Дарддæр дæр реализаци цæуы Паддзахад Аланийы æмбæстæгтæн адресон социалон æххуысы фæдыл программæ.

Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Эрик йæ комментариты куыд банысан кодта, афтæмæй алыгъуызон социалон категориты хъуагдзинад æййафæг æмбæстæгтæн æххуыс у Хицауады, сæрмагондæй та – Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады архайды ахсджиагдæр здæхтытæй иу.

«Хицауады 2015 азы 9 сентябры уынаффæмæ гæсгæ, паддзахад йæ хъус дары хъуагдзинад æййафæг æмбæстæгты царды æмвæзадмæ, адресонд социалон æххуыс сын бакæнгæйæ.

Æрвылаз дæр 12 милуан сомы рахицæн æрцæуы, къуындæг цардуагон уавæрты бахауæг адæймæгтæн. Уыдон та сты цыбыркъух æмæ бирæсывæллонджын бинонтæ, инвалид-тæ, сидзæртæ, æххуысхъуаг иунæг æмбæстæгтæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ныры этапы цыбыркъух æмбæстæгтыл се ‘ппæтыл аххæссыны фадæттæ нæй, фæлæ нæм цы фæрæзты лимит ис, уымæй архайæм, æххуыс иууыл тынгдæр цы æмбæстæгты хъæуы, уыдонæн иучысыл уæддæр баххуыс кæныныл.

Фидæны æркæсдзыстæм бакæнгæ æххуысы гуырахст фæфылдæр кæнынмæ, паддзахады бюджет сæрмагонд æфтиæгтæй стабилонæй куыд рæза, уымæ гæсгæ», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад цы информаци радта, уымæ гæсгæ 2017 азы апрелы адресон материалон æххуыс – 990000 сомы райстой 85 адæймаджы. Уыцы нымæцы 10 адæймаджы 1-аг æмæ 2-аг къорды инвалидтæ (125 мин сомы), 15 адæймаджы гуырцæй инвалидтæ (155 мин сомы), 7 бирæсывæллонджын бинонтæ (70 мин сомы), 8 цыбыркъух бинонтæ (85 мин сомы), 3 сидзæры (35 мин сомы).

Уыимæ иумæ, рынчын кæй уыдысты, уый тыххæй социалон хъахъхъæнынады органтæм цы æртæ адæймаджы бахатыдысты, уыдонæн рахицæн æрцыд 50000 сомы, 20000 сомы та рахицæн æрцыд мард бавæрыны нысанæн.

РХИ-йы Хицауады официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.