Кæрон. Райдиан нæ газеты 165-æм номыры

а) вокалон хицæндзинæдтæ. Всеволод Миллер дзауаг ныхасыздæхты хъæлæсон мырты хицæндзинæдтæ хатгæ ракодта, фæлæ ирон æвзаджы фонологи хорз кæй нæ зыдта, уымæ гæсгæ раст нæ бамбæрста хъæлæсон æ-йы артикуляци. Уый тыххæй Миллер афтæ зæгъы: «Туаллаг (Хуссар Иры) ныхасыздæхты хъæлæсон æ æввахс лæууы хъæлæсон е-мæ, хъæлæсон у та хъæлæсон и-мæ».

Дзауаг шыгæнаг ныхасыздæхты вокализмы тыххæй зынгæ иранист Абайты Вассо афтæ зæгъы: «Что касается вокализма, то и здесь имеется ряд особенностей, не столь очевидных с первого раза, но при внимательном наблюдении, оказывающихся не менее интересными. Прежде всего во всех юго-осетинских наречиях и  говоря гласные в общем же, чем северо осетинская. Джавский диалект в этом отношении не составляет исключения. Но этим дело не ограничивается. Æмæ дарддæр бафидар кодта йæ хъуыды: «Оказывается, что все джавские гласные можно по их артикуляции разделить на две группы: одни сопровождаются округло-губной артикуляцией, другие растянуто-губной. В первую группу входят гласные а, о, у  и во вторую æ, и, е, ы».

Дзауаг шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхты хъæлæсон æ загъд цæуы чысыл æвазгæ хуызы, уæлдайдæр та Къуыдаргомы цæрджытæм, иумиаг литературон æвзагмæ абаргæйæ. Уыцы фæдаргъдæргонд формæ бынтон ирдæй разыны, цавд ыл куы фæхауы, уæд. Зæгъæм: Шæмæннæ æрбашыдтæ дæ куыстмæ?

Иуæй-иу хатт та хъæлæсон ы ахизы и-мæ. Зæгъæм: дзыпп-жипп. Арæх та дзырд цæмæннæ-йы æмæ æлвæст æрцæуы е-мæ æмæ фæдзурынц шæмæннæ-шеннæ.

Трифтонг æуæ æлвæст нæ цæуы монофтонг о-мæ, куыд иумиаг литературон æвзаджы, афтæ.

Зæгъæм: рæуæд-род, нæуæг-ног, цæуæт-цот.

Ацы фæтк хъахъхæд нæ цæуы уыцы дзырдтæй арæзт вазыгджын дзырдты дæр. ацы дзырдтæ загъд цæуынц дыууæ хуызы дæр: рæуæддон-роддон, нæуæгбон-ногбон, раздзæуæг-раздзог.

Иуæй-иуты ныхасы номивæг уыдоны дифтонг уы æлвæст цæуы монофтонг и-мæ. Зæгъæм: уыдон-уидон. Номивæг уый-ы къуыдаргомы арæх дзурынц уи. Зæгъæм: уи чи æрбацыдис?  Уи чи у?

Иуæй-иу дзырдты райдиан дифтонг уæ æлвæст цæуы шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхты монофтонг о-мæ. Зæгъæм: уæныг-оныг, уæн (он).

Ацы ран шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхт хæстæг лæууы дыгурон диалектмæ, уымæй хуыздæр бавæрдта рагон ирон формæ.

Къуыдаргомы ныхасыздæхт нымад цæуы  дзауаг шыгæнаг (жыгæнаг) дæлныхасыздæхтыл. Къуыдаргомы дæлныхасыздæхты амонæн хайыгтæ: дæлæ-далæ, уалæ-уолæ, уæртæ-уортæ-йы загъд бæлвырд бæрцæй хицæн кæны иумиаг литературон æвзагæй. Ацы амонæн хайыгтæй дзурæг амоны йæхимæ хæстæг предметтæм: дæлæ, уæлæ, уæртæ амонынц дзурæгмæ æввахсдæр предметтæм.

Зæгъæм: уæртæ уый ме ‘мбал у. Дæлæ уыдон мах хуымтæ сты. Уæлæ уый нæ хъæу у. Къуыдайраг дæлныхасыздæхты ацы амонæн хайыгтæй пайда гæнгæйæ, дзурæгмæ чысыл дарддæр дæрддзæг-мæ амонгæйæ, фыццаг уæнджы хъæлæсон æ ивд æрцæуы хъæ-лæсон е-йæ. Зæгъæм: делæ уый ме ‘мбал у, уартæ уый та чи у? Уелæ уый кæй хæдзар у.

Иууыл дарддæр предметмæ амонгæйæ хъæлæсон æ аивынц хъæлæсон и-йæ. Уыимæ ма загъд æрцæуы ивазгæйæ.

Зæгъæм: дилæ уый чи у? уилæ ме ‘мбал æрбацæуы, уиртæ уыдон ме ‘мбæлттæ сты.

Шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхтыты сæйрагдæр хицæндзинæдтæ сты консонантон хицæндзинæдтæ, ома æмхъæлæсон мырты хицæндзинæдтæ.

Хуссар Иры ныхасыздæхтытæй дзауаг шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхт дарддæр ничи алæууыд ирон æмæ дыгурон диалекттæй. Дзауаг шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхтыты ахæм хицæндзинæдтæ кæй ис, литературон æвзагмæ абаргæйæ, уымæ гæсгæ йæ ахуыргæндтæй иутæ банымадтой хицæн (æртыккаг) диалектыл. Ахæм хъуыдыйыл хæст уыд райдианы академик Г. С. Ахвледиани дæр.

Дзауаг ныхасыздæхтæн йæхи сæрмагонд хиæдтæ кæй ис, ууыл гуырысхо кæнæн нæй, уый ирдæй зыны.

Шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхт иумиаг литературон æвзагæй сæйраджыдæр хицæн кæны африкаттæ ц æмæ дз æмæ спиранттæ ш æмæ ж-йы загъдæй. Уымæй дарддæр ма дзы ис дзæвгар уæлæмхас хицæндзинæдтæ, кæцытыл цæудзæнис дзырд ацы хайы.

Уæлдæр ма куыд уыд загъдгонд, афтæмæй шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхты архаикон формæ уыд чыгæнаг ныхасыздæхт. Уый ирдæй зыны Æгъуызаты Иуанейы фыст текстты.

Чыгæнаг ныхасыздæхты академик Г. С. Ахвледиани нымайы рагон двайлаг ныхасыздæхтыл, шыгæнаг ныхасыздæхт та ног двайлаг ныхасыздæхтыл. Ныры ирон æвзаджы историйы арф фæд чи ныууагъта, йæ сыгъдæгдзинадыл йæ уд чи хъардта, уыцы ахуыргонд лингвист Бекъойты Дмитри дзауаг ныхасыздæхты хоны шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхт. Мæнмæ афтæ кæсы, цыма литературон ц æмæ ныхасыздæхты ш, литературон дз æмæ ныхасыздæхты ж, сты æмбартæ, уымæ гæсгæ пайда кæны ахæм терминæй шыгæнаг-жыгæнаг ныхасыздæхт. Ацы уавæр бафидар кæныны тыххæй мæ фæнды æрхæссын иу чысыл текст æмæ уымæй сбæлвырд кæнын ш æмæ ж, ц æмæ дз æмбæрцдзинад тексты.

«Иу зæхкусæгмæ уыди бур цæукъа æмæ сау фыркъа. Хæдзары хицау йæхæдæг дæр, йæ бинонтæ дæр хорз зылдысты цæукъа æмæ фыркъамæ, фаг сын лæвæрдтой æвзаргæ хафинаг, сæ цæрæн бынат сын сыгъдæг дардтой. Дзæбæх цардæй цæукъайы хъуын слæгъз ис æмæ сыгъзæринау æрттывтытæ калдта. Фыркъайы хъуын та къæбæлдзыг кодта, ногзад бухайраг уæрыччы хъуыны хуызæн. Уæддæр уыдон сæ цардæй разы нæ уыдысты. Сæ хицау сæ дардта æдзух кæрты кæнæ скъæты мидæг, уыдон та сæ хъус дардтой кæртæй æддæмæ.

Ацы текст шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхтыл фæрсæм мæнæ афтæ:

«Иу зæхкусæгмæ уыди бур шæукъа æмæ сау фыркъа. Хæжары хишау йæхæдæг дæр, йæ бинонтæ дæр хорз зылдысты шæукъа æмæ фыркъамæ, фаг сын лæвæрдтой æвзаргæ хæринаг, сæ шæрæн бынат сын сыгъдæг дардтой. Жæбæх шардæй шæукъайы хъуын слæгъз ис æмæ сыгъзæринау æрттывтытæ калдта, фыркъайы хъуын та къæбæлжыг кодта, ногзад бухайраг уæрыччы хъуыны хуызæн. Уæддæр уыдон сæ шардæй разы нæ уыдысты. Сæ хицау сæ дардта æжух кæрты кæнæ скъæты мидæг, уыдон та сæ хъус дардтой кæртæй æддæмæ».

Шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхты литературон ц-йы бæсты алыхатт ш нæ дзурынц. Иуæй-иу дзырдты баззадис йæ рагон формæ, ома чыгæнаг ныхасыздæгты формæ.

Ц-йы бæсты дзурынц ч:

1) Мивдисæджы æргомон здахæны, ныры афоны бирæон нымæцы æртыккаг цæсгомы кæрон. Зæгъæм: дзурынц – журынч, цæрынц – шæрынч, кæсынц – кæсынч æмæ а.д.

2) Иуæй-иу номдарты дзырдты кæрон сонорон мыр н-йы фæстæ. Зæгъæм: куынц-куынч,хынцæг-хынчæг.

3) Разæфтауæ ны-йы фæстæ мивдисджыты дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ цц кæм вæййы литературон æвзаджы, уым шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхты загъд цæуынц чч. Зæгъæм: ныццамадта – ныччамадта, ныццарæзта – ныччарæзта, ныццæлхъ кодта – ныччæлхъ кодта.

Æмхъæлæсон ц-йæ цы дзырдтæ райдайынц, уыдоны арæх шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхты разæфтуан ны-йы фæстæ ц ахизы дывæргонд африканттæ дждж-тæм. Зæгъæм: ныццæгъдын – ныджджæгъдын, ныццæуын – ныджджæуын.

Шыгæнаг ныхасыздæхтыл дзурджытæй иуæй-иутæ, уæлдайдæр та Знауыры районы цæрджытæ дзырдтæ исчи, исчердæм, исчер-дыгæй-ы æмхъæлæсонты æмиуад сч йы бæсты дзурынц африкат дж дывæргондæй. Зæгъæм: исчи – иджджи, исчердæм – иджджердæм, исчердыгæй – иннæрдыгæй. Рагон ч нырма дæр хъахъхъæд æрцыдис шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхты ц-йы бæсты иуæй-иу дзырдты райдиан. Зæгъæм: цыбыр-чыбыр, цыргъ-чыргъ.

Æмæ ма иу характерон миниуæг зыны шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхты: аффрикат ч ма загъд цæуы иуæй-иуты ныхасы æмхъæлæсон т-йы бæсты дзырдты  райдиан.

Зæгъæм: тыхджын – чыхджын. Жыгæнаг ныхасыздæхты литературон дз-йы бындуронæй дзурынц ж. Зæгъæм: дзæбæх – жæбæх, дзабыр – жабыр æмæ а.д.

Фæлæ иуæй-иу дзырдты та дз-йы бæсты загъд цæуы рагон аффрикат дж дывæргондæй, кæм та иунæгæй. Зæгъæм: хæддзу – хæджджу, хæдзар – хæджар.

Аффрикат ч-йы бæсты арæх дзурынц иутæ дж. Зæгъæм: исчердæм – исджердæм. Иуæй-иу хатт та ч-йы размæ с ахизы дж-мæ. Зæгъæм: исчи-иджджи, исчердæм – исджердæм – иджджердæм.

Абайты Вассойы хъуыдымæ гæсгæ туайлаг (дзауаг) ныхасы-здæхты фæсæвзагон æмхъæлæсонтæ г, к, къ  бынтондæр рахыз-тысты аффрикаттæ дж, ч, чъ-мæ. Уый тыххæй афтæ зæгъы: «В двальском шокающем говоре переход заднеязычных согласных – г, к, къ в шипящие аффрикаты дж, ч, чъ полностью завершился, и сейчас джавский диалект в этом отношении не отличается от других иронских наречий».

Зынгæ ирон лингвист Бекъойты Дмитри ацы хъуыдыйы фарс нæ рахæцыдис. Уый тыххæй афтæ зæгъы: «Надон отметить, что в двальском(джавском), в отличие от северо-иронских говоров, переход г, к, къ, в дж, ч, чъ пока полностью не завершился. Они, наоборот, перед гласными ы, и падежных окончаний остаются без изменения».

Ам мæнмæ афтæ кæсы, цыма Бекъойты Дмитри растдæр у. Шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхты фæсæвзагонтæ г, к, къ африкаттæ дж, ч, чъ-мæ æххæстæй кæй нæма рахызтысты, уымæн æвдисæн сты уæлдæр æрхæссгæ цæвиттонтæ.

Шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхты ма зыны иу ахæм цымыдисон миниуæг; литературон æвзаджы с-йы бæсты Цæгат Иры ныхасыздæхты ш цы дзырдты дзурынц, уыдоны дзауаг шыгæнаг ныхасыздæхты дæр иуæй-иуты дзурынц ш. Чысыл «бæзджындæр» загъдгондæй.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Цæгат Иры ныхасыздæхтыты литературон з-йы бæсты дзурынц ж. Зæгъæм: зæнæг-жæнæг, зæронд жæронд, зынг-жынг.

Шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхты з загъд цæуы литературон æвзаджы куыд у, афтæ, фæлæ, искæй былысчъилæй, æвзæр хонгæйæ фæзæгъынц: «ашу æвжæр дæ», кæнæ «куыд æвжæр дæ куы».

Къуыдаргомы ныхасыздæхты ш æмæ ж загъд цæуынц чысыл фæхъæбæрдæргондæй, «бæзджындæргондæй». Иуæй-иуты ныхасы та æмхъæлæсон хъ-йы бæсты хатт дзурынц гъ. Зæгъæм: агъуыды кæнын хъæуы… Уый гъуыдыджын лæг у. Ам, æвæццæгæн, гъ баззадис рагон ирон æвзагæй. Уымæн та бæлвырд кæныны тыххæй ис æрхæссæн цæвиттонтæ дыгурон диалектæй. Уæлдæр цы цæвиттонтæ æрхастам, уыдон æвдисæн сты нæ хъуыды бафидар кæныны тыххæй.

Дзырдты райдиан æмхъæлæсон гъ-йы рахызт хъ-мæйы тыххæй Абайты Вассо афтæ зæгъы: «Уыцы рахызт фæцис æмæ фæуд кæны фæстаг рæстæджы ирон диалекты, фæлæ ма хаттæй-хатт кæмдæр фæзыны туайлаг æмæ дзауаг ныхасыздæхтыты».

Фæлæ куыд зыны, афтæ архаикон гъ шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхты хъахъхъæд æрцыд нырмадæр мæнæ ахæм дзырдты: гъæд, лæджыгъæд, гъæдджын.

Æмхъæлæсонты æмиуад нхъ шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхтыты, уæлдайдæр та Къуыдаргомы ныхасы иуæй-иу дзырдты загъд цæуынц дывæргонд гъгъ-тæй. Зæгъæм: æнхъæлдæн – æгъгъæлдæн, æнхъæд – æгъгъæд æмæ афтæ дарддæр.

Зылангон æмхъæлæсонты æмиуад зг шыгæнаг ныхасыздæхтыл дзурджытæй иуты ныхасы рахизы ж-мæ, кæнæ та дывæргонд жж-мæ. Зæгъæм: чызг – чызджытæ – чыжытæ – чыжжытæ.

Чысангомы цыгæнаг ныхасыздæхты дзырд чызг бирæон нымæцы формæйы æмхъæлæсон дж ахауы æмæ йæ дзурынц чызджытæ-йы бæсты чызытæ.

Мивдисæджы фæдзæхстон здæхæны ныры афоны æртыккаг цæсгомы иууон æмæ бирæон нымæцы цæсгомон кæрæтты шыгæнаг ныхасыздæхты дзурынц иухуызон. Зæгъæм: уый дзурæт – уыдон дзурæт.

Афтæ зыны, цыма ам шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхты иууон нымæцы æртыккаг цæсгомы кæрон растдæр дзурынц æмæ фыст дæр афтæ куы цæуид. Науæд хаттæй-хатт дзырдæн йæ нысаниуæг вæййы дызæрдыггаг.

Зæгъæм: уæлахиз уæд, дзæбæх уæд. Уæд-æн ис фæрсдзырды нысаниуæг дæр. Мивдисæджы æргомон здæхæны суинаг афоны иууон нымæцы фыццаг æмæ æртыккаг цæсгомы кæрæттæ шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхты загъд цæуынц иухуызон.Зæгъæм: æз шæужæн, ды шæужæ, уый шæуджæн.

Æртыккаг цæсгом ма загъд цæуы æндæрхуызон дæр.Зæгъæм: уый шæужен, журжен.

Мивдисæджы ивгъуыд афоны бындуртæй д кæнæ т-йыл чи фæуд кæны, уыдонæй ног дзырдтæ аразгæйæ фæсæфтуан дзаг-ы руаджы дзырды кæрон д æмæ фæсæфтуан та дз шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхты ахизынц дæргъвæтин аффрикаттæ дждж-тæм. Зæгъæм: мæрддзаг-мæрджджаг, скъуыддзаг – скъуыджджаг æмæ а.д. дз-йæ цы дзырдтæ райдайынц, уыдонæй вазыгджын мивдисджытæ арæзт куы ‘рцæуы, разæфтауæн с сæм æфтаугæйæ, уæд ахæм дзырдты райдиан шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхты загъд цæуынц дывæргонд ж-æ, фыццаг ж, чысыл ш-мæ здæхтгондæй. Зæгъæм: сдзæбæх ис-жжæбæх ис.

Ц-йæ цы дзырдтæ райдайынц, уыдоны та сæ райдианы арæх загъд фæцæуы дывæргонд шш-æ. Зæгъæм: сцæрдæг ис – шшæрдæг ис, сцалцæг кодта – шшалшæг кодта.

Шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхтыты лексикон  хицæн-дзинæдтæ

Шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхтыты лексикон хицæндзинæдтæ афтæ зынгæ не сты, куыд фонетикон хицæндзинæдтæ. Уыцы хицæндзинæдтæ сты сæйраджыдæр æрбайсгæ дзырдæй пайда кæнын куыд уырыссаг æвзагæй, афтæ гуырдзиаг æвзагæй дæр.

Ам дзырд нæ цæуы, уырыссаг æвзагæй ирон литературон æвзаг цы дзырдтæ æрбайста, уыдоныл. Уыцы дзырдтæй шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхтыты дæр пайда кæныны, кæм не ‘мбæлы, уым дæр. Зæгъæм: бавæргæ хъуыдыйад «Кæй зæгъын æй хъæуы»-йы бæсты уыдон арæх пайда кæнынц уырыссаг дзырд «конечно»-йæ. Дзырд «табуафси»-йы бæсты пайда кæнынц «пожалуйста»-йæ æмæ æндæр ахæм дзырдтæй.

Уæлдæр цы дзырдты кой ракодтам, уыдон ирон æвзаджы афтæ тынг нæ фыдуынд кæнынц, куыд гуырдзиаг дзырдтæ.

Шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхтыл дзурджытæй гуырдзиаг хъæутæм чи куыд æввахсдæр цæры, афтæ йыл тынгдæр фæзынд йе ‘ндæвдад. Уымæ гæсгæ арæх пайда кæнынц, сæ ныхасы ирон æвзаджы чи фыдуынд кæны, ахæм дзырдтæй. Уыдон сты ахæмтæ:

Икнеба – чизоны, Диах – æцæг, æцæгдæр, Унда – хъуамæ, Хо (хом) – куы, Къи – æцæг, Рауици (равици) – нæ зонын, Аба – цæй, цæй-ма, Ахла – еныр, Кепи (кеипи) – цæл, Бе – нысан (чызгмæ нысан ныууадзын), Чемо (чеми) – мæ, Окро – зыгъзæрин, Чъори – дам-дум, Турме – æцæг, æцæгæй, Лоти – расыг, Дгъеоба – бæрæгбон.

Ацы дзырдтæй Дзауы комы æмæ Къуыдаргомы пайда кæнынц æрмæстдæр диах, хо (хом), къи, равици, аба, бе, чъори æмæ лотийæ. Знауыры районы цæрджытæ, уæлдæр загъдгонд гуырдзиаг дзырдтæй се ‘ппæтæй дæр пайда кæнынц сæ ныхасы. Иуæй-иутæй дзы пайда кæнынц ирон дзырдимæ иумæ: Зæгъæм: унда хъуамæ ацæуон.

Кæронбæттæны мæ фæнды банысан кæнын фыццаджыдæр, шыгæнаг ныхасыздæхтыл дзурджыты нымæц фæстаг рæстæджы, уæлдайдæр та нæуæдзæм азтæм, фылдæй-фылдæр кæй кодтой, уый. Уыцы тенденци цыдис (æмæ ма ныр дæр цæуы) цыгæнаг ныхасыздæхтытыл дзурджыты хардзæй. Цыгæнаг ныхасыздæхтыл дзурджытæй фæстаг рæстæджы бирæтæ æрцардис Цхинвалы. Уыдонæн сæ сывæллæттыл тынг фæзындис шыгæнаг ныхасыздæхт. Уыйадыл уыдон дæр дзурын райдыдтой шыгæнаг ныхасыздæхтыл. Гъе, уымæ гæсгæ шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхтыл дзурджыты нымæц фылдæр кодта, æмæ уыцы процесс дарддæр кæны.

Ныртæккæ ирон æвзаджы рæзтыл бирæ ныхас цæуы. Газет «Хурзæрин»-ы фæрстыл арæх мыхуыр цæуынц алыгъуызон уацхъуыдтæ ирон æвзаджы рæзты æмæ йæ ахуыркæныны фæдыл. Уыдоны лæвæрд цæуы алыхуызон рекомендацитæ. Ист æрцыдис Паддзахадон программæ дæр ирон æвзаджы рæзты тыххæй. Ныр ныфс ис, ирон литературон æвзаг кæй æрфидар уыдзæн, йæ ахуыр кæныны фарст кæй фæтыхджындæр уыдзæнис, уый.

Фæнды ма мæ банысан кæнын кæронбæттæны, кæй фæзындис ирон литературон æвзаг «аразджытæ» шыгæнаг ныхасыздæхтыл. Уый, æвæццæгæн, æнæхъоладзинад у. Ирон литературон æвзагæн бындур раджы æрæвæрдта Хетæгкаты Къоста æмæ йыл радзур-бадзур кæнын нал хъæуы.

Шыгæнаг (жыгæнаг) ныхасыздæхтæй литературон цыгæнаг æвзагмæ, рахизын æнцон хъуыдддаг нæу. Сæдæгай азты цы ныхасыздæхтыл дзурынц, уый афтæ æнцон ныууадзын фæзын уыдзæнис. Уыцы процесс хъуамæ райдайа кæстæр кълæстæй, рæзгæ фæлтæрæй.

ХУЫГАТЫ Илья

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.