РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æххæсткæнынадон хицауиуæгады æппæт æмвæзадты чиновниктæн бахæс кодта, цæмæй регулярон æгъдауæй уадзой цæугæ рабадтытæ æмæ скъуыддзаг кæной районты цæрджыты проблемæтæ, цы федтой æмæ бынæттон цæрджытæй цы фехъуыстой, уыдоныл бындуриуæг кæнгæйæ.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик уыдис Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы æмæ бынаты фембæлд йæ цæрджытимæ. Йемæ ма уыдысты Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги, Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Плиты Алан, сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Бекъойты Геннади æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

«Ивгъуыд фембæлды цы куырдиæттыл дзырд цыд, уыдоныл Хицауад кусы. Абон махæн фадат ис радзурæм проблемæты тыххæй профилон ведомствоты къухдариуæггæнджытæн», – загъта Пухаты Эрик цæрджытимæ ныхас кæнгæйæ.

Хъæуы цæрджытæм бирæ фарстытæ уыд Тотчиты Георгимæ. Уыдон хъаст кодтой, бынæттон медпункт куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ кусы, кæй сæм нæй дохтыр, медицинон инвентарь кæй нæ фаг кæны, рынчыны тагъдыл рынчындонмæ фæхæццæ кæныны фадат кæй нæй, тагъд æххуысы машинæ сын кæй нæй, уымæ гæсгæ, афтæ ма медикаменттæй дæр фаг ифтонг кæй нæ цæуынц.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр федта медпункты бæстыхайы, ныхас кодта медперсонал æмæ цæрджытимæ дæр.

«Æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы проблемæтæн, куыд ацы хъæуы, афтæ ис системон характер æмæ скъуыддзаг дæр хъуамæ цæуой комплексонæй.

Æз мæхæдæг бабæрæг кæндзынæн хосты æмæ техникон ифтонгад, аскъуыддзаг кæндзыстæм дохтыры фарст, афтæ ма тагъд æххуысы ма-шинæйы фарст дæр. Медпунктыл дзырд куы цæуа, уæд уый бахъæудзæн æндæр ранмæ ахæссын, уы-мæн æмæ бæстыхай дзуапп нæ дæт-ты нормативон домæнтæн», – банысан кодта министр.

Цхинвалмæ хъæуæн фаг регулярон транспортон бастдзинад кæй нæй, уый дæр у сæйрагдæр проблемæтæй сæ иу. Ныртæккæ ардæм автобус къуыри цæуы дыууæ хатты – дыццæг æмæ майрæмбоны, фæлæ уый у цъус, йæ цæрджытæ 318 кæмæн сты, уыцы хъæуæн.

Бекъойты Геннади ныфс бавæрдта автобусы рейстæ фæфылдæр кæныны фадатмæ æркæсын.

Хъæуы цæрджытæ рахъаст кодтой, дон сын кæй нæ фаг кæны, уæлдайдæр та хус рæстæджы, горæтмæ цæуæг фæндаг кæй нæ бæззы, уыдæтты тыххæй.

Фæндаджы тыххæй цæрджытæн фехъусын чындæуыд, Хицауад йе схæрзарæзт кæнын кæй план кæны фидæны Инвестпрограммæмæ ба-хæссын.

Хъæуæн зындзинæдтæ ис донифтонгады дæр. Ивгъуыд азы хъæумæ арæзт æрцыд ног донуадзæн хахх, фæлæ сæрды рæстæджы йæ дон нал фæфаг кæны. Бавдыстæуыд цалдæр варианты ноджы иу донуадзæн хахх саразыны тыххæй. Цхинвалы райадминистрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр Хъотайты Барис куыд радзырдта, афтæмæй районы арæзт цæуы ног дренажон системæ, афтæ ма дондихгæнæн хы-зæг, кæцыйы фæрцы гæнæн ис фæхуыздæргæнæн донифтонгадæн.

Хъæуы цæрджытæ ма бахатыдысты телеалæвæрдты уавæрмæ æркæсыны тыххæй. Уыдонæн фадат нæй бынæттон телеуынынадмæ кæсынæн.

Цæрджыты æппæт куырдиæттæ дæр хъусдардмæ ист æрцыдысты, цæмæй сæ фæдыл мадзæлттæ ист æрцæуа.

РХИ-йы Хицауады официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.