис сæм ас-тæуккаг скъола, бон дыууæ хатты хъуамæ цæуа горæтæй рейсон автобус. Фæлæ хъæуы цæрджытæ иууыл тынгдæр цæмæй тыхсынц, уый у æгуысты проблемæ. Суанг 1986 азмæ областы стырдæр хъæууон хæдзарадон объектыл нымад цыд Сатихъары колхоз, къухдариуæг ын кодта, фæлтæрдджын кусæг æмæ куысты стыр практикæ кæ-мæн уыд, ахæм бынæттон цæрæг Уалыты Отар. Уый куыд зæгъы, афтæмæй уыцы азты колхоз дардта 1 мин стуры. Зымæгмæ уыдонæн холлаг никуы æлхæдтой, цы сæрвæттæ уыд колхозæн, уым-иу колхозонтæ сæхæдæг æрцæттæ кодтой холлæгтæ. Колхоз 1989 азы ссис паддзахадон хæдзарад, фæстæдæр та йын къухдариуæггæнæгæй урæд æрцыд Уалыты Отар æмæ ногæй бавнæлдта, 39 гектары чи уыд, ахæм дыргъдон ногæй «раудæгас» кæнынмæ. Дыргъдæттæ цалдæр азы æнæхицауæй кæй аззадысты, уымæ гæсгæ бæлæстæн сæ 70% уыдысты хус. Нал уыд хæдзарадæн техникæ, фæлæ цыбыр рæстæгмæ фæлтæрд къухдариуæггæнæг фæстæмæ паддзахадон хæдзарадмæ æрбаздæхта, хицæн адæймæгты къухты цы техникæ уыд, уыдон. Цыбыр рæстæгмæ куыстгонд æрцыд 48 гектары бæрц зæхх, цы ДТ-75, Т-16, МТЗ-80 техникæ уыд сæ къухы, уый фæрцы. Ам тыд цы тыллæг райстой, уымæй балхæдтой электротелтæ 3,600 метры. Хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй ныссагътой цæджындзтæ æмæ ауагътой хъæумæ электроны телтæ. Дыргъдонæй иу афæдз æркодтой 250 тоннæйы бæрц алыгъуызон дыргътæ. Уыцы æх-цайы фæрæзтæй æлхæд æрцыд, цы техникæйæ ма уыдысты цух, уыдон. Иу цыбырдзырдæй, паддзахадон хæдзарад уыд цæрдхъом. Фыста паддзахадмæ фиддонтæ дæр.

Уыдæтты тыххæй лæмбынæг фыссы, Уалыты Отар редакцимæ цы фыстæг æрбарвыста, уым. Фæлæ иууыл тынг йæ зæрдæ цæуыл риссы, уый уæлдæр цы 39 гектар дыргъдоны кой скодтам, уый у. «Фæстаг азы бирæ дзырд цæуы агросæудæджерадон комплекстæ аразыны тыххæй. Нæ республикæмæ хуынд цæуынц инвестортæ. Фæлæ практикон æгъдауæй нæхицæн аскъуыддзаг кæнын нæ бон цы у, уый нæ аразæм. Мах хъæуы, хъæууон-хæдзарадон куыстытæ кæнынмæ чи рæхсы, ахæм адæймæгтæ. Иуæй-иу мæнг „амалиуæггæнджытæ“ интернет-ресурстæй райсынц бизнес-проекттæ, цавæрдæр схемæтæ. Бавдисынц сæ æмæ уый фæстæ райсынц паддзахадæй кредиты суммæтæ. Бавналынц, цы хъуыддаг нæ зонынц, уымæ, æхцайы фæрæзтæ куы бахардз вæййынц, уæд фæагурынц фæндæгтæ, цæмæй хъуыддаг афтæ ракæной, ома, бизнес фæхæрд æрдзы аномалиты аххосæй. Мæнмæ афтæ кæсы, цыма абоны бон хъæууон хæдзарады секторы дæр æмæ экономикон фадыджы дæр приоритетон у дыргъы куыст. Кæд æмæ ис цæттæ дыргъдон, уæд ма цæмæн хъуыд, Сатихъары хъæуы арæзт куыд æрцыд интенсивон дыргъдон, афтæ. Дыргъы куыст чи кæны, уый зоны, цалдæр азмæ ацы дыргътæ тыллæг кæй нæ ратдзысты, стæй æрласæггаг тала мах æрдзон уавæрты кæй нæ рæзы. Хуыздæр нæ уыд, Сатихъары хъæуы цы дыргъдон уыд, уымæ базилын æмæ уыцы дыргътæй тыллæг райсын?», — фыссы Сатихъары хъæуы раздæры колхозы сæрдар Уалыты Отар.

Фыстæджы ма дзырдæуы, Сатихъары хъæуы фæсивæд бирæ азты цæуыл тыхсынц, уыцы проблемæйыл дæр. 2008 азы Сатихъары хъæуы фæсивæдæн уыд капиталон стадион, цыран хъазыдысты канд хъæуы фæсивæд нæ, фæлæ ма-иу ацæргæ адæм дæр. Ам-иу арæх уагъд цыд районы масштабы ерыстæ дæр. Уавæр æндыгъд куы уыд, уæд ам, стадионы, хъуамæ сарæзтаиккой хихъахъхъæнынады хайæн арæнхъахъ-хъæнджыты бынат. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы азты сæйраг хихъахъхъæныны фарст сæйрагдæр кæй уыд, уымæ гæсгæ хъæуы фæсивæд дыууæ нал загътой. О, фæлæ хъахъхъæнынадæн бынат ам арæзт нал æрцыд, æмæ 2008 азæй фæстæмæ Сатихъары фæсивæд районы къухдариуæгадæй домынц, цæмæй сын сæ стадион алæгъз кæной, йæ раздæры уагмæ йæ æркæной. Район æмæ бынæттон администрацийы алыгъуызон æфсæнттæй хъæуы фæсивæд сфæлмæцыдысты. Хъæуы администрацийы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, стадионæн хицæн æрцыд æндæр бынат, кæцы ис Цхинвал-Ленингоры трассæйы дæллаг фарс. Фæлæ фæсивæд нæ разы кæнынц ацы бынатыл, уымæн æмæ автотранспорты змæлд зиан хæсдзæнис, стадионмæ цы сабитæ цæуа, уыдоны æнæниз-дзинадæн, стæй ног бынаты цæмæн хъæуы стадион аразын, кæд æмæ йæ зæронд бынат дзуапп дæтты æппæт нормæтæн дæр, уæд? Раст зæгъгæйæ, ацы проблемæ зонгæ у махæн дæр. Газетмæ дæр ацы хъæуы фæсивæд дыууæ хатты æрбахастой куырдиат уыцы риссаг фарсты тæххæй. Ныр та ахæм куырдиат лæвæрдтой Уалыты Отарæн йæхимæ, ома, дам нын баххуыс кæн, кæддæр дæ фæрцы цы стадион арæзт æрцыд, уый нын раздах фæстæмæ.

Ныртæккæ Сатихъары хъæуæн нæй клуб дæр. Уымæ гæсгæ цæуынц, сыхаг хъæу Хелцуайы цы Культурæйы хæдзар ис, уырдæм. Уæддæр сæ иууыл тынгдæр цы тыхсын кæны, уый стадионы фарст у. Газеты фæрцы сæ проблемæ хæссынц адæмы размæ æмæ курынц, цæмæй уæлдæрлæууæг чиновниктæ фарст аскъуыддзаг кæной.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.