Мах, зонадон æмæ сфæлдыстадон интеллигенци, ветеранты организациты, Республикæ Хуссар Ирыстоны кондадон æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæм тыхстдзинад æвзæрын кæны 9-æм апрелы РХИ-йы Президент æвзарыны æмæ нæ бæстæйæн йæ историон ном разахыны фæдыл референдумы алыварс цы æндыгъдад æвзæры, уый.

Мах æмбарæм, алкæцы æвзæрстыты агъоммæ кампани дæр баст кæй у дзыллæты бæлвырд политикон активондзинадимæ, фæлæ мах уыимæ иумæ сидæм республикæйы цæрджытæм, цæмæй равдисой, хайджын кæмæй сты, сæ уыцы политикон культурæ, æмæ ма бакоммæ кæсой æвзæрстытæм ма ‘рбацæуынмæ чи сиды, уыдонмæ, сæхи бахизой фæткахæлæн митингтæм æмæ æндæр барадхалæн мадзæлттæм цæуынæй.

Мах уынæм, республикæйы къухдариуæгад куыд бирæ хъарутæ хардз кæны бæстæйы сабырдзинад бахъахъæныны сæраппонд. Рох кæнын нæ хъæуы, РХИ-йы архайæг президент 25 январы æмæ 30-æм марты адæмы раз цы сæрмагонд сидтытимæ ралæууыд, уыдон. Уыцы раныхæсты бæстæйы сæргълæууæг, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æвзарыны æнæбайсгæ бартæн гаранти дæтгæйæ, уыимæ гаранти лæвæрдта республикæйы æвзарджытæн æнæ цæлхдурæй се ‘взарыны бартæ сæххæст кæныны гаранти. Арæх периодикон мыхуыры фæрстыл, бынæттон телеуынынады æмæ ма Интернет-тыгъдады социалон хызæгты дæр республикæйы цæрджытæм сидынц хицауады структурæты, сфæлдыстадон интелигенцийы, æхсæнадон организациты минæвæрттæ æмæ бæстæйы рæнхъон æмбæстæгтæ закъон фидарæй æххæст кæнынмæ.

Фæлæ уæддæр не ‘хсæнады разынд ахæм адæймæгтæ, сæ хисæрмагонд политикон пайдайы сæраппонд цæттæ чи у, ахæм къахдзæфтæм, хæрзнамысы нормæтæн иумæйагæй кæмæн ницы ис, кæд æмæ архайæг закъондæттынадыл нал дзурæм, уæддæр. Мах уынæм, уæлдæр паддазахадон бынатмæ тырнджытæй бирæтæ æмæ сæ фарсхæцджытæ дæр æргом кæй пайда кæнынц мæнгдзинадæй, факттæ зыгъуыммæ кæнгæйæ æмæ æвзæрстыты агъоммæйы тохы æндæр мæнгард амæлттæй пайдагæнгæйæ. Мах карз тæрхон хæссæм республикæйы æхсæнадон-политикон уавæр скарз кæныны бафæлвæрдтытæн. Никæмæн ис, нæ къухты чи бафтыд, уыцы сабырдзинад æмæ æмбæстагон разыдзинад фехалын æмæ нæ æмтъеры æмæ анархийы хай бакæныны бар. Закъондзинад хъуамæ уа æппæтæй бæрзонддæр.

Махæй нырма нæ ферох сты фондз азы размæйы цаутæ, уæд дæр, ногæй хицауадмæ чи бырсы, уыцы претенденттæ, раст ахæм архайдтытæй мах батардтой æмбæстагон хæсты къæсæры онг. Мах хъуамæ мацæйы тыххæй æруадзæм ногæй уыцы цаутæ. Нæ уарзон Райгуырæн бæстæйы рæзты сæраппонд, йæ фидæны сæраппонд мах хъуамæ дарддæр дæр цæуæм размæ Хуссар Ирыстоны æцæг демократон барадон паддзахад саразынмæ.

Сидæм, кæмæндæриддæр ис æвзарыны бар, æппæт уыдонмæ, цæмæй 9-æм апрелы æрбацæуой æвзарæн фадгуытæм, æмæ сæ сæрибар фæндон равдисгæйæ, сæ зæрдæйы фæндмæ гæсгæ, хъæлæс радтой цардарæзтады фæндагыл республикæйы размæцыдæн.

Мах стæм сабырдзинад æмæ размæцыды фарс!

Мах стæм Паддзахад Аланийы фарс!

 

  1. Цыбырты Людвиг Алексейы фырт – РХИ-йы фыццаг Президент;
  2. Хъазиты Мелитон Резойы фырт – РХИ-йы Фысджыты цæдисы сæрдар;
  3. Бесаты Вячеслав Сергейы фырт – РХИ-йы Ветеранты советы сæрдар;
  4. Джиоты Аллæ Александры чызг – УФ-йы сгуыхт ахуыргæнæг;
  5. Гаглойты Роберт Хазбийы фырт – Уанеты Захары номыл ХИЗИИ-ы директор;
  6. Тедеты Вадим Ботазы фырт – Тыбылты Алыксандры номыл ХИПУ-йы ректор;
  7. Зассеты Жаннæ Виссарионы чызг – РХИ-йы Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг;
  8. Битарти Зоя Александры чызг – Тыбылты Алыксандры номыл ХИПУ-йы профессор;
  9. Плиты Гацыр Гаврилы фырт – Тыбылты Алыксандры номыл ХИПУ-йы профессор;
  10. Готти Амага (Гототы И.) – РХИ-йы сгуыхт артист;
  11. Козаты Ушанг Алексейы фырт – РХИ-йы адæмон нывгæнæг;
  12. Пухаты Константин Петры фырт – РХИ-йы Зонæдты сгуыхт архайæг;
  13. Кæсойты Лаврент Павелы фырт – Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы директор;
  14. Бедойты Элеонорæ Христофоры чызг – РХИ-йы Кады Ордены кавалер;
  15. Гуыцмæзты Иринæ Ильяйы чызг – гимназ «Альбион»-ы директор;
  16. Зассеты Мераб Максимы фырт – РХИ-йы Националон музейы директор;
  17. Остъаты Розæ Давиды чызг – Тыбылты Алыксандры номыл ХИПУ-йы доцент;
  18. Цхуырбаты Вадим Шотайы фырт – Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты директор;
  19. Цыбырты Хазби Иваны фырт – РХИ-йы Физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.