Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй 5-æм августы Цхинвалмæ æрцыдысты Æхсæнадæмон культурон-ахуырадон проект «Алайнаг фæд»-ы хайадисджытæ – Турчы цæрæг ирæтты æмæ Венгрийы цæрæг ясты делегацитæ. Фæсарæйнаг делегациты сконды ма уыдысты Турчы ирон фонд «Алан»-ы сæрдар, Турчы цæрæг ирæтты диаспорæйы сæргълæууæг Садреттин Кушоглу (Хъуысаты), венгрийы Ясты делегацийы сæргълæууæг, венгриаг горæт Ясберены мэры хæдивæг  Сатмари Анталне.  Уазджытимæ уыдысты Цæгат Ирыстон-Аланийы национ ахастыты фарстаты фæдыл министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хадыхъаты Сослан, Сочийы ирæтты диаспорæйы сæргълæууæг Мæргъиты Анатоли.

Зынаргъ уазджытыл фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид. Уый йæхи æмæ хуссарирыстойнаг æмбæстæгты номæй делегацитæй алкæмæндæр зæрдиагæй раарфæ кодта, Хуссар Ирыстонмæ кæй фæуазæг сты, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, абоны абон Хуссар Ирыстоны бæрæгбоныл нымад цæуы, «уымæн æмæ нæм æрбацыдысты диссаджы хорз адæм  ирон адæмы фæдонтæ». Алы хатт дæр уыдон Ирыстонмæ хорз хабæрттимæ цы цæуой, загъта сын ахæм фæндиæгтæ.

«Абоны бон бæрæгбоныл уымæн нымайын, æмæ Хуссар Ирыстон фæстаг рæстæджыты бирæ уæззаудзинæдты бахаудта æмæ-иу нæм хорз уазджытæ алы хатт не ‘рбафтыдис, ныр нæм сымах хуызæн зынаргъ адæм куы ‘рцæуы, уæд нын бæрæгбонау,  тынг æхсызгон вæййы. Фæнды нæ, цæмæй арæхдæр æмбæлæм кæрæдзийыл. Уымæн æмæ адæм кæрæдзийыл арæх куынæ æмбæлынц, уæд сын зын вæййы æмгар æмæ хæлар ссарын. Мах кæрæдзийы хъуамæ агурæм, кæрæдзимæ цæуæм. Фæнды мæ, цæмæй алы хатт дæр уат рæсугъд, æнæниз æмæ дзæбæх», – бахахх кодта Президент.

Дарддæр Тыбылты Леонид раарфæ кодта не ‘мзæххон Мæргъиты Анатолийæн дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уый у ахæм адæймаг, кæцы Ирыстонæн æддейæ уæвгæйæ, кæддæриддæр кад кæны йæ райгуырæн зæхх мæ адæмæн.

«Мæргъиты Анатоли бирæ хæттыты уыдис Венгрийы æмæ алы хатт дæр хорз æгъдау æмæ хорз хъуыддæгтæ аразы венгрийы цæрæг нæ хотæ æмæ æфсымæртæ  ястимæ», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Куыд фæбæрæг, афтæмæй Сириаг ирæтты делегаци не ‘рхæццæ Хуссар Ирыстонмæ, сæ документтæ рæстæгыл кæй не сцæттæ сты, уый аххосæй, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, Тыбылты Леонид раарфæ кодта уыдонæн дæр, бафæндыд æй, цæмæй ныртæккæ Сирийы зæххыл цы трагикон цаутæ цæуы, уыдонæй хызт уой Сирийы цæрæг ирæттæ се ‘ппæт дæр.

Тыбылты Леонид бузныджы ныхæстæ загъта Турчы цæрæг ирæттæн, 2008 азы августы хæсты рæстæджы Хуссар Ирыстоны фарс кæй рахæцыдысты, уый тыххæй.

«Сымах уыдыстут, ирон адæмы скуынæг кæныны нысанæн Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстон цы агресси сарæзта, уый ныхмæ. Уый тыххæй уын стыр бузныг», – банысан кодта Президент.

Тыбылты Леонид уазджытæн радзырдта Республикæ Хуссар Ирыстоны цардарæзтады тыххæй дæр æмæ банысан кодта республикæйы къухдариуæгад æппæт дæр кæй аразы нæ паддзахиуæгад сфидар кæныны тыххæй æмæ радзырдта республикæйы æддагон политикæйы тыххæй дæр.

«Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйыл куы дзурæм, уæд æй мах аразæм не стратегион партнер Уæрæсейы Федерациимæ. Мах æппæт дæр аразæм, цæмæй Уæрæсейы Федерациимæ цы сразыдзинæдтыл æрфыстам нæ къухтæ, уыдон реализаци æрцæуой, цæмæй нæ адæм цæрой сабырæй, размæ цæуа æмæ дидин æфтауа нæ республикæ», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Тыбылты Леонид уазджытæн радзырдта абоны бон Хуссар Ирыстонæн Гуырдзыстонимæ  цы ахастытæ ис, уый тыххæй дæр.

«Чизоны искæй цымыдис кæны, абон нын Гуырдзыстонимæ цы ахастытæ ис, уый. Æз зæгъдзынæн афтæ: цалынмæ Гуырдзыстон йæ фыдракæндыл нæ басæтта, цалынмæ йæ къух не ‘рфысса Хуссар Ирыстоны ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны тыххæй документыл, цалынмæ нын нæ хæдбардзинад ма банымайа, уæдмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн ницы ахастытæ уыдзæн, Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл Женевæйаг дискусситæй дарддæр. Ацы зæххыл бирæ туг ныккалд Гуырдзыстоны фашистон режимы аххосæй æмæ уымæн ныббарæн нæй», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Турчы цæрæг ирæтты номæй арфæйы ныхæстæ загъта туркаг делегацийы сæргъ-лæууæг Садреттин Кушоглу. Уый бузныг загъта Президентæн, афтæ рæдауæй сæ кæй райста, уый тыххæй.

«Махæн тынг æхсызгон у, Хуссар Ирыстонмæ æрцæуыны фадат нын кæй фæцис, уый. Ам ныл сæмбæлдысты зæрдиагæй, фæлæ æнкъард кæнæм, сом нæ фæстæмæ аздæхын кæй хъæуы, уый сæраппонд», – загъта Турчы ирон фонд «Алан»-ы сæрдар, Турчы цæрæг ирæтты диаспорæйы сæргълæууæг Садреттин Кушоглу (Хъуысаты).

«Нæ ныййарджытæ хæдзары мадæлон æвзагыл дзырдтой. Абоны бон мах дæр нæ сывæллæттимæ дзурæм иронау. Уыимæ иумæ ма кæм цæрæм, уым æппæт дæр аразæм ирон æвза-джы ахуыр кæныны æмæ рæзты тыххæй, æрхонæм ирон æвзаджы ахуыргæнджыты, цæмæй нын нæ сывæллæтты æмæ кæй фæнды, уыдоны сахуыр кæ-на ирон æвзагыл», – загъта Хъуысаты Садреттин.

Зæрдиаг химæрайсты тыххæй Тыбылты Леонидæн арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Венгрийы го-рæт Ясберены мэры хæдивæг Сатмари Анталне, кæцы уыд Венгрийы ясты делегацийы сконды.

«Мах Ирыстонмæ æрцыдыстæм 13 адæймагæй, цæмæй бацагурæм нæ уидæгтæ æмæ сæ ам ссардтам. Нæ уидæгтæ та агуырдтам, 800 азы размæ ардыгæй куы алыгъдыстæм, уæдæй фæстæмæ. Сымах нæм æнхъæлмæ кастыстут æмæ куыд хотæ æмæ æфсымæртыл, афтæ ныл сæмбæлдыстут», – загъта Сатмари Анталне.

Дарддæр уый банысан кодта, зæгъгæ, кæд нæ фыдæлтæ раджы алыгъдысты ардыгæй, уæддæр кæрæдзийы ссардтам æмæ нæ ныфс ис, дарддæр нæ бастдзинæдтæ кæй фидар кæндзыстæм.

«Мах хъуамæ сахуыр кæнæм æмæ ныхас кæнæм  нæ фыдæлты æвзаг – ирон æвзагыл», – бахахх кодта Сатмари Анталне.

Уый куыд радзырдта, афтæмæй Ясберенæн ис 10 æфсымæрон горæты. Æрæ-джы Дзæуджыхъæуы горæт ссис 11-æм æфсымæрон горæт, дыууадæсæм горæт та, æвæццæгæн, уыдзæн Хуссар Ирыстоны столицæ Цхинвал.

Венгрийæ Лоранд Этвешы номыл Университеты профессор, Венгрийы Зонæдты академийы уæнг, социолог-историк Тот Пал дæр хъарм химæрайсты тыххæй бузныг загъта Президент Тыбылты Леонидæн. Уый куыд загъта, афтæмæй федта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетон комплексы арæзтад æмæ банысан кодта, зæгъгæ, кæд исты æххуыс хъæуы, уæд цæттæ у.

Йæ рады раныхас кодта Цæгат Ирыстон-Аланийы национ ахастыты фарстаты фæдыл министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хадыхъаты Сослан æмæ цыбыртæй радзырдта «Алайнаг фæд»-ы проекты тыххæй.

«Ацы проектыл хъуыды кодтам æртæ азы, фæлæ йæ ныббиноныг кодтам фарон.  Хуссар Ирыстонмæ æрцыдыстæм иу бон-мæ. Тынг æхсызгон нын уыд, проекты хайадисджытæн ирон паспорттæ лæвæрд кæй æрцыд, уый.

Мах аскъуыддзаг кодтам, цæмæй проекты иу хай уадзæм Хуссар Ирыстоны, уымæн æмæ проекты нысан у, цæмæй дунейæн фенын кæнæм, не ‘хсæн арæнтæ кæй нæй, мах иу адæм кæй стæм. Уыимæ ма проекты нысан у аланты историон æмæ культурон бынтæм дунеон æхсæнады хъусдард аздахын, афтæ ма иу адæмы фæдонты фæцайдагъ кæнын ирæтты национ традицитæ æмæ æгъдæуттыл. Мах цæттæ стæм афæдз иу хатт æрæмбырд кæнæм, нæ уидæгтæм – аланты фæдонтæм чи хауынц, уыцы адæмты, фенын сын кæнæм нæ культурæ æмæ традицитæ», – банысан кодта Хадыхъаты Сослан.

Йæ рады Сочийы ирон диаспорæйы сæргълæууæг Мæргъиты Анатоли дæр банысан кодта проект «Алайнаг фæд»-ы ахсджиагдзинад.

«Мæнæн тынг æхсызгон у, абон нæ ам «Алайнаг фæд»-ы проект кæй æрæмбырд кодта, уый. Мах хъуамæ сæрбæрзонд уæм нæ фыдæлтæй, кæрæдзийы хъуамæ агурæм æмæ ссарæм. Уый мидæг ис нæ тых, нæ иудзинад. Мах цас хуыздæр зонæм нæ уидæгты, уыйас æввахсдæр лæудзыстæм кæрæдзимæ», – банысан кодта Мæргъиты Анатоли.

Мадзалы раныхас кодта туркаг делегацийы уæнг Жале Куштан (Пухаты).

«Нæ фыдæлтæ Ирыстонæй тынг раджы алыгъдысты, фæлæ мах хæдзары алы хатт дæр ныхас кодтам нæ мадæлон ирон æвзагыл. Æз тынг буц дæн мæ ныййарджытæй, ирон æвзаг мын ферох кæнын кæй нæ бауагътой, уый тыххæй. Ирыстонмæ æрцæугæйæ, æз бирæ хорз эмоцитæ райсын, кæцытæ мын сфаг вæййынц радон æрцыды онг», – загъта Пухаты Жале.

Фембæлды кæрон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамындæй Æх-сæнадæмон культурон-ахуырадон проект «Алайнаг фæд»-ы хайадисджытæ хорзæхджын æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй, афтæ ма сын балæвар чындæуыд зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Осиаты  Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.