26-æм марты нæ горæты Сыгъдæг Мады Майрæмы аргъуанмæ фæуазæг сты Сербийæ хор «Бисер» æмæ сæххæст кодтой сербаг æвзагыл «Хвала Бргу». Хуыцаумæ скуывд ауагъта фыд Иаков Хетагуров.

Бакуывды фæстæ фыд Иаков бахатыдис аргъуанмæ æрбацæуджытæм, цæмæй сæ Хуыцау фидарæй уырна. «Абон мах æрцахуыр стæм ацы талынг дунейы цæрын. Мах хъуамæ уырна æмæ цæуæм Хуыцауы ныхасы фæдыл, æндæра тæрхоны бон æрлæудзыстæм Хуыцауы раз, æмæ уæд дзуапп ратдзыстæм нæ тæригъæдты тыххæй. Алы адæймаг дæр хъуамæ тырна, цæмæй Хуыцауы раз йæ уд асыгъдæг кæна зæххон тæригъæдæй æмæ æнæ тæригъæдæй сыгъдæг удимæ лæггад кæна Хуыцауæн», – загъта фыд Иаков.

Уый фæстæ фыд Иаков аргъуанмæ æрбацæуджыты базонгæ кодта зарæггæнджытимæ, бузныг сын загъта, сæ бакуывды хайад кæй райстой æмæ тынг хорз кæй сæххæст кодтой, уый сын сæ удты бацагайдта.

Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны минæварады минæвар Уалыты Зара банысан кодта, зæгъгæ, сербаг хоры зарæггæнджытæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты РХИ-йы Культурæйы министрад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны минæварады  руаджы.

«Дыууæ азы размæ нæ республикæйы 30 скъоладзауы уыдысты Сербийы. Сæ ацыд сын сорганизаци кодтой РХИ-йы Зонад æмæ Ахуырады министр Гасситы Натали æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр. Æхцайы фæрæзтæй та сын баххуыс кодта не ‘мзæххон Уалыты Гела, кæцы цæры Серби, Словени æмæ Ирыстоны дæр.

Уыцы балцы рæстæджы нæ йæ резиденцийы йæхимæ райста сербаг патриарх. Фембæлдысты ныл хорз зæрдæйы равгимæ. Мах, ардæм, Ирыстонмæ, куы цыдыстæм, уæд Гасситы Знауыр бахаста фæндон, цæмæй нæм сербаг сывæллæттæ дæр æрцæуой уазæгуаты æмæ мæнæ куыд уынæм, афтæмæй абон ам сты», – загъта Уалыты чызг.

Хоры зарæггæнджытæй сæ иу, Анжелика Орович информацион агентад «Рес»-ы уацхæссæгæн афтæ радзырдта:

– Мах ам стæм дыккаг бон, æмæ уæ горæт нæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Ацы ран мах цы рæсугъд бынæттæ федтам, уыдон тыххæй уæлдай ницыуал зæгъдзыстæм, фæлæ зæгъдзынæн уый, æмæ ам кæй цæры диссаджы адæм. Нæ адæмимæ сын бирæ ис иудзинад. Уымæн æмæ уыдон сты сыгъдæг удты хицау. Мах тынг фæнды, цæмæй дыууæ бæстæйы адæм дæр хæларæй цæрой. Афтæ ма нæ бафæнддзæн, цæмæй кæддæриддæр ирон адæм уой фидар æмæ æнгом.

Сербаг уазджытæ Сыгъдæг Мады Майрæмы аргъуанæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ, стæй та дарддæр зонгæ кодтой Хуссар Ирыстоны фенддаг бынæттимæ.

***

27 марты Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты фембæлд уыдис студенттæ,  сербаг аргъуаны сывæллæтты хор «Бисери»-имæ. Йæ къухдариуæггæнæг та у поэт Горан Антанаскович. Мадзалы организатортæ уыдысты ХИПУ-йы «Литературная гостиная», уырыссаг æмæ фæсарæйнаг литературæйы кафедрæйы гæс Пæррæстаты Мананæйы сæргълæудæй.

Фембæлды ма хайад райста Хуссар Ирыстоны паддзахадон  университеты ректор Тедеты Вадим, университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ.

Пæррæстаты Мананæ хъарм зæрдæйы равгимæ сæмбæлдис уазджытыл. «Мæнæн уæлдай æхсызгон у уый, æмæ ацы фембæлд уагъд кæй цæуы Куадзæны размæ», – банысан кодта Пæррæстаты Мананæ. Уый ма æрæмбырдуæвджыты зæрдыл æрлæууын кодта, дыууæ азы размæ хуссарирыстойнаг сывæллæттæ кæй уыдысты Сербийы, абон та сербæгтæ – нæ уазджытæ. Стæй уый бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны минæварады минæвар Уалыты Зарæйæн, кæцы баххуыс кодта не студенттæн, цæмæй сербаг уазджытимæ фембæлой, уый тыххæй.

«Абон нын ис диссаджы фембæлд. Ацы адæм бавзæрстой æмæ федтой тæссаг хæст, ныр та уыдон цæттæ сты ног цард æндидзын кæнынмæ æмæ йæ абоны адæм сты йæ ног царды аразджытæ», – загъта Пæррæстаты Мананæ.

ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим дæр йæ раныхасы бузныг загъта «Литературная гостиная»-йы къухдариуæггæнæг æмæ йæ уæнгтæн, цымыдисон мадзæлттæ кæй цæттæ кæнынц, уый тыххæй. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, абон дæр уыдоны архайды руаджы та нæ университеты уагъд цæуы диссаджы мадзал. Ацы фембæлды фæлгæтты уый йæ хъуыдытæ загъта сербаг адæмы тыххæй, йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, уый стыр аргъ кæны ацы бæстæйы адæмæн. Ахæм зæрдæйыуаг сæм дарынц Ирыстоны адæм иууылдæр, – банысан кодта йæ раныхасы Тедеты Вадим.

Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта, аивгъуыйгæ азы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет æмæ Уæрæсейы Стратегион иртасынадты институтæн цы иумиаг дунеон зонадон конференци уыдис, уым хайад кæй иста Сербийы  æмбæстаг Младен Обрадович, кæцы августы хæсты рæстæджы Хуссар Ирыстоны фарс рахæцыны тыххæй Белгороды уынгты демонстрацийы хуызы рацæуын кодта сæдæгай адæймæгты.

Уый ма фенын кодта сербаг ын цы риуылдарæн нысан балæвар кодта, уый.

«Мах нæ хъус дарæм сербаг адæмы историмæ, уынæм æй, куыд вазыгджын у, кæцытæ æвзарынц йæ адæм, Ныгуылæйнаг Европæ сæ ныхмæ кæй цæуынц, уый аххосæй. Уый тыххæй æппæт дæр арæзт æрцыдис, цæмæй пырхгонд æрцæуа, ахæм стыр æмæ тыхджын паддзахад – Югослави», – банысан кодта нæ университеты къухдариуæггæнæг.

Тедеты Вадимы хъуыдымæ гæсгæ йæ фидарæй уырны Серби Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад тагъд рæстæджы кæй банымайдзæн.

Уый ма мадзалы организаторты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндоны коллективы номæй арфæ ракодта Уалыты Зарæйæн йæ гуырæнбоны цытæн. Университеты ректор ма Уалыты чызджы номæй бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны минæварады æппæт минæвæрттæн сæ нысаниуæгджын куысты тыххæй.

Горан Антанаскович зæрдиаг бузныджы ныхæстæ загъта, ахæм хъарм æмæ рæвдаугæ ахаст сæм кæй равдыстой, уый тыххæй. Уый ма студенттимæ фембæлды рæстæджы æрдзырдта нæ республикæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид дæр сыл тынг хорз кæй сæмбæлдис, афтæ ма йæ тæлмæнтæ загъта Ирыстоны æмæ ирон адæмы тыххæй, кæцытæ бирæ цæмæйдæрты æмхуызон сты сербаг адæмимæ.

Базонгæ ма кодта хоры зарæггæнджыты æрæмбырдуæвджытимæ, кæцытæ сæххæст кодтой цалдæр музыкалон уацмысы сæ мадæлон æвзагыл. ХИПУ-йы студенттæ та сæ зонгæ кодтой уырыссаг æмæ ирон уацмысты автортимæ.

Фембæлды кæронбæттæны «Литературная гостиная»-йы уазджытæ æмæ фысымтæ кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн  лæвæрттæ.

***

27-æм марты Республикæ Сербийы аргъуаны архайæг сывæллæтты хор «Бисери» ма концерт радтой нæ горæты Æлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргæнæндоны. Мадзал организаци æрцыд  Аивады дунеон фестиваль «Взаимопроникновение»-йы фæлгæтты.

Хор «Бисери»-йы коллектив Горан Антанасковичы сæргълæудæй зарджытæ æххæст кодтой сербаг æмæ ирон æвзæгтыл. Мадзалы кæронбæттæны РХИ-йы Культурæйы министр Остъаты Мадинæ нæ республикæйы цæрджыты номæй загъта бузныджы ныхæстæ. «Фыццаг рады мæ стыр бузныг зæгъын  фæнды хоры къухдариуæггæнæг Горан Антанасковичæн, кæцы нын æхцондзинады æнкъарæнтимæ сразы нæ фæндыл, цæмæй хайад райса ацы фестиваль «Взаимопроникновение»-йы, – загъта Остъаты чызг. – Бузныг уын, не сценæмæкæсджытæ æмæ нæ фæсивæд уын, уæ сæххæстгонд зарджытæм хъусгæйæ стыр æхцондзинад кæй райстой, уый тыххæй».

Нæ республикæйы Культурæйы министр ма бæстон æрдзырдта ацы проект ауадзыны фæнд сæм куыд фæзынд æмæ йæ нысаниуæджы тыххæй. «2015 азы Мæскуыйы нæ нывгæнджытæй сæ иу Козаты Ушангы руаджы Мæскуыйы Нывгæнджыты цæдисы залы байгом ис Хуссар Ирыстоны нывгæнджыты куыстыты равдыст, – зæрдæйыл æрлæууын кодта Остъаты чызг. – Ам, равдыстмæ Козаты Ушангимæ æрбацыдис не ‘мзæххон, хуымæтæг ирон лæппу, меценат, кæцы ныртæккæ цæры Мæскуыйы. Уый немæ аныхæстæ кæныны фæстæ радзырдта, зæгъгæ, уымæн тынг хорз ахастытæ ис Сербиимæ, Сербийы чырыстон аргъуаны патриархтимæ, æмæ цалдæр азы йæ хъуыдыйы ис нæ сывæллæтты Сербимæ акæнын æмæ сæ сæ культурæимæ базонгæ кæнын.

Равдыстæй æрыздæхгæйæ, мах ацы хъуыды загътам нæ республикæйы къухдариуæгадæн. Стæй Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Наталийы æххуысæй æрæмбырд кодтам сывæллæтты къорд, кæцытæ æрвыст æрцыдысты республикæ Сербимæ.

Остъаты чызг ма банысан кодта, зæгъгæ, Сербимæ нын сывæллæтты арвитынæн æхцайы фæрæзтæй дæр баххуыс кодта Уалыты Гела йæхæдæг. «Абон æз ацы дисса-джы ирон нæлгоймаджы кой ма скæнон, уый раст нæу, кæцы махæн бакодта финансон æххуыс æмæ нæ сывæллæттæн фадат фæцис, цæмæй ацы адæмимæ базонгæ уыдаиккой», – адарддæр кодта  Культурæйы министр йæ ныхас. – Мах абон уынæм, сæ базонгæйæн цавæр фæстиуджытæ уыдис, уый, – нæ сывæллæттæ зарынц сербаг æвзагыл, уыдон та – иронау».

Мадзалы ма Остъаты Мадинæ йæ раныхасы банысан кодта, ацы хоры коллективы къухдариуæгадимæ ма æндæр проекттæ бакусыныл дæр кæй баныхас кодтой, уый. «Мах сæ фæхуыдтам, цæмæй нæм уыдон æрцæуой сæрды мæйты æмæ сын фенын кæнæм Ирыстоны рæсугъд æрдз, бæрзонд хæхтæ. Уæд уыдонæн ноджы хуыздæр тæлмæнтæ сæвзæрдзæнис сæ зæрдæты нæ Райгуырæн бæстæйы тыххæй. Уыдон нæ хуындыл сразы сты æмæ сæм æнхъæлмæ кæсдзыстæм июны мæйы». РХИ-йы Культурæйы министрады номæй Остъаты Мадинæ хор «Бисери»-йы къухдариуæггæнæгæн радта арфæйы фыстæг. Афтæ ма хоры иннæ хайадисджытæн та – Культурæйы министрады Кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрдтæ.

Йæ рады, Горан Антанаскович дæр загъта бузныджы ныхæстæ, зæрдæбын æмæ сæ рæдаузæрдæйæ кæй райстой, уый тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.