Сочийы цирчы æрцыдыл адæм сæмбæлдысты стыр æхсызгонæй,  уæлдай тынгдæр цин кодтой сывæллæттæ. Цирчы артисттæ Цхинвалмæ æрцыдысты 11-æм марты æмæ киноконцертон зал «Чермен»-ы æвдыстой сæ хъæлдзæг номыртæ. Рæзгæ фæсивæдæн уыд,  сæ кæрæдзийы æхсæн цæуыл аныхас кодтаиккой, ахæм цины хабæрттæ.

Сочийы цирчы къухдариуæггæнæг Игорь Кузнецов нын куыд радзырдта, афтæмæй сæ цирчы артисттæ æрæмбырд сты æндæр æмæ æндæр горæттæй. Цирчы къухдариуæггæнæг йæхæдæг у  пензæйаг, артисттæ та сæм ис Саратов, Краснодары край, Тюменск, Красноярск æмæ æндæр горæттæй. Ис сæм алыгъуызон цæрæгойтæ – маймулитæ, тутитæ, кæлмытæ, кæфхъуындартæ, цъиутæ æмæ æндæртæ. «Мах æхсызгонæй æрцыдыстæм гастролон балцы Хуссар Ирыстонмæ, уымæн æмæ дзы нæ артисттæ сæ арæхстдзинад æвдисынц æвдæм хатт. Ирыстоны адæм уазæгуарзаг кæй сты, уый сæ алы ахастæй дæр бæрæг у, адæм нын алы ран дæр æмæ алы хатт дæр арфæтæ фæкæнынц мидбылхудгæйæ. Нæ фыццаг æрцыдæй нырмæ мах ам, ирæтты æхсæн, ссардтам бирæ хæлæрттæ æмæ нын бæрæгбоны хуызæн вæййы ардæм æрцæуын. Æрцыдыстæм æртæ боны æмгъуыдмæ æмæ мæнæ куыд кæсут, афтæмæй нæм цæуынц тынг бирæ сывæллæттæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, махæн дæр райынц нæ зæрдæтæ. Цирчы хайад исынц аст артисты æмæ, мæнмæ гæсгæ, цымыдисон сты хуссарирыстойнаг сценæмæкæсæгæн, уымæн æмæ сты хъæлдзæг æмæ алыгъуызон. Артисттæн, сæйраджыдæр, ахсджиаг сты сæ сценæмæкæсджытæ æмæ уыдонимæ æмахастытæ. Æнæуи та хъуамæ æрцыдаиккам раздæр, февралы мæйы, фæлæ нын фехъусын кодтой, карантин кæй ис республикæйы, уый», – загъта Игорь Кузнецов.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй Цхинвалмæ æрластой ног цымыдисон æмæ уæрæх программæ, кæцыйы равдыст аххæссы сахат æмæ æрдæджы бæрц. Артисттæ бон æртæ-цыппар хатты сценæйыл равдисынц сæ арæхстдзинад. «Сценæмæкæсджытæ тынг æхсызгонæй фæкæсынц алы номырмæ дæр. Артистты зæрдæтæ балхæнынц тыхджын æмæ зæрдиаг къухæмдзæгъдæй. Сывæллæттæ уæлдай æхсызгондæрæй фембæлынц хъæлдзæг æмæ хуызджын клоунтыл. Уыдон сценæмæкæсджыты æхсæнæй ракæнынц искæйты æмæ семæ фæаразынц алыгъуызон хъæлдзæг номыртæ. Ацы хъуыддаг иууыл æхсызгондæр у кæстæр кары сценæмæкæсджытæн, алкæй дæр дзы фæфæнды сценæмæ схизын æмæ клоунтимæ ахъазын. Тынг цымыдис сæм æвзæрын кæнынц цирчы сырдтæ дæр æмæ сæ фæфæнды уыдонмæ къухæй бавналын æмæ сæ алæгъзытæ кæнын. Ацы аз немæ æрластам 18 цæрæгойы», – райгондæй зæгъы цирчы къухдариуæг-гæнæг.

Куыд ма нын радзырдта, афтæмæй сæ плæнтты ис, цæмæй та нæм иннæ аз февралы мæйы дæр æрцæуой гастролон балцы. «Кæд, Хуыцауы фæрцы, алцы дæр уа хорз, уæд та уын не ‘рцыдæй фидæнмæ дæр барухс кæндзыстæм уæ зæрдæтæ», – загъта Игорь Кузнецов.

Равдысты рæстæджы ма балхæнæн уыдис, уазджытæ семæ кæй æрластой, ахæм алыгъуызон хъазæнтæ дæр æмæ сæ сывæллæттæ зæрдиагæй æлхæдтой. Цирчы артисттæ нæ горæты фесты æртæ боны, знон аздæхтысты фæстæмæ.

КОЦТЫ Иринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.