Ахуыргæнинагæн йæ царды иууыл зæрдылдаринагдæр бон свæййы 1-æм сентябрь, ахуыры азы фыццаг бон. Æмæ канд ахуыргæнинæгтæн нæ, фæлæ ахуыргæнджытæн, ныййарджытæн дæр стыр циндзинад æрхæссы уыцы бон. Уæлдай циндзинад æрхæссы, фыццаг хатт скъолайы къæсæрæй чи бахизы, уыцы чысыл сабитæн . Алы адæймаг дæр йæ зæрдыл бадары, фыццаг къласмæ куыд бацæуы, уый, афтæ йæ фыццаг ахуыргæнæджы дæр.

Стыр нысаниуæг ис райдиан кълæсты ахуыргæнæгæн. Уый ахуыргæнинагæн куыд бауарзын кæна чиныг, афтæ фæцайдагъ уыдзæн ахуырыл. Скъоламæ бацæуынæй фæстæмæ сывæллонæн чиныг свæййы йе `ввахсдæр æмдзугæнæг, йæ хæлар. Хъомылад æмæ ахуыры хъуыддаджы чиныгæн цы стыр нысаниуæг ис, ууыл бирæ дзырдтой æмæ дзурынц, дунейы раззагдæр адæймæгтæ. Саразын хъæуы афтæ, цæмæй ахуыргæнинаг йæ хæдзарон хæслæвæрдтæ сæххæст кæнын æмæ баулæфыны фæстæ йæ къухы дара чиныг. Аразын хъæуы афтæ, цæмæй ахуыргæнинагæн фаг рæстæг баззайа йæхи аирхæфсынæн дæр. Фæлæ скъоламæ бацæуынæй фæстæмæ уый хъуамæ фæцайдагъ уа ахæм хъуыдыйыл, абон аразын цы хъæуы, уый райсоммæ ма аргъæв. Цæмæй йæ ахуыры фæндагыл рæвдзæй цæуа, уый тыххæй стыр хæс ис куыд ахуыргæнджытыл, афтæ ныййарджытæн сæхиуыл дæр. Ныййарджытæ кæстæр фæлтæры раз хъуамæ æнкъарой бæрндзинад сæ ахуыры æмæ хъомылады хъуыддаджы. Цæмæй сæ цард размæ цæуа, ууыл хъуамæ тыхса алы ныййарæг дæр.

Сывæллоны цур бинонты ныхæстæн хъуамæ уа хъуыддагон нысаниуæг, дзæгъæлы, æнæпайда дзырд хорзæй ницы дæтты хъомылады хъуыддагæн. Ныййарджыты кæрæдзимæ ахаст дæр хъуамæ уа фæткыл. Æнæхъуаджы хылтæ, кæрæдзимæ дзæгъæлы дзырдтæ, искæй æвзæры кой ракæнын æвзæрырдæм зыны хъомылады хъуыддагыл.

Куыд скъола, афтæ ныййарджытæ дæр хъумæ сæ хъус дарой, ахуыргæнинаг сæрмагондæй, хихъæппæрисæй цахæм чингуытæ кæсы, уымæ, æмæ йын амоной, цахæм чингуытæ хуыздæр уыдзысты, ацы кары скъоладзаутæн. Уыцы хæстæ æххæст кæнын та ныййарджыты къухты бафтдзæнис, уыдонæн скъолаимæ, педагогон коллективимæ фидар бастдзинад куы уа, æрмæстдæр, уæд. Скъола та хæсджын у, цæмæй ныййарджытимæ куса æдзух, хона сæ скъоламæ, уроктæм, æмбырдтæм. Хицæн ахуыргæнинæгты ахуыр æмæ дисциплинæйыл дзургæйæ, аразын хъæуы афтæ, цæмæй æргом цæуой уыдонæн сæ хорздзинæдтæ. Нæ хъæуы ахуыргæнинаджы хиуарзондзинад дæлæмæ кæнын, уымæй куыд ахуыры, афтæ хъомылады хъуыддаджы дæр нæ рамбулдзæн нæдæр скъола æмæ нæдæр ныййарæг.  Уыцы фарстытæ хуыздæр аскъуыддзаг кæныны тыххæй рацаразын хъæуы скъолаты куыст ныййарджытимæ.  Уыдæттæн та стыр ахъаз уыдзæн ныййарджыты комитеты куыст.

Стыр бузныг зæгъын æмбæлы æппæт ахуыргæнджытæн дæр, кæцытæ кæнынц уæззау æмæ бæрнон куыст. Зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ, уыдонæн фæразгæйæ, сæ къух нæ исынц цы дæсныйад равзæрстой ууыл æмæ цæсгомджынæй æххæст кæнынц сæ зын, бæрнон куыст æмæ æппæт дæр аразынц, цæмæй рæзгæ фæсивæд фæстейæ ма баззайой æндæр бæстæты фæсивæдæй. Æмæ уый бирæбæрцæй æфты ахуыргæнджыты къухты.

Бирæ арфæтæ райсынц ацы бон ахуыргæнинæгтæ. Цæмæй ахуыр кæной сабыр арвы бын, сæ ахуыргæнджыты æмæ ныййарджыты фæндиаг уой. Абон куыд райдзаст у сæ цард, афтæ рæсугъд æмæ амондджын уа сæ дарддæры цард дæр. Ноджыдæр ма йæ зæгъæм, цæмæй ахуыргæнинаг йæ ахуыры фæндагыл рæвдзæй цæуа, уый тыххæй стыр хæс ис куыд ахуыргæнæгыл, афтæ ныййарджытæ дæр хъуамæ æнкъарой бæрндзинад кæстæр фæлтæры раз сæ ахуыры æмæ хъомылады хъуыддаджы. Уымæн æмæ мах хъæуы, ныры дуджы домæнтæн аккаг чи уа, ахæм фæлтæр схъомыл кæнын.

       БЕСТАУТЫ Валя       

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.