Нæ республикæйы царды æппæт къабæзты дæр ивындзинæдтæ цæуы хорзæрдæм, уыцы нымæцы ахуыры фадыджы дæр. Бирæ дæсгай азты дæргъы Хуссар Ирыстоны адæмæн уæлдæр ахуырад райсынæн иунæг фадат аразæг у Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет. Йæ сырæзтæй нырмæ уый рауагъта бирæ цæттæ кадртæ. Абон университет ис йæ рæзты фæндагыл, бæрзонддæр æмвæзадмæ йæ ракæныныл кусынц коллектив, университеты ректор Тедеты Вадимы къухдариуæгадæй.

20-æм августы информацион агентад «Спутник-Хуссар Ирыстоны» пресс-центры Тедеты Вадимæн уыд пресс-конференци бынæттон журналисттимæ, цыран сæрмагондæй æрдзырдта бацæуæн фæлварæнтæ æмæ исæн къамисы куысты фæстиуджыты тыххæй. Уый журналистты зæрдыл æрлæууын кодта ацы аз университеты исæн къамис йæ куыст кæй райдыдта фыццæгæм июлæй æмæ бацæуæн фæлварæнтæ та снысан кодтой 15-æм июлæй. «Боны хайадтæм документтæ исыны куыст фæцис июлы мæйы фæудтæм. Абитуриенттæ райсæн ма цы дæсныйæдтæм гæнæн уыдис, уыдон тыххæй та фæ-фæстæдæр ис исæн къамисы куыст. Уыцы дæсныйæдты æхсæн ис ахæмтæ, кæцытæ приоритетон сты абитуриенттæн. Абон нæм нæй иунæг ахæм факультет дæр, кæцымæ нæ бацыдысты абитуриенттæ», – зæгъы Тедеты Вадим. Куыд уымæй размæ, афтæ ныр дæр фыццаг рады ис «юриспруденци». «Не ‘хсæнады бирæ-тæн уыцы уавæр сæ зæрдæмæ нæ цæуы, фæлæ махæн уый бар нæй æмæ нæ абитуриенттыл сæхгæнæм дуæрттæ. Уый раст нæ уыдзæнис. Бирæтæ хорз не ‘мбарынц уæлдæр ахуыр-гæнæндоны куысты спецификæ æмæ фæндон бахæссынц, цæмæй юриспруденцимæ мауал райсæм документтæ. Уыдонмæ афтæ кæсы æмæ абитуриент цы дæсныйад равзæрста, уый фæ-уадздзæнис æмæ æндæр дæсныйадмæ бацæудзæнис ахуырмæ. Нæ. Уый раст нæу, уымæн æмæ уыцы адæймæгтæ уæддæр сæ равзаргæ дæсныйады фæдыл ацæудзысты æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæм».

Университеты ректор ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ юристы дæсныйады хъæуындзинад æппындæр нæ хъыгдары, цæмæй университеты къухдариуæгад популяризаци кæна уыцы дæсныйæдты, кæцытæ сты дыккаг рады æмæ ныры абитуриентты æхсæн не сты тынг хъæуæг. «Уыдон, фыццаджыдæр, сты педагогон дæсныйæдтæ. Æмæ ам дæр ныр ис размæцыды хъуыддаг. Зæгъæм, прикладон математикæ æмæ информатикæ, истори æмæ æндæр цалдæр факультеты популярондæр кæнынц абитуриентты æхсæн», – зæгъы университеты ректор. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй историон факультет 2017 азæй абоны онг дыккаг бынаты ис юриспруденцийы фæстæ. «Уыцы хъуыддаг фæстаг 10-15 азы афтæ нал уыдис. 90-æм азты педагогы професси ахста аккаг бынат. Ацы аз истори ис æртыккаг позицийыл æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй нымад цæуы хъæуæг дæсныйадыл. Уый тыххæй та цæуы стыр профориентацион куыст нæ историктимæ, æмткæй деканатимæ. Уымæй дарддæр ма фæсивæд хорз æмбарынц абон нæ истори цы тæссаг хъуыддагыл æмбæлы æмæ йæ мæнг-ахуыргæндтæ сæхи пайдайæн байсынмæ кæй хъавынц уый».

Тедеты Вадим ма куыд радзырдта, афтæмæй уыдон уавæр рараст кодтой математикæйы фадыджы дæр, информатикæ йæм бафтауыны руаджы. Дæсныйады рахуыдтой «прикладон математикæ æмæ информатикæ». Ныры дуджы ацы дæсныйадмæ фæсивæд тынг цымыдис кæнынц æмæ сын дзы вæййы æнтыстытæ дæр. «Фæстаг азтæ равдыстой, ацы хъуыддаджы раст къахдзæфтæ кæй сарæзтам, уый æмæ ныр факультетмæ бацæуынц бирæ адæм. Нæ зæрдæтæ ма рухс кæнынц «англисаг æвзаг»-ы дæсныйады бæрæггæнæнтæй дæр. Факультетмæ уæлæмхасæн бафтыдтам немыцаг æвзаг дæр æмæ уымæй нæ фæрæдыдыстæм».

Уый ма сæрмагондæй æрдзырдта факультет дунеон журналистикæйы тыххæй дæр. Ректоры ныхæстæм гæсгæ кæд ацы факультет фыццаг æртæ бынаты чи ахсы, уыдон æхсæн нæй, уæддæр ацы дæсныйад чи равзары, уыцы студенттæ бирæ æнцондæртæй ссарынц куысты бынæттæ. Тедеты Вадим дæнцæгæн æрхаста «ЮОГУ ТВ»-йы куыст æмæ куыд банысан кодта, афтæмæй ацы информацион орган куыд студенттæм, афтæ абитуриенттæм дæр æвзæрын кæны тырнындзинад журналистикæйы фадыджы куыст ссарынмæ. «Махæн нæ университеты ацы факультеты рауагъдонтæ, стæй нырма студенттæ дæр чи вæййынц, уыдон нæ республи-кæйы дзыллон-информацион фæрæзты ссарынц куыстытæ. Ахæм студенттæн та мах бар радтæм, цæмæй ахуыр кæной сæрибар графикмæ гæсгæ. Ахæм льготæтæй пайда кæнынц педагогон дæсныйæдты студенттæ дæр. Махæн пайда у, студенттæ ахуыр дæр æмæ кусгæ дæр куы кæной, цæмæй куысты фæлтæрддзинад дæр райсой. Махæн уый кæддæриддæр вæййы тынг æхсызгон, фæцин сын кæнæм се ‘нтыстытыл», – зæгъы Тедеты Вадим.

Уый ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы аз дыккаг бынаты хъæуæг дæсныйæдтæм рахызт «сæудæджерадон æмæ æмбæстагон арæзтады» дæсныйад. Афтæ ма  хорз бæрæггæнæнтæ ис «психологи» æмæ «экономикон» дæсныйæдтæн дæр.

Цымыдисон дæсныйадыл университеты ректор банымадта «медицинон биохимийы» дæсныйад, кæцыйы ногæй бакодтой ивгъуыд аз. Ацы факультеты рауагъдонтæн сæ бон уыдзæнис кусын ахуыргæнджытæй дæр æмæ дохтыртæй-лаборанттæй. Ахæм ивындзинæдты фæстæ, ректор куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы дæсныйадмæ ахуыр кæнынмæ æрбацыдис бæрæг фылдæр адæм. «Ацы факультет бакæнгæйæ, мах студенттæн сарæзтам æппæт уа-вæртæ дæр. Ис нын хорз медицинон-биологион лаборатори, химийы кабинеттæ æмæ æндæр техникон ифтонггæрзтæ», – зæгъы пресс-центры уазæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ университеты кæцыдæр дæс-ныйæдтæм уыд конкурс æмæ бацæуæн фæлварæн-ты системæ уыд æргом. «Нæ университеты исæн къамисы раз æвæрд уыдис ахæм хæс, цæмæй бацæуæн фæлварæнты бындуронæй иуварс æрцыдаид коррупци. Уымæ гæсгæ фидарæй зæгъын, бацæуæн фæлварæнты нæм коррупци кæй нæй, абитуриентты исæн схемæ æргом кæй сарæзтам, уый тыххæй. Фыццаг курсы фыццаг семестры ахуыргæн-джытæ æмæ ректорат сæ хъус фæдарынц студентты ахуыры хъуыддагмæ æмæ сæ уагахастмæ дæр. Кæд æмæ студент йæ ахуырмæ куыдфæндыйы цæстæй кæ-са æмæ цух кæна лекцитæй, уæд ахæмты нырма бафæ-дзæхсынц æмæ стæй, куы нæ фæхуыздæр уа, уæд та йæ рарвитынц университетæй», – зæгъы университеты ректор.

Уымæй дарддæр ма ректор банысан кодта, зæгъгæ, кæд раздæр нæ республикæйы хуыздæр рауагъдонтæ цыдысты Уæрæсейы Федерацийы æндæр æмæ æндæр регионтæм уæлдæр ахуырад райсынмæ, уæд ныр та хъуыддаг цæхгæр фæивта æмæ ныр ХИПУ-мæ дæр æрбацæуынц медалисттæ æмæ тынг хорз чи ахуыр кæны,  ахæмтæ.

Тедеты Вадим ма сæрбæрзондæй дзырдта ХИПУ-йы студенттæ республикæ-йæн æдтейæ æндæр æмæ æндæр зонадон æмæ культурон мадзæлтты алыхатдæр кадимæ кæй равдисынц сæ университеты ном. «Ахуыры гъæды бæрæггæнæнтæ дæр хуыздæрæй хуыздæр кæнынц. Ууыл æндавы, не скъолаты ахуыры гъæд кæй фæхуыздæр, уыцы хъуыддаг. Уымæ гæсгæ бузныджы ныхæстæ зæгъын нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады ми-нистр Гасситы Наталийæн», – банысан кодта ректор.

Уый ма журналисттæн фе-хъусын кодта фæстаг азты ХИПУ-мæ ахуыр кæнынмæ кæй бацæуынц æндæр регионты æмæ бæстæты абитуриенттæ дæр. Уыдон ны-мæцы Сири, Абхаз, Таджикистан, Узбекистан, Кæсæг-Балхъар, Цæцæн, Хъæрæсе-Черкесси æмæ Уæрæ-сейы æндæр регионтæй. Ректоры ныхæстæм гæсгæ ацы аз нæ университетмæ бацыдысты æрмæстдæр Таджикистан æмæ Абхазæй. Фæсарæйнаг студенттæн сæ ахуыры тыххæй арæзт цæуынц æппæт уавæртæ дæр.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.