Дзæуджыхъæуы Гæздæнты Гайтойы номыл æвзæнгты республикон библиотекæйы кæсæн залы уыд  курдиатджын поэт, публицист, тæлмацгæнæг Бестауты Георгийы тыххæй фыст Цыбырты Людвиджы чиныг «Шаги в бессмертие»-йы презентаци. Уый тыххæй хъусын кæны библиотекæйы директор Цæрæхаты Ритæ. «Мадзалы организаторæй ралæууыд Ирыстоны фысджыты цæдис. Презентацийы хайад райстой ахуыргæндтæ, фысджытæ, литератортæ, Цæгат Ирыстон-Аланийы æхсæнады минæвæрттæ: Агънаты Гæстæн, Дзасохты Музафер, Мамиты Изетæ, Цомарты Изатбег, Тъехты Тамерлан, Къусраты Анатоли, Баситы Залинæ, Гæсæнты Валери, хуссарирыстойнаг уазджытæ, кæцыты ‘хсæн уыд поэты чызг Бестауты Залинæ», – радзырдта Цæрæхаты Ритæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, организаци æрцыд чысыл концертон программæ  Гæбæраты Аланы къухдариуæгадæй сывæллæтты ансамбль «Бонвæрнон»-ы хайадистæй.

Ацы аз Бестауты Георгийыл сæххæст уыдаид 90 азы. Уый райгуырд 1932 азы 5-æм майы Цхинвалы районы Годжитыхъæуы. Бестау зындгонд уыд, куыд Шота Руставелийы æнæмæлгæ поэмæ «Стайы цармдарæг»-ы тæлмацгæнæг, афтæ. Уый ма гуырдзиаг æвзагæй тынг хорз ратæлмац кодта «Алгъуызы кадæг». Абайты Васо саргъ кодта ирон поэты куыстытæн, куыд  дунейы æвзæгтæм ацы рагон уацмысты тæлмæцтæй иууыл æххæстгондæртыл, афтæ. Ратæлмац ма кодта аивадон литературæйы дæсгай æндæр шедевртæ дæр. Фæлæ ирон литературæйы историйы баззад куыд иттæг хорз дæсны, кæцы йæхи сæрмагонд уацмысты раргом кодта мадæлон æвзаджы хъæздыгдзинад æмæ  рæсугъддзинад.

Чиныджы автор, Хуссар Ирыстоны фыццаг президент Цыбырты Людвиг, Бестауты Георгийы сфæлдыстады тых-хæй дзургæйæ банысан кодта, зæгъгæ, уый адæмы мысынады баззайдзæн куыд стыр поэт, афтæ. «Георгиимæ мах тынг хæлар уыдыстæм, уыцы иурæстæджы каст фестæм уæлдæр ахуыртæ, цардыстæм иу уынджы. Ме ‘ввахс хæлары тыххæй цы чиныг рауагътон, уый бацæттæ кæнынæн мын баххуыс кодта йæ чызг Залинæ æмæ йын зæгъын бузныджы ныхæстæ», – банысан кодта Цыбырты Людвиг.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.