Монголийы горæт Улан-Баторы 49-æм астæуккаг скъолайæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъайтар, Монголты Адæмон Республикæйы хъайтар, армийы инæлар Плиты Иссæйы ном. Цытджын церемони гом кæнгæйæ, скъолайы директор Жалцав Баярмаа арфæ ракодта се скъолайыл сын кæй баууæндыдысты, уый тыххæй æмæ бакаст Монголийы хицауады уынаффæ скъолайæн Плиты Иссæйы ном раттыны тыххæй. Монголийы Уæрæсейы минæварады фыццаг секретарь Мерген Джеваков бакаст горæт Дзæуджыхъæуы муниципалон арæзты сæргълæууæг Икъаты Русланбегы арфæйы фыстæг: «Стыр æхсызгонæй  арфæ  кæнын педагогон коллективæн, афтæ ма скъолайы ахуыргæ-нинæгтæн, кæцы нырæй фæстæмæ сæрыстырæй хæсдзæн Ирыстоны легендарон фырт, зынгæ æфсæддон хистæр, армийы  инæлар Плиты Александры фырт Иссæйы ном. Æфсæддон кады горæт Дзæуджыхъæуы æппæт цæрджыты номæй бузныг зæгъын ацы нысаниуæгджын цаумæ йæ хайбавæрд чи бахаста, уыдонæн. Символикон у уый дæр, æмæ ацы аз мах Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Стыр уæлахиз кæй нысан кæнæм. Фæлæ цал фæнды азы ма рацæуа,  уæддæр мах хæсджын стæм нæ бæстæты хъайтарон ивгъуыд бахъахъхъæнын, Дыккаг дунеон хæсты иумиаг уæлахизы тыххæй чи тох кодта, уыдоны нæмттæ сæнусон кæнын. Абон уе скъола райста сæрмагонд статус. Сымахмæ æрхаудта æрмæст стыр кад нæ, фæлæ ма стыр бæрндзинад дæр. Советон Цæди-сы дыууæ хатты хъайтар æмæ Монголты Адæмон Республикæйы хъайтары ном хæссын уæ хæсджын кæны бирæмæ: цæрын, кусын, номдзыд командæгæнæджы аккаг царды фæндаджы тыххæй ахуыр кæнын». 2017 азы «Дорогой славы – от Америки до Азии»-йы проектмæ гæсгæ Монголийы байгом æрцыд Плиты Иссæйы цырт, кæцы 1930 азты командировкæйы æрвыст æцыд Улан-Батормæ æмæ службæ кодта æфсæддон ахуыргæнæндоны штабы уынаффæгæнæг æмæ инструкторæй.

Афтæ ма ацы скъолайы йæ куыст райдыдта уырыссаг æвзаджы центр. Байгом æй кодта Россотрудничествойы минæварад. Церемони баст уыд æфсæдты советон-монгойлаг къордыл легендарон командæгæнæг Плиты Иссæйы ном ахуырадон уагдонæн лæвæрд кæй æрцыд, уыимæ. Скъолайы ахуыр кæны иу мин æмæ дыууæ сæдæ ахуырдзауæй фылдæр. Улан-Баторы уырыссаг æвзаджы центры директор Амгалан Базар-хандаев арфæ ракодта монгойлаг æмбæстæгтæн номдзыд Плиты Иссæйы сгуыхтдзинæдты æмæ йын йæ бæхджын-механизацигонд къорды тыххæй историон мысынад кæй хъахъхъæнынц, уый тыххæй, кæцытæ цæрæнбонтæм бацыдысты уæрæсейаг-монгойлаг æфсымæрон ахастыты историмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.