Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад дарддæр дæр алыгъуызон хорзæхтæй хорзæхджын кæны уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты, кæцытæ Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы равдыстой фидардзинад æмæ æхсардзинад. Хæстон ныхмæлæуды рæстæджы секундтæм раргом вæййынц уæрæсейаг хæстонты миниуджытæ, кæцытæ æххæст кæнынц уæрæсейаг легендарон полчы раздзог æмæ æфсæддон теоретик Александр Суворовы девиз –  «Сам погибай, а товарища выручай», – зæгъгæ. Ахæм хъæбатыр хæстонæй йæхи равдыста Персаты Михаил дæр.

Хистæр сержант Персайы фырт уæрæсейаг десантонты къорды сконды сæххæст кодта хæслæвæрд уæрæсейаг æфсæдты батальонон-тактикон къорды колоннæйы змæлды маршруты æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй. Автомобилон фæндаджы иу бынаты къорд сбæрæг кодта украинæйаг националистты диверсион тыхты, кæцытæ сæхи цæттæ кодтой уæрæсейаг колоннæйы раз бабадынмæ. Уæрæсейаг десантонтæ аскъуыддзаг кодтой ныхмæлæууæг тыхтимæ стох кæнын, уыдон бирæ фылдæр кæй уыдысты, уымæ æнæкæсгæйæ. Персаты Михаил, æхсты æдасдæр позици бацахсгæйæ, комкоммæ æхстæй скуынæг кодта ныхмæлæууæджы снайперы, кæцы йæхицæн сифтонг кодта æхсты æхгæд позици. Афтæ ма скуынæг кодта ныхмæлæууæджы къордæй дыууæ националисты дæр. Тохы рæстæджы хистæр сержантыл сæмбæлд знаджы нæмыг, фæлæ уый йæ позици нæ ныууагъта æмæ дарддæр æхста знæгты, афтæмæй йæ хæстон æмбæлтты цард бахъахъхъæнгæйæ. Персаты Михаилы арæхстджын архайдтыты, афтæ ма йæ уæндондзинад æмæ удуæлдайдзинады фæрцы знæгтыл æрцыд бæрæг зиæнттæ æмæ афтæмæй лыгъдысты тохы быдырæй, рæмудзæн æрмæг æмæ хæцæнгарз ныууадзгæйæ, кæцы фадат радта уæрæсейаг колоннæйæн оперативонæй æмæ æнæ уды зиæнттæй маршруты бахæсгонд фадыгыл ацæуынæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.