26-æм октябры мультимедион пресс-центр «Спутник – Хуссар Ирыстон»-ы нæ республикæйы шахмæтты федерацийы президент Саулохты Георгийæн уыд пресс-конференци. Уый, сæйраджыдæр, æрдзырдта шахмæтты спорты размæцыды тыххæй, афтæ ма йæ дæлбаруæвæг федерацийы куыст æмæ йæ алыварс цы проблемæтæ æвзæры, уыдоныл дæр.

Хуссар Ирыстоны шахмæтты федераци арæзт æрцыд дыууæ азы размæ. Ныридæгæн дзы архайынц нæ республикæйы æндæр æмæ æндæр кары æмбæстæгтæ, æмæ, зæгъæн ис, спорты ацы хуызæн мæгуырау райдиан кæй нæй.

Спорт адæймаджы царды у æнæмæнгхъæуæг æмæ ахсджиаг фæрæз, куыд кæстæр фæлтæрæн, афтæ хистæр кары адæмæн дæр. Уымæн æмæ уый бирæбæрцæй æндавы æнæниз фæлтæр схъомыл кæныны хъуыддагыл. Шахмæттæй хъазыны хъуыддаг дæр адæймагыл æндавы æвæрццагæй. Шахмæтты иууыл сæйрагдæр æмæ аккагдæр ми-ниуджытæй сæ иу у адæймаджы интеллектуалон арæхстдзинад æмæ курдиат райтынг кæнынæн йæ ахъаздзинад. Шахмæтты хъазт нымад у элитарон хъазтыл, уымæн æмæ дзы хъазын уарзтой бирæ политикон архайджытæ, ахуыртæ, фысджытæ, сфæлдыстадон адæм. Специалисттæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ шахмæттыл сывæллæтты цайдагъ кæнын хъæуы хæрзчысылтæй. Уый æвæрццагæй бандавдзæнис сывæллоны хъуыдыкæнынад æмæ йæ интеллектуалон райрæзтыл. Сывæллон ацы хъазты фæрцы базоны, цы у уæлахиз æмæ йæм куы фæтырнынц, уæд ма уыимæ иумæ сфидар вæййы сæ удыхъæд дæр. Хъазты сывæллон куы фембылд вæййы, уæд уый руаджы дæр ахуыр кæны йæ рæдыдтытæ рараст кæнын æмæ сын анализ саразыныл.

Саулохты Георги дæр банысан кодта шахмæтты ацы æвæрццаг миниуджытæ æмæ ма ракодта йæхи кой дæр. Уый æхсæнадон царды у активон, кусы медицинæйы фадыджы, архайы спорт æмæ аивады.

Шахмæтты федерацийы президент куыд банысан кодта, афтæмæй æнæмæнгхъæуæг у скъолаты шахмæтты секцитæ бакæныны хъуыддаг. «Махæн нæ федераци арæзт æрцыд дыууæ азы размæ. Нæ сæйраг хæс у, цæмæй нæ республикæйы райтынг уа шахмæтты спорты хуыз. Фæсивæды æргом аздахын хъæуы ацы цымыдисон спортмæ. Уый тыххæй мæнæн мæ бон у зæгъын, уыцы хъуыддагыл мах кæй кусæм æмæ архайæм. Цæвиттон, сорганизаци кæнæм нæ республикæйы иууыл тыхджындæр шахмæттæй хъазæг, фыссæг, журналист, ахуыргонд, дзæнæттаг Гобозты Валерийы номарæн турниртæ. Фæнды нæ, цæмæй йæ номыл уагъдцæуæг турнир суа традицион. Уымæй дарддæр нæ республикæйы спорткомитеты руаджы ацыдтытæ кодтам респуб-ликæйæн æддейæ уагъдцæуæг турниртæм, ерыстæм. Фæстаг 50 азы Европæйы чемпионаты шахмæттæй Хуссар Ирыстонæй хайад никуыуал ничи иста, нæ-иу æм бахаудтой. Махæн уый бантыст æмæ дзы райстам хайад. Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, фæнды, цæмæй нæм фылдæр уагъд цæуой ерыстæ. Бирæ ис, шахмæттæй чи хъазыд, ахæм спортсментæ, фæлæ уæззау 90-æм азты рæстæджы уыдон ныууагътой сæ хъуыддаг æмæ ныр сабыргай здæхынц æмæ иу кæнынц федерациимæ. Мах афтæ саразæм, цæмæй уыдон дæр хайад исой нæ турнирты.

Иууыл нысаниуæгджындæр æнтыстытæ та нын уыдис æрæджы Цæгат Ирыстон-Аланийы цы чемпионат уагъд цыдис, уым. Нæ шахмæттæй хъазджытæ æртæйæ бахаудтой хуыздæр дæс хъазæджы нымæцмæ. Турниры та хайад истой æдæппæт 50 адæймаджы», – загъта Саулохты Георги. Уый ма журналисттæн куыд радзырдта, афтæмæй Шахмæтты федерацийæн йæ бон нæу йæхи тыхтæй турниртæ ауадзын, уымæн æмæ сын нæй сæхи финансон фæрæзтæ. Уымæ гæсгæ сæ арæх сæ турниртæ ауадзынæн бахъæуы спонсортæ агурын. Æмæ уавæрæй спайда кæнгæйæ, Георги бузныджы ныхæстæ загъта «Мегафон» æмæ нæ республикæйы национ банджы хистæр Зассеты Феликсæн.

«Раздæр махæн нæ уыдис æмбæлон ифтонгад æмæ нын æрдæг азы размæ уыцы хъуыддаджы баххуыс кодта Республикæйы национ банг. Балхæдтам шахмæтты сахаттæ æмæ хъазæн фæйнæджытæ. Ныртæккæ цы сæйраг зындзинадыл æмбæлæм, æмæ нæ республикæйы шахмæтты спорт райтынг кæнынæн цы хъыгдары, уый у, шахмæтты клуб нæм кæй нæй, уыцы хъуыддаг.

Советон дуджы, «Андрей»-ы дукани кæм уыдис, уым дыккаг уæладзыджы уыд шахмæтты клубы бынат. Абон уыцы хъуыддаг бирæтæ зонгæ дæр нæ кæнынц, фæлæ афтæ уыд. Ныртæккæ лæвæрд ис коммерцион структурæтæм æмæ махæн нæ тыхы нæй, цæмæй йæ раздахæм. Мах кæнæм ацы фарсты тыххæй нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолимæ бахатыны фæнд, уымæн æмæ уымæй дæлдæр æмвæзадыл фарст скъуыддзаг не ‘рцæудзæнис», – зæгъы Саулохты Георги.

Уый ма йæ тæлмæнтæ загъта æрæджы горæт Сочийы уагъдцæуæг Фæсивæд æмæ студенты æп-пæтдунеон фестивалы тыххæй дæр. Ацы фести-валы шахмæтты турниры Георги дæр райста хайад æмæ дзы æрхаста бронзæ майдан. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ бон уыдис æвзист майдан рамбулын, фæлæ хъазт тынг кæй адаргъ,   уымæ гæсгæ бафæллад. Хъазт та цыдис 8 сахаты бæрц.

Абон нæ республикæйы районты шахмæтты секцитæ кæй нæй, уый тыххæй катайгæнгæ дзырдта федерацийы прзидент. «Абон шахмæттæм хуыздæр хъусдард чи здахы, уыдон сты Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан, гимназ «Альбион» æмæ Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы скъола. Фæлæ уыдонæй иууыл хуыздæр шахмæттæй хъазынц гимназ «Альбион»-ы ахуыргæнинæгтæ. Тыбылты лæппу сын у тынг хорз тренер æмæ сын алы хатт дæр вæййы спорты ацы хуызы æнтыстытæ. Ноябры мæйы ауадзынмæ хъавæм радон командон турнир нæ республикæйы зындгонд ирон математикты рухс ном ссарыны цытæн. Турниртæ уадзыны хъуыддаг ахуыргæнинæгты ‘хсæн у стыр ахъаз, цæмæй сывæллæттæн рæза сæ хъуыдыкæнынад, интеллект æмæ фантази», – банысан кодта Саулохты Георги.

Æрыгон лæппу йæ куыст æмæ йæ хъуыддагыл зæрдийæ кæй у, спорты ацы хуыз æй кæй фæнды райтынг кæнын, уый бæрæг уыд йемæ ныхасгæнгæйæ. Георги нырма æрыгон лæппу у, æмæ йæм ис тых æмæ хъарутæ, цæмæй йæ дæлбар федерацийы ракæна æмбæлон æмвæзадмæ. Уый тыххæй йын мах дæр зæгъæм арфæйаг ныхæстæ йæ дарддæры æнтыстджын куысты сæраппонд, бирæ йын цы бантыса шахмæтты хъуыддаджы æмæ Хуссар Ирыстоны цы базонын кæна дунейæн йæ чемпионты руаджы.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.