Хæрзарæзтады комбинаты директоры хæдивæг Джиоты Филипп куыд фехъусын кодта, афтæмæй уалдзæджы æрлæудæй Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты æрæвналынц уынгты æмбæлон уагмæ æркæнынмæ, бæлæсты æхсæдынмæ. Джиойы фырты ныхæстæм гæсгæ, абон æфснайæн куыстытæ кæнынц Комаровы уынгыл, кæцыйы тагъд рæстæджы кæндзысты капиталон цалцæг.

Уый куыд бафиппайдта, афтæмæй бæлæстæм дæр хъæуы хъус дарын. Уый ракодта, Октябры уынджы машинæйыл цы бæлас рафæлдæхт, уый кой дæр.

«Мах æвдисæн уыдыстæм ахæм инцидентæн: горæты центры рафæлдæхт стыр бæлас. Хъыгагæн, гæнæн ис, æмæ уый иунæг цау ма уа, уымæн æмæ уынг капиталон цалцæг куы цыд, уæд кусджытæ бахъыгдардтой бирæ бæлæсты уидæгты. Бæласæн йæ уидæгтæ куы бахъыгдард вæййынц, уæд райдайы хус кæнын æмæ гæнæн ис, рафæлдæха. Мæскуыйы уынгыл мах æд уидæгтæ ракалдтам бæлæсты. Ныр та хъуамæ бар райсæм, цы бæлæстæ бахъыгдард сты, уыдон ракалынæн. Уыцы бæлæстæ горæты центры æвзæрын кæнынц  тæссаг уавæр», – банысан кодта Джиойы фырт.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, бахъыгдард бæлæсты бынаты хуыздæр у талатæ ныссадзын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.