Мах иууылдæр зонæм: Инна, Римма [æмæ Пинна] сты сылгоймаджы хисæрмагод нæмттæ æмæ сæ парахатæй пайда кæнынц дунейы адæмтæ. Æнæзынд не сты ирон æхсæнадæн дæр: популярондзинадæй разæй цæуы Инна, йæ уæлвæд лæууы Римма. Пинна та ферох ис бынтон, баззад кæмдæр ивгъуыд заманы талынг къуымы. Фæлæ раздæр афтæ нæ уыд, уартæ рагзаманты ацы нæмттæ хастой нæлгоймæгтæ. Уыдон сылгоймаджы нæ, фæлæ нæлгоймаджы нæмттæ сты, уый нын фыццаг фехъусын кодта святцы (Святцы, кæнæ Месяцеслов, грекъагау Минологи, – уырыссаг чырыстон чиныг-къæлиндар, цыран амынд цыдысты сыгъдæг удты (святые) мысæн бонтæ, дины бæрæгбæттæ, афæдзон æрзылд). Уым дзырдæуы, цыма æртæ скифаг нæлгоймаджы Инна, Римма æмæ Пинна чырыстон дины сæрвæлтау мард æрцыдысты нæ эрæйы I-æм æнусы, кæмдæр Дунайы дæллаг былгæрæтты.

Чи уыдысты ацы мæгуыр скифаг лæгтæ æмæ сыл цы ‘рцыдис? Рагон историон-чырыстон бæрæггæнæнтæ нын цы трагикон нывтæ ранывæзтой, уыдонмæ гæсгæ хъуыддаг рауадис афтæ:

«Инна, Римма æмæ Пинна уыдысты цæгаттаг адæм – Цытджын Скифты бæстæйæ. Иуахæмы апостол Андрейы дзыхæй фехъуыстой ног дины кой æмæ зæрдиагæй баууæндыдысты Чырыстийыл, райстой донаргъуыд. Бонæй-бонмæ фидар кодта сæ уырнынад, æмæ сæ фæстагмæ скодтой сауджынтæ, фервыстой сæ миссионертæй сæхи райгуырæн зæхмæ. Уым се ‘мтуг адæмæн амыдтой Чырыстийы ахуырад, лæвæрдтой сын донаргъуыд. Фæлæ сын бирæ нал бантыст. Бынæттон муртатт æлдары фæндмæ гæсгæ ахст æр-цыдысты. Æлдар æрдомдта, зæгъгæ, нæхи муртатт хуыцæуттæн нывонд æрхæссут. Нæ бакоммæ кастысты чырыстон лæгтæ æмæ сын уæд рахастæуыд æвирхъау мæлæты тæрхон».

Ныгуылæйнаг агиографион традици (агиографи бæлвырд кæны сыгъдæг удты царды хабæрттæ) нæ дугмæ æрхæццæ кодта æвдисæнтæ сæ хъизæмайраг мæлæты тыххæй. Мæнæ куыд фыссы «Acta Sanctorum» («Деяния святых»):

«Уыд фыдзымæг, цæугæдæттæ бæзджын их равæрдтой, сæ сæрыл æдæрсгæ цыдысты канд адæм нæ, фæлæ бæхтæ æмæ уæрдæттæ дæр. Æлдар бæлæсты дæргъæн хъæдын цæджындзтæ æрсадзын кодта ихы, ныббастой сыл æртæ сыгъдæгуд лæджы гомбуарæй. Дон фæйлауæн кодта, их цадæггай хæрдмæ цыд, схæццæ сæ хъуыртæм, фыдуазал нал сфæрæзтой æмæ, æнæзæгъгæ хъизæмæрттæ ‘взаргæ, ахицæн сты сæ цардæй».

Бынæттон чырыстæттæ æргом нæ бауæндыдысты, фæлæ аивæй сыджыты хай бакодтой фыдæгъдауæй мард лæгты. Рæстæг цыдис, уавæртæ ивтой, æмæ уæд бынæттон алчер бавдæлд, скъахта сын се стджытæ æмæ сæ бафснайдта горæты сæйраг аргъуаны стджытæвæрæн лагъзы – ракайы. Уымæй рацыд авд азы, афтæ иу бон сыгъдæгуд хъизæмаргæнджытæ Инна, Римма æмæ Пинна раргом сты алчермæ, зæгъгæ, ахæсс нын не стджытæ æндæр бынатмæ – Алискмæ (кæнæ Аликс), зæгъгæ; иртасджытæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ уый у нырыккон Алушта Хърымы.

Инна, Римма æмæ Пиннайы тыххæй цы бæрæггæнæнтæ баззад, уыдон фагæй уæлдай сты зæгъынæн: ацы лæгтæ уыдысты ирæттæн сæ раг фыдæлтæ – фыццаг скифаг чырыстæттæ. Фæлæ уырыссаг чырыстон традици, цæмæдæр гæсгæ, æртæ лæджы хивæндæй нымайы фыццаг уырыссаг (славяйнаг) сыгъдæгуд чырыстæттыл, кæд æмæ рагон историон-чырыстон хроникæ æндæр цыдæртæ дзуры, уæддæр.

Цæвиттон, æппæты фыццаг къухфысты текст «Сыгъдæгудты хъизæмæрттæ» хауы IV-æм æнусы æмбисмæ, хъыгагæн, нæ дугмæ не ‘рхæццæ, фесæфт кæмдæр. Фæлæ XI-æм æнусы къухфысты уымæй баззад эпитомæ (цыбыр рафыст). Эпитомæ Инна, Римма æмæ Пиннайы хоны цæгаттаг хъæддаг бæстæйæ рацæугæ, мард та, дам, æрцыдысты Готты зæххыл. Ис ма ноджы иу бæлвырдгæнæн – византийаг паддзах Василий II-ы Минологи (X-XI æн.) Уым та комкоммæ фыст ис, зæгъгæ, æртæ лæджы бабын сты Скифты бæстæйы. Фæлæ уырыссаг ахуыргонд Н.Солнцев дызæрдыджы цæстæй ракаст ацы бынатмæ, ома, дам, Минологи рæдыдæй спайда кодта архаикон ном «Скифты бæстæ»-йæ. Йæ хъуыды æнцой кæны XIX-æм æн. Уæрæсейы Чырыстон Аргъуаны алчер æмæ историк Ф.Гумилевскийы Цæстæнгасыл. «Православная Энциклопедия» Инна, Римма æмæ Пиннайы тыххæй уæлдай ницыуал загъта, æрмæст ма æрхаста проф. Голубинскийы хъуыды, зæгъгæ, æртæ лæджы бабын сты Хърымы, се стджытæ та сын рахастой Алискы наулæууæнмæ (Голубинский Е.Е. – Уæрæсейы Аргъуаны истори иртасæг, архитектор, Им-ператоры зонæдты академийы академик XIX-XX-æм æн.)

Зæгъæм, Василий II-ы Минологи рæдыди, фæлæ XVII-XVIII-æм æнусы зындгонд рухстауæг, Уырысы Чырыстон Аргъуаны алчер, монон фарстатæ иртасæг Дм. Ростовский дæр ницыуал зыдта? Йæ чиныг «Сыгъдæгудты царды хабæртты» («Жития святых», кæнæ «Четьи-Минеи») уый дæр Инна, Римма æмæ Пиннайы хоны цæгаттаг бæстаг Цытджын Скифийæ. Солнцев ам дæр бараст кодта Ростовскийы, æмæ йын йæ ныхасмæ бафтыдта: «цæгаттаг бæстаг – Цытджын Скифийæ нысан кæны, ома, уыдон уыдысты ильменаг славянтæ-уырыссæгтæ (ильмен. славяне-русы)». Ростовский ма куыд дзуры, уымæ гæс-гæ æртæ лæджы дин парахат кодтой сæ райгуырæн Скифийы. Чиныджы фиппаинæгтæ ацы бынат амонынц афтæ: «Ам Скифийы бæсты æмбарын хъæуы Гыццыл Скифи (Малая Скифия), уый æххæссы Дунайы донæфтæнтæй суанг Фракимæ. Инна, Римма æмæ Пинна, уыдысты зæххы куыст чи кодта, уыцы хуссар славяйнаг знæмтæй, æмæ уыдон та цардысты Дунайы рахиз былгæрæтты æмæ Сау денджызы ныгуылæнварс былгæрæтты». Гыццыл Скифийы кой ма кæнынц Уæрæсейы Чырыстон Аргъуаны сæйраг алчер С. Спасский (XIX-æм æн.) æмæ Брокгауз/Эфроны Энциклопедион Дзырдуат/. Фыццаг йæ чиныг «Полный месяцеслов востока»-йы лæгты райгуырæн бæстæ хоны Гыццыл Скифи æмæ дзуры, зæгъгæ, уыдон фервыстой дин парахат кæнынмæ Босфоры паддзахады цæрæг грекъæгтæм æмæ æндæр знæмтæм; Тавримæ цæугæ, дам, алы ран дæр амыдтой чырыстон дин. Ахсын та, дам, сæ æркодта Херсонесы æлдар. Дзырдуат та сæ нæ скифтæ хоны, нæ славяйнæгтæ, нæ готтæ, æрмæст нын амоны, зæгъгæ, Инна, Римма æмæ Пинна уыдысты апостол Андрейы ахуыргæнинæгтæ, æмæ ‘фхæрд æрцыдысты Гыццыл Скифийы (Новый Дунаецы). Солнцев разы нæу Спасскиимæ, уый, дам, йæ чиныджы лæгты райгуырæн бæстæ рæдыдæй рахуыдта Гыццыл Скифи, æмæ зæгъы, ома, Гыццыл Скифи (нырыккон Добруджи, Румыни) уыд нырма Ромы, стæй рагвизантийаг провинци æмæ фæзынд нæ эрæйы III-IV-æм æн., император Диоклетианы дуджы, æмæ, дам, уымæ гæсгæ, æмрæстæджы Андрейы ахуыргæнинæгтæ æмæ Чысыл Скифийы цæрджытæ уыдаиккой, уый гæнæн нæй (Николай Солнцев – историон зонæдты доктор, профессор, иртасы уырыссаг чырыстон аргъуаны историйы фарстытæ).

Спасский ма йæ чиныджы æрхаста XIII-æм æнусы Сербаг Прологæй (Пролог – славяйнаг-уырыссаг аргъуаны амонæн чиныг-æмбырдгонд) зонæнтæ, уым лæгты нæмттæ фыст сты сербаг æвзаджы домæнтæм гæсгæ: Енен – Инна, Нирин – Римма, Пен (Пин) – Пинна.

Иртасджытæ куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ Инна, Римма æмæ Пинна хуымæтæг сауджынтæ нæ уыдысты, фæлæ алчертæ, ууыл дзурæг, дам, у сæ нæмттæарæн кондак (гимн). Иу фиппаинаг ма. Симферополы архивы ис бæлвырдгæнæн гæххæтт «Ныстуан Симферополы æмæ Хъырымы епархийы сауджынтæм» (1950 аз). Йæ автор сиды дины кусджытæм, цæмæй литургии-ятыл арой Инна, Римма æмæ Пиннайы нæмттæ, уыдон, дам, сты тынг рагон хърымаг хъизæмаргæнджытæ. Гæххæтты кæрон лæууы зынгæ рухстауæг, Симферополы æмæ Хърымы сæйраг алчер Лука Войно-Ясенецкийы къухфыст. Уый æртæ лæджы царды истори лæмбынæг раиртæста æмæ ‘рцыд хатдзæгмæ, зæгъгæ, уыдон æнæмæнг уыдысты тавроскифтæ, кæнæ готтæ, æмæ цардысты Алушта æмæ Балаклавæйы ‘хсæн кæмдæр. Алуштайы ис Аргъуан ‘ппæт хърымаг сыгъдæгудты номыл, уымæ ‘ввахс ныртæккæ Инна, Римма æмæ Пиннайы цытæн арæзт æрцыд чысыл-аргъуан.

Мæскуыйаг Патриархийы къæлиндартæ дæр фæстаг рæстæджы сыгъдæгуд лæгты хонынц славяйнæгтæ. Ацы традици ницæуыл бындуриуæг кæны, зонадон истори раджы сбæрæг кодта скифтæн сæ цæрæбынæттæ. Сау денджызы былгæрæттæ æмæ Хъырым æнæхъæнæй скифты къухы уыдысты. Нæ эрæйы фыццаг æнусæй фæстæмæ сæ зæххытæ скъуындæг сты, фæлæ сæ бирæтæ баззадысты Хъырымы, иннæтæ аивылдысты Европæйы ‘рдæм, Сау денджызы ныгуылæн былгæрæттæм – Дунай æмæ Днестры донæфтæнтæм. Ацы факттæ иууылдæр иттæг лæмбынæг æмæ нывæфтыдæй æвдыст сты историон зонæдты доктор Бзарты Русланы «Ирыстоны историон атлас»-ы.

Стыр цымыдисаг у нæлгоймæгты нæмтты рахызт сылгоймæгты нæмтты къордмæ. Цы сыл æрцыдис сæ историон фæндагыл, уый бæлвырд нæу, ницы зонæнтæ баззад. Ацы фарсты фæдыл йæ дуджы загъта зынгæ ахуыргонд Никонов В.А. Фæлæ иннæ советон ахуыргæндты нымæцы, уый дæр дунемæ кастис уæды идеологийы бынæй æмæ нырма фæдзырдта дины кусджыты ныхмæ, зæгъгæ, уыдон тыхмийау кодтой адæмæн, сабитæн лæвæрдтой æрмæст канонизацигонд нæмттæ «Святцы»-йы фыстытæм гæсгæ. Инна, Римма æмæ Пиннайы хабар, дам, æвæццæгæн, уыдаид афтæ: æрбахастой уыцы бон ноггуырд чызджы аргъауынмæ. Сауджын, дам, æнæбары, тагъдгæнгæ, йæ цæст рахаста чины-джы сыфыл, чизоны, рæстмæ кæсын дæр нæ зыдта, кæнæ та нозтджын уыд, æмæ ауыдта цавæрдæр нæмттæ, «а»-йыл фæуд кодтой, æмæ сæ сылгоймаджы нæмттыл банымадта. Уый хуызæн рæдыдтытæ, дам-иу, иттæг арæх æруагътой алы рæтты XX-æм æн. райдиан. Сауджын нозтджын уыд æви нæ, уый ничиуал сбæрæг кæндзæнис ныр. Ацы нæмттæ тынг зæронд сты, кæд фæивтой, цы дуджы, кæнæ эпохæйы, чи зоны? Бирæтæ «Святцы»-йы нæмттæй нæ пайда кодтой, сæхи фæндонмæ гæсгæ æвзæрстой нæмттæ. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, нæлгоймаджы номы рахызт сылгоймаджы номмæ æнгом баст у рагон уырнынадимæ. Рагзаманты лæппуйы райгуырд стыр кадджын уыдис æппæт адæмты ‘хсæн дæр. Фырт цы бинонтæн нæ уыд, уыдон æгадыл нымад цыдысты. Æдзухæй чызджытæ кæм гуырдысты, уыцы бинонтыл уынгæджыйы бон уыдис. Æнæмæнг, зæгъгæ, цыдæр фыдæлгъыст фестæм, æмæ-иу бафæнд кодтой сау тыхты, фыдбылызты фæсайын: саби-чызгыл нæлгоймаджы ном сæвæрдтай, уæд дæм уыдон сæ хъус нал æрдардзысты, иу лæппу рантыст, иннæтæ дæр йæ фæстæ цæудзысты. Уыдис ма ахæм æгъдау дæр: бынтон-иу йæ ныфс кæмæн асаст, уыцы бинонтæ сæ чызгыл æвæрдтой нæгоймаджы ном, уадз æмæ лæджы хъаруйæ æххæст уа, фырты мондæгтæ дзы исдзыстæм, зæгъгæ. Ацы æгъдау иттæг стæм уыд, фæлæ йæ тæваг æрхæццæ нæ дугмæ. Цæвиттон, Голливуды киноактрисæ Кэмерон Диас нæлгоймаджы ном хæссы, фыд æй схуыдта Кэмерон, фыртмæ бæлгæйæ, фæлæ йын фæчызг и, æмæ номæй фырты мондæгтæ иста. «Уырызмæг» нæлгоймаджы ном у, нæртон æхсарджын хистæртæй иуы ном. Дагъистаны Истори, æвзаг æмæ литературæйы институты къухфыстыты фонды ис гæххæтт араббаг æвзагыл, хауы XVII-æм æнусмæ. Уым солиаг æлдары чызг хуыйны Уырызмæг, Урузмаг-меседу, зæгъгæ. Меседу солымæ нысан кæны «æлдары чызг». Ацы рагон æгъдауæн йæ мидхъуыды баст у нæлгоймаджы номæн кад кæнынимæ, уымæй равзæрдис къайон нæмтты традици дæр: Александр – Александра, Валентин – Валентина, æмæ нæхи Алан – Алана, чизоны, нæм Сослана дæр искуы фæзына. Къæйтты сылгоймаджы ном алыхатт дæр равзæры нæлгоймаджы номæй. Гуырдзымæ Суликъо сылгоймаджы ном у, ирæттæм – нæлгоймаджы. Нæ фыдæлтæм уыдис иумæйаг нæмттæ, морфологон æгъдауæй нæ хицæн кодтой: «Цъицъа» сылгоймæгты дæр хуыдтой æмæ нæлгоймæгты дæр, уый хуызæттæ ма уыдысты: Папа, Баба, Пупу, Азау, Ази, Даго æмæ æнд.

Иу цымыдисон фиппаинаг ма. Чырыстон дины, моладзанты уагæвæрдмæ гæсгæ, сылгоймаг-моладзанæн чырыстон сыгъдæгудты цытæн лæвæрдтой нæлгоймæгты нæмттæ: Георгий – Георгия, Зиновий – Зиновия. Ис гæнæн, Инна, Римма æмæ Пинна уыцы æгъдауыл рахызтысты сылгоймæгты нæмттæм, æмæ ахæм хуызы апарахат сты . Бæрæг нæу, чизоны, ацы нæмттæн, уæлдæр цы Сербаг Пролоджы кой кодтам, уый бахъахъхъæдта сæ райдиан формæтæ: Енен, Нирин, Пен/Пин. Уыдон æндæр æвзагмæ бахаудтой, фæивта сæ фонетикон фæлыст, систы Инна, Римма æмæ Пинна, стæй апарахат сты дунейы адæмтыл, æмæ морфологон æгъдауæй нæлгоймæгты æмæ сылгоймæгты нæмттæ цы ‘взаг хицæн кæны, уым сын схæццæ сты, зæгъæм, славяйнаг æвзæгты.

Цы нысан кæнынц ацы нæмттæ? Петровскийы «Уырыссаг хисæрмагонд нæмтты дзырдуат»-ы лæвæрд сты дыууæ формæйы: нырма нæлгоймаджы ном, йæ бынмæ сылгойма-джы ном. Инна æмæ Риммайæн сæ нысаниуджытæ амынд нæ цæуынц, Пинна та, дам, грекъагау амоны «æргъæу сæтæлхъузг» (перламутровая раковина). «УСФСР-ы адæм-ты хисæрмагонд нæмтты бæрæгуат»-ы Инна æмæ Римма лæвæрд сты сылгоймæгты нæмтты хицæн хыгъды. Сæ быны фыст ис раздæр нæлгоймаджы нæмттæ кæй уыдысты. Пинна дзы нæй. «Чырыстон аргъуаны къæлиндар»-ы 2014 азæн се ‘ртæйæн дæр амынд цæуынц сæ нысаниуджытæ, лæвæрд сты нæлгоймæгты нæмттимæ: Инна равзæрд готты æв-загæй, нысан кæны «тагъд дон», Пинна – грекъаг æвзагæй, амоны «æргъæу сæтæлхъузг», Римма дæр грекъаг æвзагæй, амоны «æхст, зыгъгъуытт кæнын». Чырыстон традици ацы нæмтты ныр дæр нымайы нæлгоймæгты нæмттыл. Уыдоныл бирæ ис дзурæн, ногæй сын ракæсын хъæуы лæмбынæг сæ этимологитæм дæр, стæй уый гæнæн нæй, æмæ рагон ирон номуæтты сæ фæд макуы баззадаид, уый фæдыл нæм ис цымыдисон хъуыдытæ, фæлæ нырма æркæсинаг сты, æмæ сыл дзурдзыстæм хицæн иртасæн куысты.

Пæрæстаты Эльдæ, Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн Институты зонадон кусæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.