Рæстагон фæллойгæнджытæ дзæвгар азты дæргъы сабыр цард æмæ æвæлмæцгæ фæллой кодтой, Советон хицауады фæуæлахизмæ чидæриддæр йæ хайбавæрд бахаста, уыдон фæрцы. Бирæ тох кæнын бахъуыд сæрибары сæрыл большевиктæ æмæ сырх партизанты, иутæ та сæ цард дæр нæ бавгъау кодтой йæ сæраппонд.  Хуссар Ирыстоны сагсур гуырдты æмрæнхъ сæхи хъæбатырæй æвдыстой Цъунары цæхæрцæст сырх партизантæ дæр æмæ сæ кады нæмттæ хорзæн мысинаг уыдзысты фидæны фæлтæртæн.

Джиоты Иван Уасилы фырт райгуырд ацы номхæссæн хъæуы 1903 азы. Иван 1914-1917 азты ахуыр кодта Гуры духовон ахуыргæнæндоны, уый фæстæ та 1919 азмæ Цхинвалы ирон гимназы. Уыцы рæстæджы Джиойы фырт йæхи сбаста, революцийы сæраппонд чи тох кодта, уыдонимæ, æмæ йæ 1920 азы æрцахста меньшевикты комендант. Фæлæ цæхæрцæст лæппуйæн бантыст ахæстонæй Терчы областмæ алидзын æмæ бацыд Хуссар Ирыстоны 1-аг бригадæмæ. Уыцы аз æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ æмæ хайад райста меньшевикты ныхмæ революцион растады. Хъыгагæн, растад баззад састы бынаты. 1920 азы Джиойы фырт хайад райста змæнтæг æфсæддон  афицерты скуынæг кæныны хъуыддаджы. Иугæр Советон хицауад куы æрфидар, уæд æрвыст æрцыд партион куыстмæ. Куыста Хуссар Ирыстоны фæскомцæдисон органты. 1925 азы фæрынчын æмæ йæ куыст ныууагъта. Джиоты Иван фæзиан 1933 азы.

Мæргъиты Георги Алексийы фырт, 1920 азæй СЦКП-йы уæнг. Райгуырд Цъунары хъæуы мæгуыр зæхкусæг бинонты ‘хсæн. 1915-17 азты службæ кодта паддзахы æфсады. Йæ райгуырæн Ирыстонмæ куы æрыздæхт, уæд 1918-19-æм азты тох кодта меньшевикты ныхмæ Санахъоты Матейы къорды. Фæстæдæр та хайад иста Бургъустанмæ æввахс урсгвардионты ныхмæ тохты. Советон хицауад куы фæуæлахиз, уæд куыста Садоны æрзæткъахæнты фæлхаско-операцийы системæйы, йæ райгуырæн хъæуы колхозы. Георги амард 1944 азы.

Хаситы Никъолоз Писыры фырт райгуырд 1889 азы, каст фæци Гуры  ахуыргæнæндон. 1914 азы йæм æрсидтысты паддзахы æфсадмæ. 1918 азы æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ Хаситы Мидтаимæ сарæзтой партизанон къорд. Уый фæстæ уыд взводы командир æмæ активон хайад райста Цхинвал æмæ Сачхерейы растадтысты. Хуссар Ирыстоны зылдон комитеты уынаффæмæ гæсгæ æрвыст æрцыд Карелы районмæ æмæ дзы куыста милиционерæй, æххуыс кодта партизанон отрядты минæвæрттæн хæцæнгарз æмæ хæстон фæлындзынад ласыны хъуыддаджы. Хасийы фырт СЦКП-йы рæнхъытæм бацыд 1919 азы. 1919-21 азты уый хайад иста меньшевикон æф-сæдты ныхмæ æмæ Бургъустаны цур урсгвардионты ныддæрæн кæныны. Советон хицауад куы æрфидар, уæд аныгъуылд сабырадон царды.

СЦКП-йы уæнг 1920 азæй Бигъуылаты Григол Гаврилы фырт райгуырд 1896 азы Цъунары хъæуы. 1916 азы кусынмæ ацыд Бакомæ æмæ дзы куыста нефты сæудæджерады. Дыууæ азы фæстæ æрбаздæхт сæхимæ, бацыд сырх партизанты отрядмæ æмæ 1918-20-æм азты хайад райста Хуссар Ирыстоны революцион змæлды. 1920 азы, фæззæджы хайад райста Цæгат Кавказы инæлар Хвостиковы бандæйы ныхмæ тохы. Куыста Цæгат Ирыстоны. Йæ райгуырæн хъæумæ æрыздæхгæйæ, активон хайад райста колхозон арæзтады. Григол амард 1962 азы. Бигъуылаты Григол Зурабы фырт дæр уыд цъунайраг, сырх партизан, СЦКП уæнг 1920 азæй. Райгуырд 1901 азы мæгуыр зæхкусæг бинонты ‘хсæн, каст фæци хъæууон скъола. 1918-20 азты уыд революцион растады хайадисæг.

Бигъуылайы фырт хайад райста Бургъустаны тохты Хуссар Ирыстоны дыккæгæм бригадæйы сконды. Хайад ма райста Гуырдзыстоны Советон хицауад æрæвæрыны сæраппонд Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджыты тохты. 1925 азы каст фæци Бакойы партион скъола æмæ 1929 азы та Мæскуыйы геологон-развæдсгарæн институт. Амард 1983 азы.

Бигъуылаты Алыксандр (Джебе) Иваны фырт райгуырд 1873 азы мæгуыр зæхкусæг бинонты хæдзары. Большевикон партийы рæнхъытæм бацыд 1905 азы, уыдис УСДКП-йы Цхинвалы бюройы уæнг. Уырыссаг фыццаг революцийы азты бацыд Уалыты Шакройы сырхсæдæйонты дружинæмæ. Бигъуылайы фырт дружинæйы сконды уæвгæйæ, 1905-1906 азты активон тох кодта помещиктæ æмæ паддзахы æфхæрæг отрядты ныхмæ. Знæгтæ бахъавыдысты се ‘фхæрæгмæ æмæ сæ къухты æфтгæ дæр бакодта -1906 азы йæ æрцахстой æмæ æрвыст æрцыд Архангельскы губернимæ. Цалдæр азы ахæстоны фæбадт Алыксандр, фæлæ йын 1909 азы бантыст ахæстонæй алидзын æмæ та ногæй тох кодта революцийы сæраппонд. 1911 азы Би-гъуылаты Алыксандры ногæй æр-цахстой  йæ революцион архайды тыххæй æмæ йын Кавказы æф-сæдтон зылдон тæрхондон стæр-хон кодта 20 азы каторгон куыст.

Джебе амард Гуырдзыстоны Метехы ахæстоны, 1913 азы.

Æрмæг мыхуырмæ   бацæттæ кодта Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.