Фæбæрæг сты шахматтæй скъоладзауты ‘хсæн Хуссар Ирыстоны чемпионаты хайад чи райсдзæн, уыдон нæмттæ. Уый фæдыл уагъд æрцыд æвзарæн турнир. Хайад дзы райста рекордон нымæц спортсментæ. Финалон хаймæ ахизыныл тох кодтой 47 шахматисты.

«Нæ ерысты афтæ бирæ хайадисджытæ никуы уыдис. Ноджы ма фылдæр ахуырдзауты фæндыдис сæйраг призыл стох кæнын, фæлæ нын фадат нал уыд сæ райсынæн. Ныр дæр карз тох цыд финалон хаймæ ахизыныл. Фидарæй мæ уырны чемпионат кæй рауайдзæн тынг цы-мыдисон æмæ спортивон тох кæй цæудзæн фæстаг туры онг», – банысан кодта ерысты организатортæй сæ иу шахматон скъола «Белая ладья»-йы къухдариуæггæнæг Джиоты Аннæ.

Æвзарæн турниры хайадисджытæй æрмæстдæр 12 райстой республикæйы чемпионаты хайад райсыны бар, ноджы ма цыппар бынат та лæвæрд æрцыд районтæн. Ома, æдæппæтæй ерысты хайад райсдзысты 16 спортсмены.

Ерысты призон фонд у 100 мин сомы. Уый дихгонд æрцæудзæн уæлахиздзау æмæ призерты ‘хсæн.

«Афтæ ма 5 мин сомы та лæвæрд æрцæудзæн ерысты хайадисæг чызджытæй призертæм чи нæ бахаудта, уыдонæй иууыл цæттæдæр чи уа, уымæн», – фехъусын кодта Джиоты Аннæ.

Хъæзтытæ уагъд цæудзысты хуыцаубонты. Турты ‘хсæн уыдзæн дыууæ къуырийы паузæ. Республикæйы ахæм форматы ерыстæ уагъд цæуынц фыццаг хатт. Организаторты ныхæстæм гæсгæ уый фæахъаз уыдзæн спортсменты цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæнынæн.

«Хъазджытæй алчидæр алы туры размæ зондзæн йæ ныхмæлæууæджы ном. Уымæ гæсгæ йын фадат уыдзæн йæхи йæм сæрмагондæй бацæттæ кæнынæн. Фидарæй нæ уырны ахæм формат кæй фæпайда уыдзæн шахматисты цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæнынæн», – загъта йæ хъуыдытæ ерысты организатортæй сæ иу, чемпионаты сæйраг тæрхонгæнæг Гæбæраты Ацæмæз. Æвзарæн турниры иууыл хуыздæр бæрæггæнæнтæ чи равдыста, уыцы 12 спортсменæн лæвæрд æрцыдысты чемпионаты хайад райсыны бары тыххæй сертификаттæ. Тагъд рæстæджы чемпионаты организатортæ бацæттæ кæндзысты ерысты хъæзтыты къæлиндар æмæ уагъд æрцæудзысты фыццаг туры фембæлдтытæ. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ алы хъазæг дæр иннæтимæ акæндзæн фæйнæ иу парти. Æдæппæтæй уыдзæн 15 туры. Чемпионат фæуыдзæн майы мæйы.

 

Уæгъдибар хъæбысхæст

Ирон богалтæ 4 сыгъзæрин майданы рамбылдтой Нефтеюганскы уæгъдибар хъæбысхæстæй Владимир Семеновы призтæ рамбулыны сæраппонд турниры. Уæлахиздзаутæ систы Сабанты Александр (61 кг), Уалыты Чермен (74 кг), Найфонты Артур (86 кг) æмæ Хуыгаты Алан (125 кг).

Ирыстоны хъæбысхæсты хъомылгæнинæгтæй æвзист призер ссис Тæпсиаты Тамерлан (86 кг). Бронзæйон хорзæхтæ та бафтыдысты Уалыты Владислав (92 кг), Чертхъоты Гурам (92 кг) æмæ Бестауты Андрейы (125 кг) къухты.

 

Самбо

Бишкекы кæронмæ бахæццæ дунейы чемпионат хæстон самбойæ. +98 кг уæзы категорийы сыгъзæрин майдан рамбылдта ирон спортсмен Дзанайты Сослан. Уый финалы фæуæлахиз Бахрейны минæвар Харкачаев Пашайыл.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.