Швейцарийы скъолатæй иуы ахуырдзау Козаты Владимир сфæнд кодта республикæйы дыууæ ахуыргæнæндонæн ногазон лæвæрттæ бакæнын: Цхинвалы скъола-интернат æмæ 12-æм скъолайæн.

Ног азмæ скъолатæ баисты иугай компютерты хицæуттæ, афтæ ма рæзгæ кары аккаг стъолыл æвæргæ хъазтытæ райдиан кълæсты ахуырдзаутæн, стæй «адджын» лæвæрттæ.

Æрыгон лæппу йæхи хæппæрисæй æрæмбырд кодта æхца интернет-сайты руаджы, раарфæ кодта ахуыргæнджытæн æрцæуинаг Ног азы цытæн.

Ногазон лæвæртты тыххæй æхца æрæмбырд кæныны хъуыды лæппуыйы зæрдæйы райгуырд азы райдианы.

«Æз æй мæхæдæг хорз зонын, сывæллæттæн хъазæнтæ уæлдайаг никуы вæййынц, æмæ саби та скъолайы кæсдæр кары амондджын вæййы мæнæ ахæм рæвдауæнтæй: хъазæнтæй, адджинæгтæй, – дзуры æрыгон меценат. – Мæ хъæппæрис уыди уый мидæг, цæмæй сабитæн лæвæрттæ æрæмбырд кæнон хæрзаудæн фонд «JustGiving»-ы руаджы. Æз мæхи ныффыстон вебсайты, сарæзтон мæхицæн фарс, æххуысхъуагыл кæй нымадтон, уый банысангæнæйæ. Æхцайы фæрæзтæ мын чи æрвыста, уыдонæн сæ фылдæр уыдысты мæ хæлæрттæ, афтæ ма мæ фæндыл уæлæхох чи нæ уыд, ахæм адæм».

12-æм скъолайы директор Æрсойты Генади хъармзæрдæимæ фембæлд Козаты Владимирыл æмæ йын загъта бузныг йæ хорз хъуыддаджы тыххæй: «Мах нæ  ахуыргæнджытимæ бузынг стæм дæ хъусдарды, цы лæвæрттæ нын бакодтай абон, уыдон тыххæй. Фæнды нæ зæгъын дæуæн æнтыстыты фæндиæгтæ дæ ахуыры æмæ дæ хисæрмагонд царды, цæмæй фидæны искуы ды æрцæуай нæ республикæмæ, æмæ кусай Ирыстоны хæрзиуæгæн.

Козаты Владимирæн ма бузныджы ныхæстæ загъта скъола-интернаты директор Тедеты Роланд æмæ банысан кодта, зæгъгæ, йын кæддæриддæр æхсызгон у ахæм хъæппæрисджын, сывæллæтты хъуагдзинæдтæм зæрдæрис ирон фæсивæды минæвæрттимæ фембæлын.

«Гæнæн ис, æмæ цæрай республикæйы, фæлæ ахуырдзауты, æмткæй республикæйы хъуагдзинæдтæм дæ хъус ма ‘рдарай, фæлæ республикæйæн æттейæ гæнæн ис æмæ уай фыдыбæстæйыл æнувыд адæймаг. Бузныг, скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæн цы циндзинад æрхайстай, уый тыххæй», – банысан кодта директор.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.