Райсом, 13 ноябры скъоладзауты ‘хсæн райдайдзæн шахматтæй РХИ-йы чемпионаты æвзарæн турнир. Йæ фæстиуджытæм гæсгæ финалон хаймæ уагъд æрцæудзысты 12 хуыздæр æвзонг шахматисты. 4 шахматисты та æрбахондзысты районтæй. Ома, чемпионаты хайад райcдзысты 16 шахматисты. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ алы шахматист дæр иннæтимæ акæндзæн фæйнæ иу хъазты. Партитæ уагъд цæудзысты дыууæ къуырийæ  дыууæ къуыримæ хуыцаубон бонты. Чемпиоант аххæсдзæн майы мæйы онг. Чемпионаты призон фонд у 100 мин сомы.

 

Æмхæццæ æмбуархæст

Ирон спортсмен Гаглойты Сослан фæуæлахиз æмхæццæ æмбуархæстæй (ММА) европæйаг организаци  ARES FC турниры, кæцы уагъд цыд Парижы. Сосланы ныхмæлæууæг уыд Грецийы минæвар Павлос Натидис. Гаглойы фырт йæ ныхмæлæууæгыл фæуæлахиз фыццаг раунды техникон нокаутæй.

Гаглойты Сослан у профессионалон командæ «Алани ММА»-йы спортсмен.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.