Хуыцаубоны изæрæй паддзахадон ансамбль «Симд» сæ егъау комфортабелон автобусыл афæндараст сты Краснодармæ. Артистты ахизын кодтой хъæлдзæг æмæ арфæйаг ныхæстимæ. Уыдон фæстаг рæстæджыты фыццаг хатт солон концерт равдисдзысты республикæйы æдде.

Ансамблы фарсмæ балæууыны тыххæй къуырисæры райсомæй Краснодармæ ацыдис РХИ-йы Культурæйы министр Зæгъойты Рада дæр.

Ансамблæн сæ балц организацигонд æрцыд нæ бæстæйы Культурæйы министрадæн Уæрæсейы Федерациимæ æмгуыстады фæдыл бадзырдты фæлгæтты. Концерт ауадзыны хъуыддагæн стыр ахъаз у «Росконцерт».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады пресс-секретарь Хуыгаты Аланæ нын куыд радзырдта, афтæмæй ансамблы сфæлдыстадон сконды ис 70 адæймаджы — хореографион труппæ, нæлгоймæгты хор æмæ ансамблы оркестр.

«15-æм ноябры изæры авд сахатыл ансамбль „Симд“ Краснодары Пономаренкойы номыл филармонийы радтдзысты солон концерт. Нæ артисттæ равдисдзысты цымыдисон концерт сæ репертуары хуыздæр номыртæй», — банысан кодта пресс-секретарь.

Уæрæсейаг сценæмæкæсджыты размæ хаст æрцæудзысты: «Симд», «Хонгæ», «Ирон кафт», «Чызджыты кафт», «Абхазаг», «Адыгеаг» æмæ æндæртæ. Ансамблы хор Саппиаты Залинæйы къухдариуæгадæй сæххæст кæндзæн цалдæр музыкалон номыры æмæ ногæй кæй бацæттæ кодтой, уыцы композицитæ.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.