Кæддæр Ленинграды паддзахадон университеты журфакы куы ахуыр кодтон, уæд нæ семинары разамонæг профессор Булацаты Хазби (дзæнæты бадæд!) афтæ фæдзæхста: «Искæй сфæлдыстад дæхи æрмдзæфы хуызæн куы нæ ’нкъарай, уæд дын уымæн аргъ кæныны бар нæй!» Мæнæн ма ахуыргæнæгæй уæлдай ме ‘мзæххон дæр кæй уыд, уымæ гæсгæ мæм йæ ныстуан ныхас иннæ студенттæй тынгдæр бахъардта. Æмæ ног чиныг кæнæ къухфыст мæхимæ куы æрбаввахс кæнын, уæд уайтагъд мæ зæрдыл æрбалæууынц йæ ныхæстæ. Æмæ та мæ кæйдæр сагъæстæ иннæрдæм ахизынц. Хæрзæрæджы мæ ахæм сагъæстыл бафтыдта Хъазиты Мелитоны уæды чиныг «ЦАТЫР». Мæ размæ дæр ыл ныхасгæнджытæ уыд, бирæ хорз ныхæстæ загъд æрцыд бацамынд æмбырдгондыл. Фæлæ мæ æрдзурын фæнды, рохуаты сæ цы хъуыддæгтæ аззад, уыдон фæдыл. Æмæ, æвæццæгæн, уым уа диссагæй ницы ис. Суанг стыр иртасæн чиныджы рацыды фæстæ дæр цыдæр æнæлыггонд фарстытæ баззайы. Стæй ме ‘рмæджы фæзынды фæстæ дæр, мæнæн æнæзагъд чи баззайа, уæд уыдоныл дæр дзурджытæ фæзындзæн. Æмæ уым æвзæрæй ницы ис. Хорз чиныг алкæй дæр хоны сагъæс кæнынмæ.

Зындгонд ирон фыссæг РОКСАЛАН (Хъазиты Мелитон) йæ поэтикон уацмысты чиныг «Цатыр»-мæ бахаста, дæсгай азты хуыздæрæй цы ныффыста, уыцы æмдзæвгæтæ, кадджытæ, вариацитæ (Къостайы уацмыстæн), диптихтæ, триптихтæ, драмон аргъæуттæ æмæ драмон кадджытæ (æмдзæвгæтæй фыст) æмæ æндæртæ. Иууылдæр сæхимæ здахынц чиныгкæсæджы хъусдард. Сæ дзæвгар хай уымæй размæ дæр мыхуыргонд уыдысты Ирыстоны алыхуызон мыхуыры дзыллон фæрæзты, фæлæ сæ ныр автор бæрæг уагæвæрдыл куы равæрдта æмæ сæ иу цъары бын куы рауагъта, уæд сæ хуыз скалдтой æмæ цæсты ахадын райдыдтой бирæ хуыздæр. Кæд раздæр дурты хицæн рæдзæгъдты хуызæн уыдысты, уæд ныр, цыма сæ нымæтын ехсæй исчи æрцавта, уыйау дзы гæнахы къулты хуызæн алчи дæр йæ бынат рæсугъдæй ссардта. Поэты гæнах рауадис бирæуæладзыгон агъуыст.

Дыууадæстæнон фæндыры хуызæн аив зарæг райхъуысти алы уæладзыгæй дæр. Уыимæ Мелитоны сфæлдыстадон гæнах ахæм цæстуынгæ егъау разынд æмæ йæ бæрзондæй чиныгкæсæгмæ ирдæй разындысты канд Чъреба, Чысангом, хæхты сæрмæ — хур нæ, фæлæ, «рæстаг лæгæн фæцæрæн» æнæ кæй нæй, ахæм бæстæ. Нæ арф кæмтты «Айзæлд», «Уæззау дуджы хъынцымтæ», уарзæтты сусæг «сыбар-сыбур», уæлмонц уды «Стъæлфæнтæ», «Сæууон æртæхты» сатæг, Къостайы уацмысты «вариацитæ», фыдæлты «кадджытæ», адæмон «аргъæутты» куырыхон хъæлæс. Фæлæ уыцы дыууадæсуæладзыгон гæнах дæр автормæ фаг нæ фæкаст æмæ йын йæ сæрыл байтыгъта йæ «ЦАТЫР».

Ивгъуыд æмæ абоны æмиуадæй ратæдзы, зæрдæйы уидæгтæ чи агайы, ахæм хæрзхъæд æмæ хæрзæгъдауджын поэзийы суадон. Хъазийы-фырт, куыд ирон поэт, афтæ фыссы цард æмæ мæлæт, уарзт æмæ фидæн, æрдз æмæ адæмыл. Йæ уарзондæр темæ та у — адæймаджы миддуне, йæ удгоймагон иунæгдзинад. Стихамайæг æнæрлæугæйæ сагъæс кæны, цæмæй сбæрæг кæна, царды цы нæма бавзæрста, уый. Мелитон йæхирдыгонау æнкъары, æрдзы уæлцъар цыдæриддæр змæлы, уыдон. Алкæй тыххæй дæр æм ис йæхи хъуыдытæ, йæхи бæрæггæнæнтæ, йæхи хатдзæгтæ. Уыимæ, цыдæриддæр фыссы Хъазийы-фырт, уымæн ис йæхи æвзаг, йæхи ныхасыздæхт æмæ йæхи фæлгонцад.

Ранæй-рæтты йе ‘мдзæвгæтæн ис вазыгджын мидисамад, æмæ сын, æвиппайды, бамбарæн нæ вæййы. Уыдонæн нæй хиæмбарынады уылæн схонæн, нæй сын сæндтимæ сбарæн дæр. Уымæн æмæ сæ лирикæйы сатæг хус кæнын нæ уадзынц. Уыдон, сагъæс æмæ хъынцъымау, æмбæрстгонд цæуынц цадæггай. Авторы фæстæ чиныгкæсæг дæр уырзæй сгары йæ алыварс дуне æмæ дзы агуры йæхи бынат. Æмæ поэты зæгъинæгты тигъæй куы æрбакæсы, уæд дисæй амæлы, нырмæ сыл уымæн йæ цæст куыд никуы æрхæцыд, ууыл. Уыцы иурæстæджы, авторы бирæ хъуыдытæн ис зæххон удысконд — «цатыры кæттагыл» бирæ ис хъæуты æмæ горæтты æмæ адæймæгты нæмттæ. Суанг абстрактон æмбарынадтæ (уарзт, амонд, рæсугъддзинад) авторæн сты бæрæг-бæлвырд ныхæстæ. Уæдæ, адæмон ныхас бæрзонд литературон æвзагимæ куыд æрдзон хуызы баиу кæны Мелитон, уый дæр у хицæн хатдзæгты æрмæг. Поэт уæндонæй йæ рæнхъæвæрды архайы иллюзитæ æмæ аллитерацитимæ. Уыимæ йæхи тыхлæмæрст нæ кæны, фæлæ хъавгæ, арæхстгай нывæнды рæнхъæвæрды фæлдзусад æрмдзæф. Ацы мадзалæй Хъазийы-фырт уæлдай арæх пайда кæны уарзты темæйыл фыст æмдзæвгæтæ æмæ кадджыты. Ам Мелитоны уацмысты ис цыдæр æнахуыр азæлды æхсызгондзинад дæр. Поэт йæ фыстыхъæды пайда кæны комкоммæ ныхасыуагæй, хъуыды кæны куырыхон лæджы уагæвæрдтæй.

Автор — лирикон хъайтар алцы дæр аразы æххæст зæрдæйыуаг æмæ æххæст хъомысæй: хъаст дæр, цин дæр, маст дæр… Уый хæстæг лæууы йæ чиныгкæсджыты зæрдæты ахастмæ æмæ йын йæ хъайтартыл уымæн узæлынц. Стихамайæгæн йæ уацмыстæ лæмбынæг æмæ цымыдисæй каст куы цæуой, уæд æй аивады бардуагæй стырдæр амонд нæ хъæуы. Хъазийы-фырт ирон поэзийы йæ бынат абон æмæ знон не ‘рцахста. Фæлæ уыцы бынат æнусон нæу: æрвылбоны удвæллой йæм куы нæ хæссай, уæд дыл йæхи атигъ кæндзæн. Æмæ фæлтæрдджын автор поэзийы раз йæ хæс хорз æмбары æмæ та уæхскуæзæй бавналы фæлдисынмæ. Раджы баззадысты азфысты тæрхæджытыл йæ раздæры æнæбон фæлтæрæнтæ. Абон йе сфæлдыстадон тыгъдады быцæу ныхас кæнынц поэтикон уынынады цæстæнгас æмæ царды прозæ. Ахæм зæрдæйы уавæрыл басæттынц йæ чиныгкæсджытæ дæр. Уыцы цымыдисы фæрцы зынгæ фæуæрæхдæр сты йæ аивадон æрмдзæфы авналæнтæ. Æмæ, сæрдыгон бонау, сбæрæг йæ поэзи цардхъомыс адæмы зæрдæйæ кæй исы, уый. Уыимæ монон æфсисад исы иу нæ, фæлæ цалдæр «тугдадзинæй». Уый фæрцы йæ уæлмонц удыхъæд æнæрлæугæ ис архайды, æмæ йын уыцы змæлд ногæй-ногдæр кæны йæ «монон туджы» цыд. Уым дæр мах æмбæлæм æмуæзады уагæвæрдыл.

Лæмбынæг цы аивадон ратæдзæнтыл æрныхас кодтам, уыдонæй дзырдаивады дæсны куы фæиппæрд вæййы, уæд ивгъуыды æвæрæнты (хæзнаты — нæ!) йæ тъæпп фæцæуы. Суанг йæ курдиаты къуыбылой дæр куырмæлхынцъытæ ныввæййы æмæ æрдзон хуызы халын нал фæкомы. Уыцы раууаты уавæр нын нæ зæрдыл æрлæууын кæны медицинон термин «тромб», ома афоныл раст чи нæ ’рцæуа, уый тонгæ кæны! Дзырдаивады тыгъдад йемæ хæссы бирæ сусæг фæзилæнтæ æрцу æмæ ма ’рцуйы фæндæгтыл. Гæнæн ис æмæ Мелитон йæ егъаудæр поэтикон чиныгæн уый тыххæй радта ахæм ном — «ЦАТЫР». Цыма нын афтæ зæгъынмæ хъавыд: кæд цæттæ стут уыцы «сусæгтæ» æргом кæнынмæ, уæд — уæ хъару æмæ уæхæдæг! Цæй-ма æмæ Хъазийы-фырты чиныгмæ ахæм цæстæнгасæй къухы бынæй акæсæм. «Автор йæ чиныгмæ бахаста, поэзийы жанры цы сарæзта, уыдон зынгæ хай (бахахх æй кодтон æз — Х. Б.) — æмдзæвгæтæ, кадджытæ, аргъæуттæ. Фæлæ сæ кæрæдзийыл бæтты иу хъуыддаг — рæстаг адæймагмæ, йæ райгуырæн къуым, йæ Фыдыбæстæм йе стыр уарзт», — афтæ фæнысан кодта чиныджы аннотацийы йæ редактор Безаты Фаризæ. Æмткæй сразы уæвæн ис йемæ, фæлæ нæ хæсыл нымайæм «бацамынд хъуыды» райхалын. Æмæ фыццаг бакастæй дæр нæ размæ байгом вæййы поэты сфæлдыстадон тыгъдады æнæхъæн фæлтæр: «Цатыр»-мæ хаст уацмыстæн сæ рагондæр — æнæном уацмыс «Шейк» — фыст æрцыдис 1965 азы Джиуæргуыбайы мæйы 2 бон, тæккæ нырыккондæр — «Сах къæвда» та 2011 азы Æртхъирæны мæйы 25 бон. 43 азы — дыууиссæдз боны не сты, фæлæ Мелитоны сфæлдыстадон царды азфысты фылдæр хай, абоны æнтыстмæ йæ чи æркодта, уыцы фæстиуæг.

Æвзæрст æмдзæвгæты æмбырдгонд байгом вæййы, автор йæ ныстуан ныхасы уаг кæм раргом кодта, ахæм поэтикон уацмысты æнæхъæн циклæй. Æдæппæтæй йæм хаст æрцыдис 14 æмдзæвгæйы («Мæ чиныг», «Фыссæг», «Сæрибар», «Ир», «Ирон зæрдæ», «Æрбацæут мæ куывдмæ», «Æмæ табу», «Æвдадзы хос», «Сæрыстыр», «Дур», Сæурайсом«, «Тыххъазт», «Æфсæрмы тас», «Уæлдзæнæт»). Мелитон сæ ранывæста йæ миддунейы манифест. Æцæг, ахæм формулæ кæнæ метафорæ, суанг æнæхъæн чиныджы дæр æппындæр ницы æндавы, йæ мидисамады мидбастдзинад, нысанмæвæрд æмæ дзы хæсты бæрн куы нæ уа, уæд. Поэты сфæлдыстадимæ зонгæ чи у, уыдон æнæбафиппайгæ нæ фæвæййынц, йæ астæумагъз ирд, ныхмæвæрд хъуыдытæй арæзт кæй у, уый. Æз ма йæм мæхицæй бафтауинаг дæн иу бæрæггæнæн — нуарджын æмæ сурæтджын поэзи. Æмæ йæ уацмысты уагæвæрд цыфæнды уæрдæхыздыхт куы вæййы, уæддæр дзы ирдæй æмæ уырнинагæй разынынц: арф хъуыды, æмбæрст æнкъарæн æмæ публицистон комулæфты зæлтæ. Ранымад æууæлтæ бæлвырд, æргом æмæ æххæстæй бацыдысты йæ ныстуан æмдзæвгæты мидисмæ дæр. Цард быцæу рахæцæнтæй арæзт куыд у, афтæ нывæст у Мелитоны поэзи дæр. Цард æмæ поэзийы æмиуады фæрцы фæлтæрд поэт тырны чиныгкæсджыты хъусдард йе сфæлдыстадмæ раздахынмæ. Ахæм архайды фæстæ йæ ахорæнтæ фæирддæр вæййынц, йæ хъæлæсыуаг райсы бæрзонд зæлтæ, фæзыны йæм цыдæр æнахуыр мырты хъазт дæр.

Ахæм хатдзæгтæм адæймаг æрцæуы дыккаг хайы фæстæ дæр. Ацы ран та автор раргом кодта йæ уарзт Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт Чъребамæ. Кæд бирæ æфхæрдтытæ баййæфта цытджын горæт, уæддæр та-иу ногæй райгуырд йæ цæрджыты цинæн. Уыцы хъайтар æмæ сæрыстыр цæрджытæй иу — поэт йæхæдæг. Æмæ йæ поэзийы горæт-хъайтары сурæт ма сарæзтаид, уымæн уæвæн нæ уыдис. «Чъребайы» циклмæ æдæппæтæй автор бахаста 12 æмдзæвгæйы («Чъреба», «Чъребайаг сæурайсом», «Чъребайаг экспромт», «Мæсты зард», «Фыдбоны уарзт», «Фæссахар», «Кæд дæ нæ уырны», «Чъребайаг лæппуйы зарæг», «Хæстон Чъребайы», «Мобилон телефон ахуыссын кæнын ’мæ…», «Хъайтар сахар», «Фæсхæст»). Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ номарæн æмдзæвгæты (суанг, уарзон чызгæн фыст чи æрцæуы, уыдоны дæр), æнæмæнгæй, фæзыны публицистикæйы комулæфт æмæ сæ уый «стæхынмæ» фæхъыгдары. Фæлæ, Мелитон йæ уарзон сахары уæззау хъысмæты тыххæй цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдонæй мæ бон зæгъын у: алцыдæр дзы ис йæ бынаты. Раст, цыма иу комулæфтыл фыст æрцыдысты, уый хуызæн уайтагъд адæймаджы хъусдард сæхимæ раздахынц. Æз сæ, иу адæймагæй, суанг йæ программон æмдзæвгæтыл дæр банымаин, уыйыбæрц æнкъарæнтæ дзы райсы лæмбынæг чиныгкæсæг.

Чъребайы цикл куыд равдыста, уымæ гæсгæ фыдызæхх у уæвынады астæуккаг цæджындз. Уыцы цæджындз дыууæ хæсты рæстæджы калын нæ бакуымдта, уымæн æмæ йæ алыварс лæууыдысты ирон хъайтар лæппутæ — Мелитоны эпикон сурæттæ. Æмдзæвгæтæ сæйраг сахары кадæн автор фыссын райдыдта 1991 азы фæугæ та фæкодта — 2011 азы. Уыцы ссæдз азы бацыдысты дыууæ хæсты (1991, 2008) æмæ дыууæ æрдæг хæсты (1996, 2004). Æмæ дзы алыран дæр æрцыд тугкалд. Поэтæн йæ фырт дæр уыдис Чъребайы, Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытимæ. Стихамайæг иуырдыгæй йæ хъæбулæй сæрыстыр уыдис, иннæмæй йæ иунæг лæппуйы тыххæй тыхсгæйæ йæ уд сусæгæй дзынæзта, куыдта нæлгоймаджы цæссыгтæй. Фыдлæг æмæ, дам, фыдрæстæг бирæ нæ хæссынц, — зæгъы нын ирон æмбисонд. Йæ цæфтæ дзæбæх кæнын райдыдта Чъреба дæр, фæлæ зæрдæ нынкъуысы йæ хъæдгæмттæм, йæ пырхытæм кæсгæйæ, «зæххы цъар сыстыгътой бомбæтæ!» Уæлахизы фæстæ поэты зæрдæйы цы æнкъарæнтæ райгуырд, уыдонæй ранывæста циклы хуыздæр æмдзæвгæтæй иу — «Фæсхæст». Поэтикон уацмысы мидисамад дыууæ дихы аци: уæвынады кæрæттæ фæйнæрдæм фæцыдысты; иуырдыгæй æрлæууыдысты «хомхортæ», «куыйдзыхтæ», иннæрдыгæй — «не ’дзард æфсымæртæ». Бомбæты схъистæй æрдæгпырх уынг, фæсхæст кæй федта, уыцы чысыл чызджы худтæй рафтыдта дидинæг.

Æртыккаг хай «Чысангом»-мæ хаст æрцыдис 21 æмдзæвгæйы. Автор сæ адарддæр кодта йæ патриотон лирикæйы темæ. Циклы фыццаг æмдзæвгæ (триптих) «Чысангомы» фæлгъауы комы разагъды лæгты (бæгъатыр Антъон, номдзыд Уасо, нæртон Хацырон) кад æмæ радыл. Стæй куыд! Ам «зæхкусæг арм — ардуаны бæсты, фарнимæ сты æмцæдис». Бестауты Гиуæргийы æмæ Джыккайты Шамилы номарæнты мидæг поэты хъæлæс адæймаджы зæрдæйы иннæрдæм хизы. Сæ дыууæ дæр, алы рæстæджыты, сæ цард нывондæн æрхастой Иры кад æмæ намысы сæрвæлтау. Фæлæ дзы алы æмдзæвгæйы дæр лыггонд цæуы хицæн фарст, иуы дзы автор сагъæс кæны поэты æдзард хъысмæтыл, иннæйы — йе ’мсис æфсымæры æвирхъау мæлæтыл. Уæззау æмæ зæрдæскъуынæн рæнхъытæ Гиуæргийы хъысмæтыл фæвæййынц ныфсæвæрæн хатдзæгæй: «…мæлынц дæм хæлæгæй мæрдтæм дæр». Шамилы номарæн «хуыздæр бон нæ уыдис мæныл дæр»-ы автор сныв кодта царды ныхмæвæрд хъуыдыты алдымбыд. Уым алы ныхас дæр ис йæ бынаты. Ахæм рæнхъæвæрд иууыл зындæр хæссæн у поэзийы мидæг: æмбæлæм дзы канд арф психологон агурæнтыл æмæ бирæвæрсыгадыл нæ, фæлæ мидбастдзинæдты хъæздыгдзинадыл. Уыдон, айдæнау, æвæрд сты уд, æрдз æмæ вазыгджын адæймагон ахастдзинæдты раз. Æмæ мæ уырны, авторæн-ма уыцы аивадон агурæнты ноджыдæр кæй бантысдзæн зынгæ уацмыстæ сфæлдисын, уый.

Цыппæрæм хай «Хæхты сæрмæ — хур»-мæ автор бахаста 25 уацмысы, уыдонæй 7 бацыдысты абхазаг циклмæ («Сис тырыса бæрзонд», «Абхазаг фынг», «Даур Зантарияйæн», «Хур фæлмæцыд сырх къамбецау», «Ам ды кæм никуы-ма уыдтæ дæ фыны дæр…», «Рица»). Ранымад уацмысты мидæг ирон поэт райхæлдта æфсымæрон æнкъарæнтæ нæ сыхаг адæмтæй иумæ. Абхазаг цикл у хæдхуызон лирикон боныджы хуызæн. Апсныйы бæстæн дæр Хуссар Иры хуызæн ис уæззау хъысмæт, фæлæ Мелитон, цыма йæ абхазаг номæй бузныг у, уый хуызæн сæ равдыста рухс, цардбæллон æмæ хъомысджын адæмæй. Уый нырыккон поэзийы стæм фæзынд у, стихамайджытæ фылдæр зæрдæсæттæн сурæттæ сарæх кодтой нæ алыварс. Цыппæрæм хаймæ ма цы 18 æмдзæвгæйы хауынц, уыдоны дæр автор хæст у ахæм зондахастыл.

Æмæ уый раппæлинаг хъуыддаг у. Ис ахæм поэттæ æмæ цæрынц сæ адæмы цардæй, сæ зæххы фарнæй, иннæтæн та сæ тыхст — хъарм бынæттыл у. Адæмы зондахаст æмæ хъуыдæджы та баззайынц, дзыллæйы цардæй чи цæры, уыцы сфæлдыстадон удгоймæгтæ. Фыццаджыдæр, уый хауы, адæмы намысы къæбицмæ уæзгæ хуынтæ чи бахаста, уыдонмæ. Ныхас цы чиныгыл цæуы, уымæн йæ автор, ома, Хъазиты Мелитон хауы, нæ дзырдаивады арф фæд чи ныууагъта, ахæм нывгæнджытæм.

Чиныджы фæндзæм хай «Рæстаг лæгæн фæцæрæн нæй» дæр райдайы æмдзæвгæты циклæй. Хаст æм æрцыд дыууадæс æмдзæвгæйы. Йæ лейтмотивыл банымайæн ис «рæстаг лæджы» хæс, — куыд æмбæлы, афтæ фæцæрыны нысан. Царды мидæг ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, алы адæймаджы хъысмæт дæр рагацау бæлвырд вæййы. Зын у сбæлвырд кæнын ацы хъуыдыйæн йæ астæумагъз, йæ рæстдзинад, фæлæ суанг раст куы уа, уæддæр дæ фæндаг зонын иу фарст у, куыд ыл цæуын хъæуы, уый та — æндæр! Поэты рæстаг уд йæ зæххон царды фæндагыл цæуы, цæмæй фæлтæрддзинад ссара, уый тыххæй. Нысан у — хихуыздæр кæнæн балц æмæ Хуыцаумæ тырнынад. Поэты цард, фидарæй уырны авторы, йæ мæлæты фæстæ нæ фæвæййы, фæлæ йæ уацмысты ферохимæ: цалынмæ цæрынц уацмыстæ, уæдмæ цæры сæ ныффыссæг. «ЦАТЫР»-æн рухс чи фенын кодта, уыцы стихамайæджы фидарæй уырны, нæ алыварс дуне цас хуыздæр зонæм, уыйбæрц нæ уæвынады тар стъæлфытæ къаддæрæй-къаддæр кæй кæндзысты, уый.

Æхсæзæм хайы Мелитон схуыдта æнахуыр номæй «Чиныг — чиныджы». Фыццаг хай «Айзæлд»-ы автор байгом кодта къаннæг бацæуæнæй («Разныхасы бæсты»). Уым Хъазийы-фырт цыбырæй раргом кодта, уымæй цы зæгъынмæ хъавыд, уый: «Алы адæймагау, алы чиныгæн дæр йæхи хъысмæт ис. Сæ хъæбулты цардыл бафтауын куыд бирæ ныййарджытæн нæ бантысы, афтæ сæ чингуыты рухсмæ рацæугæ тынг бирæ фысджытæ нæ фенынц. Куырыхон Секъа мыхуырмæ цы фондз чиныджы бацæттæ кодта, уыдонæй фыссæджы удæгасæй рухс федта æрмæстдæр фыццаг — „Ирон фыййау“. Ахæм цæвиттонтæ ирон литературæйæ дæр, æндæр адæмты литературæтæй дæр дзæвгар ис æрхæссæн. Æмæ бынтон стæм хаттæй дарддæр иууылдæр баст вæййынц финансон фæрæзтыл. Уый свæййы рухсмæ сæ фæндагыл сæйраг ныхдур — фæрæзтæ нæй, уæд рухс дæр, фæндаг дæр нæй. Уыцы азарæй, мæ бирæ чингуытау, къорд азты сыгъд ме ’мдзæвгæты æмбырдгонд „Айзæлд“ дæр. Сарæзтон-иу æй. Цæттæ-иу уыд мыхуырмæ. Газеттæ æмæ-иу дзы журналты фæрстыл хицæн уацмыстæ фæзындысты. Типографы цалдæр хатты нымайгæ дæр бакодтой, цас хæрдзтæ йын бахъæудзæнис, æмæ та-иу ууыл ныллæууыд хъуыддаг. Ныр, цы ма дзы баззад, уый хæссын мæ чиныг „Цатыр“-мæ. Хуыцау æй чиныгкæсджытæм ацы хатт уæддæр фæкæнæд рæствæндаг».

Куыд бамбарæн ис поэты хъуыды? Фыццаг бакастæй афтæ зыны, цыма дзы куырмæлхынц хъуыды æвæрд ис. Фæлæ йæм лæмбынæгдæр нæ хъус куы æрдарæм, уæд цадæггай алцы дæр йæ бынаты сбады. Бындуронæй сфæлдыстадимæ баст чи у, уыдонæн ис дыууæ царды: иу — уæвынады тыгъдады, иннæ — сфæлдыстадон фæлварæнты уацары. Уæлтæмæнады уысм уæвынад иуварс ахизы æмæ размæ рацæуы сфæлдыстадон процессы уагæвæрд. Ома, сфæлдыстадон цард рахизы зæххон цардæй æмæ райдайы фæлдисыны рæстæг. Уæддæр бæрæг у иу хъуыддаг — йæ чиныг рухс нæ уыдта, джиппы рауадзыны фæрæзтæ йын кæй нæ лæвæрдта паддзахад, уый тыххæй. Мелитоны «Чиныг-чиныджы» фæлварæн у ног къахдзæф ирон мыхуыры æмæ йæ Хуыцау рæстмæ фæкæнæд. Автор æм цы 80 поэтикон уацмысы бахаста, уыдон иугонд цæуынц алыхуызон аивадон мадзæлтты фæрцы. Мидæмбырдгонды мæхи термин, Х. Б., ис æртæ хицæн циклы («Америкæ, ма ерры кæ», «Рагфыдæлты зæххыл», «Араббаг хъарæг»), номарæнты æнæхъæн рæгъ («Дзуццаты Хадзы-Муратæн», «Гафезæн», «Хаджеты Таймуразы», «Приднестрови», «Словени», «Араббаг хъарæг»). Æрмæст сæ нымадæй дæр бæрæг у, поэт ацы темæйы мидæг куыд уæрæх авнæлдта, уый. Зæгъæм, Хадзы-Муратыл цы номарæн ныффыста, уый у асинтæй арæзт стихамадæй нывæст, Дзуццайы-фырт йæхæдæг куыд фыста, раст афтæ. Номарæг ам дæр разынд оригиналон. Автор иннæ номарæнты дæр нæ ахызт ацы фæткæй æмæ уырнинагæй равдыста æнæхъæн адæмты риссаг сагъæстæ Европæйæ (Приднестрови, Словени), Хæстæг Хурыскæсæнмæ (Араббаг бæстæтæ). Поэты æрхъуыды сын сног кодта сæ хъæдгæмттæ æмæ сын ныфс бавæрдта, уæлахиз уыдоны кæй уыдзæн, уымæй.

Æвдæм хай «Дуджы æлхынцъытæ»-йы Мелитон рахуыдта «æмдзæвгæбыд». Иннæты хуызæн уый дæр райдыдта хицæн циклæй («Кæроны райдайæн»). Ис дзы авд æмдзæвгæйы («Тыххъазт», «Фыддуджы», «Коопдуканты», «Прокрусты сынтæгыл», «Дис», «Райдайæны кæрон»). Ам дæр та автор оригиналон разынд канд циклы мидисамады нæ, фæлæ формæйы мидæг дæр.

Æмткæй райсгæйæ, Хъазиты Мелитон чиныг «ЦАТЫР»-ы тыххæй скæнæн ис ахæм хатдзæгтæ. Фондз сæдæ сыфы цы чиныджы ис, уым немæ автор кæны æргом ныхас. Æмдзæвгæтæ, кадджытæ æмæ аргъæутты, иу цъары, иу цатыры бынмæ æрæмбырд кæнгæйæ, Хъазийы-фырт чиныгкæсæгæн æргом кæны йæ зæрдæйы рæбинагдæр сагъæстæ, хъынцъымтæ, бæллицтæ. Цавæр аргъ скæнæн ис стихамайæджы аивадон уынынадæн? Цавæр барæнтæй саргъ кæнæн ис, аивадон æрмæгæй куыд пайда кæны, уымæн? Цыфæнды нывгæнæджы æрмадзы дæр ис хъуыдыты суадон æмæ цалынмæ уым нæ бахсидынц, уæдмæ сæ адæмы тæрхонмæ нæ рахæссы. Цы ис ахæмæй Мелитоны хъуыдæджы? Комкоммæ куы дзурæм, уæд бафиппайын хъæуы, аивадон уацмысты хъысмæт уымæй аразгæ кæй у, ууыл. Мелитоны сфæлдыстадон мадзæлтты æхсæн, фыццаджыдæр, рахицæн кæнын хъæуы цалдæр аивадон фæрæзы: 1) фæлтæрддзинад; 2) æрмæджы арæнтæ; 3) темæйы равзæрст æмæ йæ нывæфтыд. Мелитоны лирикон, лиро-эпикон, эпикон хъайтартæн сæ сæйраг хъуыды баст у адæмы кад æмæ рад, æгъдау æмæ æфсармимæ. Уыимæ, хъауджыдæр нæу, цавæр æрмæгыл (стыр æмæ чысыл) фыст цæуы уацмыс, уый. Рецензигонд цы чиныг цæуы, уый авторæн сæйрагдæр уыдис æрмæг æвзарыны хъомыс. Цыбыр ныхасæй, ацы уацмысты æмбырдгонды Хъазийы-фырт нæ разы æрлæууыд иуырдыгæй лирикон, иннæрдыгæй — драмон нывгæнæгæй. Дыууæ сурæты хуызы дæр рахатæн ис дунеæмбарынады мидисамад.

ХОЗИТЫ Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.