Мæ ацы уац хъуамæ схуыдтаин, «Ох, ацы æвзæрстытæ!», фæлæ бæстондæр куы ахъуыды кодтон, уæд аивтон мæ фæнд. Уымæн æмæ адæм æмæ паддзахад куы уа, уæд хъуамæ уой æвзæрстытæ дæр. Æз афтæ нæ зæгъын æмæ æвзæрстытæ алы ран æмæ алы хатт дæр ацæуынц куыд æмбæлы, æнæ цухдзинæдтæй, фау æрхæссæн кæмæ нæ вæййы, ахæмæй, фæлæ уый нæ нысан кæны æмæ буцтæгæнгæ дзурæм, æвзæрстытæм нæ ацæудзынæн, зæгъгæ. Æвзæрстыты тыххæй ма тызмæгæй дзурын не ‘мбæлы уымæн æмæ нæ цæстæнгас ахастæй аразгæ у, æрмæст нæхи цард нæ, фæлæ ма нæ кæстæрты, сомбоны фæлтæрты цард дæр. Раст у, фондз азы размæ президентон æвзæрстыты рæстæджы, алыгъуызон хъаугъатæй, фæцъæх сты не ‘мбæстæгты зæрдæтæ. Чизоны мæ ацы дзырдтæ искæмæ фæкæсой хъыгау, фæлæ уæд цасдæрбæрцæй фæхудинаг кодтам нæхи дæр. Ныр та хæсджын стæм, ферох кæнæм уыдæттæ æмæ 2017 азы æвзæрстыты рæстæджы равдисæм зондджын æмæ æрхъуыды-джын ахаст, цæмæй сæ фæстæ ма  фæсмон кæнæм.

Кæд не ‘ппæт нæ, уæддæр нæ бирæтæ хорз хъуыды кæнынц, хæрзæрæджы Америкæйы цы президентон æвзæрстытæ ацыд, уыдон. Кандидатты ‘хсæн уыд ныхмæвæрд хъуыдытæ, быцæудзинæдтæ, фæлæ æвзæрстытæ ацыдысты сабырæй.  2011-2012 азты нæ уæды президенты ныхмæ сытынг сты алыгъуызон тыхтæ. Нал ын уыд æндæр гæнæн æмæ ацыд йæ куыстæй. Бирæтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, уавæр ныр æрсабыр уыдзæн, фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауад. Уавæр скарздæр кодтам нæхæдæг, райдыдтам дихтæ кæнын. Уыцы митæ ирон адæмы, Ирыстоны кадыл уæлæмæ нæ, фæлæ хæцыдысты дæлæмæ. Æвзæр-дзинæдтæй хъæуы тæрсын, уæд æнамонддзинæдтæ дæр уыдзысты къаддæр æмæ уымæ та хъæуы тырнын. Æвзæрстытæ нывыл ауадзын ма ахъаз у æрыгон фæлтæрæн.  Райсдзысты хорз цæвиттон æмæ фæстæдæр ахæм стыр хъуыддæгтæм цæудзысты бæрндзинад æн-къаргæйæ.

2017 азы президентон æвзæрстытæ куыд æввахсдæр кæнынц, афтæ ма арæх хъусæм, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны адæ-мæй алкæй дæр фæнды, цæмæй суа президент, алчи дæр уыцы стыр æмæ бæрнджын куыстмæ хæссы йæ ныфс. Ахæм дзырдтæ æмæ хъуыдытæ дæр не сты раст. Уымæн æмæ кандидаттæ сæ нымæцæй æгад кæнынц куыд сæхи, афтæ ма сæ адæм æмæ Ирыстоны дæр. Кæд сæ Ирыстон, ирон адæмæн фæнды хор-зæй исты саразын, уæд сæ æнæ уый дæр чи хъыгдары, балæггад кæнæд сæ адæм, Ирыстонæн.

Америкæйы цæры 307 милуан адæймаджы. Уал адæймагæй президенты бынатмæ сæ кандидаттæ раразмæ кодтой æрмæстдæр 2 адæймаджы. Махмæ, Хуссар Ирыстоны та цæры, цæрджыты фæстаг сфыстмæ гæсгæ 50 минæй чысыл фылдæр. Стыр хицæндзинад уынæм, куыд цæрджыты ‘хсæн, афтæ кандидатты нымæцы хсæн дæр. Уый хорзыл дзурæг нæу æмæ йæ аразгæ дæр ма хъуамæ кæнæм.  Стæй, цæмæй кандидат суай, уый дæр афтæ æнцон æмæ хуы-мæтæджы хъуыддаг ма хъуамæ уаид.

Загъдгонд цухдзинæдтæй къаддæр нысаниуæг нæй кандидат чи у æмæ цахæм у, уымæн дæр. Хъыг мæм мачи фæуæд, фæлæ Ирыстон, ирон адæмы номæй, ахæм, бæрзонд æмæ бæрнджын бынатмæ чи цæуы, уый хъуамæ алыварсонæй дæр уа цæвиттойнаг. Уыцы нымæцы ас, бакаст, æмæ адæймаджы бирæ æндæр æвæрццаг миниуджытæй. Ноджы вазыгджындæр та сты куырыхондзинад, зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад. Фондз азы размæ президентон æвзæрстытæм чи цыд, уыдонæй цалдæр,  рæстмæ нæ иронау зыдтой, нæ уырыссагау. Нæ зонын, фæлæ сæ искæцы президент куы суыдаид, уæд æндæр паддзахады разамонджытимæ куыд хъуамæ ныхас кодтаиккой, сæ хъуыдытæ кæрæдзийыл куыд хъуамæ бастайккой? Ацы азы æвзæрстыты кандидатты уавæр бынтон æндæр у. Басæттæм ыл, фондз азы æмгъуыдмæ арæзт æмæ скъуыддзаг æрцыд тынг бирæ, уымæ гæсгæ хорз уаид иннæ кандидаттæ фондз азы æнтыст куы бахынциккой æмæ куы зæгъиккой, зæгъгæ, абоны президент бакуыста хорз æмæ ма йын иу фадат радтæм, цæмæй дарддæр ба-кæна, аразинаг ма дзы цы ис, уыдон дæр. Афтæ куы бакæниккой, уæд сæ фæбузныг уаиккой адæм, сæхицæн та фæбæрзонддæр уаид сæ кад.

Ныр та мæ цалдæр ныхасы зæгъын фæнды Хуссар Ирыстоны сæйраг æвза-рæн къамисы уæнгтæн. Цалдæр азы размæ, радон æвзæрстыты рæстæджы уыдтæн Испанийы, æвзæрстой паддзахады разамонæджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ хабæрттæ сын иууыл не ‘мбæрстон, фæлæ цы уыдтон, уыдон мæ æппæрстой дисы. Разамонæджы бынатмæ раразмæчындæуыд æртæ кандидаты. Уыдонæй алкæмæн дæр бар уыд цæмæй  райсой иу кæнæ иннæ уынг æмæ телхъæдтыл, фондз метры бæрзæндæны бакæной сæ нывтæ. Уыцы куыстытæ бакодтой хорз, уынгтæ дæр рафидыдтой æмæ, фæстæдæр куыд фæбæрæг, ахæм архайдæн йæ фæстиуæг дæр уыд хорз. Ахæм архайд сæйраджыдæр бафæзминаг у, уый тыххæй æмæ æвдисы стыр æгъдау, фæтк æмæ цивилизациимæ æнгом кæй сты, уый. Фондз азы размæ æвзæрстыты махмæ та нæ кандидаттæ сæ нывтæ кодтой алы рæтты. Уæдæй кæд рацыд дзæвгар рæстæг, уæддæр ма сæ нывтæ, куыд горæты, афтæ, хъæуты дæр лæууынц бызгъуыртæй. Кæй баныхæстой, уыцы нывтæй ма кæмæн йæ цæст зыны, кæмæн йæ ном. Уымæй та куыд сæхи, афтæ æгад кодтой се ‘взарджыты дæр. Хорз уаид æмæ ацы æвзæрстыты рæстæджы загъдгонд цухдзинад аиуварс кæныны хуыддаджы фæдыл кандидаттимæ куы бакусиккой æвзарæн къамисы уæнгтæ. Куы сын бахæс кæниккой, цæмæй ахæм цаутæн æвзæрстыты рæстæджы мауал уа бынат.

Иннæ та уый æмæ алкæмæн дæр йæ бар йæхи у, фæлæ æз кандидатты фембæлдтытæм нæ цæудзынæн. Уымæн æмæ фондз азы арæзт цы æрцыд, уыдонмæ гæсгæ фидарæй аскуыддзаг кодтон кæмæн хъæлæс кæндзынæн, уый. Æппæлæн æмæ ныфсæвæрæн дзырдтæй æз стырдæр нысаниуæг дæттын куыстæн æмæ архайдæн. Мæнмæ гæсгæ нæ рæдийын. Фондз азы арæзт цы æрцыд, уый та не ‘ппæт дæр уынæм, реалонæй æз уыдоныл нал дзурдзынæн. Зæгъдзынæн æрмæстдæр уый æмæ уæдмæ рыг  горæты æмæ цъыф уынгты адæм кæй цыдысты калостæ æмæ резинæ цырыхъхъыты. Уыдон сæр нæ абон кæй нал хæуы, уый дæр у æнтыст.

Кандидаттæй алчидæр у кæйдæр хæстæг, хион. Бирæтæ фæзæгъынц, зæгъгæ æз мæхионæн схъæлæс кæн-дзынæн, бакæндзынæн ын хæстæгдзинады лæггад. Уыцы ныхасгæнджытæ дæр не сты раст. Хæстæджы фæхон, балæггад ын кæн, бацу йæм уазæгуаты, ничи дæ хъыгдары, бацин ыл кæн, куыд æмæ дæ цас фæнды уый бæрц, фæлæ дзырд дæхи, дæ хъæбултæ æмæ уыдоны хъæбултыл, стæй кæм цæрыс, уыцы паддзахады хъысмæтыл куы цæуа, уæд ахæм ныхæстæ сты худинаг æмæ сæм сомбоны рæсугъд царды сæраппонд нæ сæр хæсгæ дæр ма хъуамæ кæниккам.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.