Дыууадæс азы рацыд, Гуырдзыстоны къухдариуæгад 2008 азы 7-æм августы изæры фынæй горæты ныхмæ егъаумасштабон хæстон архайдтытæ куы райтынг кодта, уымæй. Уæд, уыцы æхсæв дæргъвæтин æхстыты фæстæ æрулæфыд горæт, цæмæй та райсом, хуры рухс тынтимæ, хъæлдзæгæй сæмбæла ног боныл…

Фæлæ æмбисæхсæвмæ æввахс ныннæрыд алыгъуызон уæззау æхсæнгæрзты хъæр æмæ райдыдта хæст. Тугцъир, æгъатыр, мæнгард знаг æрбабырста сабыр Ирыстонмæ. Уыдонæн сæ фæнд уыд нæ бæстæйæ «сыгъдæг быдыр» саразын. Гуырдзыстоны бирæнымæц æфсæддон техникæ æмæ æфсад лæгæрстой Хуссар Ирыстонмæ тугмондаг сырдтау. Хуссарирыстойнаг æфсæддон дæлхæйттæ, бархионтæ сæ разы æрæвæрдтой хæс æппæт амæлттæй дæр, знагæй Райгуырæн зæхх бахъахъхъæнын. Æнæмсæр тохы уыдон равдыстой хъæбатырдзинад æмæ патриотизм, цалынмæ сæм æххуысмæ Уæрæсейы æфсад нæ фæзындысты, уæдмæ.

Ацы бонты Хуссар Ирыстон, æппæт ирон адæм ногæй мысынц 2008 азы августы æрцæугæ цаутæ. Ирон адæмыл æрцæугæ трагеди, бирæнымæц адæймæгты мæлæт нырма дæр æнцойад нæ дæтты  нæ адæмæн.

«Сыгъд удты музейы» – ног монумент

2008 азы нæ горæты бирæ сабыр цæрæг æмбæстæгтæ лыгъдысты знаджы азарæй. Фæлæ знаджы  гæрзифтонг тыхтæ фæрсаг фæндагмæ кæй æрбаирвæзтысты, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæй бирæтæ фæмард сты знаджы нæмыгæй Тъбеты фæндагыл. Уыдон номыл Тъбеты хъæуы арæзт æрцыд «Сыгъд удты музей», кæцыйы экспонаттæ систы, гуырдзиаг бронетехникæйæ пырх æмæ сыгъд цы хæдтул-гæтæ æрцыдысты, уыдон.

«Сыгъд удты музей» арæзт у, уæды рæстæджы знаджы нæмыгæй чи лыгъд, уыцы æдзард лигъдæтты сыгъд хæд-тулгæтæй. Уыдон æмбæрзт сты æфсæддон быдырон хызæй. 7 августы изæры уыцы бынатмæ æрæмбырд сты не ‘мбæстæгтæ.

Хъахъхъæнынады министрады Цытджын хъарагъул Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы номæй ног арæзт монумент «Стоны искореженного сердца»-йы раз сæвæрдта венок. Монумент æвæрд æрцыд «Сыгъд удты музейы».

Мадзалы ма хайад райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, министрадтæ, уагдæтты къухдариуæггæнджытæ æмæ кусджытæ, æфсæддон служ-бæгæнджытæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Уыдон дæр дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрд-той фæмардуæвджыты нæмттæ мысынæн.

Уыцы бынаты чырыстон дзуары раз уагъд æрцыд Хуыцаумæ скуывд сæрæгæсты цардамонд æмæ фæмардуæвджыты удæнцойады тыххæй.

***

«Цырæгътæ дзыназынц адæмы бæсты» – ахæм акцийæ адарддæр сты мысæн мадзæлттæ нæ горæты сæйраг фæзуаты. Уым æвæрд æрцыдысты ирон адæмы радон геноциды амæт-тæгты 548 къамы. Нæ бæстæйы цæрджытæ Мысæн сисы цур сыгътой цырæгътæ, мысыдысты 1989 азæй 2008 азмæ бæстæйы сæрибардзинады сæрыл тохты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Фæзуатмæ æрбацыдысты бæстæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ æндæр официалон минæвæрттæ.

Сног та сты нæ хъæдгæмттæ, нæ риссæгтæ

Дунеон æмæхсæнад хъуамæ банымайа ирон адæмы ныхмæ геноциды факт

Фыдохы мадзалы рæстæджы Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фехъусын кодта – дунеон æмæхсæнад кæй хъуамæ банымайа Гуырдзыстоны рдыгæй ирон адæмы ныхмæ геноциды факт. Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны адæм нæ куры, фæлæ домы дунеон æмæхсæнадæй рæстдзинад æмæ 1989 азæй 2008 азмæ цы бирæнымæц æнæаххос удтæ фæхъуыд, уыдон тыххæй аххосджынтæ æфхæрд баййафой. Æмæ, зæгъгæ, ноджыдæр дом-дзыстæм, цалынмæдæриддæр аххосджынтæ æфхæрд баййафой, уæдмæ.

«Дыууадæс азы цæрæм сабыр цардæй, уал азы нæ сывæллæттæ нал хъусынц æхстытæ, сæ ный-йарджытæ сæ нал æмбæхсынц знаджы нæмыгæй ныккæндты, тез-гъо кæнынц уынгты æмæ сæ ный-йарджытæ æдыхст сты. Фæлæ уый размæ бирæ азты тох кодтам нæ бæстæйы хæдбардзинадыл, нæ цард бахъахъхъæныныл, æмæ бæлвырд кодтам ноджыдæр лæбу-рæг знагæн – нæхи историон фыдæлты зæххыл кæй цæрæм.

 Нæ адæмы ныхмæ цыфæнды хæцæнгæрзтæ, тыхтæ æмæ фæрæзтæй ма пайда кæной, уæддæр мах никуы æрлæудзыстæм нæ зонгуытыл сæ разы. Уымæн æмæ мах сбæлвырд кодтам, ам, Хуссар Ирыстоны кæй ис Фыдыбæстæйы сæрвæлтау йæхи нывондæн чи хæссы, ахæм хъахъхъæнджытæ – нæ сылгоймæгтæ, нæ сывæллæттæ, кæцытæ ныхмæ фæлæууыдысты знагмæ æмæ нæ бæстæ ныр лæуд у рæзты фæндагыл», – дзырдта Президент.

Президент ныфс бавæрдта, кæй æрцæудзæн рæстæг, æмæ дунеон æмæхсæнад фæскъулты цæуыл дзуры, уыдон кæй раргом кæндзæн. Ныгуылæны адæмæн байгом кæндзысты сæ цæстытæ æмæ Хуссар Ирыстоны трагедийы аххосджынтæ æфхæрд æрцæудзысты.

«Мах домæм, цæмæй нын Иугонд Нациты Организаци, ЕÆÆО æмæ Евроцæдисы трибунæты бар лæвæрд æрцæуа æмæ уырдыгæй радзурæм рæстдзинад. Фæлæ нæ, уымæн æмæ Европæйы политиктæ уымæ цæттæ не сты. Уыдон не сты цæттæ рæстдзинад фехъусынмæ. Махæн та ис фаг быхсынад, рæстæг æмæ факттæ. Дунеон æмæхсæнадмæ та хъуамæ разына уыййас лæгдзинад æмæ банымайа ирон адæмы геноцид, ирон этнос куынæгкæныны хъуыддаг», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Йæ ныхасы ма уый ноджыдæр банысан кодта, ирон адæм цыфæнды зындзинæдтыл ма æмбæлой, уæддæр бæстæйæн аккаг фæлтæр хъомылгæнгæйæ сæрыстырæй цæудзыстæм размæ.

Горæт Цхинвалы администрацийы Культурæйы хайады сæргълæууæг Тасойты Игорь дæр йæ раныхасы банысан кодта, нæ республикæйы адæм хæстон рæстæджыты цы зындзинæдтæ баййæфтой, фæлæ ныр хъуамæ ныфсджынæй кæсой ирд фидæнмæ. Ныртæккæ, зæгъгæ, цы æнкъард мадзалы стæм, уый нын ахъаз кæны рæсугъддæр сомбонмæ кæсынæн.

***

Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет цы акци – «Геноциды фæрстæ» сорганизаци кодта, уый фæлгæтты æвдыст цыдысты документалон фильмтæ ирон адæмы геноциды тыххæй, хæстон кадртæ, сывæллæтты æмæ зæрæдты тарст цæсгæмттæ, хæсты амæттæгтæ æмæ йæ пырхæнтæ.

Не ‘мбæстæгтæ ма уыцы изæр бакастысты концерт-реквиеммæ. Уым хайад райстой хуссарирыстойнаг æххæстгæнджытæ. Уыдон æххæст кодтой хæстон цаутыл фыст зарджытæ.

Нæ мысынады сыгъдæг бынæттæ

Сног та сты нæ хъæдгæмттæ, нæ риссæгтæ

Ахæм номимæ акци уагъд æрцыд 8 августы. Хайад дзы райстой бæстæйы къухдариуæгад, Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны УФ-йы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, æфсæддон службæгæнджытæ æмæ æхсæнады ми-нæвæрттæ. Уыдон бабæрæг кодтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты, геноциды амæттæгты ингæнтæ.

Уымæй дарддæр ма нæ республикæйы аргъуанты уагъд æрцыд гуырдзиаг агрессийы рæстæджы цы æнæаххос сабырцæрæг æмбæстæгтæ фæхъуыд, уыдон нымæцы нæм æххуысмæ цы уæрæсейаг æфсад фæзынд, уыдонæй цы салдаттæ фæмард, уыдон ном арынæн хуыцаумæ скуывтытæ.

***

Иуæндæс азы рацыд августы агрессийæ… цас фылдæр рæстæг цæуы, уыййас мах арфдæр æмбарæм, хæсты цæхæрыл чи рацыд, уыдон хъæбатырдзинад, бамбæрстам хъайтар адæм кæй стæм. Мах, Хуссар Ирыстоны адæм кастыстæм мæлæты цæстытæм дæргъвæтин ссæдз азы. Фæлæ фæрæзтам, кæд уæззау рыст æмæ дудгæбæттæ æвзæрстам, уæддæр…

КЪÆБУЛТЫ Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.